конспект занятия "Балц Нарты Дунема" (подготовительная группа)
план-конспект занятия (подготовительная группа)

Плиева Ольга Джумберовна

гом ахуыры конспект"Нарт"

Скачать:


Предварительный просмотр:

Бацæттæгæнæн къорды

Темæ:

             

                 Бацæттæ йæ кодта :        

                хъомылгæнæг Плиты О.Дж.

Æрыдон 2023 аз.


Темæ: Балц Нарты Дунемæ

Нысантæ:        

Зонгæ кæнын Нарты кадджытимæ сабиты.

Сывӕллӕттӕм рӕзын кӕнын уарзондзинад райгуырӕн бӕстӕмӕ.

Рæзын кæнын сывæллæтты хъуыдыкæнынад.

Ахуыр кæнын сабиты хи ныхæстæй дзурын кадæг.

Архайын мидисмæ гæсгæ фæрстытæн æххæст дзуаппытæ дæттын.

Сабиты ахуыр кæнын Нарты хъайтартæн аргъ кæнын.

Цæстуынгæ æрмæг: Нарты чингуыты равдыст, пазлтæ,амонæн фæйнæг, презентаций Нарты хъайтартæ, Нарты дыргъдон, предметон нывтæ.

Дзырдуат: зилахары фæз, хъайтар.

Рагагъоммœйы куыст:

Сабитимœ сахуыр кœнын œмбисœндтœ œмœ уыци – уыцитœ;

Кадæг «Нарты фæткъуы » бакæсын æмæ бамбарын кæнын сывæллæттæн кадæгы мидис.


Ахуыры цыд.

(Хъуысы ирон мелоди,сывæллæттæ æрбацыдысты).

Хъ.Уæ бон хорз , мӕ чысыл хуртӕ!Тынг æхсызгон мын у уæ фенд!

С. Æгас цу!

Хъ. Сабитæ, куыд кæсут афтæмæй нæм абон нæ ахуыртæм æрбацыд бирæ уазджытæ. Уазӕг хуыцауы уазӕг, æмæ ма сын салам раттæм.

С. Æгас цæут нæ зынаргъ уазджытæ!

Хъ. Ныр кæрæдзийы къухтыл æрхæцæм æмæ зылдмæ гæсгæ æрлууæм.

С.    Мах Алантæ стæм Алантæ,

Зарæм ,кафæм ,цинтæ уарæм.

Нæ зæрдыл ныстуантæ дарæм.

Нæ цардмæ амонд мах хæссæм.

Хъ. Сывæллæттæ, æркæсут ма, адон цавæр чингуытæ сты?

С. Ацы чингуытæ сты Нарты кадджытæ.

Хъ. Нæ зæрдыл ма æрлæууын кæнæм, нæ рагфыдæлтæ чи  уыдысты?

С. Нæ рагфыдæлтæ уыдысты – Скифтæ,Сæрмæтæ, Алантæ.

С.   Æз скиф дæн.

       Алайнаг туг мæ уæнгты,

   Нæ фыдæлтæ-мæ амондæр йæ хур

   Ирон дзырды хæзна мæ риуы

   Æз царды рухсмæ дæу

   Куы хæссын , о мæ хур!

   Мæ уæнгты кæлы алайнаг туг.

 Хъ. Тынг раст . Мах смахимæ стæм Аланты байзæдтагтæ.

Хъ. Сывæллæттæ, фæнды уæ Нарты дунемæ абалц кæнын?

С. О-о-о фæнды.

Хъ. Уæдæ нæ цæстытæ æхгæнæм æмæ æртæмæ анымайæм.

С. Иу-дыууæ-æртæ…

(хъусы ирон мелоди æмæ цъиуты зард)

Хъ. Акæсут ма, цы рæсугъд бæсты февзæрдыстæм.

Мæнæ ма ! Цы диссаджы бæлас! Цы ма кæй бæлас у?

С. Нарты фæткъуы!

Хъ. Нæ зæрдыл ма æрлæууын кæнæм таурæгъ «Нарты фæткъуы».

(Дзурынц сывæллæттæ)

Хъ. Тынг хорз!

1. Чи хъахъхъæтта Нарты фæткъуы?

(С. Нарты фæткъуы хъахъхъæттой Æхсар æмæ Æхсæртæг .)

2. Цы йæ давта фæткъуы йы?

(фæткъуы давтой æртæ маргъы)

3. Чи уыдис уыцы маргъ?

(Уыцы маргъ уыдис Донбеттыры чызг Дзерассæ).

4. Чи фервæзын кодта Дзерассæйы?

