Æнæсцох ахурадон архайд хестæр къуар Темœ «Зумœг»
план-конспект занятия (старшая группа)

Æнæсцох  ахурадон архайд хестæр къуар Темœ «Зумœг»

Скачать:


Предварительный просмотр:

зима (2).jpg

метель.jpg

снег.png

мост.jpg

лиса.jpg

медведь.jpg

волк.jpg

сова.jpg

ежик.jpg

ворона (5).jpg

ворона (2).jpg

олень.jpg

косуля.jpg

волк (2).jpg

заяц весна.jpg

https://avatars.mds.yandex.net/get-pdb/471286/488355bc-e3a3-437a-9b96-af9e9b263489/s1200

зима (2).jpg

метель.jpg

                                                               Мнемотаблицæ «Зумæг гъæди»



Предварительный просмотр:

МУНИЦИПАЛЬНОЕ КАЗЁННОЕ ДОШКОЛЬНОЕ ОБРАЗОВАТЕЛЬНОЕ УЧРЕЖДЕНИЕ ДЕТСКИЙ САД № 1 «ДЮЙМОВОЧКА» Г. ДИГОРА ДИГОРСКОГО РАЙОНА   РСО  - АЛАНИЯ.

               Æнæсцох  ахурадон архайд

хестæр къуар

Темœ

«Зумœг»

       

     Гъомбœлгœнœг: Бибайти Лариса В.

                                                 

                                                 

                                                     г. Дигора

Темæ: «Зумæг»

Нисан: - Зумæги минеугути туххæй зонундзинæдтæ ниффедар кæнун.

     - Фæлтæри аллихузон гъæлæсиуагæй сугъдæгдзоруйнаг дзорунбœл.

     - Муртæ раст æма къæдзос дзорунбæл ахур кæнун дзурдтæ æма æмдзæвги фæрци.

Æнхусадон æрмæг: анзи афæнтти аллихузон хузтæ, се 'хсæн зумæги туххæй дæр, бæмпæгæй конд мети къубулойнœ, аудиозапись, мнемотаблицæ.

                                                       Ахури цуд.

Сувæллæнттæ тумбул зилдæй лæуунцæ.

Гъомбæлгæнæг:  Сувæллæнттæ, уæ зæрдиуагæ куд ай аци бон? Гъæйдæ, кæрæдзей къохтæбæл æрхуæцæн æма кæрæдземæ баходæн. Кæрæдземæн зæгъæн: «Æгас цо!» Нур ба алкедæр æхецæн зæгъæд «Сæумæ хуарз!»

Психогимнастикœ: «Сæумæ хуарз!».

Уæ сæумæ хуарз, цæститæ!

Райгъал айтæ?

Сæумæ хуарз, гъостæ!

Райгъал айтæ?

Сæумæ хуарз, къохтæ!

Райгъал айтæ?

Сæумæ хуарз, къæхтæ!

Райгъал айтæ?

Сæумæ хуарз, сæр!

Райгъал дæ?

Цæститæ кæсунцæ (цæститæ æрæхгæнунцæ, байгон унцæ).

Гъостæ игъосунцæ (армитъæпæнтæ гъостæбæл байвæрунцæ).

Къохтæ æрдзæф кæнунцæ (армитъæпæнтæй къæрццитæ кæнунцæ)

Къæхтæ тъуппитæ кæнунцæ (къæхтæй тъуппитæ кæнунцæ)

Сæр ба гъуди кæнуй (армитъæпæнæй æй æрсæрфунцæ)

Ура! Райгъал ан! (Къохтæ хæрдмæ)

Гъомбæлгæнæг: Хъæбæр хуарз! Нур ба уин бацеу-бацеу ракæнон. Анзæн æ циуавæр афони туххæй æй?

Бацеу-бацеу.

Уорс-уорсид фестунцæ фæзтæ,

Сæнт уорс пæлæзтæ – бæлæстæн.

Уазалæй уадæлттæ суйунцæ,

Уазали мæргътæ дæр тухсунцæ.

Сувæллæнттæ: Аци бацеу-бацеу зумæги туххæй æй.  

Гъомбæлгæнæг: Раст загътайтæ. Сувæллæнттæ, еу хатт ма исбæрæг кæнæн, зумæг ци æй, уой. Æркæсайтæ, на анзи афæнтти тумбулæгмæ æма байгъосетæ ихæслæвæрдмæ: еугур хузти æхсæнæй равзарун гъæуй, зумæгмæ си кæцитæ хауй, уони.

Гъазт: «Зумæгон тематикæбæл хузтæ равзарун»

Сувæллæнттæ зумæгон тематикæбæл хузтæ æвзарунцæ.  Зæгъæн,  (мети тъæфил, цонæгъ, метин  лæг, Метин Баба, кæрцæ,  ходæ,    къахцонæгътæ,  хъурбæттæн æма у.и.)

Гъомбæлгæнæг:  Хуарз исæнхæст кодтайтæ аци ихæслæвæрд.

Гъомбæлгæнæг кæсуй зумæги туххæй æмдзæвгæ:    

Æмдзæвгæ  «Зумæг  гъæди»

Ралæудтæй  бабæй  зумæг,

’Рбадумдта  нæбæл  тузмæг.

