Гом ахуырады конспект «Мады бон» (хистœр къорд)
план-конспект занятия (старшая группа)

Плиева Альбина Эльбрусовна

Гом ахуырады конспект «Мады  бон» (хистœр къорд)

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл gom_ahuyrady_konspekt_mady_bon_histoer_kord.docx300.84 КБ

Предварительный просмотр:

МУНИЦИПАЛОН ПАДДЗАХАДОН РÆВДАУÆНДОН №7

Гом ахуырады конспект

«Мады  бон» (хистœр къорд)

Бацаттœ кодта: Плиты А.Э

г. Алагир, 2021

Баллаты Валодяйы зарæгмæ, сывæллæттæ æрбацыдысты агъуыстмæ.

Къулыл сывæллæтты нывтæ «Мад».

Хъомылгæнæг :

- Уæ бонтæ хорз, нæ зынаргъ сывæллæттæ æмæ нæ кадджын мадæлтæ!

Тынг æхсызгон у уæ уынд нæ рæвдауæндоны, ацы къулты æхсæн. Абон иууылдæр сæхи бацæттæ кодтой бæрæгбонмæ, кæцы хуыйны «МАДЫ БОН». Мах дæр бацæттæ кодтам программæ, кæцы арæзт цæудзæн конкурстæй, æмдзæвгæтæй, зарджытæй…

Мады фæлмæн цинтæ

Рухс хуры хъарм тынау.

Мады фæлмæн митæ,

Аргъæутты дунейау.

Зарут ын сабитæ

Алы бон зарджытæ

Уарут ын, уарут ын

Уалдзыгон дидинтæ.

 - Абон у стыр бæрæгбон – «МАДЫ БОН!»  Æмæ ацы бон алы мадæн сæрыстырæй цыдæриддæр хуыздæр фарнæй æмæ ныхасæй ис, уыдон лæвар кæнæм. Мады бæрæгбоны хорзæх уæ уæд!

Фыццаг бон сывæллон куы райгуыры, уæдæй фæстæмæ мад цæры уый улæфтæй, йæ цæссыгæй æмæ йæ худтæй.

Мады уарзондзинадæй хъарм кæны сывæллоны цард, мад æй сахуыр кæны уарзын Райгуырæн  бæстæ æмæ йæхи æвзаг.

Сывæллон:

 Нæ зынаргъ мадæлтæ, мах æрбацыдыстæм  бæрæгбонмæ, цæмæй æппæт мадæлтæн бæрæгбоны хорзæх зæгъæм æмæ уын зарæг лæвар кæнæм.

Хъомылгæнæг :

 «Мады зæрдæ» ныхæстæ Тотраты – Ǣмбалты О

Хабæты- Гæджынон Р

Хъомылгæнæг :

Сывæллæттæ бакæсдзысты æмдзæвгæтæ.

1- аг сывæллон Азамат:

Хурау рухс зæрдæ у мад,

Никуы зоны уый фæллад.

Сты йæ хъарм къухтæ фæлмæн,

Алы бон рæвдауы мæн.

Тынг дæ уарзын , тынг, уый зон,

Райдайы дæуæй мæ бон.

Райдайы дæуæй мæ фæндаг

Дæн дæ лæггæгтæн лæггаг.

2-аг сывæллон Ацæмаз:

О, ме схæссæг мад!

Кæд арæх æнæ мæн

Фæкæныс æнкъард.

Куы рбайхъуысы уынгæй

Къæхты хъæр, ныхас

Ǣрхæццæ мæ хъæбул,

Фæзæгъыс, æваст!

3- аг сывæллон Давид И.

 «МÆ МАДÆН»

Мæ мадæн лæварæн

Мæ уд дæр дæттын,

Мæ мад у æппæтæй

Зæрин хуры тын,

Мæ мадæн лæварæн

Æз ноджы дæттын

Фырцинæй æууылдæй

Мыдимæ кæрдзын

Кæнæ уæд йæ фæндаг

Фæриссы æдзух.

