Тематический конспект посвященный ко дню рождения К.Л.Хетагурова "Наш Коста".
план-конспект занятия на тему
Тематический конспект посвященный ко дню рождения К.Л.Хетагурова
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
tematicheskiy_konspekt_posvyashchennyy_ko_dnyu_rozhdeniya_k.l.hetagurova.docx | 67.04 КБ |
Предварительный просмотр:
Тематический конспект посвященный ко дню рождения К.Л.Хетагурова «Наш Коста».
Нысан:Сабиты зонгæ кæнын Къостайы сфæлдыстадымæ.Къоста ирон адæмы уарзон хъæбул кæй у,нæ кад,нæ сæрыстырдзинад.Хъомыл кæнын сабиты зæрдæты уарзондзинад поэты сфæлдыстадмæ,ирон æвзагмæ.
Фæлгонц:Зал бæрæгбонхуыз,аив фалгонц,къулыл Къостайы портрет,дидинджытæ,нывты равдыстытæ.
Развæлхъау куыст:Сахуыр кæнын æмдзæвгæтæ,зарджытæ,æмбисæндтæ.Базонгæ кæнын нывтимæ.
Бæрæгбон цыд:Музыкæйы зæлтæм гæсгæ «Осень в гости пришла».Сабитæ кæрæдзийы фæстæ æрбацæуынц залмæ.
1.Сабитæ зæгъут ма махæн нæ райгуырæн бæстæ куыд хуины?(Цæгат Ирыстон).
2.Цавæр адæмы хæтытæ дзы цæры Цæгат Ирыстоны( ирæттæ,уырыссæгтæ).
3.Куыд хуины Цæгат Ирыстоны сæйрагдæр горæт?(Дзæуджыхъæу).
4.Цавæр стыр дон кæлы Цæгат Ирыстоны?(Терк).
5.Мах та цавæр горæты цæрæм(Беслæныхъæуы).
Байхъусут ма :Мæрхътæн уазалы у зын.Æмæ хъарм бæстæм тæхынц.Адæм бафснайдтой тыллæг.Ома ралæууыд фæззæг.
6.Зæгъут ма сывæллæттæ цавæр афæдзы афон у?(Фæззæг).
Сывæллæттæ ,зынаргъ хистæртæ,абон ацы фæззыгон бон мах бæрæг кæнæм Хемæгкаты Къостайы гуырæнбон.
Зарæг: «Къоста».
Бæрæгбон фидауы хъæлдзæгдзинадæй, кафт æмæ зардæй.Æнæхъæн Ирыстоны,ацы куыри,горæтты æмæ хъæуты ирон адæм бæрæг кæнынц Хетæгкаты Къостайы бæрæгбон:
Хетæгкаты Къоста райгуырди Цæгат Ирыстоны,бæрзонд хæхбæсты ,Нары хъæуы.Къоста бирæ уарзта йæ адæмы.Фæндыди йæ цæмæй йæ адæм уой сæрибар,амонджын.Адæмæн дæр уыд уарзон хъæбул.
Байхъусут ма сывæллæттæ куыд ныффыста Чеджемты Геор Къостайы тыххæй æмдзæвгæ:
Нæ адæмæ уарзон хъæбул дæ,
Нæ номы ,нæ кады Къоста.
Зæлæд нæ хæхты æнусмæ
Дæ «Ирон фæндыры» зæлтæ!
Сабитæ,Къоста бирæ æмдзæвгæтæ ныффыста махæн.Бирæ уарзта сывæллæтты,фæндыд æй,цæмæй сабитæ хорз ахуыр кæной,хъæлдзæг,амонджынæй цæрой.
Сывæллæттæ иумæуагæй дзурынц æмдзæвгæтæ.
«Гино».
Гино ,гино гис
Иу гæды нæм ис-
Хъарм фæлмæн кæрц дары,
Къонайыл хуыссы,
Аргъæуттæ мысы!
Хъал зæрдæйæ зары.
«Уасæг».
О уасæг,уасæг-
Сызгъæрин къоппа
О,уасæг уасæг
Сырх зæлдаг боцъо,
Куыд раджы фестыс!
Куыд хъæрæй зарыс
Нæ буц лæппуйы хуыссын нæ уадзыс!
Дарддæр ахуыргæнæг дзуры лæппеумæ «Кæй фырт дæ?»-æмдзæвгæ амоны сывæллон.
-Кæй фырт дæ? Толайы.
-Кæм уыдтæ ?Скъолайы.
Алы бон дæр дзы вæййын,
Фæкæсын Абе-тæ,
Фæфыссын Бе-ве-тæ,
Ахуыр кæнынмæ бæллын!
