Æнæсцох ахурадон архайд (НОД) Темæ: «Бийнонтæ» Астæуккаг къуар
план-конспект занятия (средняя группа)
Æнæсцох ахурадон архайд (НОД) Темæ: «Бийнонтæ» Астæуккаг къуар
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
Æнæсцох ахурадон архайд (НОД) Темæ: «Бийнонтæ» Астæуккаг къуар | 30.26 КБ |
Предварительный просмотр:
МУНИЦИПАЛЬНОЕ КАЗЁННОЕ ДОШКОЛЬНОЕ ОБРАЗОВАТЕЛЬНОЕ УЧРЕЖДЕНИЕ ДЕТСКИЙ САД № 1 «ДЮЙМОВОЧКА» Г. ДИГОРА ДИГОРСКОГО РАЙОНА РСО - АЛАНИЯ.
Æнæсцох ахурадон архайд (НОД)
Темæ: «Бийнонтæ»
Астæуккаг къуар
Гъомбæлгæнæг: Бибайти Ларисæ
Дигора 2018 г
Темœ: «Бийнонтœ»
Нисантæ:
- Рабæрæг кæнун сувæллæнтти зонундзийнæдтæ бийнонти
туххæй ци зонунцæ, уой.
- Хузтæмæ гæсгæ сувæллæнтти разæнгард канун цубур радзурдтæ
аразунбæл.
- Муртæ раст æма сугъдæг дзорунбæл архайун.
- Сувæллæнтти дзурдуат гъæздугдæр кæнунбæл косун.
- Архайун фарстатæн æнхаст дзуæппитæй дæттунбæл.
- Уарзондзийнади æнкъарантæ игурун кæнун сувæллæнтти зæрдити
са бийнонтæмæ.
- Ахур кæнун цубур инсценировкæ аразунбæл.
Æнхусадон æрмæг: сувæллæнтти бийнонти хузиститæ, гъазæн киндзитæ, къозо, проектор, сурх æма цъæх гæгъæдийæй конд зилдтитæ, нимæт ходæ, цæсгони хузтæй конд æнгулдзити бийнонтæ, ноотбук , къохæрходæ, аудиозапись, кæсæнцæститæ, иту, сюжетон хузæ « Карк æма цъеутæ».
Ахури цуд
Гъомбœлгœнœг: Сœумœ хуарз, тикистœ! Сœумœ хуарз, дœркъитœ!
Сувœллœнттœ: Нœ, мах тикистœ œма дœркъитœ нœ ан.
Гъомбœлгœнœг: Мадта ка айтœ?
Сувœллœнттœ: Мах ан сувœллœнттœ.
Гъомбœлгœнœг: Мœн фœндуй уœ хœццœ базонгœ кœнун. Мœнœ аци къозо кœрœдземœ дœтгœй алкедœр зœгъœд йœ муггаг œмœ йœ ном . Фиццаг œз райдайдзœнœн. Æз дœн Бибайти Ларисœ.
(Сувœллœнттœ къозо кœрœдземœ дœтгœй дзорунцœ сœ мугкаг œма сœ ном).
Гъомбœлгœнœг: Е нур œй базудтон, тикистœ œма дœркъитœ ке нœ айтœ, фалœ сувœллœнттœ, кœцитœн ес муггаг œма ном. Уœ фембœлд мин хъœбœр œхцœуœн œй!
(Игъусуй « Хадзарон мœргъти зар»)
Гъомбœлгœнœг: Сувœллœнттœ, кадœр нœмœ иуазœгуати œрбацудœй. Зонетœ сœ?
Сувœллœнттœ: Карк œма цъеутœ.
Гъомбœлгœнœг: Ка мин зœгъдзœй, сувœллœнттœ: карк ба ка œй цъеутœн? (сœ мадœ). Цъеутœ ба каркœн ка œнцœ? (йœ бœдœлттœ). Еумœ ба сœ куд œнгъезуй исхонун? (Бийнонтœ).
