ГОМ АХУЫРЫ КОНСПЕКТ: «МÆ ИРЫСТОН»
проект

Плиева Альбина Эльбрусовна

ГОМ АХУЫРЫ КОНСПЕКТ:

«МÆ ИРЫСТОН»

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл gom_ahuyry_konspekt_ma_iryston.docx133.96 КБ

Предварительный просмотр:

МУНИЦИПАЛОН ПАДДЗАХАДОН РÆВДАУÆНДОН №7

ГОМ АХУЫРЫ КОНСПЕКТ:

«МÆ ИРЫСТОН»

(скъоламæ цæттæгæнæн къорд)

Бацæттæ кодта:

ирон æвзаджы хъомылгæнæг

Плиты Альбинæ

Алагир 2019

Нысан: Фыдыбӕстӕмӕ уарзондзинад гуырын кӕнын сабитӕм; мадӕлон ӕвзагыл хъуыдытӕ дзурыныл ахуыр кӕнын; Ирыстоны ӕрдзмӕ уарзондзинад ӕвзӕрын кӕнын ӕмӕ йыл аудын.

Сабитӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын цавӕр ирон ӕгъдӕуттӕ зонынц уый.  Цы нысан кӕнынц ӕртӕ чъирийы.

Цӕстуынгӕ ӕрмӕг: Ирыстоны тырыса ӕмӕ герб. Нывтӕ: хӕхтӕ,суадӕттӕ,Терчы дон,парк,Ирыстоны зындгонд адӕм,ӕртӕ чъирийы ӕмӕ бӕгӕны. Нӕ рагфыдӕлтӕ(Алантӕ), цыртдзӕвӕнтӕ,аргъуан.

Рагагъоммӕйы куыст. Саразын экскурситӕ нӕ горӕты зӕрдылдарӕн бынӕттыл. Базонгӕ сӕ кӕнын нӕ зындгонд адӕмимӕ( иу цалдӕр). Арныхас кӕнын нӕ горӕты цавӕр уынгтӕ иСывæллæттæ: Сахуыр кӕнын зарӕг ӕмӕ ӕмдзӕвгӕтӕ нӕ горӕтыл.

Дзырдуат: сахар,аргъуан,цыртдзавӕн,сгарӕг,ӕхсардгард,фат ӕмӕ ӕрдын.

Ахуыры цыд

(Хъуысы Ирыстоны гимн, сывӕллӕттӕ ӕрбацыдысты агъуыстмӕ).

Хъомылгæнæг: Уӕ райсом хорз сывӕллӕттӕ! Куыд кӕсут афтӕмӕй нӕм абон нӕ ахуыртӕм ӕрбацыд бирӕ уазджытӕ, ӕмӕ ма сын салам раттӕм.

Сывæллæттæ: Ӕгас цӕут нӕ зынаргъ уазджытӕ!

Хъомылгæнæг: Ныр кӕрӕдзийы къухтыл ӕрхӕцӕм ӕмӕ зылдмӕ гӕсгӕ ӕрлӕууӕм.

Нӕ ахуыртӕ райдайӕм ӕнгуылдзты гимнастикӕйӕ. Равдисут-ма уе΄нгуылдзтӕ. Загъут-ма цал ӕнгуылдзы ис иу къухыл?

Сывæллæттæ: Иу къухыл ис фондз ӕнгуылдзы.

Хъомылгæнæг: Уадӕ радзурӕм, «Фондз ӕфсымӕры».

Фондз ӕфсымӕры нӕртон!

Уыдонӕн сӕ нӕмттӕ зон.

Хистӕр слӕууыди фыццаг-

Раст цыма сӕрыстыр саг!

Амонӕн ӕнгуылдз дӕр ныр

Сраст кодта йӕ ӕлвӕст гуыр.

Астӕуккаг-ӕппӕты даргъдӕр,

Ӕтт,ӕнӕном дӕр фӕцырд,

Ай та кӕстӕр у-зынаргъдӕр.

