Конспект ООД
план-конспект занятия на тему

Плиева Альбина Эльбрусовна

«Дарœс»

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл daroes.docx223.39 КБ

Предварительный просмотр:

Муниципальное бюджетное дошкольное образовательное учреждение «Детский сад №7» г. Алагира

«Дарœс»

+

Воспитатель осетинского языка

Плиева Альбина Эльбрусовна

2018 г.

Темœ «Дарœс»

Нысантœ:

  • Сабиты дарддœр зонгœ кœнын рагон ирон уœлœдарœсимœ;
  • Бафидар кœнын сывœллœтты дзырдуаты ныхœстœ: бœрцытœ, œрчъитœ, басылыхъхъ, риуыгънœджытœ;
  • Сабиты зонындзинœдты бафидар кœнын цœмœй хицœн кœнынц нœлгоймаджы дарœс сылгоймаджы дарœсœй;
  • Сабитœн гуырын кœнын хœлардзинад œмœ œмбалдзинады œнкъарœнтœ.

Рагагъоммœйы куыст:

  • Балц музеймœ;
  • Сабитимœ сахуыр кœнын œмбисœндтœ, рœвдауœн ныхœстœ œмœ уыци – уыцитœ;
  • Ахуыр кœнын сывœллœтты нывœфтыдтœ аразын;
  • Дидактикон хъœзтытœ.

Æрмœг: Куклатœ – чызджытœн, гуда œмœ лœдзœг, фат œмœ œрдын – лœппутœн. Проекторы слайдтœ: разгœмттœ, цухъхъатœ, ирон музыкœ, нывœфтыды элементтœ, уœлœдарœсы нывтœ.

Ахуырты цыд

Хъуысы ирон мелодийы цагъд, сабитӕ ӕрбацыдысты залмӕ хъомылгӕнӕгимӕ.

-Сабитӕ, акœсут ма цас рӕсугъд уазджытӕ нӕм арбацыд, салам ма сын радтӕм.

Сываллӕттӕ: Уӕ бон хорз!

Хъомылгӕнӕг: Нырта кӕрӕдзийы къухтыл ӕрхӕцӕм, зылдмӕ гӕсгӕӕрлӕууӕм ӕмӕ райдайӕм ӕнгуылдзты гимнастика. Равдисут –ма уе`нгуылдзтӕ. Зӕгъут ма, цал ӕнгуылдзы ис иу къухыл?

Сывӕллӕттӕ: Иу къухыл ис фондз ӕнгуылдзы.

Хъомылгӕнӕг: Уӕдӕ радзурӕм «Фондз ӕфсымӕры».

Фондз ӕфсымӕры нӕртон

Уыдонӕн сӕ нӕмттӕ зон

Хистӕр слӕууыди фыццаг –

Раст цыма сӕрыстыр саг!

Амонӕн ӕнгуылдз дӕр ныр

Сраст кодта йӕ ӕлвӕст гуыр.

Астӕуккаг ӕппӕты даргъдӕр.

Ӕтт,ӕнӕном дӕр фӕцырд,

Ай та кӕстӕр у- зынаргъдӕр

Фондзӕй фаззӕтау – ӕмдзырд,

Иумӕ ӕрбакӕсут ма сты ӕдзухдӕр цырд!

Хъомылгӕнӕг:

Раст загътат, махуыл не `гасыл дӕр ис уӕлӕдарӕс,ӕмӕ ма мын зӕгъут цӕмӕй хицӕн кӕны лӕппуйы дарӕс, чызджы дарӕсӕй? (сывӕллӕтты дзуӕппытӕ).

Хъомылгӕнӕг: Тынг хорз. Мах абон дзурдзыстӕм уӕлӕдарӕсы тыххӕй. Сабитӕ, абон уӕ ӕз акӕндзынӕн  музеймӕ. Фӕнды уӕ?

Сыв: О, фӕнды нӕ.

Хъом: Табуафси мӕ хуртӕӕрбадут ма бандӕттыл. Сабитӕ, зӕгъут ма мын, музейы уӕхи куыд хъуамӕ дарат?

Сыв: Уӕздан, хъӕрӕй хъуамӕ ма дзурӕм, згъоргӕ ма кӕнӕм.

Хъом: Раст зӕгъут. Сывӕллӕттӕ зонут смах раджы заманы цавӕр дарӕс дардтой лӕппутӕ ӕмӕ чызытӕ?

Сыв: Зонӕм, лӕппутӕ дардтой цъухъатӕ, чызджытӕ та разгӕмттӕ.

Хъом: Тынг раст загътат. Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ дарӕс кӕнын адӕймаг фӕцахуыр ӕппӕты разӕй, уазал ӕмӕ хуры цӕмӕй хъахъхъӕд уыдайыд,  стӕй фӕстӕдӕр ссис ӕфсарм ӕмӕ аивады бӕрӕггӕнӕн дӕр. Уыдон дих кодтой дыууӕ хуызыл: алы бон кӕй дардтой уыцы дарӕс ӕмӕ бӕрӕгбоны дарӕс.

