Сценарий ко Дню Коста Хетагурова на родном (осетинском )языке
методическая разработка (старшая, подготовительная группа)
Данный сценарий предназначен для детей старшей и подготовительной групп. В нем интересные факты из жизни поэта.Коста Хетагуров предтсавлен как поэт,как художник. Также рассказывается о достопримечательностях Северной Осетии,связанных с именем выдающегося поэта,основоположника литературного осетинского языка Коста Хетагурова.Даются стихи из сборника "Ирон фандыр".
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
сценарий к о Дню Коста | 116.92 КБ |
Предварительный просмотр:
164 азы Къостайы райгуырдыл
БАЦÆТТÆ ЙÆ КОДТА ХЪОМЫЛГÆНÆГ: Хæдзарæгаты Эльвирæ
Дæллаг Саниба
2023-2024 ахуыры аз.
Зал бæрæгбонхуыз фæлыст, къулыл Къостайы портрет, йæ фынгыл, дурыны дидинджытæ æвæрд, «Ирон фæндыр», æндæр чингуытæ Къостайы уацмыстимæ. Ауыгъд Къостайы конд нывтæ.
Ирон фæндырдзагъдмæ сабитæ бацыдысты залмæ, æрбадтысты сæ бынæтты.
Хъомылгæнæг:
- Зынаргъ сывæллæттæ,ныйарджытæ,хъомылгæнджытæ æмæ буц уазджытæ! Абон мах æрæмбырд стæм уымæн, æмæ нæ Иры зæдæн, нæ ном, æмæ нæ кад чи у, уыцы адæймагæн ,Хетæгкаты Къостайæн, у йæ гуырæнбон.
Бирæ азтæ рацыдис , Къоста куы райгуырдис уæдæй нырмæ. Адæм 164 азы нæ цæрынц, фæлæ æмдзæвгæтæ æмæ кадджытæ, Къоста кæй ныффыста, абон дæр цæрынц æмæ цæрдзысты.
–Зæгъут-ма, сывæллæттæ, кæм райгуырдис Къоста?
– Цы ран ис Нарыхъæу? (хохы, Уæлладжыры комы).
– Чи уыд Къоста? (фыссæг, нывгæнæг)
-Раст загътат.Къоста райгуырдисИрыстоны ,Нары хъæуы.
Ам,Нарыхъæуы, арвыста йæ сывæллоны бонтæ. Къоста куы райгуырд,уæд йæ мад амард .Сидзæрæй баззад хæрз гыццылæй.Къостайы схъомыл кодта се рвадæлты ус Чендзе. Куы сыстыр,уæд йæ мады ныв скодта адæмы ныхæстæм гæсгæ.Дисы бафтыдта Къоста адæмы,афтæ æнгæс уыд нывы йæ мад.
Хетæгкаты Къоста фыццаг хатт фехъуыста Нары хъæуы ирон адæмон зарджытæ, ам федта мæгуыр хæххон цард. Къоста бирæ æмдзæвгæтæ ныффыста сывæллæттæн.
Къоста тынг бирæ уарзта йæ райгуырæн бæстæ.Тынг æй фæндыдис,цæмæй ирон адæм хæларæй цæрой.
Байхъусут -ма,куыд сидтис ирон адæммæ, цы сын фæдзæхста.
1-аг сывæллон
Цæйут, æфсымæртау,
Раттæм нæ къухтæ
Абон кæрæдзимæ,Ирæ лæппутæ!..
Скæнæм нæ тырыса
Дзыллæйы номæй.
Рухсмæ æнæзивæг
Цомут æнгомæй!..
Рæстдзинад уарзынæй
Скæнæм нæ фæндаг…
Гъе-мардзæ,магуса!
Фесæф,нæуæндаг!
Къоста сидзæрæй баззад, æнæ мадæй хъомыл кодта, фæлæ уæддæр уыд хæларзæрдæ, сывæллæттимæ иу арæх хъазыд алыхуызон хъæзтытæй.
Уый тынг бирæ уарзта сабиты æмæ сын фыста алыхуызон æмдзæвгæтæ.
Сабитæ уæдæ ма мын зæгъут, куыд хуындис Къостайы чиныг?
Сабитæ: «Ирон фæндыр».
Раст. Ацы чиныгæй райдыдта ирон литературæ.
Абон сабитæ бакæсдзысты Къостайы æмдзæвгæтæ.
Хæрз гыццыл сабитæн ныффыста мæнæ ахæм æмдзæвгæтæ. Байхъусæм ма сæм.
2-аг сывæллон УАСÆГ
О, уасæг, уасæг,
Сызгъæрин къоппа!
О, уасæг, уасæг,
Сырхзæлдаг боцъо!
Куыд раджы фестыс,
Куыд хъæрæй зарыс?
