Открытый урок: "Мивдисæгæй рацыд æрмæг фæлхатгæнæн урок"
план-конспект урока по чтению по теме
Открытый урок: "Мивдисæгæй рацыд æрмæг фæлхатгæнæн урок"
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
urochy_nysantae.docx | 22.53 КБ |
Предварительный просмотр:
ГОМ УРОК
Мивдисæгæй рацыд æрмæг
Фæлхатгæнæн урок
Змейкæйы 1-æм скъолайы райдиан
Кълæсты ирон æвзаг æмæ литерæ-
турæйы ахуыргæнæг
Хъыбызты В.Г.
2015-2016 уч.г.
Урочы нысантæ:
- Скъоладзаутæ мивдисæгæй цы зонындзинæдтæ райстой, уыдон зæрдыл æрлæууын кæнын æмæ сæ ныффидар кæнын алыхуызон хæслæвæрдты руаджы.
- Фæхъæздыгдæр кæнын сывæллæтты дзырдуат, ныхасы рæзтыл бакусын;
- Мадæлон æвзагмæ уарзондзинад гуырын кæнын æмæ хъахъхъæнын.
Урочы цыд.
- Бацæттæгæнæн рæстæг
Ахуыргæнæг.
- Уæ бон хорз мæ чысыл хуртæ! Уæхи ма разилут уазджытæм æмæ сын салам раттут.
Нæ урок райдайдзыстæм Хуыгаты Мырзабеджы æмдзæвгæйы рæнхъытæй.
Цæмæн ма ис сисæн æвзагæй уæлдæр,
Ирон æвзаг райгуырдис дисæн:
Цæмæн кæнæм не взаг нæхæдæг дæлдæр
Æвзаг куы у удты æвдисæн!
(Сывæллæттæй иу бакæсдзæн æмдзæвгæйы рæнхъытæ)
Ахуыргæнæг.
Ныр та мæ фæнды уæ хъуыдытæ куы зæгъиккат, æмдзæвгæйы рæнхъытæ куыд æмбарут, уый тыххæй. (Байхъусын ахуыргæнинæгты тæрхæттæм, куыд æмбарынц æмдзæвгæйы рæнхъытæ, уымæ.)
Æмдзæвгæйы рæнхъытæм ма раздæхдзыстæм урочы кæрон.
- Фæлтæрæн куыстытæ
Ахуыргæнæг.
Сывæллæтæ, абон цавæр æрмæгыл кусдзыстæм, уый та базондзыстут фыццаг хæслæвæрд куы сæххæст кæнат, уæд.
1.Хъазт «Уæлдай дзырд»
Адæм, ахуыргæнæг, фæрсы, фæйнæг, ныллæг, зæронд, аив, кусын, мах, зарын, мæнæн, уыдон.
Хæс: ссарын уæлдай дзырдтæ, рафыссын сæ тетрæдтæм, бамбарын кæнын дзуапп
- Цы хонæм номдар?
-Цы хонæм миногон?
-Цы хонæм номивæг?
Хатдзæг: цы дзырдтæ рафыстам, уыдон сты мивдисджытæ. Иууылдæр æвдисынц ми, архайд, домынц иу фарст: цы ми кæнын?
Ахуыргæнæг.
- Уæдæ абон нæ урочы дзурдзыстæм алы взаджы дæр тынг ахсджиаг цы ныхасы хай у, ууыл.
Абоны урокмæ уын уыдис хæслæвæрд, мивдисæгæй рацыд æрмæг сфæлхат кæнын.
Ныртæккæ ноджы фылдæр хæслæвæрдты руаджы сбæрæг кæндзыстæм куыд зонут мивдисæгæй рацыд æрмæг, уый.
- Ныр та уал ныффыссут абоны нымæц къласы куыст æмæ темæ мивдисæг.
2. Фæйнæгыл фыст æмбисонд (хъомыладон куыст)
Кæстæр куы фæрса йæ хистæры зондæй, кæстæр уæд никуы фæрæдидзæн сонтæй.
Ссарын мивдисджытæ æмæ сæ равзарын дзырды хæйттæм гæсгæ. (Æмбисонд ныффысын тетрæдты)
3. Дыууæ скъоладзауы кусынц фæйнæгыл карточкæтимæ.
- Номдартæй мивдисджытæ саразын.
Хъазт –
Зарæг –
Дзырд –
Куыст –
- Лæвæрд мивдисджытæн ныфыссын сæ афон, нымæц æмæ цæсгом.
Æвзидын
Цыдысты
Æрхæсдзынæн
Кафыдтæ.
4. Цалынмæ фæйнæгыл кусынц, уæдмæ тестытæ равзарын.
1). Мивдисæг у:
- дзырды хай
- Ныхасы хай
- сæйраг уæнг
2). Мивдисæг æвдисы:
- предметы архайд
- предметы ном
- предметы миниуæг
3). Мивдисæг хъуыдыйады мидæг вæййы:
- сæйрат
- зæгъинаг
- фæрсаг уæнг
4). Мивдисæджы афонтæ сты…
5). Мивдисæджы нымæцтæ…
Тестыты фæстæ сбæрæг кæнын фæйнæгыл куыстытæ, бæрæггæнæнтæ сывæрын.
5.Диссаджы ныхасы хай цæры ирон æвзаджы:
Чи цы кусы радзурдзæн, кæсы, фыссы, кæнæ зары, хуым кæны, кæнæ садзы, лæууы, лидзы, дугъ кæны, фыцы, æхсы, сыгъдæг кæны.
Рафыссын тетрæдтæм мивдисджытæ æмæ сæ бакæсын.
(Улæфты рæстæг).