Сӕры кадӕн – худ, къӕхты радӕн – дзабыртӕ, афтӕ дзырдтой нӕ фыдӕлтӕ. Цы фӕнды хорз худ ма уӕд лӕгӕн, уӕддӕр йӕ кад цӕуы сӕры кадӕй, лӕджы уагӕй. Бакӕсӕм ма къаммӕ. Нӕлгоймаг рагон ирон дарӕсы. (Хибарӕй ӕвдыст цӕуынц:худ,куырӕт, цухъхъа, басылыхъ, рон, хъама, къахыдарӕс)

Хъом: Сабитӕ цавӕр худ ис къамы?

Сыв: Къамы ис бухар худ, бухар худ дардтой бӕрӕгбон бон.

Уый та у нымӕт худ, нымӕт худ дардтой хъарм бонты.

Хъом: уӕдӕ ацы уӕлӕдарӕс та куыд хуыйны?

Сыв: Уый та хуыйны куырӕт. Куырӕт уыдис нымад алы боны дарӕсыл, нӕлгоймӕгтӕ йӕ дардтой цухъхъайы мидӕг. Йӕ дӕргъ уӕрджыты онг уыдис, куырӕтӕн йӕ дыстӕ дӕр уыдысты цыбыр, цухъхъайы дыстимӕ абаргӕйӕ. Уый нӕлгоймагӕн лӕвӕрдта алы куыстмӕ дӕр арӕхсын. Куырӕты фӕстӕ ирон адӕммӕ фӕзынд цухъхъа.

Хъом: Мӕ къонатӕ цы зонут цухъхъайы тыххӕй та?

Сыв: Цухъхъайӕн йӕ дыстӕ сты бирӕ даргъдӕр куырӕтимӕ абаргӕйӕ, йӕ фӕджджитӕ дӕр сты даргъ. Цухъхъайӕн йӕ риукъӕрт у гом, астӕумӕ хӕстӕг ыл вӕййы цалдӕр сӕхтӕджы. Йӕ дзыппытӕ, бӕрцытӕ ӕвӕрынӕн. Сӕ нымӕц уыд ӕнӕкъай: 5,7,9.

Хъом:Сывӕллӕттӕ чи уӕ зоны ацы дзаума та цы хуыйны?

Сыв: Уыцы дзаума та хуыйны басылхъ. Басылхъ нӕлгоймаджы хъуыд йӕ сӕрыл уӕгъдӕй ӕркӕнынмӕ, уый йӕ хъахъхъӕдта къӕвда ӕмӕ тыхджын дымгӕйӕ.(ныв басылхъ нӕлгоймаджы сӕрыл).

Уый та у нӕлгоймаджы рон, роныл ис хъама.

Къахыдарӕс:ӕрчъитӕ,хӕцъилдзабыртӕ,къогъодзитӕ,зӕнгӕйттӕ.

Хъом: Тынг хорз мӕ хуртӕ. Стыр бынат ахста нӕ фыдӕлты царды сылгоймаджы дзаума(нывмӕӕркаст).

Хъом: Сабитӕ бакӕсӕм ма къаммӕ. Сылгоймаджы сӕрыл цы ис, уый куыд хуыйны?

Сыв: Сылгоймаджы сӕрыл ис кӕлмӕрзӕн. Худинаг уыд гом сӕрӕй цӕуын. Дардтой ма худтӕ дӕр, нывӕфтыдтӕ сыл кодтой. Йӕ уӕлӕ ис разгӕмттӕ. Разгӕмттыл дӕр ис нывӕфтыдтӕ, уӕллаггуыр фидыдта риуыгънӕджытӕй. Сылгоймаджы къухтӕ уыдысты ӕхгӕд, уыдоныл дӕр уыд рӕсугъд нывӕфтыдтӕ.

Хъом:  Сывӕллӕттӕ, сылгоймаджы астӕуыл ӕнӕмӕнг хъуамӕ цы уыдаид?

Сыв: Сылгоймаджы астӕуыл ӕнӕмӕнг хъуама конд уыд камари (рон).

Хъом: Сабитӕ, хӕстӕг дӕр рбалӕууыт, уӕ бон сӕм у бавналын дӕр.

Сывӕллӕттӕ, абон мах нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодтам раджы заманы нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг цавӕр дарӕс дардтой уый.

Мӕ гыццыл хуртӕ бафӕлладыстут ӕвӕцӕгӕн бадынӕй, сыстут ма ӕмӕ не' уӕнгтӕ аивазӕм (хъазт: чызг ӕмӕ лӕппуйыл ирон уӕлӕдарӕс чи раздӕр скӕна).