Мæ мадæн бæмбæгæй

Фæлмæндæр йæ къух!

Хъазт: « Чи тагъддæр абæдта сывæллон авдæны»

 Хъомылгæнæг : 

Æртæккæ та базонут уыци – уыцитæ:)

  • Фосмæ цыргъ йæ дæндаг дары,

У хъæхъаг æмæ фыр зыд

Марын æй хъæуы, уый марын

Рагæй дæр фыдгæнæг уыд  (бирæгъ)

Дзургæ нæ кæны,

Афтæмæй адæмæн зонд амоны.( Чиныг).

Дыууæ мадæн- фæйнæ фондз фырты,

Се ппæтæн дæр – иу ном(æнгуылдзтæ).

Ǣнæ къух, æнæ къах

Афтæмæй дуар бакæны (Дымгæ).

Нæдæр хур у ,нæдæр стъалы,

Афтæмæй цæхæртæ калы,

Алы хсæв дæр рухс фæдары (Мæй).

Хъомылгæнæг :

Зынаргъ мадæлтæ, æртæккæ уыдзæн хъазт: алчидæр йæ хъæбулæн ратдзæн банан хæрынмæ, йæ цæстытæ бастæй, сывæллонæн та йæ къухтæ йæ фæсæтты фæстæ æмбæхст уыдзысты. Амбулдзæн уыцы къай, кæцы рæвдздæр бахæрдзæн  фæткъуы.   Хъазт цæуы…

 Хъомылгæнæг :

Алчидæр уæ зоны, дзыкка фыцгæйæ цы хъæуы, уый, æртæккæ йæ сбæрæг кæндзыстæм:

-Цæргæс рахъавыд йæ цъиутæн дзыкка скæнын, цæмæй йæ лæппынтæ  бафсæдой, базармæ ацыд æмæ мæнæ цы райста (æвдисы). Раст у, æви нæу, уый зæгъдзыстут, дзурдзыстут «о» кæнæ «нæ».

Райста:  

Харбыз? ---- нæ!

Айк? ---- о!

Æссад? ---- о!

Джитъри? ---- нæ!

Сæкæр? ---- нæ!

Цæх? ---- о!

 Кæрдо? ---- нæ!

Ǣхсырысæртæ----о!

Хъомылгæнæг :

Дзæбæх дзыкка рауад, ницы дзы ис зынæй, уымæй æнцондæр ницы ис æмæ кæд æй цæттæ кæнна нæ мад, фæлæ нæхæдæг куы архайæм, уæд тынг афæллайæм.

Æртæккæ мæ фæнды базонын, цавæр æмбисæндтæ зонут?

1- аг сывæллон

Мады зæрдæ зонаг у!

2- аг сывæллон

Цард куыстæй фидауы!

3- аг сывæллон

Хуымы цы байтауай, уый дзы сæвзæрдзæн!

4- æм  сывæллон

Мады хъæбыс адджын у!

5- æм  сывæллон

Фыццаг ахъуыды кæн, стæй зæгъ!

Хъомылгæнæг :

Зынаргъ мадæлтæн æмдзæвгæтæ бакæсдзыстæм.

1- аг  сывæллон

     «МÆ МАД»

Мæ уарзон ныййарæг

Мæ хур дæ, мæ мæй.

Дæуæй мын зынаргъдæр

Зæххы цъарыл нæй.

Дзæбæх мæ фæхастай,

Фæкодтай лæггад,

Уæззау куыст фæкодтай

Нæ зыдтай æнцой.

Дæ кæстæрты хурæй

О, бафсæд мæ мад

Куыд хъуыса нæ кæртæй

Дæ худын, дæ зард.

2- аг  сывæллон

     

Хъомылгæнæг :  

Иннæ конкурсы мах базондзыстæм, æнцон у, æви нæу уæвын мадæй:

«Чи тагъддæр акæна дзаумæттæ йæ сывæллоныл».

