Уæнг. Дзырдтæ уæнгтыл дих кæнын.
план-конспект урока (2 класс) на тему

Батырова Зарема Аслангериевна

Уæнг. Дзырдтæ уæнгтыл дих кæнын.

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл temae_u.docx20.94 КБ

Предварительный просмотр:

Темæ:  Уæнг. Дзырдтæ уæнгтыл дих кæнын.

Урочы нысан:

  1. Бацамонын скхоладзаутæн уæнг. Куыд дих кæнæм дзырдтæ уæнгтыл.
  2. Рацыд æрмæг фæлхат кæнын. Хъæлæсонтæ, æмхъæлæсонтæ.
  3. Скъоладзауты разæнгард кæнын мадæлон æвзаг ахуыр кæнынмæ.

Урочы ифтонг: компьютер, интерактивон фæйнæг, чиныг, тетрад.

Урочы цыд.

1. Бацæттæгæнæн рæстæг.

- Уæ бонтæ хорз, сывæллæттæ æмæ нæ абоны урочы уазджытæ. (сывæллæттæ се’ргом здахынц уазджытæм æмæ сын сæ сæртæй ныллæг кувынц).

Сывæллæттæ абон уæ чи цы зæрдæйы уæгимæ æрбацыд урокмæ, уый ма сбæрæг кæнæм (æвдыст цæуы фæйнæгыл ныв).

Уæдæ мæн фæнды цæмæй уæм урочы кæронмæ дæр уа ахæм зæрдæйы ахаст æмæ иууылдæр баззайат нæ уроктæй разыйæ.

Зæгъæм ныр иууылдæр нæ урочы девиз:

Цас уарзæм ирон æвзаг,

Уый зæгъæн дæр нæй

Мады рæвдыд, мады ад,

Базыдтам дæуæй.

(иу чысыл æрлæууын мадæлон æвзагыл).

 

2.Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын:

Цы уын уыди лæвæрд хæдзармæ?

(фæззæджы тыххæй æмбисонд адих кæнын уæнгтыл æмæ йын йæ мидис райхалын.)

Фæз-зæг хор-зæн зæр-дæ – рухс.

(абарут æй фæйнæгимæ, афтæ кæмæн у, уый йæ къух сдарæт).

Цы хонæн уæдæ уæнг?

Уæнг арæзт вæййы хъæлæсон æмæ иу æмхъæлæсонæй;

Вæййы хъæлæсон æмæ иу къорд æмхъæлæсонтæй;

Уæнг аразы хъæлæсон дамгъæ иунæгæй (а-бон).

Уæдæ абон нæ урочы дарддæр дзурдзыстæм «уæнг», дзырд уæнгтыл куыд дих кæнæм ууыл. «Уæнг» ма ноджы цы хонæм? (æрдзурыныл цыбырæй) (часть тела).

3. Тетрæдты куыст.

Рафæлдахут уæ тетрæдтæ, фыссæм абоны нымæц, Къласы куыст. (фыссын интерактивон фæйнæгыл).

4. Сыгъдæгфыссынад.

Сыгъдæгфыссынадæн цы дамгъæ равзæрстон, уый хъуамæ базонат уæхæдæг.  (æвдыст цæуы фæйнæгыл)

Фыссæм дамгъæ «æ», æрхъуыды ма кæнут «æ» йæ райдайгæйæ ном. Адих æй кæнут уæнгтыл «Æх - сар» - цал уæнджы дзы ис? Цæмæн? Цал уæнгон дзырд у?

Фыссæм дарддæр ног рæнхъæй:

 Фæ, кæ, ба, сæ, джи.

Цы ныффыстам, уыдон цы сты? Уæнгтæ. Уæдæ цы хонæм уæнг?

(раиртæст зæрдыл æрлæууын кæнын).

Ахæццæ ма кæнут уæнгтæ цæмæй нæм дзы рауайа дзырдтæ.

Дих сæ кæнут уæнгтыл афтæмæй.

Фæт – къуы, кæр – до, бал, сæ – нæф – сир, джит – ри.