Лœмбунœг œркœсетœ, куд уæмœ кœсуй лимœн бийнонтœ œнцœ? (Гъо). Кœцœй œй базудтайтœ?
(Сув. дзуæппитœ)
Гъомбœлгœнœг: Гъœйдœ, мах дœр рагъазœн гъазт «Карки цъеутœ»- œй. Æз уодзœнœн карк, сумах ба мœ минкъи цъеутœ.
Гъазт «Карки цъеутœ» (игъусуй аудиозапись)
Гъомбœлгœнœг: Мœнœ ци дзœбœх рагъазтан.
(Сув. дзуæппитœ)
(Гъомбœлгœнœги къелабœл къохœрходœ œвœрд)
Гъомбœлгœнœг: Æркœсайтœ, сувœллœнттœ, айœ ба ци œй? (Къохœрходœ). Цœмœн нœ гъœуй къохœрходœ? ( Сув. дзуæппитœ)
Мœнмœ гœсгœ аци къохœрходи кадœр цœруй? Зонетœ сœ, ка си цœруй? ( Сув. дзуæппитœ).
Раст загътайтœ, аци къохœрходœ œйœй œнгулдзити хœдзарœ. Алли œнгулдзœн дœр ес ном.. Аци œнгулдзœ хуннуй хестœр œнгулдзœ. Алкедœр мин бавдесœд йœ хестœр æнгулдзœ. Зœгъœн еумœ хестœр œнгулдзœ. Хестœр œнгулдзœ уодзœй баба - бабай цœсгони хузœ кœнæн œнгулдзæбал. Аци œнгулдзœ хуннуй амонœн. Бавдесайтœ мин уœ амонœн œнгулдзœ. Зœгъœн еумœ амонœн. Амонœн œнгулдзœ уодзœй нана- нанай цæсгони хузœ кœнœн œнгулдзœбœл. Аци œнгулдзœ хуннуй астœуккаг. Бавдесетœ уœ астœуккаг œнгулдзœ. Астœуккаг œнгулдзæ уодзœй фидœ –фиди цœсгони хузæ кœнœн œнгулдзœбœл.
Аци œнгулдзœ хуннуй œнœном. Бавдесайте уœ œнœном œнгулдзœ. Еумœ зœгъœн – œнœном. Æнæном œнгулдзœ уодзœй мадœ - мади цœсгони хузœ канœн œнгулдзœбœл. Аци œнгулдзœ ба хуннуй кœстœр. Бавдесайтœ мин уœ кœстœр œнгулдзœ. Еумœ зœгъœн кœстœр. Кœстœр œнгулдзœ уодзœй сувœллон. (сувœллони цœсгони хузœ кœнœн œнгулдзœбœл). Еумœ ба сœ куд œнгъезуй исхонун? (Æнгулдзити бийнонтœ).
Æнгулдзити гъазт «Бийнонтœ»
Гъомбœлгœнœг: Карк œма уасœнги бийнонти хœццœ рагъазтан, œнгулдзити бийнонти хœццœ дар базонгœ ан. Сувœлланттœ, ка мин загъдзœй, изœрœй рœвдауœндонœй кумœ фæццотœ? (хœдзарœмœ) Ка уœ фœххезуй хœдзари ба? (бийнонтœ)
Сумахœн алкœмœндœр ес бийнонтœ. Ман дœр фœндуй сœ хœццæ базонгœ ун. (экранбœл сувœлллœнтти бийнонти хузтœ)
Мœнœ айœ ке бийнонти хузœ œй?
Алан, табуафси, ба нœ зонгœ кœнœ дœ бийнонти хæццœ. (Суваллœнттœ дзорунцœ кезугай алкедœр йœ бийнонти туххæй).
Гъомбœлгœнœг: Ци дзœбœх радзурдтайтœ уœ бийнонти туххæй.