æрцæттæ кæнын ахойраг рæвдауæндонмæ, байсæрдын царв дзулыл.

Хъомылгæнæг : 

Хъазт «Богæлттæ» (Зылды сæ тыхтæ барынц).

Хъомылгæнæг :

Сывæлæттæ бацæттæ кодтой ирон театр «Тæбæгътæ чи цæхса»

Музыкæ. Ус кафы.

Лæг:

- Нæ ус, тæбæгътæ ма цæхс.

Ус:

- Æндæр дæ ницыуал хъæуы? Нæмæ уыныс? Æз зарядкæ кæнын, мæ фигурæ рæсугъд кæнын (æвдисы)

Лæг:

- Ай никуы ницы бакæндзæн! Уæдæ афтæ баныхас кæнæм: фыццаг чи сдзура, уый тæбæгътæ æхсдзæн.

Ус:

- Нал мæ ныууаддзæн ацы зæронд хæрæг. Хорз уæдæ, баныхас кодтам! (æрбадтысты фæрсæй фæрстæм æнæдзургæ)

Салфетка: (сыхаг ус)

- Хорз адæм, кæм стут, уæ фос хъоммæ нæ тæрут? Адон гоби баисты, æви цы? Уæ дзыты дон и, æви, куы нал дзурут?! (Салфетка исы хæдон)

Ус:

- Æндæр дæ ницы хъæуы?

- Мæхи хъæуы, ничи йæм кæсы?!

(Салфетка фæтæргай)

А! Исчи ма сæм бакæсæнт!

Æз уæм нал æрбацæудзынæн!

Ус:

(йæ фæстæ йæ къухтæ  кæрæдзиуыл сæрфы)

Салфетка….. (Ивазгæйæ)

- Уый фæстæ нæ сыхæгты счытæ анымайдзыстæм.

Лæг:

А – а – а! Нæ ус, фæхæрдтæ! Тæбæгътæ æхсгæ…

Ус:

- Æндæр дæ ницы хъæуы? Абон мадæлты, сылгоймæгты бæрæгбон у!

Лæг:

- Дæ хъуыддаг та ацыди!!! Мæгуыр бон мыл ацы уысимæ! Мæхицæн та æхсинаг фесты!!!

Ус:

- Ницы дын уыдзæн!

Бæрæгбоны кафт, иу кафт..

Хæларæй цæрæм. (кафынц ирон мелодимæ)

Хъомылгæнæг :

Нæ сабитæ, акафæм ирон кафт.

Сывæллæттæ кафынц «Симд»

 Хъомылгæнæг :

Афтæмæй нæ бæрæгбоны программæ фæвæййы, зæрдæбынæй уын нæ зæрдæ зæгъы: æнæниз æмæ æнæмаст, рæсугъдæй, хъæлзæгæй æмæ сæрæнæй цæрут нæ зынаргъ мадæлтæ, уæ сывæллæттæ та уæм куыд хъусой, уæ зæрдæ уын рухс куыд кæной, арфæйаг уыт!!!


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

1. Конспект по рисованию 2. Конспект по конструированию 3. Конспект по математике. 4. Конспект по окружающему миру.

Тема1. Рисование "Осенний пейзаж. Дождь" (05.10.2021)2. Окружающий мир «Такие разные, такие важные ». бытовые предметы и техника. Их значение в жизни человека. (11...

Мастер – класс бацæттæгæнæн къорды ныййарджытимæ «Аив кæнын ирон сылгоймаджы националон дарæс»

Мастер – классбацæттæгæнæн къорды ныййарджытимæ«Аив кæнын ирон сылгоймаджы националон дарæс»...

ГОМ АРХАЙДЫ КОНСПЕКТ ПОЛИЛИНГВАЛОН КӔСТӔР КЪОРД «ХУРЫ ТЫНТӔ»

конспект открытого занятия по развитию речи во второй группе раннего возраста на осетинском языке на тему "Весна"....