Баласта
план-конспект занятия по окружающему миру (средняя группа)
Предварительный просмотр:
Республикæ Цæгат Ирыстон –Алани
7-æм МУНИЦИПАЛОН БЮДЖЕТОН РÆВДАУÆНДОН
Гом ахуырады конспект
астæуыккаг къорды
«Бæлæстæ-нæ хæлæрттæ»
Хъомылгæнæг: Реуазты И. М.
2024 аз.
Нысантæ: Бафидар кæнын ссабиты зонындзинæдтæ бæлæсты тыххæй.
Бæлæсты нывтæм гæсгæ архайын беседæ саразыныл.
Сывæллæтты ахуыр кæнын цалдæр хæйттæй аразын иу æнæхъæн ныв.
Бафидар кæнын гуырнывты тыххæй зонындзинæдтæ.
Ахуыры сахат:
Сывæллæттæ, нæ рæсугьд уазджытæн цы зæгъæм? (Уæ райсом хорз!)
Тымбыл ма аллæуæм æмæ кæрæдзимæ мидбылдты бахудæм, нæ кæрæдзийæн нæ уыды хъармдзинад балæвар кæнæм.
Сабитæ, байхъусут ма уыци-уыцимæ:
Зымæг вæййы мæгуыр,
Сæрд та вæййы хъæздыг.
Чи йæ базыдта цы у? (Бæлас) Сабитæ, куыд хъуыды кæнут: бæлас уыдыгас у æви нæу? (Бæлас у уыдыгас) Тынг раст.
Цæмæн æвта хъуыды кæнут?
(Уый тыххæй бæлас рæзы, уылæфы, бæлæстыл фæзайынц сыфтæртæ)
Тынг раст. Æмæ кæм ис фенын бирæ бæлæстæ? (хъæды, парчы)
Æмæ цы пайда хæссынц бæластæ адæмæн?
(Бæлæстæ исынц сæхимæ чъизи уæлдæф æмæ фæстæмæ адæмæн дæттынц сыгъдæг уæлдæф, цæмæй адæм сыгъдæг уæлдæфæй уылæфой).
Сабитæ, уæдæ ма хæстæгдæр фæйнæгмæ бæцæуæм æмæ бæлæсты нывтæм æркæсæм.
Зæгъут-ма сывæллæттæ, иу хуызон бæлæстыл цы ис (зæнг, къалиутæ, сыфтæртæ) Сабитæ, ацы бæласыл дæр заййынц сыфтæртæ?
(Заз бæласыл заййынц судзинтæ.) Заз бæласыл судзинтæ бур свæйынц?
(Сæрдæй, зымæгæй вæййынц кæрдæг хуыз.) Бакасут ацы бæласмæ æмæ зыгъут куыд хуыйны? (Бæрз)
Цæмæй йæ базыдтат? (Йæ зæнг у урс æмæ сау хъулæттæ)
Йæ сыфтæртæ цавæр гуырнывы хуызæн сты? (æртæкъуымоны хуызæн)
Ацы бæлас та куыд хуыйны? (Тулдз) Тулдзæн йæ зæнг нарæг у æви ставд?
(Тулдзæн йæ зæнг у ставд.) Йæ сыфтæртæ цавæр гуырнывы хуызæн сты? (Дæргъдымбыл)
Сабитæ, ацы бæлас та куыд хуыйны? (Уисхъæд). Йæ зæнг ствад у ави нарæг?
(Йæ зæнг у нарæг) Сыфтæрты кæрæттæ та цавæртæ сты? (Сыфтæрты кæрæттæ сты цыргъ)
Тынг хорз сабитæ, раст дзуаппытæ лæвæрдтат. Уæдæ тымбыл аллæуæм æмæ уылæфты минут акæнæм.
Дымгæ ниуы, дымгæ уасы,
Бæлас алырдæм æртасы,
Дымгæ фенцайы æваст,
Бæлæстæ æрлаууынц раст.
Сываллæттæ, ныр-та ма уæ хорзæхæй стъæлты уæлхъус æрлæууыт. Нæ разы ис бæлæсты нывтæ, фæлæ сты цалдæр хайыл дих конд. Сымах хъæуы цалдæр хайæ сымбырд кæнын бæлас æмæ бæлас куыд хуыйны уый загъын.
Тынг хорз сабитæ, уæ хæслæвæрд иттæг хорз сæххæст кодтат.
Сабитæ, уæдæ ма расугъд тымбыл алæууæм æмæ уæлдæфон гимнастикæ акæнæм.
Уæ къухмæ ма райсут сыфтæр. Фындзæй арф сулæфæм уæлдæф æмæ дзыхæй улæфт суадзæм æфта цæмæй сыфтæр базмæла.
Уæ цæрæнбон бирæ сабитæ!
Сывæллæттæ фæззыгон дымгæ тынг радымдта æмæ бæлæстæ базадысты æнæ сыфтæртæй. Сымах хъæуы сисын иу сыфтæр æмæ кæцæй рахауди уыцы бæласыл бакæнын.
Бузныг сабитæ, тынг хорз зонындзинæдтæ равдыстат. Уæдæ ма нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм цæуыл дзырдтам уый. Абон уæ зæрдæмæ тынгдæр цы фæцыд, æмæ уæм дзы зын та цы фæкаст.
Сымах стут зонды куъыбылæйттæ.