Урок "Времена года. Зима." для 2 класса дифференцированных групп осетинского языка.
план-конспект урока (2 класс)
Урок предназначен для учащихся 2 класса дифференцированных групп осетинского языка.
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
урок для 2 класса дифференцированных групп осетинского языка | 60.5 КБ |
Предварительный просмотр:
Урочы темæ: «Афæдзы афонтæ. Зымæг»
Урочы нысан:
1) фæцалх кæнын ахуырдзауты бæлвырд лексикон æрмæгæй пайда кæныныл ныхасы мидæг (монологон æмæ диалогон);
2) ахуыр кæнын сывæллæтты хи хъуыдытæ дзурын æмæ къордты кусын.
3) бакусын ахуырдзауты эстетикон дуне фæхъæздыгдæр кæныныл .
Куысты хуызтæ: лексикон æмæ грамматикон фæлтæрæнтæ; хъæзтытæ; диалогыл куыст, къордты куыст.
Урочы фæлгонц: фæйнæгыл фыст, текстытæ, интерактивон фæйнæг, цæстуынгæ æрмæг, музыкæ.
Урочы цыд.
I. Бацæттæгæнæн рæстæг. (Хъуысы музыкæйы цагъд.)
-Уæ бон хорз.
-Ныр та раттæм салам нæ уазджытæн.
-Ныртæккæ нæм уыдзæн ирон æвзаджы урок. Сегодня на уроке нас ждут игры, много интересной работы, будут звучать загадки, поговорки. На уроке мы повторим и закрепим то, что изучали на предыдущих уроках и в первом классе. Ну а тему урока вы узнаете внимательно послушав отрывок из стих. А.С.Пушкина.
Пришла, рассыпалась; клоками
Повисла на суках дубов
Легла волнистыми коврами
Среди полей, вокруг холмов
Брега с недвижною рекою
Сравняла пухлой пеленою
Блеснул мороз. И рады мы
Проказам матушки…(зимы)
-Уæдæ нæ урочы темæ у «Афæдзы афонтæ.Зымæг.» Абон дзурдзыстæм тæккæ уазалдæр, фæлæ тынг хъæлдзæг æмæ рæсугъд афæдзы афоны тыххæй- зымæджы тыххæй.
II.Фонетикон хъазт.
-Но для начала немного речевой разминки.
За-за-за
За-за-за
Зары зарджытæ Зара.
Зы-зы-зы
Зы-зы-зы
Заз бæлас бæрзонд рæзы.
-какой звук мы выделяли? (мыр –з-)
III.Аудировани.
-Байхъусут текстмæ, æмæ зæгъут: цæй тыххæй у? (аудиозапись.)
Æрцыд та нæм зымæг. Хур нæ тавы. Бонтæ фæуазал сты. Арæх мит уары. Зымæджы сывæллæттæ хъазынц миты къуыбæрттæй. Чызджытæ бырынц дзоныгътыл. Лæппутæ бырынц къахдзоныгътыл. Сывæллæттæ сарæзтой митын лæг. Зымæг у тынг хъæлдзæг афæдзы афон. Сабитæ уарзынц зымæг!
-Цæй тыххæй у ацы текст? Как можно озаглавить его?
-Ныр та ахъазæм. Игра называется «Раст у, æви раст нæу?»
Я буду задавать вопросы по тексту, а вы, если не согласны, то хлопайте в ладоши.
-Зымæг хур тавы. Раст у, æви раст нæу? (раст нæу, зымæг хур нæ тавы.)
-Сæрды мит арæх уары.
-Сывæллæттæ хъазынц портийæ.
-Сабитæ сарæзтой митын лæг.
-Зымæг нæу хъæлдзæг афæдзы афон.
-Сабитæ уарзынц зымæг.
-Тынг хорз бакуыстат, ныр та баулæфæм. (улæфæн минут.)
Дымгæ ниудта
Дымгæ зарыд
Дымгæ урс мигътимæ хъазыд.
Дысон -бонмæ мит фæуарыд
Зæххæн урс хъæццул фæзынд.
IV. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.
-Перед опросом дом. задания, давайте вспомним, какие загадки, поговорки мы знаем. Цавæр æмбисæндтæ æмæ уыци-уыцитæ зонæм?
Сæрд-фæныкхуыз, зымæг-урс.
Æнæ фæрæтæй хид аразы.
Зымæджы мит-сæрды тыллæг.
