Къостайы гуырӕнбон 2019
план-конспект занятия
Предварительный просмотр:
МУНИЦИПАЛОН ПАДДЗАХАДОН РǼВДАУǼНДОН №7
КЪОСТАЙЫ БӔРӔГБОН
(ХИСТАР КЪОРД)
Бацаттæ кодта:
ирон æвзаджы хъомылгæнæг
Плиты Альбинæ
г. Алагир, 2019
Къостайы бӕрӕгбон .
(1859-1906).
(бацӕттӕгӕнӕн къорд).
1сыв. Рада
Нӕ Иры фӕссивӕд ! Къостайыл ныззарӕм.
Ирон лӕг кӕй уарзы фылдӕр?
Нӕ хуыздӕр ныхӕстӕй йӕ хорз ном ыссарӕм
Уый махӕн ӕгас у ныр дӕр.
2сыв. Агъуызарты Алыксандр
Ныззарӕм,фӕссивӕд нӕ Къостайы кадӕн,
Кӕнӕд йӕ кой арӕх кӕстӕр.
Сӕрӕнгуырдтӕ цас и Ирыстонӕн –Мадӕн
Къоста у сӕ тӕккӕ лӕгдӕр.
Хъомылгæнæг: Нӕ зынаргъ уазджытӕ,сывӕллӕттӕ,мах ӕрымбырд стӕм абон ам уымӕн ӕмӕ у Къостайы гуырӕнбон.Къоста куы райгуырд уымӕй абонмӕ рацыд 160азы. Адӕм уый бӕрц нӕ цӕрынц ,фӕлӕ ӕмдзӕвгӕтӕ ӕмӕ кадджытӕ, Коста кӕй ныффыста,абон дӕр цӕрынц , ӕмӕ цӕрдзысты. Ацы бӕрӕгбон ӕрмӕст мах рӕвдауӕндоны нӕ бӕрӕг кӕнынц, фӕлӕ Цӕгат Ирыстоны хъӕуты ӕмӕ горӕтты.
Песня о Коста.
Хъомылгæнæг: Зӕгъут ма, сыв-тӕ,Къостайы ном цы хӕссы нӕ горӕты?(нӕ сӕйрагдӕр уынг).ныр та байхъусӕм Къоста цы ӕмдзӕвгӕтӕ ныффыста уыдонмӕ.
«Зӕрватыкк». Кӕсы Томайты Аминӕ.
Зӕрватыкк-ӕнӕхъыг
Ӕнӕмаст цӕрӕг!
Дӕ зарӕг-нӕ дарӕг,
Нӕ уалдзӕггӕнӕг.
Хъӕлдзӕгӕй, ӕвзыгъдӕй
Фӕхӕтай фӕрнӕй,-
Нӕ хӕхты, нӕ бӕсты,
Ӕлдар кӕмӕн нӕй!
2.»Лӕгау» табуафси Тамик .
Фест райсомӕй лӕгау,
Ныхс сапонӕй дӕхи
Ӕмӕ скув: Хуыцау!
Фӕдзӕхсын дыл мӕхи!
Дзул к ΄ уаид уӕд бӕргӕ
Дау дӕр дзы хай фӕуид!
Куы нӕ уа , уӕд хӕргӕ!
Кӕрдзынӕй стонг ӕрвит!
Цӕттӕ дӕ хызын дар,
Тагъд де скъоламӕ уай!
Ӕнӕзивӕг куы уай,-
Хуыздӕр бынат дӕ бар!
Зондамонӕгмӕ хъус,
Цы загъа уый иу кӕн
Зӕрдӕхъӕлдзӕгӕй кус,
Ӕмӕ бӕззай лӕгӕн!
«Фӕззӕг» бакӕсдзӕн Арианнӕ.
Ӕхсӕлы ызгъӕлы,
Лӕджирттӕг фӕбур…
Мигъ бады цӕгаты,-
Нӕ йӕ тавы хур…
Ӕркарстам,ӕрластам
Нӕ хортӕ,нӕ хос
Чи кусы йӕ мусы,
Чи лвыны йӕ фос…
Хор бирӕ, фос бирӕ
Хуыцауы фӕрцы…
Нӕ хӕхбӕсты бӕркад,
Цы диссаг дӕ цы!..
Хъомылгæнæг: Адӕм иу тыллӕг ӕфснайд куы фесты,уӕд сӕхи ирхӕфстой : сӕ тых ӕвзӕрстой, бӕхтыл дугъ кодтой. Мах дӕр уӕдӕ нӕхи аирхӕфсӕм, ахъазӕм хъазтӕй «фӕззыгон лӕвӕрттӕ»
Хъомылгæнæг: Къоста бирӕ ӕмдзӕвгӕтӕ ныффыста сыв-тӕн, зӕгъӕм: «Гино»,»Уасӕг», «Зӕрватыкк» , «Скъолайы лӕппу»,»Фыдуаг». Сыв-тӕ бацӕттӕ кодтой Х. Къостайы ӕмдзӕвгӕтӕй арӕст попури, табуафси байхъусӕм ма сӕм.
Попури «Гино», Фыдуаг», А-лло-лай».
Хъомылгæнæг: Хетӕгкаты Къоста ныффыста ӕмдзӕвгӕты чиныг « Ирон фӕндыр» . Ацы чиныгӕй райдыдта ирон адӕмы литературӕ.(1899).
Ӕмдзӕвгӕ « Ӕрра фыййау» бакӕсдзӕн Найфонты Тамерлан.
Раджы хохы цъуппӕй касти
Иу ӕрра фыййау.
Мигъ ӕнгом йӕ быны бадти,
Урс цагъд къуымбилау.
