Ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы бæрæгбон
план-конспект занятия (подготовительная группа)

Сывæллæттæн æмбарын кæнын ирон æвзаг нæ адæмы хæзна кæй у, сæвзæрын кæнын сæ зæрдæты ирон æвзаг зонынмæ тырнындзинад, аргъ ын кæнын, архайын йæ дарддæры рæзтыл. Зонгæ кæнын сывæллæтты Ирыстоны кад æмæ намыс бæрзонд чи  хæссы уыцы сгуыхт  адæмтимæ, ахуыр сæ кæнын уыдонæй сæрбæрзонд уæвын.

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл 15_ma.docx34.23 КБ

Предварительный просмотр:

РЕСПУБЛИКÆ

ЦÆГАТ ИРЫСТОН – АЛАНИ

ÆРЫДОНЫ РАЙОНЫ БЫНÆТТОН ХИУУЫНАФФÆЙАД РÆВДАУÆНДОНЫ РАЗАМЫНД

РЕСПУБЛИКА

СЕВЕРНАЯ ОСЕТИЯ – АЛАНИЯ

МЕСТНОЕ САМОУПРАВЛЕНИЕ АРДОНСКОГО РАЙОНА ДОШКОЛЬНОЕ ОБРАЗОВАНИЕ

Муниципальное бюджетное дошкольное образовательное учреждение детский сад №9 г.Ардон

363 330, РСО - Алания Ардонский район, г.Ардон, ул.Комсомольская 1 «а»,т.3-14-62.

_______________________________________________________________________________________________________________________________________________________________

Утверждаю:

Заведующий МБДОУ д\с №9

Пальцева Е.В.

____________

КОНСПЕКТ

На тему: «Ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы бæрæгбон» для детей 6-7 лет

Подготовила воспитатель

Осетинского языка

Будтуева З. Я.

г.Ардон

2024г.

Нысан: Сывæллæттæн æмбарын кæнын ирон æвзаг нæ адæмы хæзна кæй у, сæвзæрын кæнын сæ зæрдæты ирон æвзаг зонынмæ тырнындзинад, аргъ ын кæнын, архайын йæ дарддæры рæзтыл. Зонгæ кæнын сывæллæтты Ирыстоны кад æмæ намыс бæрзонд чи хæссы уыцы сгуыхт адæмтимæ, ахуыр сæ кæнын уыдонæй сæрбæрзонд уæвын.

Ход занятия

Гимн

Зӕрин хур йӕ тынтӕ нывӕнды фӕлмӕн

Нӕ фыдӕлты рагон уӕзӕгыл рӕдауӕй…

Арвы бын калы, фӕрдыгау, тӕмӕн

Ирыстон йӕ адӕмты фарнӕй.

Заманты тарӕй ӕрттивы, зынгау,

Дӕ уидаг – нӕ ивгъуыд, нӕ абон, нӕ фидӕн…

Барвӕс нӕ куывдыл, Хуыцӕутты Хуыцау!

Уастырджи, ракӕс нӕм, табу – Дӕхицӕн.

Хъомылгæнæг: Фарн уӕм бадзурӕд нӕ зынаргъ уазджытӕ ӕмӕ нӕ зынаргъ ныййарджытӕ! Ӕгас нӕм цӕут нӕ гыццыл хуртӕ, амонджын бӕрӕгбонтӕ уыл цӕуӕд.

Абон Ирыстон бӕрӕг кӕны ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы бон. Ацы бон у иумӕйаг бӕрӕгбон.

Алы адӕймагӕн дӕр ӕрдзӕй лӕвӕрд вӕййы иу ӕвзаг, кӕцы хуыйны мадӕлон.

Нӕ мадӕлон ӕвзаг цӕмӕй бахъахъхъӕнӕм, уый бирӕ аразгӕ у бинонтӕй. Нӕ рагфыдӕлтӕ нӕм мингай азты сӕрты рӕсугъдӕй цы мадӕлон ӕвзаг ӕрхӕццӕ кодтой, уый хъуамӕ кӕстӕртӕ дӕр дард дӕр царды рӕсугъдӕй хӕссой, сӕрыстыр дзы уой ӕмӕ цӕстыгагуыйау хъахъхъӕной нӕ удварны хӕзнатӕ, нӕ рӕсугъд ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ традицитӕ.

Ирон ӕвзаджы бон, ацы бон цыма Ирыстоны йӕ ирон цӕсгом тынг дӕр разыны, йӕ ирон зӕрдӕ парахатдӕрӕй раргом вӕййы, ахӕм ӕнкъарӕнтӕ сӕвзӕры адӕймагмӕ. Ирон адӕммӕ бирӕ кадджын бӕрӕгбӕттӕ ис. Алы бӕрӕгбонмӕ дӕр нӕхи фӕцӕттӕ кӕнӕм зӕрдиагӕй, фӕлӕ нын Ирон ӕвзаджы бон хъуамӕ суа нӕ кадджын дӕр бӕрӕгбӕттӕй иу.

1899 азы 15 майы мыхуыры рацыд Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæты æмбырдгонд «Ирон фæндыр» («Осетинская лира»).

