Урок "Нарты равзæрд"
план-конспект урока (3 класс) на тему

Биганова Тина Камболатовна

Урок осетинского языка и чтения: Адæмон  сфæлдыстадæй Таурæгъ «Нарты равзæрд»

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл narty_ravzard.docx19.63 КБ

Предварительный просмотр:

Гом урок

(Ирон æвзаг чи нæ зоны, уыцы сывæллæттæн)

Темæ:

«Нарты равзæрд»

I урок

Ахуыргæнæг:  Биганаты Т.К

        

2016 аз

Темæ: Адæмон  сфæлдыстадæй Таурæгъ «Нарты равзæрд»

Нысан:

  1. Зонгæ кæнын сывæллæтты Нарты равзæрдимæ.
  2. Базонгæ кæнын скъоладзауты таурæгъимæ «Нарты равзæрд»
  3. Хъуыдыйæдтæ аразын текстмæ гæсгæ.
  4. Гуырын кæнын уарзондзинад нæ рагон фыдæлтæм.

Техникон фæрæзтæ: презентаци.

Урочы цыд.

  1. Организацион хай.
  2. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.
  1. – Цы хауы адæмон сфæлдыстадмæ? (аргъæуттæ, таурæгътæ, зарджытæ, æмбисæндтæ, уыци – уыцитæ)
  2. Ратæлмац кæнут:

- Гæды рувас базæронд. Йæхи хъæумæ хæстæг байста. Хъæуы кæрон хизы фос. Рувас бацин кодта. Хъæумæ афардæг сты. Хæлиудзыхæй баззад.

   III.  Ног æрмæгыл куыст

             1). Беседæ темæйыл.

Мы люди. Поэтому мы должны знать своих предков, которые жили на этой земле. Они создали хорошие обычаи и традиции, которые мы по сей день соблюдаем. Очень богатое наследие оставили нам нарты. Мы должны испытывать гордость, потому что являемся потомками великих скифов, сарматов и аланов.

-Что вы знаете про потомков Осетин?

-Как вы думаете, о чем мы сегодня будем говорить? Какая у нас будет сегодня тема?

Показ презентации.

           2). Фонетикон зарядка:

Хъ: хъуыддаг, хъæбатыр, хъæздыг,хъуамæ, цирхъ.

Гъ: цыргъзонд.

Къ: мыггагскъуыд, къæлæттæ, къамбадатæ (гыццылтæ)

       3). Аудировани – Нарты адæм æмбырд кодтой Ныхасы. Уыцы Ныхас у Куыртатты Комы, хъæуы Лац.

      4). Дзырдуатон куст:

 знаг, равзæрд, стæр, мулк, фæрныг, сфæлдыста, бинойнаг, фæнд кодта, фæрæстмæ сты, ныфсджын, цыргъзонд, фæуæлахиз сты, уæнг, мыггагскъуыд.

- Æрхъуыды кæнут дзырдбæстытæ дзырдуатон дзырдтимæ:

Цыргъзонд адæймаг, ныфсджын лæппу, ацыдысты стæрмæ, фæрныг бинонтæ, адæмы знаг.

    5). Текстыл куыст «Нарты равзæрд»

А) Бакæсын тексты сæргонд

- Кæй тыххæй кæсдзыстæм?

Б) Кæсын текст.

- Кæй тыххæй у?

В) Хибарæй каст.

Нарты равзæрд.

Хуыцау дунейы куы сфæлдыста, уæд адæмы скæнын фæнд скодта. Фæлæ бирæ рæстæг йæ хъуыддаг нæ рæстмæ кодта: куы иу тынг стыртæ разындысты (уæйгуытæ), куы та – æгæр гыццылтæ.

 Фæстагмæ Хуыцау сфæлдыста ног адæм, Нарт, зæгъгæ. Æмæ йын уыдон фæ рæсмæ сты – асæй дæр æмæ тыхæй дæр. Зæххы аккаг уыдысты.

Тынг тыхджын æмæ ныфсджын адæм уыдысты Нарт. Нарты адæмæй тых бирæ кæмæ нæ уыдис, уыдон та уыдысты зонджын, хин, цыргъзонд.

Уыцы миниуджытæм гæсгæ – иу нæротон адæм се знæгтыл фæуæлахиз сты.

   Нарт сæ рæстæг æрвыстой стæртæ, хæстыты æмæ цуаны. Хæцыдысты уæйгуытимæ æмæ сæ мыггагскъуыд фæкодтой.

  Нарт уыдысты æртæ мыггаджы: Алæгатæ, Æхсæртæггатæ æмæ Боратæ. Алæгатæ уыдысты лæгæй хорз,  Æхсæртæггатæ та уыдысты хъæбатыр мыггаг, Боратæ уыдысты фæрныг, мулкæй хъæздыг.

Æртæ нартæн сæ хистæр уыдис Уæрхæг. Уымæй райдыттой Нарт. Йæ бинойнаг та уыдис Ацырухс.

6). Текстмæ гæсгæ раст вариант фæнысан кæн:

- Хуыцауæн Зæххыл цæрынæн фæрæстмæ сты:

1. уæйгуытæ                  2. Нарт.

- Нарт уыдысты … адæм:

1. тыхджын           2. Тæппуд               3. Ныфсджын

- Нарт сæ рæстæг æрвыстой

1. хæдзары             2.фынæйæ              3. Хæстыты.

- Нарт уыдысты…

1. дыууæ мыггаджы    2. Æртæ            3. Цыппар.

-Æртæ Нарты хистæр уыдис…

1. Ацæмæз             2. Уырызмæг           3. Уæрхæг.

7). Ссарут тексты дзуаппытæ фарстатæн:

-Куыд сфæлдыста Хуыцау Нарты адæм?

-Цавæр адæм уыдысты?

- Цавæр мыггæгтæ уыдысты?

- Чи уыдис сæ хистæр?

8). Кæсæм æмæ тæлмац кæнæм текст хъуыдыйадгай.

9). Хъуыдыйæдтæ баххæст кæн ног дзырдтæй.

Нæртон адæммæ … нæ уæндыдис.

Сослан æмæ Батрадз уыдысты …

Боратæ уыдысты … адæм.

Уыдис сæм бирæ …

Уæрхæджы … уыдис Ацырухс.

(Ус, знаг, тыхджын æмæ ныфсджын, фæрныг, бинойнаг, мулк).

- Тетрæдты ныффысын хъуыдыйæдтæ.

10). Фæрстытæн дзуапп раттын, текстæй пайда кæнгæйæ.

- Куыд фæзындысты Нарт?

- Цавæр адæм уыдысты?

- Цал мыггаджы уыдысты?

- Чи уыд сæ хистæр?

IV. Рефлекси:

- Цы базыдтат абон урочы ногæй?

Уæ зæрдæмæ цы фæцыдис?

Бæраггæнæнтæ сæвæрын комментаритимæ.

V. Хæдзармæ куыст.

1. Ахуыр кæнын ног дзырдтæ.

2. Бакæсын текст «Нарты равзæрд».


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Анализ урока «Нарты равзæрд»

Анализ урока «Нарты равзæрд»...