Нае бинонтае.
план-конспект урока по чтению (1 класс) по теме

Туганова Таиса Астемировна

Конспект урока

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл nae_binontae.docx32.51 КБ

Предварительный просмотр:

Урочы темӕ:       Нӕ бинонтӕ.

Урочы нысан:  1 Сахуыр кӕнын сывӕллӕтты дзурын сӕ бинонты тыххӕй.

        2 Сывӕллӕтты базонгӕ кӕнын  хъӕрон  хъуыдыйӕдтӕ куыд дзурын хъӕуы .

        3  Ахуыр кӕнын кусӕн тетрӕдтимӕ кусын.

Хъомыладон   хӕс.  Сывӕллӕттӕн уарзын кӕнын ирон ӕвзаг.

        Урочы цыд.

.  I  Организацион хай.

--- салам  раттын;

--- радгӕсимӕ куыст ;

--- сывӕллӕтты  самидин кӕнын ирон  ӕвзаг  ахуыр кӕнынмӕ.

II    1  Фонетикон  зарядкӕ:

А—аз, мад, арс, арв,авд, аст ;

Ӕ---- ӕз.ӕмӕ,  ӕхсӕз,ӕфсымӕр, ӕри.

2 . Аудирование.   Бакӕс,байхъус ӕмӕ  зӕгъ.

Мӕ ном хуыйны Алан.   Ӕз дӕн скъоладзау.   Мӕнӕн  ис фыд  ӕмӕ мад.  Ис мын хо дӕр.   Йӕ ном хуыйны   Зӕринӕ.       Ӕз уарзын  мӕ бинонты.

Фӕрстытӕ:

  • Куыд у лӕппуйы ном ?
  • Алан скъоламӕ цӕуы ?
  •   Мад ӕмӕ йын фыд ис ?
  • Йӕ хойы ном куыд у ?      Кӕй  уарзы Алан?

3  Рацыд ӕрмӕг рафӕлхатын

  • Къуырийы бонтӕй цы бон у абон ?
  • Ранымайут къуырийы бонтӕ.
  • Цавӕр афӕдзы афон у ныртӕккӕ?

  • Цал  афӕдзы афоы зонӕм ?   ---- Интерактивон фӕйнӕгыл  ӕвдыст цӕуынц  афӕдзы афонтӕ   ӕмӕ  сыв—тӕ дзурынц  цавӕр аф. афон у.

4.Улӕфты рӕстӕг.        Ӕмдзӕвгӕ.  Кухтӕ, къухтӕ айрӕзут.  Къухтӕ,къухтӕ атӕхут.  Къухтӕ, къухтӕ амбӕхсут.   Къухтӕ, къухтӕ  мӕнӕ стут!

5.  Абон  базонгӕ уыдзстӕм ног ӕрмӕгимӕ   Нӕ  бинонтӕ

 Дзырдуатон куыст:    бинонтӕ, дада, нана, мад, фыд, ӕфсымӕр(тӕ),хо(тӕ), хистӕр, кӕстӕр,уарзын,уыдон , кусынц,гӕппытӕ кӕны, цин кӕны, бӕрӕгбон.  Дзырдтӕ раст  дзурыныл  бакусын.

6 . Чиныгимӕ куыст   Нывмӕ гӕсгӕ саразын хъуыдыйӕдтӕ ӕмӕ фӕрстытӕ..  

  • Кӕй уынут нывыл?
  • Цы ми кӕны дада?
  • Цы кусы нана?
  • Фыд ӕмӕ фырт цы кусынц?
  • Мад та цы кусы?
  • Иумӕ цӕ еуыд схонӕм?
  • Цавӕр бинонтӕ сты?
  • Чи у бинонты хистӕр ӕмӕ кӕстӕр?

7.  Саразын гыццыл текст:Мӕ  ном хуыйны Алан.  Ӕз дӕн скъоладзау.  Мӕнӕн ис фыд. Йӕ ном у Хъазыбег.  Мӕнӕн ис мад  .Йӕ ном у Беллӕ.Ис мын хо дӕр. Уый у мӕ кӕстӕр. Ис мА мын дада ӕмӕ нана .Уыдон сты нӕ хистӕртӕ. Ӕз уарзын мӕ бинонты.

8.   Текстыл бакуыст.  Алы хъуыдыйад дӕр сывӕл –имӕ дзурын иугӕйттӕй ӕмӕ иумӕ хъӕрӕй.   Адзурын сыв—мӕ фӕрстытӕм гӕсгӕ.

а)  дӕ мады ном куыд у ?

ӕ)  дӕ фыды ном куыд  у?

б) дӕ хо  кӕцы къласы ахуыр кӕны?

        В )дӕ бинонты уарзыс?

9)  Схемӕтӕм гӕсгӕ куыст  хъуыдыйӕдтӕ саразын.     Байхъусын текстмӕ  дискмӕ гӕсгӕ.

        Бацамонын , хъӕрон хъуыдыйад куыд кӕсгӕ вӕййы,уый Ӕз уарзын мӕ бинонты!

10.   Фысгӕ куыст кусӕн тетрӕдты, Сахуыр кӕнын фыссын дамгъӕты элементтӕ.

11.  Ныр та ахъазӕм,Ахуыргӕнӕг дзуры дзырдтӕ уырыссагау  сыӕллӕттӕ  та иронау, пурти ӕппаргӕйӕ.

Мама, стол , ручка ,папа, учитель,брат , книга, мальчик, семья, бабушка, доска, дедушка,

III  Урочы  кӕрон  

Хатдзӕгтӕ  скӕнын.