Хъом: Сабитӕ, мӕнӕ ма ацы рагон ирон хъазӕнтӕ та ам цӕмӕн сты? Ацы хъазӕнтӕ хуыйнынц гуда ӕмӕ лӕдзӕг, адон та фат ӕмӕӕрдын, сты лӕппуйы хъазӕнтӕ. Мӕнӕ адон та чызджы хъазӕнтӕ, куклатӕ. Конд сты хъӕмпӕй ӕм хӕцъилӕй. Сывӕллӕттӕ хъазӕнтӕ раджы заман адӕм кодтой сӕхӕдӕг.

Сыв: Ӕз ӕй ӕнхъӕлдӕн ӕмӕ зонынам кӕмӕн баззадысты уый.

(Сывӕллӕтты сбадын кӕнын бандӕттыл)

Хъом: Уый уыди раджы иу рагон ирон хъӕуы. Адӕм цардысты хӕларӕй, уыдысты куыстуарзон, кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кодтой. Нӕлгоймӕгтӕ карстой хос, хъӕдӕй суг ластой, фыййау цыдысты. Сылгоймӕгтӕ та кодтой хӕдзары куыстытӕ:кодтой хӕринаг, суадонӕй дон хастой, судзинимӕ архайдтой. Уыцы куыстытыл ахуыр кодтой сӕ кӕстӕрты дӕр.

Уӕд иу бон уыцы хъӕуы сӕрты ӕрбацӕйтахт залиаг калм. Сывӕллӕттӕ цъӕх нӕуыл хъазыдысты, заллиаг калм сын сӕ худын фехъуыста. Федта куыд лымӕнӕй цӕрынц адӕм уый, куыд зӕрдӕхӕлар ӕмӕ куыстуарзон сты. Нӕ бауарзта уыцы хорздзинад йӕ цӕст мӕгуыр адӕмӕн ӕмӕ сӕ сфӕнд кодта бафхӕрын.

Сывӕллӕтты астӕу февзӕрд бӕрзонд дурӕй амад сис. Сабиты фӕдих кодта дыууӕ къордыл: лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ (сывӕллӕттӕ фӕдих сты).

Хъом: Куыд баххуыс кӕнон сабитӕн? Мӕнмӕ уый бӕрц хъару нӕй, цӕмӕй ацы сис акалон. Цом ӕмӕ афӕрсон нӕ зонды къуыбылойы.

Тулы, тулы къуыбылой

Дардыл айхъуысти йӕ кой.

Зондӕй йӕ дзаг, дзырдӕй раст

Авӕрмайӕм тагъд дӕ фарст.

Хъом:Зӕгъма мын «зонды къуыбылой» ацы сис куыд акалон, сабитӕн куыд баххуыс кӕнон?

Къуыбылой: Хъӕуы цалдӕр хӕслӕвӕрды сыххӕст кӕнын, цӕмӕй сабитӕ баиу уӕй, ӕмӕ та хъӕлдзӕгӕй иумӕ хъазой. Куы сӕххӕст кӕной хӕслӕвӕрдтӕ уӕд сис йӕхӕдӕг ызгъӕлдзӕн.

Хъом: Мӕ гыццыл хуртӕ байхъусут фыццаг хӕслӕвӕрдмӕ. Ирон адӕммӕ ис бирӕӕмбисӕндтӕ. Сымах дзы иу цалдӕр куы зӕгъат уӕд сис райдайдзӕн згъӕлын.

Ӕмбисӕндтӕ:

  1. Кӕй кусай,уый –бӕлвырд.
  2. Куыстӕн йӕ сӕр сындз у, йӕ бын – сой.
  3. Кӕстӕрӕн йӕ хӕс – хистӕрмӕ хъусын.
  4. Хистӕр зонд амонӕг, кӕстӕр – ӕгъдаухӕссӕг.
  5. Кӕстӕрӕн хистӕры разӕй дзурыны бар нӕй.

Дыккаг хӕслӕвӕрд: Базонын уыци-уыцитӕ;

  1. Зымӕг – бӕгънӕг, сӕрд – фӕлыст (бӕлас).
  2. Ӕртӕ 'фсымӕрыл иу нымӕт худ уӕлдайджынтӕй ӕххӕсы (ӕртӕкъахыг ирон фынг).
  3. Тулы, тулы ӕмӕ никӕдӕм хӕццӕ кӕны (авдӕн).
  4. Кӕрдӕг йӕ халӕг, дур йӕ цыргъгӕнӕг (цӕвӕг).
  5. Армӕй – армӕ

Тъӕпп- тъӕбӕртт

Чысыл арвӕй

Мит фӕкъӕрт (сасир).