Нæ буц лæппуйы
Хуыссын нæ уадзыс!
3-аг сывæллон «Гино»
Гино,гино,гис!
Иу гæды нæм ис,
Хъарм фæлмæн кæрц дары,
Къонайыл хуыссы,
Аргъæуттæ мысы,
Хъал зæрдæйæ зары…
4- æм сывæллон ФЫДУАГ
о, цъиусур,
Ма мæм дзур!
о, рувас,
Ма мæм уас! —
Хуысгæ ма кæнын.
о, цæргæс,
Ма мæм кæс!
о, тæрхъус,
Ма мæм хъус! —
Кæрдзыныл кæуын!
5- æм сывæллон СКЪОЛАЙЫ ЛÆППУ
— Кæй фырт дæ?
— Толайы.
— Кæм уыддæ?
— Скъолайы,
Алыбон дæр дзы вæййын.
Фæкæсын
А-бе-тæ,
Фæфыссын
Бе-ве-тæ,
Ахуыркæнынмæ бæллын.
Къоста гыццылæй уыд зæрдæргъæвд сывæллон.Уыдис коммæгæс,æнæзивæг,куыстуарзаг лæппу. Уый хъуыста хистæрты ныхасмæ æмæ йæ æххæст кодта. Ахуыр кæнынмæ æппындæр зивæг нæ кодта. Йæ иу æмдзæвгæйы дæр уый тыххæй фыссы:
6-æм сывæллон
ЛÆГАУ
Фест райсомæй, лæгау,
Ныхс сапонæй дæхи
Æмæ-иу скув: Хуыцау,
Фæдзæхсын дыл мæхи!
Дзул к’уаид, уæд бæргæ,
Дæу дæр дзы хай фæуид!
Куы нæ уа, уæд хæргæ!
Кæрдзынæй стонг æрвит!
Цæтгæ дæ хызын дар,
Тагъд де скъоламæ уай!
Æнæзивæг куы уай, —
Хуыздæр бынат дæ бар!
Зондамонæгмæ хъус,
Цы зæгъа, уый-иу кæн,
Зæрдæхъæлдзæгæй кус,
Æмæ бæззай лæгæн!..
7-æм сывæллон
КÆМÆН ЦЫ…
Алы куыстæн — рад.
Дзидзидайæн — мад.
Хорз фыййауæн — фос;
Бирæ фосæн — хос.
Хоры кæндæн — зад,
Хоры хæрдæн — кад.
Сонт рæдыдæн — барст;
Хорз зæрдæйæн — уарзт.
Рагон мастæн — тад;
Загъдкъахæгæн — над.
Магусайæн — цæф;
Цырд лæппуйаен — кæф!..
Коста бирæ уарзта йæ райгуырæн бæстæ, фыста æрдзы тыххæй.Абон нын бакæсдзæн æмдзæвгæ «Фæззæг» хистæр къорды саби.
8-æм сывæллон «Фæззæг»
Æхсæлы ызгъæлы,
Лæджирттæг фæбур…
Мигъ бады цæгаты, —
Нæ йæ тавы хур…
Æркарстам, æрластам
Нæ хортæ, нæ хос…
Чи кусы йæ мусы,
Чи ’лвыны йæ фос…
Хор бирæ, фос бирæ
Хуыцауы фæрцы…
Нæ хохбæсты бæркад,
Цы диссаг дæ, цы!..
Къоста ма ныффыста рæсугъд æмдзæвгæтæ уалдзыгон цъиутыл: зæрватыккыл æмæ дзывылдарыл. Байхъусæм ма сæм.
9-æм сывæллон
ДЗЫВЫЛДАР
Æнгуырдар — дзывылдар,
Кæм хæтыс зымæг?
Цы бæстæ, цы хæхтæ
Фæтæхыс уынæг?
Кæм рæзынц, кæм цæрынц
Дæ хотæ, дæ мад?
Тæхуды, тæхуды,
Кæмæн ис дæ цард!
10- æм сывæллон
ЗÆРВАТЫКК
Зæрватыкк — æнæхъыг,
Æнæмаст цæрæг!
Дæ зарæг — нæ дарæг,
Нæ уалдзæггæнæг!
Хъæлдзæгæй, æвзыгъдæй
Фæхæтай фæрнæй
Нæ хæхты, нæ бæсты,
Æлдар кæмæн нæй!
Тызмæгæй мæм ма кæс,
Мæ фыды зæронд,
Дæ зæрдæмæ ма хæсс
Мæ зæрдæйы конд!
Йæ фыды фæндиаг
Кæм вæййы фырт дæр? –
Лæппуйæ рæдиаг
Нæ вæййы æвзæр!
