Аргъæутты дунемæ балц.
план-конспект занятия (старшая группа)

Плиева Альбина Эльбрусовна

Аргъæутты дунемæ балц.

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл viktorinaargautty_dunema_balts.docx396.72 КБ

Предварительный просмотр:

МУНИЦИПАЛОН ПАДДЗАХАДОН РÆВДАУÆНДОН №7

ВИКТОРИНА

«АРГЪÆУТТЫ ДУНЕМÆ БАЛЦ»

Бацаттæ кодта:

ирон æвзаджы хъомылгæнæг

Плиты Альбинæ

г. Алагир, 2021

Нысанта: 

  1. Сабиты ахуыр кæнын аргъауы архайджытн аргъ кæнын са цавæрдар миниуджытæм гæскæ;
  2. Тексты мидисмæ гæскæ фарстытæн дзуапп даттын грамматикон арæзтма гæскæ алыхуызон хъуыдыйадтæй.
  3. Æнæзонга дзырдтæ æмæ дзырдбастытæ амбарын канын.
  4. Адамон фольклормæ уарзондзинады анкъарæнтæ авзæрын канын сабиты зæрдæты; цымыдисæй хъусыныл са ахуыр кæнын.

Рагагъоммайы куыст: 

  • Аргъæутты чингуытæй сæрмагонд аркæст саразын.
  • Цалдæр аргъауы мидисмæ гæскæ (сабитæн зонгæ чи уа ахæм аргъæуттæ).
  • Бацæттæ кæнын фæрстытæ викторинайы хуызы.

Æрмæг: Жетонтæ, медальтæ.

Ахыры цыд

Хъомылгæнæг: Сывæллæттæ, уæ бон хорз!

Абон махмæ ис тынг цымыдиссаг ахуыртæ. Загъут-ма, цæмæй алцыдæр зонæм, уый тыххæй цы хъæуы? Цы кæсын хъæуы?

Сывæллæттæ: Уый тыххæй хъæуы чингуытæ кæсын.

Хъомылгæнæг: Раст загътат, сымах кæд кæсын нæма зонут, уæддæр уын уæ хистæртæ тынг бирæ фæкæсынц. Хъæуы сæм тынг лæмбынæг хъусын æмæ бирæ диссæгтæ зондзыстут. Куыд зонут афтæмæй ,чингуытæ сты алы хуызæттæ.Уæ зæрдыл ма æрлæууын кæнут, цавæр чингуытæ зонут?

Сывæллæттæ: Мах зонæм аргъæутты чингуытæ, æмдзæвгæтæ, уыци-уыцитæ, æмбисæндтæ, радзырдтæ æмæ а. д.

Хъомылгæнæг: Тынг раст. Сывæллæттæ, уарзут аргъæттæ?

Сывæллæттæ: О, уарзæм.

Хъомылгæнæг: Уæдæ мах абон абалц кæндзыстæм аргъæутты дунемæ. Сымах зонут бирæ аргъæуттæ æмæ сæ æртæккæ нæ зæрдыл æрлæууын кæндзыстæм. Уый тыххæй нæ дыууæ къордыл фæхицæн кæнын хъæуы.Саразæм аргъæтты викторинæ. Нæ къордтæн нæмттæ æрхъуыды кæнæм.

Сывæллæттæ: Иу къорд схонæм « Стъалытæ» иннæ та « Хуры тынтæ».

Хъомылгæнæг: Аргъæутты дунейы мах æмбæлдзыстæм сæ геройтимæ æмæ мын сæ сымах дзурдзыстут кæцы аргъауай у уый. Раст дзуапп чи радта уыцы къордæн лæвæрд цæудзæн жетон. Кæцы къордмæ фылдæр уа, уыцы къорд рамбылдта. Цæттæ стут?

Сывæллæттæ: О.

Хъомылгæнæг: Сывæллæттæ, зæгъут-ма, цавæр ныхæстæй райдайы аргъау?

Сывæллæттæ: Цардысты æмæ уыдысты…..

Раджыма-раджыма……

Хъомылгæнæг: Сывæллæттæ, аз уæм æвдисдзынæн нывтæ, сымах та мынæй загъдзыстут цавæр аргъауæй у уый.

1.Æртæ хæлары.

2.Хæлиудзых паддзах.

3.Кæсæн.

4.Æлдар æмæ мæгуыр лæджы хæрæг.

5.Хъазы цъиу йæ мады куыд агуырдта.

2 хæс: Сраст кæн рæдыд.

  1. Мæгуыр лæг æмæ бæх (хæрæг).
  2. Сæгь æмæ сæныкк(тæрхъус).
  3. Рувас æмæ бæлон(уæрцц).
  4. Зæронд арс(бирæгъ).
  5. Рувас, бирæгъ æмæ тæрхъус(арс).

