Мастер – класс бацæттæгæнæн къорды ныййарджытимæ «Аив кæнын ирон сылгоймаджы националон дарæс»
материал (подготовительная группа)
Мастер – класс
бацæттæгæнæн къорды ныййарджытимæ
«Аив кæнын ирон сылгоймаджы националон дарæс»
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
master.docx | 475.98 КБ |
Предварительный просмотр:
Республикæ Цæгат Ирыстон - Алани
7 – æм МУНИЦИПАЛОН БЮДЖЕТОН РÆВДАУÆНДОН
Мастер – класс
бацæттæгæнæн къорды ныййарджытимæ
«Аив кæнын ирон сылгоймаджы националон дарæс»
Бацаттæ кодта:
ирон æвзаджы хъомылгæнæг
Плиты Альбинæ
г. Алагир, 2023 аз
Уæ бонтæ хорз нæ зынаргъ ныййарджытимæ. Абон мæн фæнды сымахимæ скæнын мастер- класс. Нæ темæ у : « Аив кæнын ирон сылгоймаджы националон дарæс». Фæлæ уал мæ фæнды цыбырæй радзурын ирон сылгоймаджы уæлæдарæсмæ цы хауы уый тыххæй.
Алы адæмы хаттæн дæр вæййы æрдзонуагыл йæхи сæрмагонд ныхасыгъæд, хъæлæс, хидарыны фæтк æмæ дарæсы конд. Нæ фыдæлтæн мах хуызæн арæх ивæнтæ нæ уыди къахыдарæсæй дæр æмæ уæлæдарæсæй дæр. Уæлæдарæс фылдæр хуыдтой сылгоймæгтæ сæхæдæг, сæхи уæфт тынтæй.
Кæлмæрзæн- Ирон сылгоймаджы кæлмæрзæн баззад диссæгтæн дзуринаг, æмбисæндтæн хæссинагæй фæлтæрæй- фæлтæрмæ. Ирон сылгоймаджы кæлмæрзæн уыдис æфсармы æмæ уæздандзинады нысаниуæг. Сылгоймаджы кæлмæрзæны раз ( уалдайдæр та сау даргæйæ) туджынтæ дæр иу сæ хъаматæ кæрддзæмты тъыстой æмæ иу сæргуыбырæй фæйнæрдæм цыдысты. Ахæм бæрзонд æвæрд æмæ кад кодтой кæлмæрзæнæн.
Худ- кармæ гæсгæ ма ирон чызджытæ дардтой бæрзонд æмæ ныллæг худтæ, хъуымацæй,нымæтæй кæнæ сæракæй хуыд. Кодтой сыл хуызджындæр æрмæгæй нывæфтыдтæ, ныхыдзуæрттæ, амонды нысæнттæ æмæ фыдбылызтæ сафæг гæччытæ.
Къаба- Кæлмæрзæны фæстæ сылгоймагæн йæ къаба у йæ дыккаг фидыц. Рæсугъд уыдысты зайæгойты нывæфтыдтæй. Къабатæ хуыдтой сæ кармæ гæсгæ. Зæгъæм: Зæронд устыты къабатæ уыдысты тардæр хъуымацæй, даргъдæр æмæ уæрæхдæр фæдджитимæ.
Рæзгæ чызджытыл фидыдтой гомхъуыр, цыбырдыс къабатæ. Хистæр кары чызджытыл та даргъдысджын, фæдджиджынтæ.
Хуымæтæг дæр хъуымацæй хуыдтой хæдзары дарынмæ къабатæ. Балцы цæуынмæ æмæ бæрæгбæттæм та зæлдаг(шелк), хъæдабæ(бархат) кæнæ нывæц(атлас) ахæм хъуымæцтæй.
Разгом къабатæ- хуыдтой ирон сылгоймæгтæ алыхуызон тæнæг хъуымæцтæй. Арæзт у ахæм хæйттæй:
- Уæллаг къаба
- Уæлгуыр (цыбыр куырæт) кæцы йыл хуыд уыд риуыæгънæджытæ.