(Дзерассæйы фервæзын кодта Æхсæртæг)

Хъ. Мæ  гыццыл хуртæ  æз уын кæсдзынæн уыци-уыци тæ, сымах та дæтдзыстут раст дзуæппытæ.

  1. Нартæн басгуыхт кадджын хистæр,

Нæ уагъта иу тых æмæ стæр.

Нæ зыдта ‘нцой сæрд уа, зымæг,

Уый у Нарты Уырызмæг.

  1. Хъоппæгцæст, фæлæ уындджын,

Уыимæ ма уыд тыхджын.

Знæгты кодта , уый дæрæн

Хонæм æй – Нарты Сослан.

  1. Уый æвзыгъд æмæ хъæбатыр,

Тохы та уыди æгъатыр.

Алцæмæ дæр уыди рæвдз,

Хуынд Хæмыцы фырт Батрадз.

Хъ. Ныр та адарддæр кæнæм нæ балц….

(джигитовкæ йы мелоди).

Хъ. Мæ хуртæ, æрбахæццæ стæм зилахары фæзмæ!

Хъ. Зилахары фæз та цы у? Кæй фæз у?

С. Зилахары фæзы у Нарты хъæбатыртæ иу кæм æрымбырд сты,  балцы куы цыдысты уæд, цæмæй афæндараст уой æмæ сæ балц фæрæстмæ уа.

Хъ. Тынг хорз! Æрбадæм мæх дæр зилахары фæзы æмæ нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм , чи уыдысты Нарт ?

С. Нарт уыдысты сæрыстыр , æгъдауджын , зондджын , тыхджын адæм.

Хъ. Зæгъут ма мын цал мыггагыл дих кодта Нарт?

С. Нарт дих кодта æртæ мыггагыл – Æхсæртæгкатæ , Алæгатæ , Борæтæ.

Хъ.Нарты хъайтартæй кæй ты зонæм?

С. Нарты хъайтартæ уыдысты-Сослан, Уырызмæг, Сатана, Батрадз, Сырдон, Дзерассæ, Ацæмæз, Æхсæртæг, Æхсар .

(хъусы арвнæрд)

Хъ. Ай та цы диссаг у?

(экраныл фæзыны Уырызмæджы ныв)

Хъ. Мæнæ царциаты диссæгтæ! Ивгъуыдæй нæм цы уазæг фæзынд , цы? Кæй уынæм экраныл?

С. Нæ уазæг у Нарты Уырызмæг!

Хъ. Цы у уæ бон зæгъын Уырызмæджы тыххæй?

С. Нарты Уырызмæг уыд Нарты зондамонæг, сæ хистæр тæй иу , æгъдауджын ,намысджын .

С. Сатана, Уырызмæджы ус. У куырыхон æмæ зондджын . Фыццаг хатт бæгæны скодта. Йæ дыууадæс къæбицы дзаг уыдысты хæрд æмæ нозтæй.

С. Нарты Сослан. Уыд тыхджын, хъаруджын , сæрæн ,хъæбатыр ,ныфсхаст.

С. Сырдон. Нарты фыдбылыз, хин , кæлæн æмæ цыргъзонд .Йæ бон у йæхи хуыз аивын дæр: уæд сылгоймаг вæййы , уæд зæронд лæг. Нартæн фæлæуар кодта хъисын фæндыр.

С. Нарты Ацæмæз . Йа уадындзмæ уыд хуры тых. Йæ цагъдмæ – иу æрæмбырд сты сырдтæ , тæхаг цъиутæ , сæ фынæйæ – иу райхъал сты хæхтæ.

Хъ. Тынг хорз зонут Нарты хъайтарты фæлгонцтæ.

Хъ. Мах мæ дæр ис хъаруджын лæппутæ æмæ нын сæ тых равдисдзысты рагон Ирон хъасты «Къæбæлæй исын»-ы.

Змæлгæ хъазт «Бæндæнæй хъазт» 

(ирон мелодимæ)

Хъ. Тынг хорз мæ хуртæ. Нырта, адих ма ут дыууæ къордыл. Ай та цы диссаг у! Арвнæрдимæ нæм цы дымгæ æрбакодта , уый нын нæ ныфтæ сæмхæццæ кодта . Равæрæм ма сæ хъæугæ фæткыл.

Д/хъ  «Пазл æрымбырд кæн»

(уадындз , бæгæныйы къус,хъама,фат æмæ æрдын )

(ирон мелодимæ кусынц сывæллæттæ.)

Хъ. Тынг хорз!

Хъ. Мæ чысыл хуртæ , цæй æмæ цы предметтæ æмбырд кодтат уыдонимæ скæнæм синквейн.

Д/хъ «Синквейн»

Уадындз

Хъæдын , рæсугъд

Зары , хъазы ,цæгъды

Ацæмæз , хъæдын уадындзæй цæгъды.

