Мыр æмæ дамгъæ Къкъ.
план-конспект урока (1 класс)
Предварительный просмотр:
Ахуыры темæ: Мыр æмæ дамгъæ Къ.
Хъомыладон хæс: Сабитæн уарзын кæнын æрдз, ахуыр сæ кæнын æрдзыл аудын, фæллой уарзыныл.
Ахуыры нысан: Бацамонын сабитæн мыр къ æмæ дамгъæтæ Къ,къ.
Ног дзырдтæ: къуыбар, къуыбыр, къул, къамбец
Ахуыры цыд :
1. Рацыд æрмæгыл æрныхас кæнгæйæ, сбæрæг кæнын, сабитæ куыд бахъуыды кодтой азы афонтæ æмæ сæ бæрæггæнæнтæ.
- Сабитæ, зæгъут-ма, цавæр азы афон æвдыст цæуы ацы нывы, цæмæй бæрæг у?
- Цавæр азы афонтæ ма зонут? Цавæр бæрæггæнæтæ сын ис?
- Цавæр азы афон уарзыс æппæты фылдæр? Цæмæн цæуы дæ зæрдæмæ?
2.Аулæфын кæнын сабиты.
3.Ног æрмæгыл бакуыст.
- Чи мын зæгъдзæн, цавæр азы афон у ныртæккæ?
- Цавæр бæрæггæнæнтæ ис зымæгæн?
- Мит бирæ куы ныууары, уæд уый сывæллæттæн æхсызгон цæмæн вæййы?
- Цы фæаразынц сабитæ митæй?
- Миты къуыбæрттæ.
- Æмæ кæм фæбырынц сабитæ?
- Къуыбырыл.
- Ноджы ма цæмæй фæхъазынц?
- Фезгъорынц къахдзоныгътыл.
4. Цавæр иумæйаг мыр ис дзырдтæ къуыбыр, къуыбар æмæ къахдзоныгъ-ы?
5. Хъæрæй-ма зæгъæм иумæ - къ къ къ къ къ къ .
- Чи уæ цавæр дзырдтæ зоны мыр къ-имæ?
Къæбæр, къах, къух, къаффет, кърандас, къул, къус, къона, къæлиндар.
Уæдæ нæ чи нæ зоны нæ уарзон поэт ... .Къостайы.
6. Беседæ « Хæдзарон фос цы пайда сты адæймагæн?»
- Цавæр хæдзарон фос зонут?
- Къ-йæ цавæр фосæн райдайы йæ ном?
- Къамбецæн.
- Цы пайда хæссы къамбец?
- Цы фæхæры къамбец?
- Цавæр фос ма дæтты æхсыр?
- Цавæр хæринæгтæ кæнынц æхсырæй?
- Хъæуты кæм фæдарынц хæринæгтæ?
- Къæбицы?
- Цавæр арфæтæ зонут къæбицы тыххæй?
- Уæ къæбиц алцæмæй дæp дзаг куыд уа, куыд ныкуы сафтид уа?
- Цæмæй къæбиц дзаг уа, уый тыххæй та цы хъæуы?
- Хъæуы кусын.
- Кæд хъæуы райдайын кусын, цæмæй къæбиц байдзаг уа?
- Уалдзæджы куы нæ бакусай, уæд дæм исты уыдзæн? Цæуылнæ?
- Цы хъуамæ зона алчи дæр?
- Царды алы хорздзинад дæр кусынæй кæй цæуы. Бавдисын сывæллæттæн ахæм нывтæ, кæцыты:
- кусынц сабитæ æмæ хистæрæтæ;
- фынджы уæлхъус бадынц æмæ хæрынц бинонтæ.
Бафæрсын сабиты:
- Цæмæн сты афтæ хъæлдæзг ацы бинонтæ?
- Сæхи фæллойæ кæй хæрынц, уый тыххæй.
Хорз фæллой кæнын ирон адæммæ стыр кадыл нымад кæй уыдис, уый бæрæг у æмбисæндтæй:
Уалдзæджы фæллой - фæззæджы сой.
Уалдзыгон бон афæдз дары.
Чи нæ кусы, уый нæ хæры.
Хорз куыстæн - хорз кад.
Сымах та куыд хъуыды кæнут, хæдзары ууыл ахъуыды кæнут.
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Темæ: Æмхъæлæсон мыр [м], дамгъæ М,м.
Урочы нысан: 1. Базонгæ кæнын сывæллæтты æмхъæлæсон мыр [м] æмæ дамгъæ М, м-имæ2. Бакусын иугæндтæ аразыныл, мыртæ раст дзурыныл, фыссыныл. 3. Хъомыладон фарст: «Хорзæхты сæр мад у»....
Открытый урок: " Мыр æмæ дамгъæ М,м "
Открытый урок: " Мыр æмæ дамгъæ М,м "...
Мыр ама дамгъа Х,х.(презентация)
Презентация к уроку родного (осетинского )языка 1 класс"Мыр ама дамгъа Х,х....