ГОМ АХУЫРЫ КОНСПЕКТ: «Зымæгон дарæс».
план-конспект занятия (младшая группа)

Вазиева Рита Дзахотовна

Зымагон дарас

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл zymagon_daras.docx65.38 КБ

Предварительный просмотр:

МУНИЦИПАЛОН ПАДДЗАХАДОН РÆВДАУÆНДОН №7

ГОМ АХУЫРЫ КОНСПЕКТ:

«Зымæгон дарæс».

Бацæттæ кодта:

Кæстæр къорды хъомылгæнæг

Уазиты Рита

Алагир 2019

Нысан: сывӕллӕтты зонындзинадты ныффидар кӕнын зымӕгон дарӕсы нӕмттӕ; базонгӕ кӕнын сывӕллӕтты зымӕджы афӕдзы афонимӕ ӕмӕ ӕрдзы ивддзинӕдтимӕ.

Дзырдуат: ӕрмкъухтӕ, митын гӕлӕбутӕ, хъуырбӕттӕн, ӕгънӕджытӕ.

Рагагъомӕйы куыст: сывӕллӕттимӕ скӕнын митын гӕлӕбутӕ бӕмбӕгӕй. Базонгӕ кӕнын сабиты кукла Зарӕйымӕ ӕмӕ йӕмӕ ахъазын.

Ахуыры цыд.

Хъомылгӕнӕг: Сывӕллӕттӕ, махмӕ уазӕгуаты ӕрбацыдис хъазӕн чызг. Йӕ ном хуыйны Зарӕ.

Сывӕллӕттӕ: Ӕгас цу Зарӕ.

Хъомылгӕнӕг: Сывӕллӕттӕ ӕрбакӕсут – ма Зарӕйыл ис хъарм худ, хъарм пъалто, цырыхъхъытӕ, хъуырбӕттӕн, ӕрмкъухтӕ. (Сывӕллӕттӕ хъомылгӕнӕджы фӕстӕ дзурынц иугай дзаумӕтты нӕмттӕ)

Хъомылгӕнӕг: Сывӕллӕттӕ, Зарӕ нӕ хоны тезгъо кӕнынмӕ. Ӕмӕ мах дӕр скӕнӕм нӕ дзаумӕттӕ. Зарӕйы сбадын кӕнӕм бандоныл ӕмӕ мах та скӕнӕм нӕ дзаумӕттӕ. Фыццаг скӕнӕм нӕ цырыхъхъытӕ, ныр та скӕнӕм нӕ пъалто,худ, хъуырбӕттӕн ӕмӕ ӕрмкъухтӕ.

Хъазт « Ӕрмкъухтӕ».

Хъомылгӕнӕг: Сабитӕ бамбӕхсӕм ма нӕ къухтӕ.

(сывӕллӕттӕ сӕ къухтыл кӕнынц ӕрмкъухтӕ).

Кӕм сты нӕ къухтӕ? Равдисут-ма сӕ.

Сывӕллӕттӕ: Мӕнӕ сты!

(сывӕллӕттӕ ласынц сӕ къухтӕй ӕрмкъухтӕ).

Зарӕ: Ныр та цомут тезгъо кӕнынмӕ.

Хъомылгӕнӕг: Сывӕллӕттӕ, акӕсут-ма, мӕнӕ цас мит ӕруарыд.  Ахъазам ма митын гӕлӕбутӕй. Сисӕм ма митын гӕлӕбутӕ ӕмӕ сыл афу кӕнӕм.

(сабитӕ хъазынц митын гӕлӕбутимӕ).

Хъомылгӕнӕг: Суазал стӕм ӕмӕ ма тымбыл алӕууӕм ӕмӕ улӕфты минут акӕнӕм, нӕхи схъарм кӕнӕм.

Къухтӕ, къухтӕ-къӕрц,къӕрц,къӕрц.

Къӕхтӕ, къӕхтӕ- тьӕпп, тъӕпп,тъӕпп

Къухтӕ ,къухтӕ- тъупп, тъупп,тъупп.

Къӕхтӕ,къӕхтӕ- сӕпп,сӕпп,сӕпп.

Схъарм кодтам нӕ къухтӕ ӕмӕ нӕ къӕхтӕ. Цомут ныр мидӕмӕ ӕмӕ раласӕм нӕ хъарм дзаумӕттӕ. Раласӕм фыццаг нӕ:

  1. ӕрмкъухтӕ;
  2. хъуырбӕттӕн;
  3. худ;
  4. пъалто;
  5. цырыхъхъытӕ.

Зарӕ: Сывӕллӕттӕ, стыр бузныг уын, тынг мӕ зӕрдӕмӕ фæцыдыстут, фæлæ мын цæуын афон у. Хӕрзбон.

Сывӕллӕттӕ: Хӕрзбон Зарӕ!

Хъомылгӕнӕг: Сывӕллӕттӕ мах дӕр нӕ уазджытӕн зӕгъӕм хӕрзбон.

Хӕрзбон!


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

ГОМ АХУЫРЫ КОНСПЕКТ: «МÆ ИРЫСТОН»

ГОМ АХУЫРЫ КОНСПЕКТ:«МÆ ИРЫСТОН»...

Гом ахуыры конспект " Ирон æвзаг æмæ литературайы барагбон 2021"

Ирон æвзаг æмæ литературайы барагбон 2021...

1. Конспект по рисованию 2. Конспект по конструированию 3. Конспект по математике. 4. Конспект по окружающему миру.

Тема1. Рисование "Осенний пейзаж. Дождь" (05.10.2021)2. Окружающий мир «Такие разные, такие важные ». бытовые предметы и техника. Их значение в жизни человека. (11...

Гом ахуыры конспект Сырдты дохтыр Айболит

Гом ахуыры конспект Сырдты дохтыр Айболит...

Гом ахуыры конспект Уӕлдӕфон тымбыл арсӕн

Гом ахуыры конспект Уӕлдӕфон тымбыл арсӕн...

ГОМ АХУЫРЫ КОНСПЕКТ «МАДЫ БОН»

Тематическое мероприятие посвященное Дню Матери...