Гом ахуырады конспект «МАДЫ БОН»
план-конспект занятия (средняя группа)
конспект мероприятия с родителями ко "Дню Матери" на осетинском языке
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
![]() | 750.79 КБ |
Предварительный просмотр:
Республикæ Цæгат Ирыстон-Алани
7-æм МУНИЦИПАЛОН БЮДЖЕТОН РÆВДАУÆНДОН
Гом ахуырады конспект
«МАДЫ БОН»
Бацæттœ кодта:
Куырттаты Заирæ
г. Алагир, 2024
Нысантӕ:
- Сабиты зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын, ноябры кӕрон цавӕр бӕрӕгбон фӕбӕрӕг кӕнынц, уый. Гуырын сӕм кӕнын ныййарӕг мадмӕ уарзондзинады ӕнкъарӕнтӕ, йӕ хорз миниуджытӕ йын куыд фӕзмой, афтӕ.
- Мадӕлтӕн кад, аргъ куыд кӕной, уыцы хуызы сӕ хъомыл кӕнын.
- Рӕзын кӕнын сабиты логикон хъуыдыкӕнынад, сӕ мысӕнуат, сӕ ныхас, сӕ фӕлгӕнӕн
Ахуыры цыд
Уæ изæр хорз, нæ зынаргъ ныййарджытæ! Абон мах бæрæг кæнæм æппæт бæрæгбæттæн сæ ахсджиагдæр бæрæгбон – «Мады бон»!
Мад, ацы дзырд хæрзцыбыр у, фæлæ йæ мидæг ис æвæрд æнæкæрон уарзт ныййарæг мадмæ. Саби дзыхæй дзурын куы райдайы, уæддæр йæ фыццаг дзырд вæййы мад. Алы адæймагæн дæр мад у йæ хуыздæр хæлар, йæ царды райдайынæй йæ кæронмæ йе’ххуысгæнæг.
Ныййарæг мад у дзыллæйы сфæлдисаг.
Кæддæриддæр рæсугъд, зæрдæхæлар.
Ныййарæг мад у дунейæн йæ диссаг.
Мæ уд дæттын ныййарæгæн лæвар!
(Æмдзæвгæтæ)
(Зарæг «Мады зарæг»)
Сбадтысты иууылдæр.
Ныр та нæ сабитæ радзурдзысты æмдзæвгæтæ сæ буц ныййарджытæн. (Æмдзæвгæтæ).
Куыд зонæм, афтæ хъазт адæймагы миддунемæ хæссы хъæлдзæгдзинад. Ныртæккæ мах дæр нæ буц ныййарджытимæ ахъаздзыстæм хъæлдзæг хъазтæй.
(Хъазт цъылынимæ)
Куыд зонæм, афæтæмæй ирон сылгоймаг у хæдзары цæджындз хæринаг кæнынæй, хæдзар райдзаст æмæ сыгъдæгдарынæй. Уæдæ абон мах дæр равдисдзыстæм нæ сæрæндзинад. Алы къорды раз ис калд пуртитæ. Разæйлæууæг цъылынæй иу пурти рамарзта, кеглиты 'хсæнты йæ бырондонмæ бамарзта æмæ йæ цъылын æмæ савокы ххуыссæй бырондонмæ ныппæрста. Кæцы къорд рæвдздæр фæуа йæ куыст, уыцы къорд рамбылдта. (Сбадтысты).
(Хъазт «Æххуысгæнджытæ»)
Сабитæ, алы къорды раз дæр пъолыл тазы мидæг ис æхсад дзаумæттæ. Къорды раз разæйлæууæг саби тазæй исы иу æхсад дзаума, тагъдгомау бæттæнмæ батахти, йæ дзаума бæттæныл фæхæцæнгæнджыты æххуысæй ацауыгъта, фæстæмæ йæ къордмæ æрбатахт æмæ фæстийæ слæууыд. Кæцы къорд рæвдздæр фæуа дзаумæттæ ауыгъд, уыцы къорд рамбылдта.
(Сбадтысты).
(Хъазт «Æз дæн бæстырæсугъд»)
Ныййарджытæ лæууынц дыууæ къордæй – сæ бакомкоммæ иннæ фарс стъолыл: дæллаггуыр, фæрдгуытæ, худ æмæ кæсæнцæстытæ. Разæй лæууæг хъуамæ батæха стъолы цурмæ, тагъдгомау йæхи арæвдз кæна, æрзылдтытæ кæна æмæ зæгъа «æз дæн бæстырæсугъд», уый фæстæ сæ рæвдзгомау раласын хъæуы, сæ бынаты сæ авæрын хъæуы, къордмæ æрбатæхын æмæ кæронæй æрлæууын. Кæцы къорд рæвдздæр сæххæст кæна йæ хæслæвæрд, уыцы къорд рамбылдта.
(Хъазт «Æз мæ мады уарзын»)
Алы къорды дæр сывæллон лæууы йæ ныййарæгимæ. Саби йæ мады къæхтыл йæ къæхтæ сывæрдта, йæ къухтæй та йын йæ астæуыл хæцы афтæмæй иумæйагæй модулы алывæрсты æрзылдысты æмæ фæстæмæ та тæхгæйæ къорды кæрон æрлæууыдысты. Кæцы къорд рæвдздæр фæуа йæ хæслæвæрд, уыцы къорд рамбылдта.
(Къæйттæй кафт)
Ныр та нæ буц сабитæ сæ ныййарджитимæ акафдзысты къæйттæй кафт.
Уый адыл нæ бæрæгбон кæронмæ æрхæццæ.
Æмæ уын зæгъы нæ зæрдæ, - цардмондагæй нын цæрут!
Царды хорзæхтæй æфсæстæй, рухсдæр фидæнмæ цæут!
Макуы бавзарут зындзинад, зарæгау, - фæрнджын уæ цард,
Уæд уæ нысантæм уæ фæндаг – дидинфæлыст æмæ дард!
Царды бæрзæндтæм æсхизут, сабыр дугæй ут рæвдыд!
Æмæ уыл цæуæт æрвылбон амондæн йæ хуыздæр куывд!
Ныр та нæ буц ныййарджытæн балæвар кæнæм нæхи къухтæй конд дидинджытæ æмæ нæ уды хъармдзинад.