ГОМ АХУЫРЫ КОНСПЕКТ «МАДЫ БОН»
методическая разработка (старшая группа)

Чихтисова Фатима Казбековна

Тематическое мероприятие посвященное Дню Матери

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл День Матери296.99 КБ

Предварительный просмотр:

Республикæ Цæгат Ирыстон - Алани

7 – æм МУНИЦИПАЛОН БЮДЖЕТОН РǼВДАУǼНДОН

ГОМ АХУЫРЫ КОНСПЕКТ

«МАДЫ БОН»

Бацаттæ кодта:

Чихтисты Фатимæ

г. Алагир

2023 аз

 (Входим под осет. музыку)

Хъомылгӕнӕг: Уӕ бон хорз, нӕ зынаргъ сабитӕ ӕмӕ нӕ кадджын мадӕлтӕ! Уазджытӕ! Тынг ӕхсызгон нын у уӕ фенд! Абон у стыр бӕрӕгбон! Сабитӕ зӕгъут ма цавӕр бӕрӕгбон у?

Сывӕллӕттӕ: Мады бон!

Хъомылгӕнӕг: Зӕххыл ис иунӕг хӕзна царды

Ӕмӕ уый мад у, мӕ хур, мад.

Йӕ рӕвдыд сау дуртӕм дӕр хъары,

Фӕсуры зӕрдӕйы фӕллад.

О, мад, сызгъӕрин мад, дӕ хӕрстӕй,

Ды кӕныс кӕстӕрты ӕнгом.

Тӕхуды, зарӕджы ныхӕстӕй,

Ӕнусон чи скӕны дӕ ном!

Хъомылгӕнӕг: Уӕ хорзӕхӕй сабитӕ радзурут ма нын уе 'мдзӕвгӕтӕ! Тынг хорз! Сбадут уӕ бандӕттыл!

Хъомылгӕнӕг: Мад! Хӕрз цыбыр дзырд, фӕлӕ дзы ӕппӕт дуне дӕр бацӕудзӕн! Зӕххыл мадӕй зынаргъдӕр ничи ис. Мадӕй хуыздӕр ничи бамбардзӕн сабийы зӕрдӕйы рисс. Сывӕллон куы райгуыры, уӕд мад цӕры уый улӕфтӕй. Мады уарзондзинадӕй хъарм кӕны сывӕллоны цард. Мад ӕй ахуыр кӕны уарзын Райгуырӕн бӕстӕ ӕмӕ йӕхи ӕвзаг.

Уӕ хорзӕхӕй ныр бакӕсӕм экранмӕ, бирӕ кӕй уарзут уыдонмӕ.

Хъомылгӕнӕг: Алы адӕймагӕн дӕр йӕ царды мидӕг ӕппӕтӕй зынаргъдӕр ӕмӕ уарзондӕр у йӕ мад! Афтӕ нӕу? Афтӕ у!

Ӕртӕккӕ та нын сабитӕ ӕмдзӕвгӕтӕ радзурдзысты.

Хъомылгӕнӕг: Ныр та иу гыццыл ахъазӕм

Хъазт «Хуры тынтӕ»

Цы у ай? (ӕвдисы хур)

Адон та цы сты? (хуры тынтӕ).

Ныртӕккӕ кӕмӕн зӕгъон уыдон рацӕудзысты размӕ сӕ хуры тынтимӕ. Нӕ хурыл бакӕнын хъӕуы йӕ тынтӕ. Кӕмӕн зӕгъон уый рацӕудзӕн размӕ, зӕгъдзӕн йӕ мад цавӕр у уый ӕмӕ бакӕндзӕн хурӕн йӕ тын.

Цӕттӕ стут?

Ева да хорзӕхӕй цавӕр у дӕ мад? Тынг хорз.

Мӕнӕ диссаг, нӕ хур тӕмӕнтӕ куы калы. Цымӕ цӕмӕн?

Уымӕн ӕмӕ загътам бирӕ хорз ӕмӕ фӕлмӕн ныхӕстӕ нӕ мадӕлты тыххӕй.

Хъомылгӕнӕг: Ирон адӕммӕ ис ахӕм ӕмбисонд «Мады лӕггад никуыма ничи бафыста» ӕмӕ уый раст у. Махӕн сабитӕ нӕ алкӕйы хӕсс дӕр у цӕмӕй нӕ хорз хъуыддӕгтӕй, не 'гъдауӕй мады зӕрдӕмӕ уарзондзинад хӕссӕм.