- Дæлгуыр
- Камари рон.
Нывæфтыдтæ кæнгæйæ пайда кодтой ахæм хуызтæй: сырх, кæрдæгхуыз, сау, бур.
Сырх хуыз - нысан кæнæ рæсугъд, хъæлдзæгдзинад, уарзондзинад.
Сау хуыз - нысан кæны, адæм зæххы куыст кæй кæнынц уый.
Кæрдæг хуыз - нысан кæны зайæгойты дуне.
Бур хуыз - нысан кæны, бæркад, барынц æй хуримæ.
Камари рон - Цыдис фæлтæрæй фæлтæрмæ, мадæй чызгмæ. Хъахъæдта сылгоймаджы цæсцыдæй. Ǣвзистæй конд камаритæн кодтой стыр аргъ. Арæх конд уыдысты алыхуызон зынаргъ дуртæй.
Хæлын кæрц - йæ ном йæ уæлæ, арæзтой хæлынæй, æууæрст фæлмæн цармæй. Нæдæр ын фæдджитæ уыд, нæдæр дыстæ. Хæлын кæрцæн уыдис ахæм миниуджытæ: Зынæй – уый, æмæ буар æгæр æлвæста, æнцойдзинад та уый – æмæ буарыл хæцыд æнгом цæугæйæ, кусгæйæ. Нæ йæм уагъта буармæ уазал, дымгæ хъызт бонты.
Къахы дарæсæн та сын уыдис къогъодзитæ, æрчъитæ æмæ сæрак цырыхъытæ. Мæгуыр лæг дардта æрчъитæ æмæ къогъодзитæ, æлдариуæг чи кодта, уыдон та сæрак цырыхъытæ.
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
ГОТОВИМСЯ К МАСТЕР-КЛАССУ Пошаговый алгоритм проведения мастер-класса
Методические рекомендации по организации и проведению мастер-класса...
Мастер класс по оригами в старшей-подготовительной группе. Тема: Тюльпаны (мастер класс посвящен Дню Города) подготовила Ворон Т.В.
Мастер класс по оригами в старшей-подготовительной группе. Тема: Тюльпаны(мастер класс посвящен Дню Города) подготовила Ворон Т.В., воспитатель1 категории....
Пасхальное яйцо своими руками в технике квиллинг. Мастер - класс с пошаговыми фото. Мастер - класс “Пасхальное яичко”
Цель: создание яичка в технике квиллинг.Задачи:- закреплять навыки накручивания полоски бумаги в ролл;- развивать творческие способности детей, внимание, воображение и фантазию;- развивать мелкую мото...
«Мастер – класс « «Мастер – класс «Песочная терапия в работе педагога – психолога»» + презентация
Все мы, взрослые и дети, брали в руки песок. На вид мелкие крупинки, ничего особенного, но почему-то с ним хочется что-то делать: строить из мокрого песка замки, с помощью формочек делать кулич...
Мастер-класс для детей «Чудесное тесто!» . Мастер-класс проводит повар детского сада, мама Мирославы Морозовой – Морозова Елена Владимировна.
Цель мастер-класса для детей: Продолжать знакомить детей с профессией повара, через встречу с родителями и проведение мастер – класса. Познакомить с тестом, его приготовлением. Предложить д...
МАСТЕР-КЛАСС «Нетрадиционные формы оздоровления дошкольников» в рамках муниципального обучающего семинара-практикума на тему «Мастер-класс как форма распространения опыта работы педагога ДОУ»
Цель: Познакомить присутствующих педагогов с нетрадиционными формами оздоровления детей, используемыми в практической деятельности. Стремиться развивать у коллег коммуникативные навыки и ум...
Мастер класс "ИРОН ЧЫНДЗ"
Мастер класс "ИРОН ЧЫНДЗ"...