-Нæ абоны бæрæгбонмæ сабитæ бацæттæ кодтой ирон рагон рæсугъд хонгæ кафт.
«Хонга кафт»
-Къоста тынг бирæ уарзта сабиты. Фæндыди йæ, цæмæй рæзой хъæлдзæгæй, амондджынæй, кæрæдзи уарзгæйæ, хорз ахуыр кæной,хистæрты коммæ кæсой, уой Ирыстонæн аккаг хъæбултæ,уарзой сæ райгуырæн бæстæ,сæ мадæлон æвзаг. Къостайы канд Ирыстоны ,Уæрæсейы нæ,фæлæ мА йæ æнæхъæн дуней дæр зонынц! Ахæм номдзыд у! Къостайы Ирыстоны цæрджытæ уарзынц тынг бирæ.Йæ ном никуы ферох уыдзæн ирон адæмæй.
Къостайы ном хæссы нæ горæт Дзæуджыхъæуы рæсугъдæр уынгтæй иу, нæ фæлладуадзæн парк. Ирыстоны номдзыд нывгæнджытæ йын ныв кæнынц йæ нывтæ,фысджытæ та йыл фыссынц æмдзæвгæтæ æмæ зарджытæ.
Нæ Иры фæсивæд: Къостайыл ныззарæм,
Ирон лæг кæй уарзы фылдæр?
Нæ хуыздæр ныхæстæй йæ хорз ном ыссарæм!
Уый махæн æгас у ныр дæр!
Нæ гыццыл хуртæ! Мæн тынг фæнды ,цæмæй сымах дæр уарзат нæ райгуырæн бæстæ,Ирыстон,уарзат нæ мадæлон æвзаг,Къоста йæ куыд уарзта,афтæ.
Арфæ уын кæнын, цæмæй сымах дæр суат ахæм номдзыд, кадджын адæймæгтæ Ирыстонæн!
Мах, ирон адæм,хъуамæ Къостайы фæдзæхст æххæст кæнæм!
Рæстдзинад уарзынæй
Скæнæм нæ фæндаг...
Гъе, мардзæ, магуса!
Фесæф, нæуæндаг!..
Нæ бæрæгбоны кæрон сывæллæттæ азардзысты зарæг.
Сабиты зарæг
Сабитæ, азарæм иумæ нæ зарæг.
Махæн у райгуырæн бæстæ -нæ дарæг.
Арвæй рæсугъддæр, хурæй тыхджындæр
Махæн нæ бæстæ. Арвæй рæсугъддæр,
Хурæй тыхджындæр, нæ Иры бæстæ.
Зарæм нæ зарджытæ барджын, уæндонæй
Иумæ фæллойгæнæг сабиты номæй.
Арвæй рæсугъддæр, хурæй тыхджындæр,
Махæн нæ бæстæ.
Арвæй рæсугъддæр,
Хурæй тыхджындæр,
Нæ Иры бæстæ!
Зынаргъ сабитæ, ныййарджытæ æмæ хъомылгæнджытæ!Къоста райгуырдис бæркадджын фæззæджы. Хуыцау уын ахæм арфæ ракæнæд,æмæ уæ царды бæркад фылдæрæй-фылдæр куыд уа,нæ гыццыл сабитæ та дзæбæхæй куыд бахъомыл уой æмæ фидæны Ирыстонæн аккаг хъæбултæ куыд суой!
-Нæ бæрæгбон кæронмæ æрхæццæ.
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
День Осетинского языка
День Осетинского языка...
День рождения Коста Хетагурова
156 лет назад в селе Нар, что находится в одном из самых удивительных уголков Северной Осетии, у одного уважаемого человека – Хетагурова Левана, родился сын. Старейшины села дали ему имя Коста....
Речевое развитие + осетинский язык в старшей группе ТЕМА: «Дом» - Винегрет из сказок /обучение осетинскому языку
Конспект занятия по речевому развитию с элементами обучения роднму языку в старшей группе...
День рождения Коста Хетагурова
Конспект мероприятия в старшей группе...
Тематическая неделя, посвященная 158-летию со Дня рождения Коста Хетагурова .
15 октября 2017 года наша республика отмечает 158 лет со Днярождения великого осетинского поэта, художника, основоположникаосетинской литературы Коста Левановича Хетагурова....
Речевое развитие + осетинский язык ТЕМА: «Дом» - Винегрет из сказок /обучение осетинскому языку
Речевое развитие + осетинский языкТЕМА: «Дом» - Винегрет из сказок /обучение осетинскому языку...
Проект в подготовительной группе Тема: «Жизнь и творчество Коста Хетагурова»
Цель: Познакомить детей с жизнью и творчеством Коста. Создать условия для активного использования литературного опыта детей в их творческой деятельности.Задачи для детей:1.Расширять знания детей о жиз...