Уый у бурварс -сайагой, сырдты хиндæр- давæгой.
Много снега - много хлеба.
Зима снежная – лето - дождливое.
Выпадет снег - станет теплее.
-Несколько дней назад наш класс был поделен на три группы. Каждой группе было дано задание подготовить творческие и исследовательские работы по заданным темам. Первая группа работала по теме «Зимние игры - зымæгон хъæзтытæ», вторая- «Животные зимой -сырдтæ зымæджы», и третья- «Зимняя одежда - зымæгон дарæс».
-Свои работы представляет первая группа.(к каждому предложению есть рисунок. Каждый рисунок крепится на доске в отдельные группы).
1) санки-дзоныгъ
Æз дзоныгъыл бырын.
2) коньки-къахдзоныгътæ
Мæнæн ис къахдзоныгътæ.
3) лыжи-къахкъæлæттæ
Мæ къахкъæлæттæ сты сырх.
4) снеговик-митын лæг
Мах аразæм митын лæг.
5) Снежки-миты къуыбæрттæ
Сабитæ хъазынц миты къуыбæрттæй.
-Свои исследовательские работы представляет вторая группа.( о каждом животном небольшое сообщение, найденное самостоятельно).
1) волк-бирæгъ
Бирæгъы йæ къæхтæ дарынц.
2) лиса-рувас
Рувас у хинæйдзаг.
3) заяц-тæрхъус
Тæрхъус у тæппуд.
4) Медведь-арс
Арс фынæй кæны лæгæты.
Сообщение о бабочках (зимующие бабочки - сообщение ученицы)
Свои работы представляет третья группа.
1) шапка-худ
Мæнæн нана сбыдта худ.
2) шуба-кæрц
Кæрц у хъарм.
3) варежки-æрмкъухтæ
Мæнæн ис рæсугъд æрмкъухтæ.
4) сапоги-цырыхъхъытæ
Хъарм цырыхъхъытæ.
Итог работы: слайд с группами слов.
Зымæгон хъæзтытæ Сырдтæ зымæджы Зымæгон дарæс
Дзоныгъ рувас худ
Къахдзоныгъ тæрхъус кæрц
Къахкъæлæттæ бирæгъ æрмкъухтæ
Митын лæг \арс\ цырыхъхъытæ
Миты къуыбæрттæ \уызын\
-Как назвать одним словом каждую группу?
-Что заметили во второй группе?
Составление текста.
-А теперь я хочу, чтобы мы построили текст. Какой, я уже знаю, но мне нужна ваша помощь. Говорит свое предложение тот, кого я попрошу. А озаглавим его так, как звучит тема нашего урока.
Зымæг.
Ралæууыд зымæг. Зæхмæ хауынц миты тъыфылтæ. Бæлæстæ, хæдзары сæртæ сты митæй æмбæрзт. Сабитæ хъазынц миты къуыбæрттæй. Мæнæн нана сбыдта худ. Мах аразæм митын лæг. Зымæджы сырдтæн у зын. Бирæгъы йæ къæхтæ дарынц. Арс та фынæй кæны лæгæты. Уый дын зымæг!
Текстыл куыст.
1.Соотнеси картинку с предложением в тексте.
-Зæхмæ хауынц миты тъыфылтæ.
-Бæлæстæ, хæдзары сæртæ сты митæй æмбæрзт.
-Мах аразам митын лæг.
-Бирæгъы йæ къæхтæ дарынц.
2.Построй предложение. (на интерактивной доске)
Арс, кæны, лæгæты, фынæй.
3.подбери правильный перевод. (на интерактивной доске)
Ралæууыд падают
Хауынц связала
Сбыдта наступила
V. Митын лæджы фæзынд.
Звучит веселая музыка, в класс входит снеговик.
-Уæ бон хорз, сывæллæттæ! Базонут æз чи дæн? Мæнæ куыд рæсугъд у уæ кълас!
-Уымæн æмæ мах абон дзурæм зымæджы тыххæй.
-Уый хорз у. Мæнæн зымæг мæ нана у. Мæн фæнды сывæллæттимæ базонгæ кæнын.
-Табуафси, митын лæг.
Подходит произвольно к детям. (диалогон ныхас)
-Дæ бон хорз.
-Æз дæн митын лæг, дæ ном та куыд у?
-Дæ мыггаг куыд у?
-Кæцы къласы ахуыр кæныс?..