Инструмент

Хъ. Æмбисонтæ зонут?

С. О – о – о  зонæм.

1 – аг сывæллон .   Нæртон лæджы дзырд Хуыцаумæ хъуысы.

2 – аг сывæллон.     Зондджын ныхас фат у,

                                  Йæ фехсын та – рдын .

3 – аг сывæллон.      Фыдæлты фарн æмæ æгъдау царды уидæгтæ сты .

Хъ. Мæгуыр уый у, йæ фыдæлтæ кæмæй ферох сты æмæ йе стыр галуаны йæхи дæр чи нал зоны.

Хъ. Тынг хорз ! Уый адыл мæ хуртæ нæ балц кæронмæ æрхæццæ , фæстæмæ нæ аздæхын хъæуы нæ уарзон рæвдауæндонмæ , нæ цæсты тæ ма бацъынд кæнæм.

(ирон мелоди цæгъды)

Хъ. Мæ чысыл хуртæ , нæ зæрдыл ма æрлæууын кæнæм кæм уыдыс тæм?

С. Мах уыдыстæм Нарты дунейы.

Хъ. Нарты хъайтартæй уæ зæрдæмæ чи фæцыдис?

(сывæллæтты дзуаппытæ)

(хъусы хъысин фæндыр)

Хъ. Мæ хуртæ, ивгъуыд  заманæй нæм арбацыд уазæг. Цыма чи у?!

Дз. Уæ бон хорз.Фехъуыстон тынг зондджын æмæ цырхзонд сывæллæттæ цæры ацы рæвдауæндоны.Базыдтад чи дæн? Æз дæн Донбеттыры чызг Дзерассæ. Æмæ уын æппæт Нарты номæй æрбахастон лæвæртæ, кæй тырнут ног з.онындзинæдтæм ,кæй аргъ кæнут уæ рагфыдæлтæн .Уæ райгуырæн бæстæй кæй уарзут, уый фæдыл айсут ацы лæвæртæ.                                                            

Хъ. Бузныг Дзерассæ.Сывæллæттæ , нæ абоны ахуыр кæронмæ æрхæццæ. Тынг хорз бакуыстат. Бузныг уе’ппæтæн дæр.

Хæрзбон зæгъæм нæ уазджытæн.

С. Хæрзбон

Хъ. Кæд æмæ кæд сфæлдыстой нæ фыдæлтæ «Нарты кадджытæ», фæлæ ныр дæр ма цæрынц кафты, зарды, нæ сывæллæтты сфæлдыстады.

Хъ. Табуафси , бакæсут нæ гыццыл лæвармæ . Нæртон симд , уæздан симд – фыдæлты фарн æмæ кад !


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Конспект интегрированного занятия в старшей группе «Каша – матушка наша» (конспект совместной образовательной деятельности в старшей групп

в данном занятие интегрируются следующие области: развитие речи, социализация, познание, здоровье. Дается представление о крупах, какие каши можно из них готовить....

План-конспект упражнений ДЛЯ РАЗВИТИЯ МЕЛКОЙ МОТОРИКИ (средняя группа) по теме: " Зимние забавы" конспект совместной деятельности в средней группе

Уточнение знаний о весёлых зимних  играх - забавах, зимних  природных  явлениях , используя  упражнения для  развития  мелкой   моторики  пальцев рук...

Конспект занятия – досуга для средней группы «Но, лошадка, но, лошадка, но, лошадка поскачи И ребяток, и ребяток на прогулку повези!» Конспект занятия – досуга для средней группы «Но, лошадка, но, лошадка, но, лошадка поскачи И ребяток, и ребяток на прог

Цель: знакомить детей с малыми фольклорными произведениями (потешками) закрепить знания о знакомых потешках, воспитывать любовь к родному языку через фольклор.Задачи:- создать радостное настроен...

Конспект НОД по речевому развитию в 1 младшей группе, в соответствии с требованиями ФГОС «Дружная семейка» Конспект НОД в первой младшей группе по теме: «Поиграем с пирамидками» Сенсорное развитие.

Статья на тему: «РАЗВИТИЕ РЕЧИ У ДЕТЕЙ 2-3 лет »Организация процесса адаптации детей младшего возраста в детском саду в условиях внедрения ФГОС дошкольного образования.Конспект непрерывной образовател...

Конспект занятия «Путешествие в Африку. Как помочь удаву?» план-конспект занятия по математике (подготовительная группа) на тему план-конспект занятия по окружающему миру (подготовительная группа)

Конспект занятия «Путешествие в Африку. Как помочь удаву?»Программное содержание: 1. Образовательные: учить пользоваться условной меркой при  определении величины предметов....