Мæ Ирыстон
план-конспект занятия

Плиева Альбина Эльбрусовна

Мæ Ирыстон

 

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл mae_iryston.docx475.28 КБ

Предварительный просмотр:

----Республикæ Цæгат Ирыстон - Алани

7 – æм МУНИЦИПАЛОН БЮДЖЕТОН РÆВДАУÆНДОН

Мæ Ирыстон

Бацаттæ кодта:

ирон æвзаджы хъомылгæнæг

Плиты Альбинæ

г. Алагир, 2024 аз

Нысантæ: Фыдыбæстæмæ уарзондзинад гуырын кæнын кæнын сабитæм; ахуыр сæ кæнын сæ хъуыдытæ æххæст хъуыдыйæдтæй дзурын; Ирыстоны æрдзмæ уарзондзинад гуырын кæнын æмæ ауыдын; аразын нæ Ирыстоны тыххæй интеллект – картæ.

Рæзынкæныны нысантæ: Сывæллæтты зонындзинæдтæ парахат дæр кæнын интеллектуалон картæимæ куысты. Цæстуынгæ æрмæгæй пайда кæнгæйæ, сабитæн рæзын кæнын сæ логикон хъуыдыкæнынад, ныхасы рæзт æмæ сæ лæмбынæг хъусдард.

Хъомылады нысантæ: Дарддæр сабитæм ахуыр кæнын уарзондзинад сæ райгуырæн бæстæмæ; архайын цæмæй сабитæн сæ митдунейы æнкъарæнтæ æрвылбон уæй хъæлдзæг æмæ цы зонындзинæдтæ райстой уыдонæй райгонд уæй.

Цæстуынгæ æрмæг: Ирыстонимæ баст нывтæ, алы хуызон фламастертæ, клей, алы хуызон ирон дзаумæттæ, нывæфтыдтæ, суджок, порти, мультимедийный экран.

Дзырдуат: нывæфтыд, цъититæ, басылыхъ, дзæрна.

Ахуыры цыд.

(ирон мелодийы цагъдмæ хъомылгæнæг сывæллæттимæ æрбацыдысты агъуыстмæ)

Организационный момент.

Хъомылгæнæг: Сывæллæттæ, акæсут – ма, цас рæсугъд уазджытæ нæм æрбацыд. Нæ мидбылхудт ма сын балæвар кæнæм æмæ сын уæ райсом хорз зæгъæм.

Сывæллæттæ: Уæ райсом хорз!

Хъомылгæнæг: Сабитæ, ныр та ма уе'ргом мæнмæ раздахут æмæ мын зæгъут, хъазын уарзут?

Сывæллæттæ: О, уарзæм.

Хъомылгæнæг: Уæдæ ма мæ алыварс тымбыл алæууыт, æмæ æнгуылдзты гимнастикæ акæнæм (суджок).

Ацы тымбыл хуымæтæг нæу

Иууылдæр у судзин

Не 'нгуылдзтæй йæ æлхъивæм

Армытъæпæныл æй зилæм.        

Ныр та ма мæм лæмбынæг байхъусут, æз уын бакæсдзынæн æмдзæвгæтæ, сымах та мын зæгъут цæй тыххæй у уый.

Цæй диссаг дæ, мæ Ирыстон

Куыд адджын у дæ уынд

Цæй зынаргъ дæ мæ зæрдæйæн

Куыд дын æй зæгъон, куыд.

Сывæллæттæ: Ирыстоны тыххæй. Нæ райгуырæн зæххы тыххæй.

Хъомылгæнæг: Тынг раст. Нæ ирон зæхх мах хонæм Ирыстон. Ирыстон у махæн нæ Райгуырæн зæхх. Цæмæн æй хонæм нæ Райгуырæн зæхх.

(Сывæллæтты дзуæппытæ)

Хъомылгæнæг: Раст загътат, уымæн æмæ ацы зæххыл тынг раджы æрцардысты ирон адæм, нæ рагфыдæлтæ.

