Доклад на тему: «Цæстуынгæ æрмæгæй пайда кæныны мадзæлттæ»
учебно-методический материал по чтению на тему
Доклад на тему:
«Цæстуынгæ æрмæгæй пайда кæныны мадзæлттæ»
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
doklad.docx | 17.75 КБ |
Предварительный просмотр:
МКОУ СОШ №1 ст.Змейская
Доклад на тему:
«Цæстуынгæ æрмæгæй пайда кæныны мадзæлттæ»
Учитель: Биганова Т.К.
2015г.
Сывæллæтты зонындзинадтæ фæфылдæр кæнынæн, хъæуы пайда кæнын цæстуынгæ æрмæгæй дæр. Нывтæй, иллюстрацитæй ис спайда кæнын урочы мотиваци тыхджындæр фæкæнын.
Ахурадон процессы цæстуынгæ æрмæгæй пайда кæнын ахъаз у сывæллæттæн арæхсджынæй дзурын мадæлон æвзагыл сæ царды, фæллойадон архайды. Цæстуынгæ æрмæг стыр ахъаз у рацыд æрмæг ныффидар кæнын, сывæллæтты дзырдуатон сконд хъæздыг кæнын, стæй æппæт сæ иумæйаг культурæйы рæзтæн дæр.
Цæстуынгæ æрмæг бирæ активондæр кæны сывæллæтты, сæ зонындзинæдтæ сын кæны фылдæр æмæ бындурдæр, ахуырадон процесс та цымыдиссагдæр.
Ахуыргæнæг ног æрмæг амонгæйæ, бирæ куы фæдзуры, уæд сывæллæттæ тагъд бафæллайынц хъусынæй, уый тыххæй арæхдæр пайда кæнын хъæуы цæстуынгæ æрмæгæй. Æппæтæй фылдæр цæстуынгæ æрмæг пайдагонд æрцæуы 1-аг къласы.
Цæмæй райдайæн скъолайы сывæллæттæ хицæн дзырдты æмæ предметты нысан базоной, уый тыххæй сын хъæуы равдисын нывтæ. Дзурын сын хъæуы цыбыртæй предметты нывты миниуджытæ.
Иудзырдæй, ирон æвзаджы урок цæмæй уа цымыдиссагдæр, зæрдæмæдзæугæдæр, æмæ хуыздæр æмбæрстгонд цæуа ног æрмæг, рæзгæ фæлтæр æй хæстæгдæрæй айсой сæ зæрдæтæм, уый тыххæй пайда кæнын хъæуы цæстуынгæ æрмæгæй.
Ахуыргæнæгæн йæ бон у æмæ спайда кæна предметтæй, предметон æмæ сюжетон нывтæй, таблицæтæй, схемæтæй, алыхуызон карточкæтæй, ахуыргæнæн техникон фæрæзтæй.
Ирон урочы спайда кæнæн ис цъиуты, сырдты,хæдзарон цæрæгойтæ æмæ æндæр алæхуызон предметон нывтæй. Ис афтæ урочы карточкæтæй пайдагæнæн дæр.
Сывæллæттæ сты ахуырмæ алыхуызон цæттæ æмæ уымæ гæсгæ пайда кæнын хъæуы алыхуызон карточкæтæй, цухгонд дамгъæтæ бавæрын, дзырдтимæ дзырдбæстытæ æрхъуыды кæнын æмæ ныффыссын, дзырдтæ къордтæй рафыссын, тексты цухгонд дзырдтæ бафыссын æмæ афтæ дарддæр. Ахæм карточкæтæй ис спайда кæнын алы темæ ахуыргæнгæйæ дæр.
Карточкæтимæ куыст скъоладзаутæм гуырын кæны стыр цымыдисдзинад æвзаг бæстон сахуыр кæнын. Рæзы æмæ тыхджындæр кæны сæ хъуыды кæнынад сабитæн. Карточкæтимæ куыстæй пайдагæнæн ис рæдыдтытыл кусгæйæ дæр.Бæстондæр кæнынц скъоладзауты зонындзинадтæ, æххуыс сты урочы рæстæгæй хуыздæр пайда кæнынæн.
Сывæллон йæ цæстæй цы фена, стæй йæ хъусæй цы фехъуса, уыцы дзырдтæ хуыздæр бахъуыды кæндзæн.
Урочы пайда кæнын хъæуы таблицæтæй. Уыдон фенгæйæ сывæллæттæ æнцонæй бамбарынц æрмæг. Таблицæтæй спайдагæнæн ис алы хайы дæр.
