Мастер-класс "Гендерное воспитание"
методическая разработка на тему
Предварительный просмотр:
БЕСЛАНЫХЪÆУЫ МУНИЦИПАЛОН
ХЪАЗНАЙЫ СКЪОЛАЙЫАГЪОММÆ АХУЫРАДЫ СЫВÆЛЛÆТТЫ
14-ÆМ РÆВДАУÆНДОН
Мастер-класс «Гендерон ахæст нæ фыдæлтæм»
20.02.2018 азы
Бацæттæ кодтой ирон æвзаджы хъомылгæнджытæ:
Дзиуаты Жаннæ, Хабæты Индирæ.
Насан: равдисын педагогон фæлтæрдзинад гендерон ахæст скъолайыагъоммæ цы сабитæ сты уыдоны хъомылады, ахуырадон уадоны цы уавæртæ ис,уыдоны фæрцы.
1.Базонгæ кæнын ахуыргæнджыты хицендзинæдты тынгæдимæ скъолайыагъоммæйы кары лæппуты æмæ чызджыты æхсæн.
2.равдисын ахуыргæнджытæн практикон æрмæг , кæцы баххуыс кæндзæн гендерон хъомыладæн скъолайыагъоммæйы сабитимæ куыстæйæ.
3.Баххæст кæнын теорикон информации гендерон хъомылады фарстаты.
4.Рауæрæхдæр кæнын ахуыргæнджыты зонындзинæдтæ сабиты гендерон хъомылады хицендзинæдты.
5.Рагон хъæзтыты фæрцы равдисын хицæндзинæдты лæппутæ æмæ чызджыты хсæн.
Алы бон æгас нæм цæуыт,нæ буыц уазджытæ!
Абон та уазæгуаты стут махмæ, Бæсланыхъæуы!
Цы взагыл дзурæм?
Мæ кæд иронау дзурæм, уæд чи стæм?
Уæд нæ райгуырæн бæстæ та цы хуыйны?
Ирыстонæн ис 3 символикæйы. Цавæр ысты? (Гимн, Герб, Тырыса)
Цы у гимн?
К æм фæхъуысти ис гимн?
Нæ ирыстоны гербыл цы нывгонд ис? (фыранк, хæхтæ).
Нæ тырысаий та цал хуызы ис? Цавæртæ сты? Цы нысан кæнынц? Кæм фенæн ис Ирыстоны тырыса?
Рагæй æрæгмæ нæ Ирыстон уыд зындгонд адæм, кæцытæ йын йæ кад бæрзонд кодтой.
Ǽрлæууын ма кæнут уæ зæрдыл, цавæр зындгонд адæм зонæм: К.Хетагуров, В.Абаев, В. Гергиев, И.Плиев, Б. Ватаев, С. Андиев, Ю. Кучиев А. газданова, В. Дударова, З. Бритаева, С. Адырхаева и т. д.
Иу ныхасæй афтид нылгоймæгтæ нæ бæрзонд кæнынц Ирыстоны кад, фæлæ сылгоймæгтæ дæр фæстæйы нæ зайынц. Фæстаг рæстæг нæ Ирыстоны тырыса кадимæ сæрыстыр æй бæрзæнтты хæссынц нæ спортсментæ. Алы бæсты равдисынц сæ арæхстдзинад, тых æмæ зонд.
Нæ фыдæлт æй нæм баззад тых, æфсарм æмæ хъабатырдзинад.
Нæ фыдæлтæ цардысты хæхбæсты, сæ цард æнцон нæ уыдис, бирæ фыд æбон кодтой. Мах хуызон фæрæзтæ æмæ фадæттæ нæ уыд. Махæн цы мигæнæнтæ æмæ хъазæнтæ ис уæд нæ уыди.
Фæлæ сæм уыд: æгъдау, æфсарм, хъару, тых, лæгдзинад, уыдысты куыстуырзон, кæрдзын дæттон, уазæгуар. Сæ сывæллæтты хъомыл кодтой уарзты. Лæппуты æмæ чызджыты алы хуызон. Сæ авдæны зарæг дæр уыд алы хуызон, сæ куывттæ дæр. Лæппуй æн кодтой кæхц, цæуунæг –заз, чызытæн та авдæнбæтт æн.
Ирон адæммæ лæппу каджын уыд. Хъомылад стыр бынат ахста нæ фыдæлтæм. Сывеллонмæ къух исын нæ хъуыд, цæст æнгасæй æмбæрстой. Худинаг уыд хæдзар æй хъæрныхас райхъуысын.
Сæ сабитæн иу дзырттой «мæ цæст», «мæ хур», «мæ къона».