(хæтæлы дзæнгæрæг райхъуыст)

Бахатыр кæнут сывæллæттæ, мæ хæтæл дзуры æмæ йæм æркæсон. Мæ чызы чызг мæм дзуры тынг дард ранæй, Сыбырæй город Норильскæй. Цыма мæм цæмæн дзуры, базонæм ма йæ.

Алло, София! Дæ бон хорз. Дзæбæх дæн, мæнæ дæн 10 рæвдауæндоны сывæллæтимæ. Хорз, хорз, фæлæу мæ къона.

Сывæллæттæ, София уын цыдæр зæгъынмæ хъавы. Тая Казбековна, дæ хорзæхæй, кæд гæнæн ис, уæд ма Софияйы экраныл равдисут.

Видео Софии.

София: Уæ бон хорз сывæллæттæ! Æз дæн София. Цæрын Норильскы. Никуы уыдтæн Ирыстоныæмæ мæ тынг фæнды Ирыстоны тыххæй базонын æмæ мын баххуыс кæнут.

Хъомылгæнæг: Сывæллæттæ, фæнды уæ Софийæйæн баххуыс кæнын, нæ Ирыстоны тыххæй цæмæй базона?

Сывæллæттæ: О фæнды нæ.

Хъомылгæнæг: Æмæ йын куыд баххуыс кæнæм? Чи уæ куыд хъуыды кæны?

(сывæллæтты дзуæппытæ)

Хъомылгæнæг: Тынг хорз. Фæлæ ма йын ыскæнæн ис нывтæй конд пъисмо, нæ Ирыстоны цы ис уыдонимæ. Афтæ уæ фæнды?

Сывæллæттæ: О фæнды!

(хъомылгæнæг хоны сывæллæтты стъолы цурмæ)

Хъомылгæнæг: Æрбалæууыт ма стъолмæ хæстæгдæр. Стъолыл ис урс гæххæт, алы хуызон ахорæнтæ æмæ Ирыстонимæ баст нывтæ. Софийæйæн Ирыстон картæйыл равдисæм. Табуафси Мурат нывты астæу ма Ирыстоны картæ ссар æмæ йæ бафидар кæнæм астæуæй.

Сывæллæттæ, алы адæмыхаттæн дæр ис йæхи символтæ. Æркæсут ма (1-3 сыв) æмæ нывты æхсæн ыссарут символтæ æмæ та уыдон дæр бафидар кæнæм. Сывæллæттæ, кæсут уал мæнмæ, Ирыстоны картæйæ скодтон ставд къалиу æмæ дзы бафидар кодтон Ирыстоны символты иумæйаг ныв. Ацы нывæй алырдæмты цæуы лыстæгдæр къалиутæ. Фыццаг къалиуыл ныффидар кодтам герб, дыккагыл тырыса. Зæгъут ма мын нæ республиуæйы сæргълæууæг та чи у?

(сывæллæтты дзуæппытæ)

Хъомылгæнæг: Уæдæ нæ сæргълæуæджы къам дæр бафидæр кæнæм иннæ къалиуыл.

Сывæллæттæ, ер цы къалиу скодтон уый у Ирыстоны символты къалиу. Кæнын æй хъæуы иу хуыз ахорæнæй.

Сывæллæттæ, нæ Ирыстон ма зынгонд у йæ æрдзы рæсугъддзинадæй.

Бакæсæм ма экранмæ. Цавæр æрдзы нывтæ уынут экраныл?

(сывæллæтты дзуæппытæ)

Хъомылгæнæг: Уæдæ та æрдзмæ цы нывтæ хауы уыдон авзарут нывты хсæн æмæ сæ афидар кæнæм (2-3 сыв).

Сывæллæттæ, ацы къалиу та у Ирыстоны æрдзы къалиу.

Хъомылгæнæг: Ныр та сабитæ не' уæнгтæ аивазæм.

Ахъазæм «Худæй хъазт» - æй.