6. Æнæ мивдисæгæй не взаг тынг мæгуыр уаид. Иу ран бадын нæ зоны, стæй хъуыдыйæдтæ дæр æнæ уымæй нæ фидауынц. Номдарæн дæр æнæ уымæй цæрын йæ бон нæу.
Цæуылнæ у, уый та базондзыстут ацы хæслæвæрдтæ куы сæххæст кæнат, уæд.
Хатдзæг:
Фидауиккой æмдзæвгæты рæнхъытæ æнæ мивдисæгæй (сывæллæтты дзуæппытæ)
Алы къордæн дæр йæ командир дзуры куыд сарæхсыдысты æмæ сын æвæрынц бæрæггæнæнтæ (стъалытæ)
Цъæх стъалы – хорз куыстæн
Сырх – скодтой рæдыдтытæ.
7. Къордтæй куыст.
Хъазт «Чи тагъддæр»
Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæты рæнхъытæ баххæст кæнын мивдисджытæй ( хъомыладон куыст)
1). Раджы хохы цъуппæй … (касти)
Иу æрра фиййау.
Мигъ æнгом йæ быны … (бадти)
2). Халон халонмæ …(тæхы)
Халон халонæн … (зæгъы)
3). Коммæгæсы ма … (цæв)
Мастæн æй … (хæсдзæн)
Хивæндмæ дæ уайдзæф
Худæгау … (кæсдзæн)
4). Зондамонæгмæ … (хъус)
Цы зæгъа уый иу … (кæн)
Зæрдæхъæлдзæгæй … (кус)
Æмæ бæззай лæгæн
5). Иу гæды нæм ис
Хъарм фæлмæн кæрц … (дары)
Къонайыл … (хуыссы)
Аргъæуттæ … (мысы)
Хъал зæрдæйæ … (зары)
8. Дзырдтæй саразын хъуыдыйадтæ. Хъуыдыйадты мидæг ссарын мивдисæг, бацамонын ын йæ цæсгом æмæ нымæц.
Зокъо, лымæндзинад, хъæды нæу, нæ зайы. Куыстæй, рæзы, зонд ахуырæй. Лымæндзинад, басæтта, баныхæсдзæн, авгау, нал, куы, у.
9. Ныхасы рæзтыл куыст.
Фæйнæгыл зымæгон ныв. (Æрхъуыды кæнын гыццыл радзырд, ныффысын æй тетрæдты æмæ бахахх кæнын мивдисджытæ)
Сывæллæттæ бæлвырд кæнынц кæрæдзийы рæдыдтытæ, алчи йæ фарсмæ чи бады, уымæн. Æвæрынц бæрæггæнæнтæ.
Нæ урок кæронмæ фæхæццæ кæны æмæ мæ фæнды раздæхын Хуыгаты Мырзабеджы æмдзæвгæйы рæнхъытæм. Сывæллæттæ, нæй рохгæнæн æртæ хæзнайæн: ныйарджытæн, райгуырæн бæстæйæн æмæ мадæлон æвзагæн. Уарзут уæ мадæлон æвзаг, цæсты гагуыйау æй хъахъæнут! Æмæ æрмæст уæд уыдзыстæм тыхджын, фидар æмæ æнгом.
Ирон æвзаг! Мæ зынджы хай, мæ арт!
Æрттив, æхсид æнусбонтæм æдасæй,
Дæ цæрайæ, дæ рухс æмæ дæ тавсæй
Цæрдзынæн æз æмæ хæрдзынæн ард.
- Хатдзæгтæ.
Абон нæ зæрдыл æрлæууын кодтам ныхасы хай – мивдисæг. Мæн уырны дарддæры урокты мивдисæгæй раст пайда кæй кæндзыстæм.
Тынг мæ фæнды абоны урочы тыххæй уæ хъуыдытæ базонын.
- Цы дзы фæцыдис уæ зæрдæмæ, кæннод та нæ фæцыдис. Урокæй цы райстат уæхицæн. (Байхъусын ахуырдзауты дзуæппытæм)
IV. Бæрæггæнæнтæ сæвæрын (Скъоладзаутæ аргъ кæнынц кæрæдзийы куыстæн).
- Хæдзармæ куыст.
- Æрхъуыды кæнын аргъау мивдисæгыл.
Стыр бузныг уын сывæллæттæ, тынг хорз бакуыстат абон.
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Открытое занятие с дошкольниками на дне "Открытых дверей"
Данное открытое занятие позволяет познакомиться с будущими первоклассниками и ознакомить детей в игровой форме с новой для них учебной деятельностью....
Сценарий выступления "История открытий и изобретений. Открытие бумаги"
Представлен сценарий выступления группы на празднике День гимназии на тему: "История открытий и изобретений. Открытие бумаги"....
Открытый урок, проведённый в рамках «Дня открытых дверей» для родителей по теме «Урок здоровья» «Be healthy, wealthy and wise!» Советы, как быть здоровым и успешным.
Тип урока:Закрепление знаний(рекомендация, советы по режиму дня)Цели: - развитие коммуникативных умений в говорении, чтении, ау...
Конспект открытого классного часа на тему: «Час научных открытий»
Конспект открытого классного часа на тему: «Час научных открытий» ...
Открытый урок по чтению "Умейте делать открытия" 2 класс
Сегодня на уроке чтения мы будем работать над содержанием рассказа Михаила Пришвина «Золотой луг», узнаем, какие названия существуют у известного вам растения. Девизом урока я предлагаю слова: «...
Конспект открытого урока "Великие географические открытия"
Великие географические открытия...
Открытый урок по математике по учебнику Л.Г.Петерсон (4 класс, 2 часть, урок № 3) по теме: «Сложение дробей с одинаковыми знаменателями». Урок открытия новых знаний. в 4 классе
Урок построен в соответствии с технологией деятельностного метода....