Ирон адæмм æ ахæм æмбисонд баззад: «Бæлас талайæ тасы».
Сæ сабиты гыццылæй æфтыдтой куыстыл, хистæрты фæзмыдтой.
Чызджытæ куы рахъомыл ысты, уæд сæ ахуыр кодтой хи дарын, раст дзуырын,фæндырæй цæгъдын, кафын, æгънæджытæ кæнын.
Лæппуты ахуыр кодтой хос кæрдын, ласын, суг сæттын, фосмæ зилын. Ахуыр сæ кодтой бæхыл бадын.
Лæппуты кафт «Бæхал».
Лæппутæн æмæ чызджытæн сæ хъастытæ уыдысты алы хуызон.
Чызджытæ хъазыдысты: тыджытæй, хæцилын куклатæй, чындзытæй. Лæппутæн фылдæр хъазтытæ уыд «Фат æмæ æмæ æрдынæй», «Чепена», хъултæй, дуртæй.
Чызджытæн не мбæлыд лæппуйы кастæй казын.
Чызджытæ фылдæр уарстой кафын.
Мах дæр акафæм «Чызджыты кафт».
Дид. хъаст «»Цы у?» (узнай по фрагменту)
Нанайы æрбыцыд.
Хъаст «Чи тахтæр базгъалдзæн нахтор?»
«Чи зоны пирын æмæ æлвисын» (назвать атрибуты)
«Тыджытæ»
Нана куыроймæ ацыди.
Лæппуты ма ухуыр кодтой кау бийын дæр. Мах дæр бафæлварæм.
Чызджытæ та иу фæрдгуытæ кодтой. Скæнæм ма мах дæр.
Раджы заман систæ нæ амадтой, фæлæ быдтой каутæ. Акæсон нæ кауы сæрты.
Мæнæ та нæ сыхæгты чындз йæ цылынимæ сырт сырт кæны.
«Уайсадæг чындз»- сценкæ.
Ацы гыццыл равдысты зыны ирон адæмы æгъдау æмæ æфсарм. Кæстæр-хистæр нæлгоймаг æмæ сылгоймагæн кад уыд.
Нæ фыдæлтæй нæм ахæм æмбисонд баззад «Зонд хистæрай кæстæрмæ у». Æмæ мах хъуамæ нæ адæмы æгъдау ма фесафæм.
Цæмæй нæ фæлтæртæ хæссой фидæнмæ нæ фыдæлты кад æмæ намыс.
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Понятие культуры поведения (гигиеническое воспитание, воспитание культуры общения, воспитание культуры деятельности)
Доклад к педсовету Понятие культуры поведения (гигиеническое воспитание, воспитание культуры общения, воспитание культуры деятельности)...
НОД "Хоровод дружбы"Актуальность: Проблема патриотического воспитания подрастающего поколения сегодня одна из наиболее актуальных. Патриотическое воспитание дошкольников - это не только воспитание любви к родному дому, семье, детскому саду, городу, родно
Актуальность: Проблема патриотического воспитания подрастающего поколения сегодня одна из наиболее актуальных.Патриотическое воспитание дошкольников - это не только воспитание любви к родному дому, се...
Музыкальное воспитание – это не воспитание музыканта, а, прежде всего, воспитание человека».
Музыкальное воспитание – это не воспитание музыканта, а, прежде всего, воспитание человека»....
Ш.А.Амонашвили Баллада о воспитании Истинное воспитание Ребёнка – в воспитании самих себя
Баллада о воспитании Истинное воспитание Ребёнка – в воспитании самих себя...
Трудовое воспитание является одной из важнейших сторон воспитания подрастающего поколения. В детском саду трудовое воспитание заключается в ознакомлении детей с трудом взрослых, в приобщении детей к доступной им трудовой деятельности.
Цель: учить детей ухаживать за комнатными растениями; поливать из леечки водой комнатной температуры; закреплять знания детей о разных способах полива комнатных растений. Развивать аккуратность при...
Консультации для родителей «Уроки милосердия в современной семье» «Воспитание чувства милосердия» «Воспитание у детей чувства доброты и милосердия» «О воспитании милосердия» «Воспитание сердца» «Зорко одно лишь сердце»
Консультации для родителей «Уроки милосердия в современной семье» «Воспитание чувства милосердия»«Воспитание у детей чувства доброты и милосердия»«О...
Современные подходы и концепции воспитания В процессе поисков и определения движущих сил воспитания и его структурных элементов образовался специальный раздел педагогики под названием «Теория воспитания». В область его изучения попали все классические и
В процессе поисков и определения движущих сил воспитания и его структурных элементов образовался специальный раздел педагогики под названием «Теория воспитания». В область его изучения поп...