Бахахх дзы кæнут хъæлæсонты  бын, цалуæнгон дзырдтæ сты?

Абарут сæ фæйнæгимæ.

Уæлдай дзырд дзы кæцы у? ахахх æй кæнут.

Хибарæй куыст.

Саразут дзырдбæстытæ лæвæрд дзырдтæй. Абарут сæ фæйнæгимæ. Иу дзырдбастимæ дзы æрхъуыды кæнут æмæ ныффыссут хъуыдыйад. Хъуыдыйады бахахх кæнут хъуыдыйады сæйраг уæнгтæ. Хъыдыйад адих кæнут уæнгтыл. Зæгъæм: Дыргъдоны зайы сырх фæткъуытæ.

5. Чиныгимæ куыст. Æххæст цæуы чиныгæй фæлтæрæн 43ф.22ф

Дих кæнын дзырдтæ уæнгтыл æмæ сæ кæрæдзийæн бæрæг кæнынц. Кæд сын раст сты, уæд кæрæдзи къухтæ исынц.

(цин кæнынц кæрæдзийы хорздзинадыл).

6. Улæфты рæстæг (цæстыты фæллад сисынæн).

Базнæм ма, уæдæ дарддæр кæй кой кæндзыстæм, уый.

Зарджытæ, сабитæ

Чи фыста, чи уыд?

Чи радта ирæттæн

Диссаджы чиныг?!

Чи уыд?

(сывæллæттæ иумæ дзурынц).

Куыд чи уыд! –

Уарзон Къоста

Сауæрфыг, саурихи,

Сауцæст Къоста!

( æвдыст цæуы Къостайы презентации, цыбыр разныхас Къостайы цардыл.) Сывæллæттæ иу цалдæрæй кæсынц йе мдзæвгæтæ.

7. Къæйттæй куыст.

(сывæллæттæй алкæцы къорды раз дæр хæслæвæрд).

Ахæццæ кæнут хъыдыйæдтæ:

1. Ралæууыд сызгъæрин…

2. Атахтысты цъиутæ…

3. Бæлæсты сыфтæртæ…

Бакæсут ма сæ кæрæдзи фæдыл. Цы нæм дзы рауад? (текст).

Цы йын нæ фаг кæны? Сæргонд. Куыдæй схонæн ис? Абарутæй фæйнæгимæ.

8. Тестытимæ куыст. (сывæллæттæй алкæй раз дæр ис тестытæ).

Уæнгтыл цы дзырдтæ нæ дих кæнынц, уыдон фæбæрæг кæн (+).

Абарут сæ фæйнæгимæ.

рон

+

хæдзар

тас

+

бон

+

абон

 

9.Урочы кæронбаттæн.

Цæуыл дзырдтам нæ абоны урочы? Иухатт ма нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм «уæнг». Цæмæй арæзт у уæнг?

Цы фæцыд тынгдæр абоны урочы уæ зæрдæмæ?

Цы уæм фæкасти зын?

Уæдæ нæ урок фæуыдзыстæм ахæм девизæй:

Рæстæг у нæ царды барæн

Аргъ кæнын ын зон.

Сæфт рæстæгæн нæй ссарæн, -

Нал уыдзæн «знон».

Мæнмæ гæсгæ, сывæллæттæ нæ рæстæг дзæгъæлы нæ фесæфт абон. Сымах м та куыд кæсы?

10. Сывæллæтты зæрдæйыахаст бæрæг кæнын урочы кæрон. (æвдыст цæуы ныв).

Сывæллæттæ, кæд уæ абон урокæй искæйы зæрдæ бацагайттон, уæд мын тынг æхсызгон.

Хæрзбон! Нæ иннæ фембæлдмæ!


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Миниуæг æвдисæг дзырдтæ

Урочы темæ: «Миниуæг æвдисæг дзырдтæ»....

Уæнг. Дзырдтæ уæнгтыл дих кæнын.

Деление слов на слоги....

Уидаг. Ӕмуидагон дзырдтӕ .

Презентация к уроку (3 класс)...