Бахъазыд дын ӕм йӕ зӕрдӕ,-
Тӕккӕ былгӕрон
Дурыл авӕрдта йӕ къӕхтӕ:
«Агӕпп ӕм кӕнон,-
Загъта,- фос уал ам мӕ сӕрмӕ
Хизӕнд уӕзӕгыл,
Ӕз фӕхуысдзынӕн изӕрмӕ
Уыцы бӕмбӕгыл…»
Дардыл йӕ уӕнгтӕ фӕхаста,-
Гъопп!- зӕгъгӕ йӕхи
Пуртийы зыввытт фӕласта
Лӕг ныххӕррӕгъ и!
Хъомылгæнæг: Ӕмдзӕвгӕ «Дзывылдар» бакӕсдзӕн Дзитойты Марат.
Ӕнгуырдар-дзывылдар
Кӕм хӕтыс зымӕг?
Цы бӕты, цы хӕхты
Фӕтӕхыс уынӕг?
Кӕм рӕзынц , кӕм цӕрынц
Дӕ хотӕ , дӕ мад?
Тӕхуды, тӕхуды,
Кӕмӕн ис дӕ цард!
Хъомылгæнæг: Къоста…. уый ӕцӕгдӕр райгуырд ӕнустӕм,никуы ферох уыдзӕн йӕ ном канд ирон адӕмӕй нӕ фӕлӕ ма иннӕ адӕмыхӕттытӕй дӕр. Мах амондджындӕр стӕм нӕ рагфыдӕлтӕй,- ис нын ӕмбисонды тырыса – Къоста. Къоста сывӕллӕттӕн фысгӕйӕ дӕр у тохгӕнӕг, сӕрибармӕ сидӕг.
Ӕмдзӕвгӕ « Балцы зарӕг « бакӕсдзӕн Хъараты Алыксандр.
Цӕйут, ӕфсымӕртау
Раттӕм нӕ къухтӕ
Абон кӕрӕдзимӕ,
Иры лӕппутӕ!
Скӕнӕм нӕ тырыса
Дзыллӕйы номӕй,-
Рухсмӕ ӕнӕзивӕг
Цомут ӕнгомӕй!
Растдзинад уарзынӕй
Скӕнӕм нӕ фӕндаг…
Гъе- мардза , магуса!
Фесӕф, нӕуӕндаг!...
Хъомылгæнæг: Сабитӕ, уӕ цӕрӕнбон бирӕ, Къостайы ӕмдзӕвгӕтӕй тынг бирӕ зонут. Уӕдӕ ӕмбисӕндтӕ дӕр куынӕ зондзыстут?
- Кӕд дӕ ирон , уӕд де взаг зон! (Алина)
- Мады рӕвдыдӕй адджындӕр ницы ис! (хъараты Алыксандр)
- Хӕфсӕн йӕ лӕппын хуры тын! (Томайты Амина)
- Фӕззӕджы бӕркад афӕдз дары! (Гаматы )
- Йӕ взаг чин ӕ зоны, уый йӕ адӕмы худинаг каны!(Рада)
- Хистӕртӕм чи хъусы, уый никуы фӕрӕдидзӕн!(Арианна).
Хъомылгæнæг: Аивгъуыйдзысты азтӕ, ӕнустӕ, фӕлӕ Къоста ирон фӕсивӕдӕн ӕнустӕм уыдзӕн фӕзминаг айвады дӕр ӕмӕ царды дӕр, уымӕн ӕмӕ уый уыд номдзыд фыссӕг ӕмӕ стыр адӕймаг.
Лера:
Твое бессмертно будет имя
Сто жизней прожил ты земных,
Делами добрыми своими
Большую башню ты воздвиг!
Хъомылгæнæг: Сыв-тӕ, ныр та ма мӕнӕ экранмӕ ӕрбакӕсут, ӕмӕ мын зӕгъут:
- Чи уыд Х. Къоста?
- Кӕм райгуырд Къоста ?
- Цавӕр ӕмдзӕвгӕтӕ ныффыста сывӕллӕттӕн?
- Йӕ чиныджы ном куыд ысхуыдта?
Хъомылгæнæг: Нӕ зынаргъ уазджытӕ, нӕ бӕрӕгбон кӕронмӕ ӕрхӕццӕ ис ӕмӕ ма бакӕсут нӕ кӕронбӕттӕны Къостайы ӕмдзӕвгӕмӕ арӕзт равдыст «Цъиу ӕмӕ сывӕллӕттӕ».
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
План мероприятий по работе с родителями на 2017-2018, 2018-2019, 2019-2020гг.
Перспективный план работы с родителями на 2017-2020гг....
ВЫПИСКИ из протоколов городского методического объединения специалистов физкультурно-оздоровительного направления 2016, 2017-2018, 2018-2019, 2019-2020гг.+ФОТО.
Выписки из протоколов городского методического объединения специалистов физкультурно-оздоровительногонаправления 2016-2020гг....
Руководитель городского методического объединения специалистов физкультурно-оздоровительного направления, 2016, 2017-2018, 2018-2019, 2019-2020гг.
Руководитель ГМО 2016-2020гг....
Тема по самообразованию на 2018-2019, 2019-2020, 2020-2021 уч.год
Тема по самообразованию: «Экспериментальная и исследовательская деятельность как средство развития познавательной активности дошкольников» 2018-2019 г.; 2019-2020; 2020-2021...
План работы по “Году театра - 2019” второй группы раннего возраста на 2019 учебный год
План работы по “Году театра - 2019” второй группы раннего возраста “Б”на 2019 учебный год...