Фондзӕй фаззӕтау-ӕмдзырд,

Иумӕ рбакӕсут ма сты ӕдзухдӕр цырд.

Тынг хорз! Сбадут ныр уӕ бандӕттыл. Абон нӕ ахуырты темӕ у «Мӕ Ирыстон».

Хъомылгæнæг: Зӕгъут ма сыв – тӕ, нӕ гыццыл райгуырӕн бӕстӕ куыд хуыйны?

Сывæллæттæ: Нӕ райгуырӕн бӕстӕ хуыйны  Цӕгат Ирыстон-Алани!

Хъомылгæнæг:  Раст загътат, мах цӕрӕм Цӕгат Ирыстоны, мах стӕм ирон адӕм. Ӕмӕ нӕ сӕйраг дӕр горот та  куыл хуйны?

Сывæллæттæ:  Нӕ сӕйрагдӕр горот хуыйны Дзӕуджыхъӕу.

Хъомылгæнæг:  Чи йӕ зоны афтӕ йӕ цӕмӕн схуыдтой?

(Сывæллæтты дзуаппытæ)

Хъомылгæнæг: Цавӕр гороттӕ ма ис Цӕгат Ирыстоны?

Сывæллæттæ:  Алагир, Ардон, Моздок, Дигора, Беслан.

Хъомылгæнæг:  Сыв – тӕ бакӕсут ма экранмӕ. Цы дзы уынут?

Сывæллæттæ:  Ирыстоны тырыса ӕмӕ герб.

Хъомылгæнæг:  Цы нысан кӕнынц тырысайы хуызтӕ?

Сывæллæттæ:  Урс – сыгъдӕгдзинад

Сырх – лӕгдзинад, тыхджын

Бур – бӕркад.

Хъомылгæнæг:  Нӕ гербыл та цы ныв ис?

Сывæллæттæ: Хӕхтӕ ӕмӕ фыранк.

Хъомылгæнæг:  Уыдон та цы нысан кӕнынц?

Сывæллæттæ: Хӕхтӕ – адӕм хӕхты кӕй цардысты уый. Фыранк та барынц ирон лӕгимӕ. Ирон лӕг фыранкау у ныфсхаст, тыхджын.

Хъомылгæнæг:  Тынг раст сывæллæттæ.

Ныр та байхъусӕм Тамикмӕ, радзурдзӕн нын ӕмдзӕвгӕ «Мӕ Ирыстон»

Цӕй диссаг дӕ,мӕ Ирыстон,

Куыд адджын у дӕ уынд,

Цӕй зынаргъ дӕ мӕ зӕрдӕйӕн,

Куыд дын ӕй зӕгъон, куыд?

Куыд дын уарзын дӕ хуры скаст

Сӕууон ӕртӕхты худт.

Дӕ аллы хох, дӕ аллы дзыХъомылгæнæг:

Мӕ цин ӕмӕ мӕ уд.

Сабырдзинад дӕ зӕххыл уӕд,

Дидин ӕфтау фӕрнӕй.

Мӕ Ирыстон, зӕххы цъарыл,

Дӕуӕй зынаргъ дӕр нӕй!

Хъомылгæнæг: сыв-тӕ, нӕ Ирыстон хъыстгонд у йӕ рӕсугъддзинадӕй. Нӕ алыварсмӕ ма акӕсӕм, кӕм ис ахӕм ӕрдз? Бӕрзонд цъитиджын хӕхтӕ нын сӕ урс нымӕтхудтӕй цыма ныллӕг кувынц. Нӕ уынгтӕ ӕмӕ фӕзтӕ-цъӕх-цъӕхид,алыхуызон дидинтӕ хурмӕ тӕмӕн калынц. Терчы доны уынӕрмӕ хъусгӕйӕ, зӕрдӕйы алыхуызон ӕнкъарӕнтӕ ӕвзӕры, Уӕдӕ ӕлутоны ад чи кӕны, уыцы хӕххон суадӕттӕ. Сабитӕ, мах горӕтӕй фылдӕр зӕрдылдарӕн бынӕттӕ иу горӕты дӕр нӕй, мах горӕтӕй рӕсугъд дӕр горӕт нӕй а зӕххыл

Зарӕг « Мӕ уарзон Ирыстон».

