Перспективон – тематикон пълан 4-5 аздзыд сабитæн
материал (средняя группа)

Дзангубекова  Фатима  Ахсарбековна

пълан  4-5 аздзыд сабитæн   бацæттæ йæ кодтой 64 рæвдауæндоны хъомылгæнджытæ

 

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл perspektivnyy_plan_po_oset.yaz_.docx30.32 КБ

Предварительный просмотр:

СКЪОЛАЙЫ  АГЪОММÆЙЫ АХУЫРАДОН МУНИЦИПАЛОН БЮДЖЕТОН ОРГАНИЗАЦИ

Фидаргонд цæуы                                                                                                                        Æвзæрст æрцыд

_______________                                                                                                                       педагогон советы

САМБО сæргълæууæг                                                                                                              «        »_______2019 аз

№64______________                                                                                                                  Протокол №________

___________________

Перспективон – тематикон пълан

4-5 аздзыд сабитæн

бацæттæ йæ кодтой 64 рæвдауæндоны хъомылгæнджытæ

2019 - 2020

Методикон æххуысы  чингуыты фæткæвæрд ирон æвзагай

4-5  аздзыд сабитимæ.

1.Æлдататы Виктор – «Нæ алыварс дуне нывты хуызы» - Дзæуджыхъæу «ИР» - 2003 аз.

2. Будайты Милуся – «Радзырдтæ сывæллæттæн» - Дзæуджыхъæу «ИР» - 2002 аз.

3.Гуытиты К.Ц – Хетæгкаты Къоста «Мысинæгты æмбырдгонд» - Мæскуы – 1974 аз.

4. Гульчеты – Дзадзаты Р. – Ирон æвзаджы программæ рæвдауæндæттæн     (3 - 7 аздзыдтæн) – Дзæуджыхъæу – 2015 аз.

5. Гусалты – Габысаты Замирæ – «Хуры бæстæ» - Дзæуджыхъæу – 2014 аз.

6. Журнал «Ногдзау» - №3, 2012 аз, Зæрдæвæрæны мæй – Хурхæтæны мæй.

7. Дзасохты М.С, Айларты И.Х, Бицъоты Г.Х – «Нæ Хурты Хуртæн» - Хрестомати рæвдзауæндæтты хъомылгæнæнинæгтæ æмæ кæстæр кары скъоладзаутæн – Дзæуджыхъæу «ИР» - 1990 аз.

8. Дзадзаты Р.М – «Ирон ныхасы рæзтыл куыст» (4 – 5 аздзыд сабитæн) – Дзæуджыхъæу – 2010 аз.

9. Дзадзаты Р. – «Ирон ныхасы рæзтыл куыст (хистæр къорд)».

10. «Ирон адæмон аргъæуттæ» - «ИР» - Дзæуджыхъæу – 2002 аз.

11. «Ногдзау» - №2 – 2013 аз, Тæргæйтты мæй – Хуымгæнæны мæй.

12. «Ногдзау» - №1 – 2006 аз, Тъæнджы мæй – æртхъирæны мæй.

13. «Ногдзау» - №2 – 2015 аз, Тæргæйтты мæй – Хуымгæнæны мæй.

14. Тезиаты Маргаритæ – Алфамбылæй дунеимæ зонгæ кæнын                          (5 – 6 аздзытæ) методикон æххуысы чиныг (ахуырты конспекттæ) – Дзæуджыхъæу – 2012 аз.

15. Токаты Дзерассæ – «Ирон æвзаджы чиныг рæвдæуæндæттæн алы кары сывæллæттимæ» - Дзæуджыхъæу – 1992 аз.

16. Цыферов Генæ – «Аргъæуттæ» - Дзæуджыхъæу – «ИР» - 1992 аз.

17. Чехойты З.А – «Афæдзы афонтæ» - Дзæуджыхъæу – «ИР» - 1991 аз.

18. Шашлова В.Ю – Алфамбылай дунемæ зонгæ кæнын (4 – 5 аздзыдтæ). Методикон æххуысы чиныг (ахуырты конспекттæ) – Дзæуджыхъæу –2011 аз.

