Дигорон кæсуни урок «Цæргæс æма тикис»
план-конспект урока по чтению (2 класс)
Ирон адæммæ ес уæхæн æмбесонд: « Ниййерæг фонсæй дæр, сирдæй дæр, маргъæй дæр фиццагидæр æ бæдоли сагъæс кæнуй». Уобæл хъæбæр рæсугъд радзурд ниффинста уруссаг ахургонд К.Д. Ушинский æ радзурди «Цæргæс æма тикис»-и.
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
digoron_kaesuni_urok_k._ushinskiy_tsargaes_aema_tikis.docx | 398.51 КБ |
Предварительный просмотр:
Дигорон кæсуни урок
2 «Б» кълас
«Цæргæс æма тикис»
Киристонгъæуи 2-аг устæуккаг скъолай ахургæнæг Гецати Л
Урокки темæ: «Цæргæс æма тикис»
Урокки нисан:
1. Сувæллæнтти аййев кæсунбæ ахуыр кæнун;
2. Нихаси ирæзтбæл коуын, кæсуни фæлтæрддзийнадæ ирæзун кæнун;
3. Цæрæгойтæмæ уарзондзийнадæ ирæзун кæнун.
І. Бацæттæгæнæн рæстæг.
- Уа бонтæ хуарз!
- Æрбадетæ.
-Сабийтæ, равдесайтæ циуавæр æнкъарæнти хаццæ æрбацудайтæ урокмæ?
- Куд уæмæ кæсуй, циуавæр æнкъарæнтæ нин банхус кæндзæнæнцæ, цæмæй нæ урок хуарз рацæуа, уомæн?
-Мадта уæдта баходæн кæрæдземæ, кæрæдзей къохтæ райсæн æма размæ нæ ахури надбæл!
І І. Рацуд æрмæгбæл бакосун.
-Ци уин адтæй бакæсунмæ лæвæрд? (Радзурд «Æмиасæ бунтæ.»)
- Кæ нин æй радзордзæнæй?
-Циуавæр зонундзийнадæ райстайтæ уæхецæн аци радзурдæй?
(1 - равдист)
ІІІ. Уолæфти минут.
Еу- мæ сæр, дыууæ -мæ гъостæ.
Еу- мæ финдз, дыууæ- мæ къохтæ.
Гъостæй мах фæккæнæн игъосгæ,
Къохтæй мах фæккæнæн косгæ.
ІV Нæуæг æрмæг.
Абони махæн идарддæр нæ дзубанди уодзæнæй ниййергути туххæй. Мадæ, нана, хуæрæ, силгоймаг нимайун гъæуй æрмæст бæрæгбони нæ, фал алкæддæр.
Маддæлти уарзун гъæуй.
Маддæлтæн гъæуй æнхуыс кæнун, берæ сæ уарзун гъæуй. Æнæ мадæй фонс дæр æмæ адæймаг дæр мæгур æй.
Ирон адæммæ ес уæхæн æмбесонд: « Ниййерæг фонсæй дæр, сирдæй дæр, маргъæй дæр фиццагидæр æ бæдоли сагъæс кæнуй». Уобæл хъæбæр рæсугъд радзурд ниффинста уруссаг ахургонд К.Д. Ушинский æ радзурди «Цæргæс æма тикис»-и.
- Сабийтæ, бацеу- бацеутæ уарзетæ?
- Лæмбунæг байгъосайтæ ма мин цума базондзинайтæ мæ бацеу – бацеу?
Æгасемай уæлдæр тæхун,
Мæ хæдзарæ бæрзонд къæдзæхбæл кæнун,
Æгас цъеутæ дæр ми тæрсунцæ.
- Сумахæй ескæд есге цæргæс фæуидта?
(2,3,4 - равдиститæ)
- Ести зиан хæссунцæ?
- Кæмæ уи ес тикис? Сæ нæмттæ ба куд æнцæ?
- Циуавæр дамугъæйæй сæ ниффинсдзинан? Цæмæн?
- Уарзетæ уæ тикисти?
- Уарзетæ сæ! Хуæруйнагæй сæ цох ма уадзетæ!
- Мадта абони цæй туххæй уодзæнæй нæ нæуæг темæ? (Цæргæс æма тикиси туххæй)
(5 - равдист)
- Абони базонгæ уодзинан К.Д. Ушинскийи радзурд «Цæргæс æма тикис»-и хæццæ .
- Аци радзурди сæмбæлдзинайтæ уæхæн зин дзурдти хæццæ:
(6 - равдист)
а) æхсидзгæ – усердно, настоятельно
б) арвирттевагæ - молния
в) раеудагъ æй- затянулся
г) равгæ- уавæр возможность
д) æргъæвд гæпп – целенаправленный прыжок
е) хорх – хъур (горло)
Ахургæнæги бакаст:
-Ци уадзимис бакæсдзæн, йейæ ци æй: аргъау æви радзурд? Цæмæн уæмæ уотæ кæсуй?
4. Хенимæр бакаст.
- Уæхуæдæг æй бакæсетæ æма кърандасæй фæббæрæг кæнетæ
æмбарæн дзурдтæ.
Экранбæл ци дзурдтæ ес уони хæццæ ба гъудийæдтæ иссеретæ.
5. Гъæрæй каст.
Ци куста тикис гъæурæбун?
Цæбæл раеудагъ æй мæлæтдзаг тох цæргæс æма тикиси æхсæн?
(7 - равдист)
-Кутемай фæууæлахез æй тикис цæрæгæсбæл?
Цæмæн æстардта тикис æ бæдоли цæфтæ? (8 - равдист)
6. Æвзаргæ каст.
-Ссарут æмæ бакæсут:
а) - Кæми гъазтонцæ тикис æ бæдæлтти хæццæ?
б) - Ци сæбæл æрцудæй?
г) - Кутемæй фæууæлахез æй тикис цæргæсбæл?
д) – Иссеретæ æма бакæсетæ цæхуæн адтæй цæргæс?
е) Цæхуæн менеугутæ ес тикисмæ?(бæгъатæр - храбрая, нифсгун, æхсаргин - смелая)
7. Хузæ искæнун радзурдмæ
- Сабийтæ, сумах ба циуавæр хузæ искæниайтæ аци радзурдмæ?
VІ. Хæдзари куст: фарс 99, хе дзубандитæй дзорун радзурд .
VІІ. Уроккы кæронбæттæн.
-Урок уæ зæрдæмæ фæццудæй?
- Есге уи æнкъард кодта урокки?
- Равдесайтæ, циуавæр æнкъарæнти хæццæ цотæ уроккæй?