Конспект НОД Нанамæ уазæгуаты
план-конспект занятия (старшая группа) на тему
НОД по осетинскому языку "В гостях у бабушки"
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
konspekt_nod_nanamae_uazaeguaty.docx | 16.54 КБ |
Предварительный просмотр:
Ирон æвзагыл æрмæг
Темæ: «Нанамæ уазæгуаты»
Рæвдауæндоны кусæг Хуыгаты Э.В.
- Сабитæ, нæуазджытæн «Уæ бон хорз!» зæгъæм. Ныр мæм хæстæг æрбалæуут æмæ нæ æнггуылдзтæн улæфты минут саразæм.
Махæн нæ талас дидинджытæ
Уадзынц дидинсыфтæ
Дымгæ сабыр улæфы,
Дидинджытыл узæлы.
Махæн нæ сырх-сырхид дидинджытæ
Æхгæнынц сæ дидинсыфтæ,
Сабыргай фынæй кæнынц
Тилынц сæ сæртæ.
- Сывæллæттæ, зæгъут-ма, цавæр аргъау кастыстæм æрæджы?
- Гида арвмæ куыд атахти.
- Чи мын радзурдзæн йæ мидис?
-(сывæллæтты радзырд)
- Гидайæн чи уыди? (Нана)
-Нана цавæр адæймаг у?
-Раст у. Гидайæн ис тынг хорз Нана. Мах уый тыххæй кастыстæм бирæ аргъæуттæ. Кæд уæ фæнды, уæд æм абон та уазæг уаты ацæуæм. Фæнды уæ?
-О!
- Сбадæм автобусы æмæ нæ аласдзæн Нанамæ. Билеттæ уал райсут. Иууылдæр уæ бынæтты сбаддзыстут? Хорз, мæ хуртæ. Уæдæ ма мын зæгъут дæуæн кæцы бынат у?
- Хорз, мæ хуртæ. Дард у фæндаг æмæ цалынмæ цæуæм,уæдмæ ма мын дзуапп радтут ахæм фарстатæн:
-Нæ республикæйы ном куыд хуыйны? (Цæгат Ирыстон Алани)
- Ранымайут ма мын нæ республикæйы цал горæты ис?
- Уыдонæй сæйраг горæт кæцы у? (Дзæуджыхъæу)
- Цавæр хъæутæ зонут Цæгат Ирыстоны?
- Нанайы хъæу та хуыйны Хохы Дæргъæвс. Бахъуыды йæ кæнут.
- Мæнæ æрхæццæ стæм нанайы хъæумæ. Ныр та нæ хъæуы доны сæрты ахизын. Цæмæй доны сæрты ахизат, уый тыххæй мын алчидæр дзурдзæн Ирыстоны цæугæдæтты нæмттæ. Цавæр цæугæдæттæ ис Ирыстоны? (сывæллæттæ дзуапп дæттынц, афтæмæй хизынц доны сæрты).
- Æвæццæгæн ам цæры Нана, бахойæм ма йæм (хойынц).
(Мæсыгæй рацыд Нана. Бацин кодта сывæллæттыл, бахуыдта цæ мæсыгмæ).
- Мæнæ мæм цы диссаджы дзæбæх уазджытæ æрбацыд. Мидæмæ мæм рахизут. Абадут мæ алыварс, мæ хуртæ, æмæ радзурут, чи стут? Зæгъут ма мын уæ нæмттæ, уæ мыггæгтæ.
- Ныр уæ зондзынæн. Дард горæтæй мæм фæцыдыстут, æмæ нæ хæхтæ уæ зæрдæмæ фæцыдыстыæ (О!)
-Уæдæ уын æз ныртæккæ радзурдзынæн Мады хох куыд равзæрди, уыцы таурæгъ.
(сывæллæттæ таурæгъмæ хъусынц)
- Мæнæ диссаг! Дзурыныл фæдæн мæ фæ айрох сты. Фæкæсут ма мæм, мæ хуртæ, фосæн хæринаг авæрут.
Хъазт «Бафсæд фосы»
- Цæхæрадонæй голладжы дзаг дыргътæ æмæ халсартæ æрбахастон æмæ ма мын сæ равзарут. Халсартæ сæвæрут иу чыргъæды, дыргътæ та иннæ чыргъæды. Æз та уын хыссæ ракæнон.
- Стыр бузныг мæ къонатæ! Тынг хорз мын баххуыс кодтат. Бафæлладыстут? Ныр та улæфгæ акæнæм.
Цæхæрадонмæ мах цæуæм,
Халсартæ æмбырд кæнæм.
Нæ фæндаг у цыбыр, къундæг,
Нæ къахфындзтыл арæхстæй цæуæм.
Бæлæсты алфæмбылай æрзилæм.
Азгъорæм ныр сабыргай,
Улæфгæ дæр акæнæм,
Стъолы уæлхъус абадæм.
- Сывæллæттæ, 3 чъирийы дæр сфыхтысты. (сæ нысаниуæг цын бамбарын кодта) Ныр уын сæ уемæ атухон æмæ сæ рæвдауæндонмæ куы ныццæуат, уæд бахæрут.
- Сывæллæттæ, сбадæм фæстæмæ автобусы. Нæ фæндаг цæмæй схъæлдзæг кæнæм, уый тыххæй азарæм. (зарынц «Сабиты зарæг»)
- Уый адыл нæ ахуыр фæци. Сывæллæттæ, кæдæм ацыдыстæм уазæгуат?
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Нано - технологии
Непосредственная образовательная деятельность с детьми подготовительной к школе группы....
Развивающее пособие "Нано - планшет"
Развивающее пособие «нано – планшет» направлен на развитие у детей мелкой моторики пальцев рук, логического мышления, пространственного воображения, произвольного внимания, координацию дви...
Уазæгуаты уалдзыгон хъæдмæ
Уазæгуаты уалдзыгон хъæдмæ...
Конспект ООД по изобразительной деятельности «В гости к Кате и Нане» в подготовительной к школе группе.
Цель: формирование умения находить сходство и различие в национальных орнаментах (на примере русского и армянского орнамента)Задачи:Приобщать детей к истокам и культуре традиционного русского и армянс...
Тема: В гости к дедушке и бабушке. Уазæгуаты бабамæ æмæ нанамæ.
Цель занятия:Расширить представления детей о разных видах инструментов для работы на огороде, о применении их в работе людьми .Задачи:Образовательнаязнакомство с новыми словами-чыргъæд,уистæ,руван-къæ...
Конспект коррекционно-развивающего занятия "Нана армия"
Конспект коррекционно-развивающего занятия по развитию лексико-грамматической стороны речи "Наша армия"...
Конспект НОД в старшей группе по развитию речи Тема: В гости к дедушке и бабушке. Уазæгуаты бабамæ æмæ нанамæ.
Цель занятия:Расширить представления детей о разных видах инструментов для работы на огороде, о применении их в работе людьми .Задачи:Образовательнаязнакомство с новыми словами-чыргъæд,уистæ,руван-къæ...