Джеоргуыбайымæй

Темæ

Нысан

1

Къуыри

Мæ райгуырæн бæстæ

1

2

3

Базонгæ кæнын сабиты сæйраг горæтимæ  æмæ райгуырæн бæстæимæ, сæ миниуджытимæ. Ахуыр  кæнын фарстатæн раст дзуапп дæттыныл. Фæхъæздыгдæр кæнын сæ дзырдуат дзырдтæй:   райгуырæн бæстæ, мæ Ирыстон, адæмы иудзинад бон. Сывзæрын кæнын сывæллæттæм цымыдисдзинад, уарзондзинад райгуырæн бæстæмæ.

Дарддæр зонгæ кæнын сабиты сæйраг горæтимæ  æмæ райгуырæн бæстæимæ                 . Фæлтæрын фарстатæн раст дзуапп дæттыныл. Ахуыр кæнын хъомылгæнæджы хæслæвæрттæ æххæст кæныныл; пайда кæнын ныхасы мидæг дзырдтæй: райгуырæн бæстæ, мæ Ирыстон, адæмы иудзинад бон. Хъомыл кæнын уарзон дзинад.

Сбæлвырд кæнын сывæллæтты зонындзинæдтæ райгуырæн бæстæ, мæ Ирыстон, адæмы иудзинад боны тыххæй.

2

Къуыри

Уæлæдарæс

Сæрыдарæс

къахыдарæс

1

2

3

Базонгæ кæнын сывæллæтты иумæйаг дзырд «уæлæдарæс»-ы нысанимæ. Архæйын хъомылгæнæджы фартатæ: «Кæуыл?» «Цæуыл»?-æн дзуапп дæттыныл. Иууон нымæцы номдартæй бирæон нымæцы номдартæ аразыныл архайын. Ныффидар кæнын сывæллæттæ дзырдуаты дзырдтæ: æгънæг, цæппузыр, дзыпп, уæлæдарæс, дыс, æфцæккуыт. Мыр гъсыгъдæг дзурыныл архайын. Ахуыр кæнын сывæллæтты зилын сæ уæлæдарæсмæ.

Дарддæр зонгæ кæнын сывæллæтты уалæдарæсимæ. Ахуыр кæнын цыбыр æмдзæвгæ хъомылгæнæгимæ; хъæлæсыуагмæ гæсгæ æмбарын кæнын хъæрон æмæ фарстон хъуыдыйæдтæ. Мивдисджытæ æркæнын æмæ скæнын-ы нысан æмбарын кæнын архайд æвдисгæйа. Мыртæ цъ, гъ сыгъдæг дзурыныл архайын. Фæхъæздыг кæнын сæ дзырдуат дзырдтæй: зивæггæнаг, зыгъуыммæ, скъуыд, цъындатæ, худ.

Бафидар кæнын сывæллæтты зонындзинæдтæ уæлæдарæсы тыххæй.

3

къуыри

Хæдзарон

цæрæгойтæ

æмæ

мæргътæ

1

2

3

Бакусын мыртæ хъ æмæ къ раст дзурыныл сюжетон нывтæм гæсгæ базонгæ кæнын сабиты хæдзарон цæрæгойтæ æмæ мæргътимæ. Ахуыр кæнын фарстатæ «цы дæтты, цы дыл ис»-æн дзуапп дæттыныл. Фæхъæздыг кæнын сæ дзырдуат: хъуг, род, хсыр, дары, кæны, фыс, къуымбил, къаба, дæ уæлæ. Ныхасы пайда кæнын дзырдтæй: куыдз, къæбыла, гæды, уасы. Сывзæрын кæнын уарзондзинады æнкъарæнтæ хадзарон цæрæгойтæм.