Хъом: Тынг раст мӕ къонатӕ. Байхъусут ӕртыккаг хӕслӕвӕрдмӕ: ныййараг йӕ хъӕбулмӕ цавӕр рӕвдауӕн ныхӕстӕй фӕдзуры?

Рӕвдауӕн ныхӕстӕ:

  1. Мӕ хур акӕнай!
  2. Мӕ зӕрдӕйы уидаг!
  3. Дынджыр лӕг суай!
  4. Мӕрахис цӕст!
  5. Фылдӕр дӕ чи уарзы,уыдоны фӕндиаг дзӕбӕхӕй байрӕз!

( Сис ӕрызгъӕлд, сывӕллӕттӕ кӕрӕдзимӕ батахтысты ӕмӕ кӕрӕдзийы сӕ хъӕбысы ныккодтой).

Хъом: Сывӕллӕттӕ уӕ зонындзинœдты фӕрцы та баиу стут ӕмӕ уын мӕ зӕрдӕ зӕгъы кӕрӕдзийы уарзгӕйӕ ӕмӕ хӕларӕй дарддӕр дӕр цӕрут.

Сабитӕ ныр та нын афон у нӕ рӕвдауӕндонмӕ цӕуынмӕ.

Мӕ къонатӕ ӕрбадут ма стъӕлты фарсмӕ, кӕм уын ӕрцӕттӕ кодтон ӕрмӕг, сылгоймаджы худ ӕмӕ нӕлгоймаджы басылыхъ. Скӕнӕм цыл нывӕфтыдтӕ.

Тынг рӕсугъд нывӕфтыдтӕ скодтат сабитӕ, уӕ куыстытӕ ахӕсдзыстӕм нӕ рӕвдауӕндоны ирон музеймӕ.

Хъом: Мӕ хуртӕ уӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд нӕ балц музеймӕ? Агуындӕ дӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр цы фӕцыд абоны фембӕлды? Марат дӕуӕн та? (сабиты дзуаппытӕ).

Тынг хорз сабитӕ, ныр та нӕ уазджытӕн зӕгъӕм хӕрзбон!


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Конспект открытого занятия в подготовительной к школе группе Конспект открытого занятия в подготовительной к школе группе Конспект занятия в подготовительной группы педагога-психолога со слабослышащими детьми

Дата проведения:  21  февраля  2012  г. Участники:   дети подготовительной группыПроводит:  педагог-психолог Панова  М.М.Цель:способствовать формиров...

Конспект комплексного занятия по математике и конструированию во второй младшей группе Конспект комплексного занятия по математике и конструированию во второй младшей группе Конспект занятий

Познакомить детей с числом и цифрой 6.Совершенствовать навыки счета и сравнения совокупностей предмета.Формировать умение детей различать понятия вчера, сегодня, завтра.Закреплять знания о геоме...

Конспект проведения комплексного занятия «Грибной дождь», Конспект проведения комплексного занятия «Первы снег», Конспект проведения комплексного занятия «Снег идёт»и Физкультминутка«БУРАТИНО»

1. Проведения занятия, учить детей замечать изменения происходящие в природе.2. Проведения занятия, учить детей группировать предметы по цвету и форме.3. Проведения занятия, Развивать у детей целостно...

Конспект НОД " Азбука безопасности" .Конспект НОД: Тема «Азбука безопасности» Составила : Рахимова Зарифа Тахировна. К конспекту прилагается презентация.

Составила : Рахимова Зарифа Тахировна.Цель: Обобщить и систематизировать знания о безопасности в доме.Задачи:Образовательные:— Формировать умения видеть вокруг себя потенциальные опасности в доме...

Конспект целевой прогулки «Наблюдение за сезонными изменениями: весеннее пробуждение природы» (старший дошкольный возраст) Конспект целевой прогулки «Наблюдение за сезонными изменениями: весеннее пробуждение природы» (старшая группа) Конспект целевой про

Конспект целевой прогулки «Наблюдение за сезонными изменениями: весеннее пробуждение природы» (старший дошкольный возраст)Конспект целевой прогулки «Наблюдение за сезонными изменениями: весеннее пробу...

праздника Конспект по сказке «Теремок» Веселится народ, праздник Пасхи у ворот. Конспект совместной деятельности педагогов с детьми с ОВЗ «Звуки весны», План - конспекта Тема: Совместная образовательная деятельность «Рукавичка" и другие

Методическая разработка праздника «По дорожке весело наши ножки шли»для детей со сложным дефектом совместно с родителями.Праздник посвящается Дню Матери.Цели и задачи:Коррекционно-ра...

Конспект занятия «Путешествие в Африку. Как помочь удаву?» план-конспект занятия по математике (подготовительная группа) на тему план-конспект занятия по окружающему миру (подготовительная группа)

Конспект занятия «Путешествие в Африку. Как помочь удаву?»Программное содержание: 1. Образовательные: учить пользоваться условной меркой при  определении величины предметов....