Фаззаг
план-конспект занятия по окружающему миру (средняя группа)

Конспект ООД

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл zanyatie_osen.docx393.77 КБ

Предварительный просмотр:

АЛФАМБЫЛАЙ ДУНЕ ЗОНЫН КÆНЫН
КÆСТÆР КЪОРДЫ № 6
Темæ: «БУР ФÆЗЗÆГ»

C:\Users\Artur\Desktop\фото\

Хъомылгæнæг: Реуазты Ирæ

г. Алагир

2023 аз.

Нысантæ: Фæззæджы тыххæй зонындзинæдтæ бафидар кæнын.

Архайын дыргъты æмæ халсарты пайдайы тыххæй зонындзинæдтæ парахатдæр кæныныл

Æрдзы фæзындтæ æмæ уæлæдарæсы хуызивæдтæ кæрæдзиуыл куыд баст сты.

Цæмæй æрдзæй арфæйаг æмæ бузныг уой йæ бирæ лæвæртты тыххæй, уыцы хуызы сæ хъомыл кæнын.

Æрмæг: Фæззыгон нывтæ алы сабийæн, фæззыгон сыфтæртæ, бур тæлы.

Ахуыры нывæст:

Хъомылгæнæг: Сывæллæттæ, уæ хорзæхæй тымбыл аллæууæм æмæ кæрæдзимæ бахудæм.Нæ уазджытæм дæр нæ мидбылхудт балæвар кæнæм. Уæ райсом хорз сын зæгъæм.

Сывæллæттæ: Уæ райсом хорз!

Хъомылгæнæг: Сабитæ, æз уын бакæсдзынæн уыци-уыци, сымах та йæ лæмбынæг байхъусут æмæ йæ базонут цавæр афæдзы афон у уый.

Къæвда уары арæх,

Бон фæцыбыр ис.

Сыфтæ згъæлынц зæхмæ,

Мæргътæ хъарм бæстæм тæхынц.

Хъомылгæнæг:Чи йæ зоны, цавæр афæдзы афон у?

Сывæллæттæ: Фæззæг.

Хъомылгæнæг: Раст загътат, фæззæг. Фæззæджы цавæр ивддзинæдтæ æрцæу?

Сывæллæттæ: Уары уазал къæвда, дымы дымгæ, хур йæ тынтæй тæвд нал кæны, сыфтæртæ бур кæнынц æмæ зæхмæ хауынц. Адæм сæ уæлæ скæнынц хъарм уæлæдарæс. Адæм æфснайынц сæ фæллой. Фæззæджы бирæ мæргътæ атæхынц хъарм бæстæм.

Хъомылгæнæг: Зæгъут-ма цавæр мæргътæ атæхынц хъарм бæстæм?

Сывæллæттæ: Хърихъхъупп, зæрваттык, булæмæргъ, гакк-гукк.

Хъомылгæнæг: Мæргътæ кæцы тæ атæхынц хъарм бæстæм, куыд цæ хонæм?

Сывæллæттæ: Фæлтæхæг мæргътæ.

Хъомылгæнæг: Тынг хорз сывæллæттæ. Йер-та сыфтæртимæ ахъазæм.

(Гаузыл алыхуызон сыфтæ)

Сабитæ, сисут алы къухмæ фæйнæ иу сыфы.

Уылæфты минут.

Мах зæлдæг сыфтæртæ

Къалиутыл нæ цард.

Фæззæджы дымгæтæ,

Мах фæхæссынц дард.

Мах тæхæм, тæхæм, тæхæм

Бæлæстæн хæрзбон зæгъæм.

C:\Users\Artur\AppData\Local\Microsoft\Windows\INetCache\\

Хъомылгæнæг: Сывæллæттæ, фæззæг цавæр хуыз вæййы?

Сывæллæттæ: Бур.

Хъомылгæнæг: Нæ тæлы цавæр хуыз у? (Бур)

Нæ цуры стъолы сæр ис нывтæ. Ацы нывтæй хъæуы ссарын æрмæст фæззыгон нывтæ æмæ сæ тæлыйы хуылфы сывæрын.

Ныр-та сæм лæмбынæг æркæсæм, раст сæ равзæрстам?

Хъомылгæнæг: Тынг хорз сабитæ, мæнмæ гæсгæ фæззæджы æрдзы миниуджытæ уæ зæрдыл тынг хорз бадартат.

Сывæллæттæ, куыд загътам афтæмæй нын фæззæг æрбахæссы тыллæг-халсартæ æмæ дыргътæ.

Ахъазæм хъазтæй:

«Йæ адмæ гæсгæ йæ базон, халсары кæнæ дыргъы ном зæгъ».
Уæ цæстытæ бацъынд кæнут.

Хатдзæг: Уæдæ иу хатт ма нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм, цавæр афæдзы афоны тыххæй дзырдтам?

Фæззæг цавæр хуыз вæййы?

Сабитæ, сымах иууылдæр тынг раст дзуаппытæ лæвæрдтат æмæ арфæгонд ут!