Дарддæр зонгæ кæнын сывæллæтты хæдзарон цæрæгойтæ æмæ мæргътимæ. Ахуыр кæнын кæрæдзимæ фарстатæ даттыныл æмæ сын дзуапп дæттыныл, пайда кæнгæйæ дзырдбæстытæй: «Мæнмæ ис…ныв,» «Дæумæ та?». Хъусын хъомылгæнæджы ныхасмæ æмæ йæ фарстатæн дзуапп дæттын. Фæхъæздыг кæнын сæ дзырдуат дзырдтæй æмæ дзырдбæстытæй: хъаз, хъазы цъиутæ, бабызы цъиутæ, ленк кæнын. Дарддæр бакусын мыртæ хъ æмæ къ раст дзурыныл.

Ныффидар кæнын сывæллæтты зонындзинæдтæ хæдзарон фос æмæ мæргъты тыххæй.

4

Къуыри

Джеор гуыба

1

2

3

Базонгæ кæнын сывæллæтты Ирыстоны кадджындæр бæрæгбонимæ – Джеоргуыба.  Фарст «Цæм»-æн раст дзуапп дæттыныл архайын. Мыртæ с, ц сыгъдæг дзурын. Фæфылдæр кæнын сæ дзырдуат дзырдтæй: Шатана, «Лæгты дзуар», «Джеоргуба», «Галыргавдан».

Дарддæр зонгæ кæнын сывæллæтты Ирыстоны кадджындæр бæрæгбонимæ – Джеоргуыба.  Иууон нымæцы номдартæй аразын бирæон нымæцы номдартæ. Бакусын мыртæ «тъ, хъ, къ» сыгъдæг дзурыныл.

Сабиты ахуыр кæнын сæ хъудытæ иронау дзурыныл рацыд æрмæгмæ гæсгæ.

5

Къуыри

Мæ горæт Дзæуджы хъæу

Хъæд æмæ æфсæйнаг

1

2

3

Сывæллæтты фæлтæрын дзырдтæ дзурыныл: хъæу, горæт, горæты уынг, хъæуы уынг, уæрæх уынг, бæрзонд хæдзар, ныллæг хæдзар, уæрæх, горæтгæрон. Сюжетон нывтæм гæсгæ ахуыр кæнын фарст «Цы»-йæн дзуапп дæттыныл æмæ цыбыр хъуыдыйæддæ аразыныл. Разæнгард кæнын сабиты радзурын сæ хъæуы тыххæй. Сывзæрын кæнын уарзондзинады æнкъарæнтæ сæ райгуырæн хъæумæ. Мырон куыст: «с, ш, чъ, къ»

Сфæлхатын рацыд æрмæг. Ахуыр кæнын номдар иууон нымæцæй бирæон нымæц аразыныл. Бамбарын кæнын фарстатæ: «цавæр, цæмæн, цы, чи, кæм»-æй куыд пайда кæнын хъæуы хъуыдыйæтты, уый. Фæлтæрын сабиты хъомылгæнæджы фарстатæн раст дзуапп дæттыныл, бакусын сæ мырон культурæйыл. Разæнгард кæнын сабиты зонын æмæ уарзынмæ сæ цæрæнбынат.

Дарддæр зонгæ кæнын сабиты хъæдын, æфсæйнаджы миниуджытимæ. Фæлтæрын фарстатæ: «цæмæй конд у, кæм»-йæн раст дзуапп дæттыныл. Ахуыр кæнын хъомылгæнæджы хæслæвæрттæ æххæст кæныныл; пайда кæнын ныхасы мидæг дзырдтæй: æфсæйнаг, хъæд; иууон нымæцы номдартæй аразын бирæон нымæцы номдартæ.

Сбæлвырд кæнын сывæллæтты зонындзинæдтæ: хъæд æмæ æфсæйнагы тыххæй; горæт Дзæуджы хъæу.

Кæфты  мæй

1 аг-къуыри

        «Халсардон.

Зайæгойтæ»; «Дур, цъыф».

2 аг-къуыри

    «Хетæгкаты Къоста-поэт, фыссæг, нывгæнæг»; «Хæхбæстæй хуыздæр- хæхтæ».

3 аг-къуыри

«Бæлæстæ æмæ къутæртæ;  Сырх чиныг; «Нанамæ фæндагыл».