Тынг хорз сабитæ стут. Ныр та ахъазæм!
Уары мит
Уары мит
Бæстæ дары урс-урсид!
Уæртæ ма нæ куыдз Муртуз
Бур хъулонæй фестад урс!
-Ухх-хх! Куыд хъæлдзæг сабитæ стут. Цыдæр стæвд дæн!
-Абад, митын лæг, мах дын равдисдзыстæм сырдтæ зымæг куд æрвитынц, уый.
Цыбыр равдысттытæ.
«Рувас æмæ тæрхъус».
-Тæрхъус, тæрхъус, цæмæн у дæ кæрц урс?
-Рувасæй тæрсын. Рувас у хин. Æз æмбæхсын миты.
-Куыд бирæ мит и. Æз тæрхъусы нæ уынын!
-Почему лиса не увидела зайца? Почему он белый?
«Бирæгъ æмæ халон»
-Бирæгъ, уæ бирæгъ, цæмæн дæ мæсты?
-Æххо-о-ормагæй!
-Дæ фæрстæ та цæмæн зынынц?
-Æххо-о-ормагæй!
-Ниугæ та цæмæн кæныс?
-Æххо-о-ормагæй!!
-Дзурын та дæм цæуыннæ цæуы?
-Æххо-о-о-ормагæй!!!
-Бузныг, сабитæ! Тынг мæ зæрдæмæ фæцыдыстут. Фæлæ мæн цæуын хъæуы. Хæзбон, ме мбæлттæ!
-Фæндараст, митын лæг!
VI. Национально- региональный компонент.
-Ребята, весь урок мы говорили о зиме. А название какого животного связанно со словом снежный? (снежный барс)
-Что вы знаете о нем?
-Издавна снежный барс считался символом нашего народа. Наши предки изображали его на своем флаге. Он символизирует могущество, храбрость, мужество, отвагу и красоту народа.
VII. Урочы кæронбæттæн.
Подведем итоги нашего урока.
-Цавæр афæдзы афоны тыххæй дзырдтам абон?
-Цавæр дарæс скæнæм зымæджы?
-Цавæр сырдтæ зымæджы фæфынæй кæнынц?
-Цавæр бæрæгбон вæййы цыппурсы мæйы?
-Чи æрбацæуы Ног азы?
-Что больше всего понравилось на уроке?
Оценить работы ребят.
-Ууыл нæ урок фæци, хæрзбон!
Ирон æвзагæй
гом урок
«Афæдзы афонтæ.Зымæг»
Архонкæйы 2-æм скъолайы ахуыргæнæг
Сланты М.Г.
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Темæ: «Мæ Ирыстон» Урок осетинского языка в русской группе о родном крае, об Осетии.
Урочы нысан: 1. Скъоладзаутимæ равзарын цы у Фыдыбæстæ, цæмæй рæсугъд у Ирыстон, цæмæн æй уарзæм?2. Уарзондзинад хъомыл кæнын Райгуырæн бæстæм.3....
Рабочая программа для 2 класса по осетинскому языку
ПРОГРАММÆ2-аг къласы фæсурокты ныхасы рæзтыл куыстæн(къуыри 1 сахат, афæдзы дæргъы 34 сахаты)....
рабочая программа по осетинскому языку в дифференцированных группах 3 класс.
в публикации содержится готовая рабочая программа по осетинскому языку в дифференцированных группах для 3 класса....
рабочая программа по осетинскому языку в дифференцированных группах 2 класс.
готовая рабочая программа по осетинскому языку в дифференцированных группах- 2 класс....
Олимпиада по осетинскому языку для 2-4 классов
Олимпиада по осетинскому языку для 2-4 классов владеющих и невладеющих групп....
Открытый урок по осетинскому языку в 1 б классе по учебнику «ГОВОРИМ И ЧИТАЕМ ПО ОСЕТИНСКИ»
Version:1.0 StartHTML:0000000167 EndHTML:0000001485 StartFragment:0000000504 EndFragment:0000001469 P { margin-bottom: 0.21cm; } ЦЕЛИ: - учить называть овощи и характеризовать их;- учить читать сл...
Конспект открытого урока по русскому языку«Времена года. Зима. Имя существительное. Закрепление».
Разработка урока по русскому языку для 3 класса составлена с учётом ФГОС. Целья урока является обобщение знаний учащихся об имени существительном и его грамматических признаках. С учетом цели урока со...