Хъомылгæнæг:  Сабитӕ, ис нӕм бирӕ зындгонд адӕм. Зӕгъӕм: Хетагкаты Къоста,Плиты Иссӕ-генерал, Абайты Васо-стыр ахуыргонд,Джыгкайты Мурат-нывгӕнӕг, Мамсыраты Хаджи-сгарӕг(разведчик).

Сывӕллӕттӕ, раджы уыди уый, бӕрзонд къӕдзӕхты цардысты рӕсугъд, тыхджын,ныфсхаст адӕм. Уыдон иу цыдысты цуаны, хӕцыдысты се знагтимӕ.Уыди сӕм ахӕм хӕцӕнгӕрзтӕ: фат ӕмӕ ӕрдын, ӕхсаргард, хъама. Куыд уӕм кӕсы, цымӕ кӕй кой кӕнын, чи уыдысты уыдон?

Сывæллæттæ: Уыдон уыдысты нӕ рагфыдӕлтӕ, хуыдтой сӕ Алантӕ.

Хъомылгæнæг: Алантӕ нын ныуагътой хорз ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ традицитӕ. Зӕгъут-ма цавӕр ирон ӕгъдӕуттӕ зонут?

Сывæллæттæ: Хистӕр куы рбахиза, уӕд кӕстӕр хъуама сыста. Хистӕр куы дзура, уӕд кӕстӕр хъусы ӕмӕ а.д.

Хъомылгæнæг: сабитӕ Алантӕ ма уыдысты уазӕгуарзон ӕмӕ кӕрдзындӕттон. Экранмӕ ма бакӕсут, цы дзы уынут?

Сывæллæттæ: Мах уынӕм ӕртӕ чъирийы ӕмӕ бӕгӕныйы къуСывæллæттæ:

Хъомылгæнæг:  Цы нысан кӕнынц ӕртӕ чъирийы.

Сывæллæттæ: Хур, зӕхх, дон. Кувгӕ та кодтой бӕгӕныйӕ.

Хъомылгæнæг:  Ныр та сыстут ӕмӕ улӕфты минут акӕнӕм.

1,2,3,4- рӕвдздӕр у, дӕ бынат ар.

Къухтӕ иумӕ, къӕхтӕ ндӕгъд,

Гъе, мӕ фӕндыр, рӕвдз ӕрцӕгъд.

Къухтӕ синтыл, кӕн гуыбыр.

Сӕмраст кӕн, гъеныр дӕ гуыр,

Айтындз уарийау дӕ цӕнгтӕ.

Къухтӕ ардӕм, ардӕм тил,

Кафгӕ дӕ алыварс ӕрзил.

Рӕвдздӕр фӕндыр,рӕвдз ӕрцӕгъд,

Хистӕр сабийӕн ӕмдзӕгъд.

Сыв-тӕ, уӕдӕ мах кӕм цӕрӕм, уыцы горӕт та куыд хуыйны?

Сывæллæттæ: Горӕт Алагир.

Хъомылгæнæг:  Цавӕр уынгтӕ дзы ис Алагиры?

Сывæллæттæ: Х.Къостайы, Ленины, Баситы Чабаханы, Гагарины, Толстойы, Кировайы ӕмӕ а. д.

Хъомылгæнæг:  Нӕ горӕты та арӕст цы ӕрцыд. Цы нӕм ис?