3хæс: Базон Хетагкаты Къостайы æмдзæвгæтæ(нывтæм гæсгæ).

1. «Уасæг».

2. «Гино».

3. «Скъолайы лæппу».

4. «Цъиу æмæ сывæллæттæ».

5. «Бирæгъ æмæ хърихъупп».

4хæс:   Раст зæгъ ныхас.

1.Зылынкъах (арс).

2.Хъилхъус (тæрхъус).

3 Сайæгой (рувас).

4.Цъæх (бирæгъ).

5.Дугъон (бæх).

5хæс: Базон сын сæ хæлæртты.

1.Чи уыд тæрхъусы хæлар?(тæрхъусы хæдзар. Уасæг)

2 Чи уыд гидайы хæлар?(куыдз Шарик.Гидайы гуыранбон).

3. Вини-Пухы хæлæрттæ (Пяточок, Йа Йа, Кролик).

4.Кафхъуындар Генайы хæлар( Чебурскæ).

5.Шапокляк (уыры Лариска).

6 хæс: Базон уыци-уыци.

  1. Уарзы мыд, цæры хъæды , зымæг фынæй кæны. (Арс).
  2. Даргъ йæ хъустæ,Даргъ йæ рихи

Къуыпп йæ рустæ, къуырд йæ къæдзил. (Тæрхъус).

3.Фосмæ тынг йæ дæндаг дары

У зыдгæнæг мæ хъæхъхъаг(Бирæгъ).

4 Хъæды цæры диссаджы сырд.

Тас дз куы бацæуы

Уæд къуыбылой фесты (Уызын).

Хъомылгæнæг: Тынг хорз сывæллæттæ, базыдтат сæ. Уæдæ сырдты тыххæй æмбисæндтæ та чи зоны?

  1. Арсау-æмбыдхор, халонау-хæдмæлхор.
  2. Бирæгъæй чи тæрсы, уый хъæдмæ нæ цæуы.
  3. Маргъау ыл базыртæ базад.
  4. Рувас йæ фыны дæр кæрчытæ ахсы.
  5. Куыдз дæр йæхи дуармæ тыхджын у.

Хъомылгæнæг: Мæнæ цы зондджын стут. Сывæллæттæ нæ викторинæ кæронмæ æрхæццæ ис. Ныр банымайæм нæ жетонтæ, кæмæ фылдæр уа , уыцы къорд рамбылдта æмæ сын лæвæрд цæуы медальтæ.

Ныр та ма мын зæгъут, чингуытæм куыд зилын хъæуы?

Сывæллæттæ: Чъизи кæнæн сæ нæй, скъуынæн, сафæн. Хъæуы сæ хъахъхъæнын.

Хъомылгæнæг: Нæ викторинæ уæ зæрдæмæ фæцыдис?

Сывæллæттæ: О.

Хъомылгæнæг: Уæдæ чи рамбылдта уыдонæн амдзæгъд кæнæм æмæ кæрæдзийæн хæрзбон зæгъæм.

Сывæллæттæ: Хæрзбон! Нæ иннæ фембæлдмæ.

 


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Проект на тему "Дунай родной - посёлок на берегу моря"

Этот проект разработан для детей средней группы. Он пзволит пополнить знания малышей об истории родного посёлка, воспитать чувство гордости за место, в котором мы живём, познакомит с основателями посё...

Сказка про волшебника Оха и Дуню ленивицу

Интересная сказка-мюзикл для постанвки с детьми подготовительной группы и начальной школы...

Конспект развлечения «Про Дуню и Ваню» для детей младшей группы

прививать у детей любовь к устному народному творчеству, родному языку. Развивать коммуникативные умения. Вызвать положительный эмоциональный отклик, желание слушать и самостоятельно читать потешки, п...

« Балц райгуырæн зæххыл»

Базонгæ кæнын сабиты райгуырæн зæххимæ, символикæимæ, сæ нысаниуæгимæ.Уæрæхдæр кæнын сабиты зонындзинæдтæ,рæзын кæнын сæ хъусдард, хъуыдыкæнынад, фæлгæнæн. Хъæздыгдæр кæнын сæ дзырдуат....

Талисман 2022 г. Пекин Бин Дунь Дунь

Бин Дунь ДуньТалисман олицетворяет силу тела и воли спортсменов!Автор талисмана: Цао СюэБин Дунь Дунь На современном китайском слово «бин» имеет несколько значений, но в первую очередь озн...

Балцы уасӕджы къӕдзил агурынмӕ

Балцы уасӕджы къӕдзил агурынмӕ...