Алли  бон дæр  уаруй  мет,

Цæугæдонбæл - ехин  хед.

Робас балций  рацудæй,

Арс  лæгæти  ниллæстæй,-

’Ма  æ  дзæмбу  æстæруй.

Берæгъ  стонгæй  ниннеуй.

Уг  бæласæбæл   рæхцуй,

Узун  хуггоммæ  цæуй.

Халон  уазалæй  суйуй,

Хъуахъ -  хъуахъгæнгæ  ратæхуй.

Саг  æ  листæнбæл  лæууй,

Рæубес  берæгъæй  тæрсуй.

Тæрхъос  уалдзæг  имисуй

’Ма  мæрамæ  балæсуй.

Ралæудтæй бабæй зумæг,

’Рбадумта  удта  тузмæг…

Гъомбæлгæнæг: Сувæллæнттæ, уæ зæрдæмæ фæццудæй æмдзæвгæ? Кæци анзи афонæбæл финст ай? (Сувæллæнттæ дзуæппитæ дæттунцæ)

Нийффинста æй  Будайти Милуся.  

Гъомбæлгæнæг ма еу хатт кæсуй æмдзæвгæ. Базонгæ кæнуй сувæллæнтти æнæзонгæ дзурдти хæццæ: тузмæг, цæугæдон, ниннеуй, хуггоммæ.

Мобилон  æфтауæн «Ирон чиныг» - æй пайда кæнун. Аудиозапись «Зумæг гъæди». ( Сувæллæнттæ  игъосунцæ).

Уой фæсте ба, сувæллæнтти хæццæ æмдзæвгæ ахур кæнун  мнемотаблицæмæ  гæсгæ. (кæсæн приложенимæ) Дзоргæ -дзорун гъомбæлгæнæг æ гъос даруй, цæмæй интонацимæ гæсгæ аййев, раст дзоронцæ.

Гъомбæлгæнæг: Хъæбæр хуарз, сувæллæнттæ!

                   Змæлгæ гъазт «Мети гæлæботæ æма думгæ»

Медес: сувæллæнттæ дууæ къуаребæл дех кæнунцæ: еуетæ – «мети гæлæботæ», иннетœ – «думгæ».

Думгæ ку æрбацæуй: «у-у-у», уæд «гæлæботæ» уати зелдох кæнун райдайунцæ. Думгæ æрсабур æй æма «гæлæботæ» бадунцæ зæнхæбæл.

Иннæ хатт ба «гæлæботæ»  уодзæнæнцæ  «думгæ», «думгæ» ба – «гæлæботæ». Гъазунцæ (2-3 хатти)

Гъомбæлгæнæг: Сувæллæнттæ, мет ба цихузæн æй?

Сувæллæнттæ: Мет æй уорс, хæмпос, уазал, фæлмæн.

Гъомбæлгæнæг: Мет ма æй хъисхъисгæнагæ. Сæумон уазали къæхти буни куд фæгъæрзуй?

Сувæллæнттæ: Хæрст- хæрст,  хæрст- хæрст.

Сугъдæгдзоруйнаг «Гъизт зумæг»

Хæрст- хæрст- хæрст- хæрст.

Гъизт зумæг! (гъæрæй)

Хæрст- хæрст- хæрст- хæрст.

Гъизт зумæг. (ниллæгдæр гъæлæсæй)

Хæрст- хæрст- хæрст- хæрст.

Гъизт зумæг (бунтон ниллæг гъæлæсæй).

Гъазт «Зумæгон дзурдтæ»

Гъомбæлгæнæг: Зилдæй ралæудтан, æма зумæгон дзурдтæ дзорæн. Гъазунмæ нæ  гъæуй метин къубулойнæ. Къубулойнæ  кæрæдземæ цурд дæтгæй, тагъд гъæудзæй зумæгон дзурд зæгъун, кенæ ба ниттайдзæй (Метин Баба, хъурбæттæн, мети къубулойнæ, заз бæласæ, басилтæ, Метин кизгæ æма у.и.)

Гъомбæлгæнæг: Сувæллæнттæ, циуавæр гъæзтитæ уарзетæ зумæги?

Сувæллæнттæ: Дзонæгътæбæл гурун, хоккейæй гъазун, къахдзонæгътæбæл гурун, метин лæгтæ аразун.

Гъомбæлгæнæг: Уæ еугур дæр хуарз архайдтайтæ! Цæуæн нур ба тургъæмæ æма нæхе раерхæвсæн мети къубулойнитæй, метин лæг исаразæн.

 


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Æнæсцох ахурадон архайд (НОД) Темæ: «Бийнонтæ» Астæуккаг къуар

Æнæсцох ахурадон архайд  (НОД) Темæ: «Бийнонтæ» Астæуккаг къуар...

ГОМ АРХАЙДЫ КОНСПЕКТ ПОЛИЛИНГВАЛОН КӔСТӔР КЪОРД «ХУРЫ ТЫНТӔ»

конспект открытого занятия по развитию речи во второй группе раннего возраста на осетинском языке на тему "Весна"....