Сывæллæттæ:Рӕвдауӕндӕттӕ, скъолатӕ, музейтӕ, дуканитӕ, библиотекатӕ, рынчындон, почтатӕ, администраци.

Хъомылгæнæг:  Тынг хорз  сыв- тӕ. Ис ма нӕм аргъуан ӕмӕ цыртдзӕвӕнтӕ.

Уӕлахизы бон куы вӕййы уӕд мах ацӕуӕм дидинджытимӕ уыцы цыртдзӕвӕнтӕм (паркмӕ,танкмӕ,Б.Чабаханмӕ).

Нӕ аргъуанмӕ дӕр цӕуы тынг бирӕ адӕм. уазджытӕ нӕм куы вӕййы уӕд уыдон дӕр ӕнӕмӕнг бабӕрӕг кӕнынц аргъуан, уымӕн ӕмӕ у тынг рӕсугъд.

Йӕ къултыл цы нывтӕ ис, уыдон Х.Къостайы конд нывтӕ сты.

Ӕмдзӕвгӕ « Мӕ уарзон Алагир» бакӕсдзӕн Сохиты Аминӕ.

Зарин хур дӕм цӕлхыдзагӕй ӕркаст.

Сӕрдыгон арв дӕ хӕдсӕрмӕ ныйирд,

О,ма мын фен ӕфхӕрд ӕмӕ фыдмаст!

Зынаргъ горӕт,дӕ хъуыддӕгтӕ уӕнт раст,

Дӕттын дын ӕз зӕрдиагон салам.

Ӕгӕрон у дӕумӕ, мӕ хур, мӕ уарзт,

Ӕмӕ дыл уымӕн цинтӕ кӕнын ам.

Зӕрдӕрухсӕй, дзӕбӕхӕй мын фӕцӕр,

Хӕссыс дӕ сӕр дӕ адӕмӕй бӕрзонд,

Дӕ цӕхх-кӕрдзын ӕнӕнизӕй фӕхӕр,

Хӕрзконд чызгау- дӕ уынд ӕмӕ дӕ конд

Хъомылгæнæг: Сывæллæттæ, сыстут ма æмæ стъæлты уæлхъус æрбадут, скæнæм иумæйаг куыст «Нæ цъитиджын хæхтæ».

Тынг хорз, уæ куыст мæ зæрдæмæ тынг фæцыдис. Абон цавæр ног дзырдтæ базыдтам? (сыв – ты дзуаппытæ).

Уæ цæрæнбон бирæ. Рæсугъдæй байрæзут, уарзут уæ райгуырæн бæстæ, уæ мадæлон æвзаг ма рох кæнут.

Нæ ахуыры сахат кæронмæ æрцыд æмæ нæ уазджытæн хæрзбон зæгъут.

Сывæллæттæ: Хæрзбон.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Конспект открытого занятия в подготовительной к школе группе Конспект открытого занятия в подготовительной к школе группе Конспект занятия в подготовительной группы педагога-психолога со слабослышащими детьми

Дата проведения:  21  февраля  2012  г. Участники:   дети подготовительной группыПроводит:  педагог-психолог Панова  М.М.Цель:способствовать формиров...

Гом ахуыры конспект " Ирон æвзаг æмæ литературайы барагбон 2021"

Ирон æвзаг æмæ литературайы барагбон 2021...

1. Конспект по рисованию 2. Конспект по конструированию 3. Конспект по математике. 4. Конспект по окружающему миру.

Тема1. Рисование "Осенний пейзаж. Дождь" (05.10.2021)2. Окружающий мир «Такие разные, такие важные ». бытовые предметы и техника. Их значение в жизни человека. (11...

Гом ахуыры конспект Сырдты дохтыр Айболит

Гом ахуыры конспект Сырдты дохтыр Айболит...

Гом ахуыры конспект Уӕлдӕфон тымбыл арсӕн

Гом ахуыры конспект Уӕлдӕфон тымбыл арсӕн...