Сӕдӕ азы фӕстӕ та 1999азы нӕ Республикайы президент рауагъта указ, 15 май куыд суа ирон ӕвзаг ӕмӕ литературайы бӕрӕгбон.

Ӕвӕдза, ирон адӕм тынг амондджын сты, уымӕй ӕмӕ нын ис ӕмбисонды тырыса Къоста. Къоста скадджын кодта ирон адӕмы ном, сыгъзӕрин дамгъӕтӕй йӕ ныффыста Кады тырысайыл. Бирæ æмдзæвгæтæ ныффыста сабитæн дæр æмæ йæ зонын, сымах дæр дзы кай зонут, уый. Уæдæ байхъусæм Х. Къостайы мдзæвгæтæм, табуафси, сабитæ.

«Лагау»

Фест райсомай лагау,

Ныхс сапонай дахи.

Ама-иу скув, Хуыцау

Фадзахсын дыл махи!

Цатта да хызын дар,

Тагъд де скъолама уай,

Ана зиваг куы уай,

Хуыздар бынат да бар!

Ахуыр канынма баллын.

«Фыдуаг»

О цъиусур,

Ма мæм дзур!

О рувас,

Ма мæм уас!

Хуысг ма кæнын.

О цæргæс,

Ма мæм кæс!

О тæрхъус,

Ма мæм хъус!-

Кæрдзыныл кæуын.

Хъомылгæнæг: Алы адæймаг дæр фыццаджы дæр хъуамæ уарза йæ райгуырæн бæстæ, кæм райгуырди æмæ кæм схъомыл, уыцы бынæттæ, йæ мадæлон æвзаг.

Дарддӕр нӕ уазджытӕн равдисӕм нӕ зонындзинадтӕ. Сабитӕ загъут-ма

1. Цы хуыйны нӕ республикӕ?

2. Цы хуыйны Ирыстоны сӕйраг горӕт?

3. Цы хуыйны нӕ цӕрӕнбынат, нӕ горӕт?

4. Цавӕр ӕвзагыл дзурынц ирон адӕм?

5. Цал хуызӕй арӕзт у ирон тырыса?

6. Цы амонынц йӕ хуызтӕ?

7. Цал чъирийæ кувӕм ирон фынгыл?

8. Цал къахыл лӕууы ирон фынг?

9. Цы амонынц ӕртӕ чъирийы?

10. Чи уыдысты нӕ рагфыдӕлтӕ?

Раст загътат, Алантӕ, Скифтӕ, Сарматтӕ уыдысты нӕ рагфыдӕлтӕ. Уыдон уыдысты тыхджын, ныфсджын, ахсарджын. Арӕх иу кодтой бӕхтыл ерыстӕ. Сымах дӕр фӕнды бӕхтыл ерыстӕ акӕнын?

Хъомылгæнæг: Сабитæ, зæгъут ма, цавæр адæмы сфæлдыстæдтæ зонут? -

(таурæгътæ, аргъæуттæ, æмбисæндтæ, уыци-уыцитæ, нымайæнтæ æмæ а.д)

О, уыдон сты нæ адæмон сфæлдыстад, кæцытæ хъомыл кæнынц нæ ирон адæм рагæй-æрæгмæ

Сабит, зæгъут-ма, уыци-уыцит уарзут? Уæдæ уын æз бацæттæ кодтон уыци-уыцитæ, байхъусут сæм лæмбынæг, кæддæра сæ базондзыстут:

1. Æнæ фæрæт, æнæ дзæбугæй скæны хæдзар (Цъиу).

2. Бон кæсы, хсæв лидзы (Хур).

3. Дзургæ нæ кæны, афтæмæй адæмæн зонд амоны (Чиныг).

4. Уалдзæджы æрзайынц, фæззæджы æрызгъæлынц (Сыфт).

Хъомылгæнæг: - Тынг хорз, сабитæ. Уæдæ ныр та ахъазæм. Куыд зонæм, афтæмæй ирон адæммæ иу бæрæгбондæр æнæ хъазтæй никуы ацыд.

Ныртӕккӕ уын уӕ зӕрдӕтӕ барухс кӕндзыстӕм «Мадæлон æвзаг»-ыл зарӕгӕй

Зарӕгӕй: «Мадæлон æвзаг»

Хъомылгæнæг: Ныр та ныхасы бар раттæм хистæр æмæ бацæттæгæнæн къордты сабитæн :

1-аг кæсæг.

Ирон ӕвзаг нын баззади Алантӕй

Кӕнӕм йӕ кадыл хъуамӕ тох

Цӕмӕй нӕ сомбоны кӕстӕртӕй

Ирон дзырд макуы 'рцӕуа рох.

2-аг кæсæг.

Сӕрыстырӕй нӕхи ирон куы хонӕм

Уӕд не 'взагыл куыд ауыгътам нӕ къух?

Ӕви, мыййаг ӕй нал хӕссӕм нӕ сӕрмӕ

Уырыссагау цӕмӕ дзурӕм ӕдзух?

3-аг кæсæг.