Сабитӕ сымахӕй та чи зоны мады тыххӕй ӕмбисӕндтӕ?

  • Хорзӕхты сӕр мад у!
  • Йӕ мады ничи фауы.
  • Мады зӕрдӕ – зонаг у.
  • Мады хъӕбыс адджын у.
  • Мад ныййарӕг, фыд ӕсхӕссӕг.
  • Йӕ мады чи нӕ уарзы, уый йӕхи дӕр нӕ уарзы.
  • Мады рӕвдыдӕй адджындӕр ницы ис.

Хъомылгӕнӕг: Тынг хорз. Уӕдӕ та ахъазӕм. Фӕнды уӕ?

Алӕууӕм ма тымбыл.

Мӕнмӕ ис диссаджы чыргъӕд. Ацы чыргъӕд мах хъӕуы байдзаг кӕнын хорз хабӕрттӕй. Мӕнӕ нӕ мадӕлтӕн куыд ӕххуысс фӕкӕнӕм ахӕм хорз хабӕрттӕй. Феххуысс кӕнут уӕ мадӕлтӕн? Уый ныртӕккӕ базондзыстӕм.

Уӕдӕ хъусут уӕ хӕс лӕвӕрдмӕ. Смах ацы чыргъӕд тагъд дӕцыстут кӕрӕдзимӕ, музыкӕ куыддӕр ӕрлӕууа афтӕ чыргъӕд кӕй къухы аззайа уый хъуамӕ зӕгъа йӕ мадӕн куыд феххуыс кӕны уый. Цӕттӕ стут?

Тынг хорз, нӕ чыргъӕд фӕуӕззау дӕр уӕ хорз хабӕрттӕй.

Хъомылгӕнӕг: Сывӕллӕттӕ, ӕз абон бамбӕрстон уый ӕмӕ уӕ мадӕлты тынг бирӕ уарзут, аргъ цын кӕнут. Ӕмӕ мӕ ныр фӕнды ацы бӕрӕгбонмӕ нӕ къорды цы куыст райдыдтам уый кӕронмӕ куыд фӕуат.

Уӕ хорзӕхӕй, алчи дӕр йӕхи куысты цур ӕрбадӕд. Алчи дӕр йӕ хӕслӕвӕрд зоны (звучит осетинская музыка во время работы).

Уӕдӕ ныр уӕ хорзӕхӕй райсут уӕ лӕвӕрттӕ ӕмӕ иу рӕнхъыл ӕрллӕуыт, равдисут цӕ ӕмӕ цӕ балӕвар кӕнут уӕ мадӕлтӕн. Зӕгъут: Бӕрӕгбоны хорзӕх уӕ уӕд!

Хъомылгӕнӕг: Сабитӕ, нӕ бӕрӕгбон кӕронмӕ ӕрхӕццӕ. Уӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд? Мӕнӕн дӕр тынг фӕцыд! Уӕлдайдӕр та уӕ диссаджы лӕвӕрдтӕ.

Кӕронбӕттӕны мӕ фӕнды зӕгъын: Ацы бон алы мадӕн сӕрыстырӕй, цыдӕриддӕр хуыздӕр, фарнӕй ӕмӕ ныхасӕй ис, уыдон лӕвар кӕнӕм. Иу хатт ма уӕ мады бӕрӕгбоны хорзӕх уӕд!


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

ГОМ АХУЫРЫ КОНСПЕКТ: «МÆ ИРЫСТОН»

ГОМ АХУЫРЫ КОНСПЕКТ:«МÆ ИРЫСТОН»...

Гом ахуыры конспект " Ирон æвзаг æмæ литературайы барагбон 2021"

Ирон æвзаг æмæ литературайы барагбон 2021...

Гом ахуырады конспект «Мады бон» (хистœр къорд)

Гом ахуырады конспект «Мады  бон» (хистœр къорд)...

Гом ахуыры конспект Сырдты дохтыр Айболит

Гом ахуыры конспект Сырдты дохтыр Айболит...

Гом ахуыры конспект Уӕлдӕфон тымбыл арсӕн

Гом ахуыры конспект Уӕлдӕфон тымбыл арсӕн...