4 æм-къуыри

«Хъæдæй конд хæдзары дзаума»;

«Цæмæн хъæуынц мыггæгтæ?».

1- аг сахат

Сфæлхат кæнын дзырд «хъæд»-ы  æмæ «къох»-ы нысан. Наффидар кæнын, Ирыстоны хъæдты цы бæлæстæ рæзы, уыдоны нæмттæ.

Зонгæ кæнын сывæллæтты Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстадимæ. Иу адæймаджы цал фæлтæрддзинады ис, уыдæттыл æрныхас.

Бæлæстæ æмæ къутæрты нæмттæ базонынмæ разæнгард кæын сабиты. Цы у сырх чиныг? Цавæр зайæгойтæ йæм хаст цæуы?.

Цавæр предметтæ хауынц хæдзары дзаумæттæм?куыд сæ хъахъхъæнын хъæуы?Алцæмæн дæр йæхи бынат.

2- аг сахат

Дур æмæ…….миниуджытæ. Цавæр мигæнæнтæ æмæ сæ кусæнгæрзтæ арæзтой?

Цæгат Ирыстоны æппæтæй рæсугъддæр æмæ зæрдæмæдзæугæдæр бынæттæй иу у-Хæхбæстæ. Дзырдуатон куыст: цъити, цъæрæхснæг æ.а.д.

Кæй хонæм Нана? Хистæрæн кад кæнын кæй хъæуы, уыдæттыл æрныхас.

Цæмæн хъæуынц мыггæгтæ, куыд сæ садзынц хистæртæ?

3- аг сахат

Сабиты разæнгард кæнын нывтæм гæсгæ радзырдтæ аразыныл.Грамматикон арæзт хъ.-дтæй пайда кæнын радзырд дзургæйæ.

Иумæйаг

 афæлгæст

рацыд

æрмæгыл.

Дзырдуат хъæздыгдæр кæнын миногонтæ æмæ мивдисджытæй.

Иумæйаг

афæлгæст

рацыд

æрмæгыл.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Гаиләдә баланы тәрбияләү Һәр сабый тумыштан килә торган үзенчәлекләргә ия, әмма аның нинди булып үсүе нигездә тәрбиягә бәйле. Баланың акыл үсеше, әхлакый сыйфатлары , тирә-юньдәгеләргә мөнәсәбәте, барысыннан да элек , гаиләдә формалаша.

Һәр сабый тумыштан килә торган үзенчәлекләргә ия, әмма аның нинди булып үсүе нигездә тәрбиягә бәйле. Баланың акыл үсеше, әхлакый сыйфатлары , тирә-юньдәгеләргә мөнәсәбәте, барысыннан да элек , г...

Суда жұзу сабақ

Тақырыбы суда жұзу сабақ...

Ашық сабақ Тақырыбы: Суда жүзу сабағындағы денсаулық сақтау элементтер қолдануы.

«Павлодар қаласының №5 сәбилер бақшасы» МҚКК     Ашық сабақ Тақырыбы: Суда жүзу сабағындағы денсаулық сақтау элементтер қолдануы.      Суда ...

Балабақшалардағы жүзу сабағына арналған бағдарлама

Балабақшалардағы жүзу сабағына арналған бағдарлама Құрастырған :    Айгужинова Гүлмира Зейноллақызы суда  жүзу  нұсқаушысы        ...

Ашық сабақ Тақырыбы: Суда жүзу сабағындағы денсаулық сақтау элементтер қолдануы.

«Павлодар қаласының №5 сәбилер бақшасы» МҚКК     Ашық сабақ Тақырыбы: Суда жүзу сабағындағы денсаулық сақтау элементтер қолдануы.     Суда ...

Ашық сабақтар

Ашық сабақтар топтамасы...

Мектеп алды даярлық кластарының сабақтары.

Балаларға 1-10-ға дейін тура және кері санау дағдысын,сандардың көршілерін , жыл мезгілдері мен апта,ай күндерін үйрету, есте сақтау қабілетін дамыту....