Аудиозапись «Бинонтœ» проект «Ирон чиныг» (сувœллœнттœ игъосунцæ).
Гъомбœлгœнœг: Аци œмдзœвгœ кœбœл œй, сувœллœнттœ? Еумœ œй исахур кœнæн, рольтœмœ гœсгœ. Ке уи кœмœй фœндуй, уомœ гœсгœ алкедœр йœхецœн райсœт дзаума.
Зилдœй ралœууетœ, еу хатт ма байгъосетœ œмдзœвгœмœ. Мобилон æфтауæн «Ирон чиныг» - æй пайда кæнун. Аудиозапись «Бийнонтœ».
Е нур ба œй аййев радзорæн. (сувœллœнттœ дзорунцœ рольтœмœ гœсгœ œмдзœвгœ)
Гъомбœлгœнœг: Е нур ба мœ фœндуй уœ хœццœ еу гъазтœй рагъазун.
Табуафси, œрбахœстœг кœнтœ уœхе стъœлтœмœ. Атœ циуавœр фигуритœ œнцœ? (Тумбултœ) Мœнœ аци тумбулти фœрци искœнун гъœуй алкедœр йœ бийнонти схемœ. Устур цъœх тумбул уодзœй- баба, уомœй минкъидœр цъœх тумбул уодзœй – фидœ, минкъидœр цъœх тумбул уодзœй- биццеу. Устур сурх тумбул уодзœй – нана, уомæй минкъидœр сурх тумбул – мадœ, минкъи сурх тумбул уодзœнœй – кизгœ.
Гъазт «Бийнонти схемæ» (игъусуй аудиозапись)
Гъомбœлгœнœг: Сувœллœнттœ, ацибон кœбœл дзурдтан. (Бийнонтœбœл) Уœ мамитœ, уœ нанатœ уœмœ циуавœр рœвдœугœ дзурдтœй фœдзорунцœ? (Сувœллœнтти дзуæппитœ) Гъœйдœ, мадта, мœ минкъи зœрдитœ, ка мин зæгъдзæй , куд гъуама цæронцæ уæ бийнонтæ?
(Сувœллœнтти дзуæппитœ кæнунцæ гъазæн зæрдæ кæрæдземæ дæтгæй)
Уæхемæ ку бацæуайтæ, уæд уæ бийнонтæн цитæ радзордзинайтæ , цитæ
кустайтæ на ахури фембæлди? (Сувæллæнтти дзуæппитæ)
Гъомбœлгœнœг: Мœ минкъи хœлœрттœ, ацибон уи œз устур боз дœн. Сумах айтœ сœрœн œма зундгин сувœллœнттœ. Уœ фембœлд мин хъœбœр œхцœуœн адтæй. Мœн фœндуй сумахœн балœвар кœнун дигорон финсœг Сабайти Сулеймани киунугутœ , кœми ес берœ рœсугъд œмдзœвгитœ сувœллœнттœн дигорон œвзагбœл, цœмœй ма иронх кœнайтœ уœ маддœлон œвзаг. Мœнœ ма уин аци адгийнœгтœ дœр лœвар кœнун. Мœ зœрдœ уин зœгъуй, сувœллœнттœ, мœнœ аци адгийнœгтœ, куд адгин œнцœ, уотœ адгин цард фœккœнтœ уœ уарзон бийнонти хœццæ. Фœндараст, мæ минкъий хæлрттæ.
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Æнæсцох ахурадон архайд хестæр къуар Темœ «Зумœг»
Æнæсцох ахурадон архайд хестæр къуар Темœ «Зумœг»...
ГОМ АРХАЙДЫ КОНСПЕКТ ПОЛИЛИНГВАЛОН КӔСТӔР КЪОРД «ХУРЫ ТЫНТӔ»
конспект открытого занятия по развитию речи во второй группе раннего возраста на осетинском языке на тему "Весна"....