Сказка на осетинском языке " Волк и семеро козлят"«АВД СÆНЫЧЧЫ ÆМÆ ЦЪÆХ БИРÆГЪ»
план-конспект занятия по развитию речи
Аргъаугæнæг: Раджыма – раджыма хъæды рæбын иу гыцыл хæдзары царди сæгъ! Æмбисонды рæсугъд сæгъ æмæ йын уыдис авд хуры хуызæн сæныччы!.Иу хатт куы уыдис, уæд сæгъ цæхæрадонмæ цæуын фæнд скодта, æмæ йæ сæныччытæн бафæдзæхста:
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
stsenariy.docx | 20.07 КБ |
Предварительный просмотр:
СЦЕНАРИЙ – АРГЪАУ «АВД СÆНЫЧЧЫ ÆМÆ ЦЪÆХ БИРÆГЪ»
Аргъаугæнæг: Раджыма – раджыма хъæды рæбын иу гыцыл хæдзары царди сæгъ! Æмбисонды рæсугъд сæгъ æмæ йын уыдис авд хуры хуызæн сæныччы!.Иу хатт куы уыдис, уæд сæгъ цæхæрадонмæ цæуын фæнд скодта, æмæ йæ сæныччытæн бафæдзæхста:
Сæгъ: О, мæ гыццыл сæныччытæ,
Сымах зайут æнæ мадæй
Æз цæуын цæхæрадонмæ
Æрбахæссон къабускатæ.
Зоны зæрдæ мæ къонатæ.
Цъæх бирæгъ æрбацæудзæн
Базард: Бадын хъæуы, хъусут сымах
Донæй сабырдæр, ныллæг кæрдæгæй.
Авд гуыдырыл дуар сыхгæнут,
Æрмæст уæ мадæн дуар бакæнут.
Ох,тæрсын æз мæ къонатæ,
Куынæ базонæт бирæгъы
Базард: Бадын хъæуы, хъусут сымах
Донæй сабырдæр, ныллæг кæрдæгæй.
Аргъаугæнæг: Ацыди сæгъ цæхæрадонмæ, къабускатæ. хæссынмæ,.уæдæ цы уыдаид. Сæныччытæ та дуар фидар сыхгæдтой æмæ кафын райдыдтой.
Бирæгъ: Дæ бон хорз Дзегыдæ!
Сæгъ: Æгас цу цъæх бирæгъ!
Бирæгъ: Фæлæу ма, Дзегыдæ , дыууæ ныхасæн мæ хъæуыс,
Сæгъ: Æз кадджын мыггаджы чызг дæн,
Цы ныхасаг ис мæн бирæгъимæ?
Бирæгъ: Бахатыр кæн Дзегыдæ, бирæгътæ дæр се ҆ппæт иухузон не ҆сты,
Сæгъ: Уæдæ ма цавæр ҆сты? Кæд мын сызгъæрин коцораджын нæ дæ!
Бирæгъ: Сызгъæрин нæ, фæлæ мæ хъæлæс у зæлдаг!
Мæ хуры хай рæсугъд Дзегæ,
Куынæ дæ федтаин бæргæ,
Дæ хъазынмæ, дæ зарынмæ
Кæм лæууы иунæджы зæрдæ,
Сæгъ: Дæ дзыхы дзырд æнæ рæдыд,
Ныццæвы зæрдæйы кæрон,
Цы кæндзынæн, куыд цæрдзынæн
Æнæ дæу, о мæ бон бирæгъ!
Мæнæ диссаг! мæнæМæнæ мыл куыд баизæр
Нæ мæ ҆вдæлы бирæгъ!
Афонмæ мæм мæ дзыкъытæ æнхъæлмæ кæсынц!
Бирæгъ: Ма тыхс! Ма тыхс дæ дзыкъытæм дын æз фæкæсдзынæн
Мæнæ ис уæздан Дзегыдæйы хæдзар!
Цæй æмæ бахойон!
Æз æрбацыдтæн мæ къонатæ, мæ дзæкъул у бынтон йезаг!
Сæн: Хъусæм, хъусæм уый нæ мады хъæлæс нæу!
Бирæгъ: Ма тæрсут, æз уæздан бирагъ дæн,æз саныччыты нæ хæрын
Дуар бакæнут мæ гыццыл дзегатæ!
Сæн: Нæ, нæ, цытæ дзурут, нæ мæд нæ уадзы дуар гом кæнын !
Бирæгъ: Ма тæрсут мæнæй, æз уæ фыд дæн!
Сæн: Нæ фыд? Нæ фыд? Нæ фыд? Æрбацыд!
Мах нæ тæрсæм бирæгъæй
Бирæгъæй бирæгъæй
Бирæгъы нæ сыкъатæй,
Сыкъатæй, сыкъатæй,
Ныцъæл кæндзыстæм!
Радыгай, радыгай,радыгай!
Де ҆ккойы та цы ис нæ фыд? –
Бирæгъ: Голлаг мæ къонæтæ!
Сæн: Голлаг, голлаг! Æмæ цы ис дæ голладжы?