(Хъомылгæнæг сывæллæтты хоны экраны цурмæ)

Хъомылгæнæг: Сывæллæттæ, ирон адæммæ ма ис сæхи нывæфтыдтæ. Хонæм ма сæ орнамент дæр.  Бакæсæм та ма экранмæ æмæ мын зæгъут ирон адæм цæуыл кодтой нывæфтыдтæ уый.

(сывæллæтты дзуæппытæ)

Хъомылгæнæг: Уæдæ ма стъолмæ хæстæг æрбалæууыт æмæ мах дæр скæнæм нывæфтыдтæ дзаумæттыл. Тынг хорз. Афидар та сæ кæнæм. Сывæллæттæ, зæгъут ма мын ацы къалиу та цавæр у?

Сывæллæттæ: Ацы къалиу та у ирон нывæфтыдты къалиу.

Хъомылгæнæг: Сабитæ, алы адæммæ дæр ис сæхи националон хæринæгтæ. Ирон адæммæ дæр ис йæхи хæринæгтæ. Нæ зæрдыл ма сæ æрлæууын кæнæм. Мæ алыварс ма алæууыт æмæ ахъазæм. Æз пурти кæмæ баппарон уый мын зæгъæд цавæр ирон хæринаг зоны уый.

(Пуртийæ хъазт)

Хъомылгæнæг: Ныр та сæ райсут (2 сыв) æмæ сæ бафидар кæнут (æнæзонгæ дзырдтимæ куыст цæуы). Сывæллæттæ, ай та цавæр къалиу скодтам?

Сывæллæттæ: Ацы къалиу та у ирон хæринæгты къалиу.

Хъомылгæнæг: Мæнæ нын цы тынг рæсугъд рауад нæ нывтæй конд пъисмо. Сисæм ма йын йæ ныв æмæ йæ арвитæм Софийæмæ.

(хъомылгæнæг хæтæлмæ систа картæйы ныв)

Хъомылгæнæг: Сывæллæттæ, куыд уæм кæсы, София нын нæ нывтæй конд пъисмо куы райса уæд дзы Ирыстоны тыххæй исты базондзæн?

Сывæллæттæ: О, базондзæн.

Хъомылгæнæг: Цы дзы базондзæн?

(Сывæллæтты дзуæппытæ)

Хъомылгæнæг: Сабитæ, уæ зæрдæмæ фæцыдис нывтæй пъисмо кæнын? Æмæ дзы тынгдæр цы фæцыдис? Ногæй дзы цы базыдтат? Зынæй та уæм дзы исты фæкаст?

Ныр та ма йæ нæ уазджытæм равдисæм.

(хæтæлмæ æрбацыд фыстæг)

Хъомылгæнæг: Мæ хæтæлмæ æрбацыд фыстæг. Æрбарвыста йæ София. Æвæццæгæн нын нæ пъисмо райста

(София экраныл)

София: Стыр бузныг уын сывæллæттæ. Тынг мæ зæрдæмæ фæцыдис уæ пъисмо. Бирæ базыдтон Ирыстоны тыххæй æмæ уын æрвитын мæ лæвæрттæ.

Хъомылгæнæг: Æз дæр уын стыр бузныг зæгъын мæ гыццыл чызгæн мын кæй баххуыс кодтат уый тыххæй. Мæ зæрдæ уæ тынг барухс. Бирæ зонындзинæдтæ равдыстат нæ Ирыстоны тыххæй.

(Дуар æрбахостæ уыд. Æрбахастой Софийæйы лæвæрттæ).

Постхæссæг: Сывæллæттæ уæ бон хорз, адон уын сырвыста София.

Сывæллæттæ: Бузныг.

Хъомылгæнæг: Нæ лæвæрттæ ахæсдзыстæм къордмæ. Ныр та зæгъæм нæ уазджытæн хæрзбон.

Сывæллæттæ: Хæрзбон.

 


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

ГОМ АХУЫРЫ КОНСПЕКТ: «МÆ ИРЫСТОН»

ГОМ АХУЫРЫ КОНСПЕКТ:«МÆ ИРЫСТОН»...