Нывимæ куыст тынг ахсджиаг бынат ахсы урочы. Нывæй тынг спайдагæнæн ис номдар амонгæйæ. Нывтæ вæййынц сæ хъуыдымæ гæсгæ алыхуызон.
Райдайæн скъолайы ирон æвзаджы урокты пайда кæнын хъæуы хуымæтæг мидисимæ нывтæй, уыдон æххуыс сты куыд дзургæ, афтæ фысгæ ныхасы рæзтæн. Нывмæ куыст кæнæн ис куыд æнæхъæн урочы, афтæ йæ кæцыдæр хайы дæр. Фылдæр хатт нывмæ гæсгæ раттæн ис æхæм хæслæвæрдтæ:
1). Нывы цы предметты нæмттæ уынут, уыдон ранымайут.
2). Кæмæ дзы ратдзыстут фарст Чи? Цы?
3). Кæцытæ дзы сты удгоймæгтæ?
4). Цавæр предметтæ сты нывы бирæон æмæ иууон нымæцты?
5). Раттут, кæнæ æрхъуыды кæнут нывæн ном (сæргонд).
6). Ссарут номдартæ æмæ сбæрæг кæнут, кæцы хауæнты сты, уый.
Номдар амонгæйæ ис тынг бирæ куыстытæ бакæнын, куыд предметон, афтæ сюжетон нывтимæ дæр.
Ирон æвзаджы урокты æнæмæнг хъæуы пайда кæнын техникон срæзтæй: компьютер, проектор …
Номдар амонгæйæ спайда гæнæн ис экскурситæй дæр. Экскурси сывæллæтты хæстæгдæр базонгæ кæны бирæ хабæрттимæ. Тематикон æгъдауæй экскурситæ ахуырадон æрмæгимæ хорз баст куы цæуой, уæд ахуыргæнæг канд хорз уроктæ нæ дæтдзæн, фæлæ ма мадæлон æвзаг ахуыр кæнынмæ дæр сывæллæтты тынг разæнгард кæндзæн. Сывæллон базонгæ вæййы алыхуызон зайæгойтимæ æмæ афтæ дарддæр.
Эксурсийы фæстæ ма ис гæнæн æмæ сабитæ ахуыргæнæджы æххуысæй æрныхас кæной цы федтой, ууыл урочы. Цавæр цъиутæ, зайæгойтæ федтой, цы раиртæстой, цавæр æнкъарæнтæ сæм сырæзын кодтой æмæ афтæ дарддæр.
Цæстуынгæ æрмæг райдайæн скъолайы ис стыр нысаниуæг. Уый сын хъæздыг кæны сывæллæттæн сæ зонындзинæдтæ, зондахаст, ифтонг сæ кæны адæймаджы хуыздæр миниуджытæй.
Цæстуынгæ æрмæгæй пайда кæнын хъæуы алы урочы дæр, цæмæй сабиты зонындзинæдтæ кæной уæрæхдæр, арфдæр æмæ бындурондæр.
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
конспекты уроков, доклады на темы самообразования
Открытые уроки по русскому языку и математике, доклады на темы самообразования ...
Доклад доклад на тему: «Формирование культуры семейных отношений».
Семья - один из шедевров природы (Дж. Сантаяна, философ)Семья - основанная на брак...
Педагогический совет по теме: "Современный урок - как основа эффективного и качественного образования". Доклад по теме: "Современный учитель"
В своей педагогической практике учителя начальной школы используют разнообразные формы, средства и методы обучения, направленные на формирование активности учащихся и способствующие повышению качества...
Доклад на тему: «Творческий отчёт. Опыт работы. Тема по самообразованию. Личностно-ориентированный подход в педагогической деятельности как условие реализации ФГОС»
Данный материал содержит отчет учителя о проделанной работе по теме самообразования....
Доклад на тему: «Бынæттон æрмæгæй пайда кæнын ирон æвзаг æмæ кæсыны урокты»
Доклад на тему:«Бынæттон æрмæгæй пайда кæнын ирон æвзаг æмæ кæсыны урокты»...
Доклад на тему: «Дзырдуатон куысты мадзæлттæ»
Доклад на тему:«Дзырдуатон куысты мадзæлттæ»...
Презентация (доклад) на тему: "Развитие логического мышления учащихся при решении текстовых задач (математическое моделирование) на уроках математики в рамках реализации ФГОС НОО" (выступление с докладом на круглом столе)
Основной задачей школьного курса математики всегда являлось обучение решению текстовых задач. Решение задач занимает в математическом образовании огромное место. Умение решать задачи является одним из...