Бирæгъ: Уый мæ хуртæ хуымæтæджы голлаг нæу,
Уый æмбисонды голлаг у, æмбисонды,
Сæн: Дæлæмæ дæр голлаг æмæ уæлæмæ дæр голлаг
Сызгъæрин дæр фестæд, йæ мидæг куы ницы уа уæд!
Бирæгъ: Цытæ дзурут мæ къонатæ! Йæ мидæг та лæвæрдтæ.
Сæн: Лæвæрдтæ? – мах бирæ уарзæм!
Бирæгъ: Уæ мад Дзегыдæ куы ҆рбацауа. Уæд сæ фендзыстут мæ къонатæ
Сæн: Нæ уын загътон, сайгæ нæ кæны сайгæ бирæгъ!
Цæй æмæ йын йæ фæрстæ ныцъæл кæнæм!
Бирæгъ: Байкъусут ма дзыкъытæ, Нæ уæ сайын, мæ мад, мæ фыды стæн!
Цомут æмæ уал цъæх нæуыл ахизæм нæ мады æрбацыдмæ.
Стæй бæрæг уыдзæн, чи кæй цъæл кæна уый!
Дзегыдæ: О, мæ гыццыл сæныччытæ,
Цы фестут мæ къоната,
Нæ байхъуыстат ныййарæгмæ
Ныууагътат мæ дзыназгæйæ
А-а-а-а-а-а-а-а-а-а-а-а-а—а
Мады хъæлæс уæ ферох и
Нæ базыдтат цъæх бирæгъы
Аа-а-а-а-а-а-а-а-а—а
Кæм уыдыстут мæ къонатæ?
Цъæх бирæгъ уæ нæ бахъыгдæрдта?
Сæн: На –на цы тæ дзурыс уый нын лæвæрдтæ æрбахастæ.
Дзегыдæ: Федтай, амæндтæ Хуыцаумæ лæвæрд ҆сты!
Бирæгъ: Раст зæгъыс, раст, амонд дæм кæцæй бахуддзæн, уый ничи зоны,
Бирæгъ: Мæнæ сты мæ къонатæ! Ла –ла - ла –ла – ла
Мæ зардæ дын тæбæгъыл æрбахастон
Мæхицæй æнæхæдзар куы сарæзтон,
Æхсæвæй, бонæй æз дæ уындмæ куы бæллын
О, Хуыцау! Кæм ис амонд цъæх бирæгъы
О, Хуыцау! Мауал ма ма мар!
Баззайын æмбисæхсæвмæ стыр уынджы
О, Хуыцау! Кæм ис амонд цъæх бирæгъы!
Аргъауы архайдтой: Цъæх бирæгъ – Тедеты Кристина
Дзегыдæ – Зелегаты Амина
Сæныччытæ – Сокуренко С,
Гуриаты Б,
Багаты З,
Дзанæгаты М,
Савиди А,
Сланты А
Мелыгкаты А.
Аргъау амыдта: Къубалты Агуындæ
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Кукольный спектакль для детей 1 младших групп по русской народной сказке «Волк и семеро козлят» с элементами ОБЖ. «Коза и волк»
Кукольный спектакль для детей 1 младших групп по русской народной сказке «Волк и семеро козлят» с элементами ОБЖ.«Коза и волк»Программное содержание: Вызвать у детей эмоциональный о...
Музыкально - театрализованное представление по мотивам русской народной сказки "Волк и семеро козлят". Сказка на новый лад.
Театрализованная деятельность - важнейшее средство развития у детей эмпатии, т. е. способности распознавать эмоциональное состояние человека по мимике, жестам, интонации, умения ставить себя на его ме...
Конспект культурно – досуговой деятельности «Сказка для мамы» Инсценировка для детей подготовительной группы по мотивам сказки "Волк и семеро козлят"
Цель: постановка мини-спектакля к дню матери по сказке "Волк и семеро козлят".Задачи:- развитие эмоциональной отзывчивости, артистизма, выразительности исполнения;- воспитание интереса к театрализован...
Конспект занятия по развитию речи во 2 младшей группе «Сказка в гости к нам пришла» (по мотивам сказки «Волк и семеро козлят», «Заюшкина избушка»)
Воспитание интереса и любви к народным сказкам....
Подвижная игра «Козлята и волк» (по мотивам сказки «Волк и семеро козлят») Для детей 2-3 лет
Подвижная игра«Козлята и волк»(для детей 2-3 лет) Классификация: сюжетная игра большой подвижности. Цель: Развитие координации движений, повышение положительного настроя и ...
Конспект занятия по развитию речи во 2 младшей группе «Сказка в гости к нам пришла» (по мотивам сказки «Волк и семеро козлят», «Заюшкина избушка»)
Программные задачи:Образовательные: учить детей правильно строить ответ на вопрос, поставленный воспитателем, отвечать полным предложением. Воспитывать интонационную выразительность речи, упражнять в ...
Занятие по ознакомлению с художественной литературой. Сравнение русской народной сказки «Волк и семеро козлят» и таджикской народной сказки « Коза с кудрявыми ножками
Такие нравственные категории, как добро и зло, хорошо и плохо, можно и нельзя, целесообразно формировать своим собственным примером, а также с помощью народных сказок...