Хетæгкаты Къоста ныффыста æмдзæвгæ «Фæдуаг лæппуйы» тыххæй:
О,цъиусур,ма мæм дзур,
О,рувас,ма мæм уас!
Хъуысгæ ма кæнын.
О,цæргæс, ма мæм кæс
Кæрдзыныл кæуын.
Сабитæ,сымах дæр зивæггæнаг стут?Фыдуаг лæппу у – худинаг!
Байхъусæм Къостайы æмдзæвгæтæ уырыссаг æвзагыл дæр.
«Синичка».
Зимою глухою
В какие края
Стремится синица
Рыбачка моя.
У птицы-синицы-
Где сестры,где мать?
И мне бы по небу-
Как птице летать!
«Осень».
Желтеют,желтеют трава и кусты.
На скотах щербатых туманы густы.
Вот сами убрали мы хлеб наконец
Колотят,молотят,стричь будут овец!
Садами,стадами и хлебом полна
О,как ты богата родная страна!
Кæсут ма мæнæ цы рæссугъд цъиу ратæх батæх кæны.Цæй æмæ йæ æрцахсæм.
Хъазт «Цъиу æмæ сывæллæттæ».
Сабитæ,Къоста канд фыссæг ,поэт нæ уыд,фæлæ ма уыд дæсны нывгæнæг.Афæлгæст нывтæм.
Къоста бирæ уарзта адæмон сфæлдыстад.Сабитæ,мах дæр равдисæм нæ зонындзинæдтæ.
«Кæмæн цы».
Алы куыстæн рад
Дзидзидайæн- мад
Хорз фыййауæн-фос
Бирæ фосæн-хос
Хоры кæндæн-зад
Хоры хæрдæн –кад
Сонт рæдыдæн-барст
Хорз зæрдæйæн –уарзт
Рагон мастæн-тад
Захъткъахæгæн-над
Магусайæн-цæф
Цырд лæппуйæн кæф!
Æмбисæндтæ:
1.Райгуырæн бæстæ аджын у.
2.Не взаг нæ хæзна.
3.Уалдзæг рæссугъд у,фæззæг хъæздыг у.
4.Чи нæ кусы,уыйнæ хæры.
5.Зæрдæхъæлдзæгæй кус æмæ бæззай лæгæн.
Ныхасы бар иннæ сывæллæттæн дæр.
«Лæгау» , «Балцы зарæг».
Хетæгкаты Къостайы фæндыд,цæмæй адæм цæрой уарзонæй,хæларæй,æфсымæртау.Мах дæр æххæст кæндзыстæм нæ царды Къостайы фæдзææхст!
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
«Берегите своих детей». Конспект открытого тематического мероприятия, посвященного Дню Пап и Мам.
«Берегите своих детей». Конспект открытого тематического мероприятия, посвященного Дню Пап и Мам.Автор-разработчик: Т.П. Масленцева, воспитатель первой младшей группы, руководитель клуба «Моя семья» М...
Конспект НОД по речевому развитию на тему: «Наш Коста» в старшей группе.
Коста Хетагуров - выдающийся осетинский писатель, поэт, художник, публицист. Его имя широко известно и любимо не только в Осетии, но и далеко за её пределами....
Тематический вечер посвященный дню рождения А.С.Пушкина.
Тематический вечер посвященный дню рождения А.С. Пушкина.Целевая аудитория: дети старшего дошкольного возраста.Цели мероприятия:1. Прививать любовь к произведениям отечественной литературы, воспи...
Тематическая неделя, посвященная 158-летию со Дня рождения Коста Хетагурова .
15 октября 2017 года наша республика отмечает 158 лет со Днярождения великого осетинского поэта, художника, основоположникаосетинской литературы Коста Левановича Хетагурова....
Тематическое занятие, посвященное ко дню рождения С.А.Есенина в средней группе
Цель: Знакомство с биографией и творчеством нашего земляка поэта С.А.ЕсенинаЗадачи: Закрепить знания о нашем земляке С.А.Есенине....
Тематический досуг, посвященный Дню рождения А.Барто
Дети, отправляются на грибном поезде в Страну игрушек, где весело, с пользой проводят время. Цель мероприятия: закрепить знания детей о произведениях А. Л. Барто, развивать активность детей, выра...
"В стране добрых стихов". Отчет о тематическом дне, посвященный дню рождения Агнии Барто.
Прошло уже много лет со дня рождения всеми любимой поэтессы Агнии Барто.Имя этой писательницы известно на весь мир.На ее стихах выросло не одно поколение наших детей, их знают и помнят мамы и па...