Ис ӕвзагӕй нал дзурӕм иронау

Ис хъӕбулӕй не 'взаг у ӕвӕд

Стыр уырысӕн нал хизӕм йӕ ронӕй

Удӕй ма куыд уӕм ирӕттӕ уӕд?

4- м кæсæг. «Ирон взаг»

Ирон взаг,

Нæ хæзнаты хæзнадæр,

Æвидиг, æлутонау йæ тых.

Нæй махæн уымæй

А зæххыл зынаргъдæр.

Æнустæм у æнæ мæлгæ, хъæддых.

5- м кæсæг.

Дӕ мады ӕвзагыл

Кӕд дзурыс, кӕд зарыс,

Дӕ фыдгул ызнагӕн

Йӕ сау зӕрдӕ марыс.

Кӕд рохӕй ыскуыдта

Дӕ мады ӕвзаг, -

Йӕ къах дыл ӕркъуырдта

Дӕ фыдгул ызнаг!

7- м кæсæг.

Йӕ уарзтӕн ивӕн нӕй лӕгӕн

Мӕ уарзт дӕр ивгӕ нӕу мӕнӕн

Кӕм фӕнды дӕр цӕрон

Уӕддӕр уыдзынӕн ӕз ирон!

8- м кæсæг.

Ирон ӕвзаг, мӕ рухс бӕллиц, мӕ цин дӕ,

Ирон ӕвзаг – мӕ судзгӕ уарзт, мӕ мӕт!

Мӕнӕн ды амонд цардхӕссӕг ӕхсин дӕ,

Цъӕх арвы бын дын макуы уӕд мӕлӕт!

9- м кæсæг.

Не 'взаг – ирон лӕджы царды бындур.

Не 'взагимӕ ныл скӕсы нӕ хур.

Не 'взаг нӕ цардӕн у фидар гӕнах!

Не 'взаг нӕ къонайы судзгӕ цырагъ.

10- м кæсæг. «Ирон»

Æз дæн нырма æнæхъом саби,

Æз цардмæ худгæйæ кæсын.

Фæлæ ирон дæн, уый æмбарын,

Æмæ мæ сæр бæрзонд хæссын.

Хъомылгæнæг: Сабитæ, мад куыд адджын æмæ уарзон у, афтæ алы адæймагæндæр адджын у йе взаг. Хонæм ма йа «мадæлон æвзаг». Зæгъæм-ма иумæ, «мадæлон æвзаг».

Хъомылгæнæг: Мах дзурдзыстæм кæддæриддæр иронау.

Абон нӕ равдыст кӕронмӕ ӕрхӕццӕ. Нӕ зӕрдӕ уын зӕгъы ӕппӕты фыццаг ӕнӕниздзинад. Стыр Хуыцаумӕ ис бирӕ хорздзинӕдтӕ ӕмӕ уыцы хорздзинӕдтӕй хайджын ут. Рӕсугъд фӕндӕгтыл цӕут. Иннӕ аз та ахӕм рӕсугъд уалдзыгон боны куыд фембӕлӕм.

Стыр бузныгӕй уӕ баззадыстӕм кӕй сӕмбӕлдыстут нӕ равдысты.

Ирон ӕвзаг цӕрӕд ӕнустӕм, тыхджынӕй – тыхджын дӕр кӕнӕд ӕмӕ йын фесӕфӕн макуы уӕд.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Къостайы бӕрӕгбон

Къостайы бӕрӕгбон...

конспект «Не`взаг – нæ хæзна»

Темæ:                            «Не`взаг – нæ хæзна»...

Гом ахуыры конспект " Ирон æвзаг æмæ литературайы барагбон 2021"

Ирон æвзаг æмæ литературайы барагбон 2021...

ИРОН ӔВЗАДЖЫ БӔРӔГБОНЫ СЦЕНАРИ «КЪОСТА ӔМӔ МАДӔЛОН ӔВЗАГ!»

Традицимӕ гӕсгӕ ирон ӕвзаджы бӕрӕгбоны кадӕн нӕ республикӕйы бирӕ цымыдисаг мадзӕлттӕ арӕзт ӕрцыди. Нӕ рӕвдауӕндоны дӕр уагъд ӕрцыд мадзал «Къоста ӕмӕ мадӕлон ӕвзаг»....

ИРОН ӔВЗАДЖЫ БӔРӔГБОНЫ СЦЕНАРИ «КЪОСТА ӔМӔ МАДӔЛОН ӔВЗАГ!»

Традицимӕ гӕсгӕ ирон ӕвзаджы бӕрӕгбоны кадӕн нӕ республикӕйы бирӕ цымыдисаг мадзӕлттӕ арӕзт ӕрцыди. Нӕ рӕвдауӕндоны дӕр уагъд ӕрцыд мадзал «Къоста ӕмӕ мадӕлон ӕвзаг»....

Ирон ӕвзаджы бӕрӕгбон

Ирон ӕвзаджы бӕрӕгбон...

Ирон ӕвзаджы бӕрӕгбон 2024

Ирон ӕвзаджы бӕрӕгбон 2024...