Методическая разработка открытого урока по осетинской литературе на тему: "Хорзæй баззай, Ир!"
план-конспект урока

Гахова Залина Валерьевна

"Хорзæй баззай, Ир!"

Скачать:

ВложениеРазмер
Microsoft Office document icon konspekt_no4_kochysaty_m.doc102 КБ

Предварительный просмотр:

ГБПОУ «Профессиональный лицей №4»

        Методическая разработка

открытого урока по родной (осетинской) литературе

на тему:      «Хорзæй баззай, Ир!»

(Кочысаты Мухарбег æмæ

Калоты  Хазбийы сфæлдыстад)

Автор:

Гахова Залина Валерьевна

преподаватель родной литературы

ГБПОУ ПЛ №4

Владикавказ

Урочы технологион картӕ

Урочы темæ

«Хорзæй баззай, Ир!»

(Кочысаты Мухарбег æмæ Калоты  Хазбийы сфæлдыстад)

Урочы нысан

Базонгӕ кӕнын ахуырдзауты Кочысаты Мухарбег æмæ Калоты Хазбийы цард æмæ сфæлдыстадимæ.

Урочы хæстæ

1.Сфæлхат кæнын æмæ бафидар кæнын рацыд æрмæг.

2. Æрдзурын, Фыдыбæстæйы Стыр хæст цы бæллæхтæ æрхаста æппæт бæстæйы адæмтæн æмæ нæ гыццыл Ирыстонæн.

3. Базонгæ кæнын ахуырдзауты хæсты быдыры чи баззад, уыцы зынгхуыст ирон поэттимæ; Кочысаты Мухарбег æмæ Калоты Хазбийы цард æмæ сфæлдыстадимæ.

4. Æмдзæвгæтæ аив кæсгæйæ, бакусын ныхасы рæзтыл.

5. Гуырын кæнын ахуырдзаутæм Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад, искæй рыст æмбарын æмæ йæ зæрдæйæ æнкъарын.

Урочы хуыз

урок – æрныхас (беседа)

Куысты хуызтӕ

Фронталон, хибарӕй ӕмӕ къордтӕй

Урочы фӕстиуджытӕ

  • Предметон:
  • Фыдыбæстæйы Стыр хæсты бæллæхтæ ма рох кæнын ;
  • хæсты темæ ирон литературæйы;

- æрыгон фысджыты царды хабæрттимæ базонгæ кæнын;

- сæ лирикæйы сæйраг мотивтæ сбæлвырд кæнын;

- æмдзæвгæйы сæйраг хъуыды бамбарын.

Удгоймагон:

  • Æмгуыст кæнын иннæ ахуыргæнинæгтимæ.
  • Искæй хъуыдымæ хъусын æмæ йын аргъ кæнын.
  • Хи бæрнондзинад æмæ хæдбардзинад æмбарын (хатын).

Метапредметон:

- урочы ахуырадон хæс æмбарын æмæ йæ зæрдыл дарын;

- хатдзæгтæ  кæнын, архайды пълан аразын, фæстиуджытæн рагацау прогноз кæнын;

- хицæн миниуджыты бындурыл иумæйаг хатдзæгтæ кæнын;

- хиконд хатдзæгтæ хуызæгимæ барын, æххæст сæ кæнын 

Предметты ӕхсӕн бастдзинад

  • Истори  

Ахуырадон фӕрӕзтӕ

  • Ахуырадон чингуытæ, фæйнæг, тетрæдтæ
  • Ӕдзард поэтты æмдзæвгæты æмбырдгондтæ
  • Интернеты тыгъдад

Уӕлӕмхасӕн фӕрӕзтӕ

  1. Поэтты къамтæ
  2. Сæ уацмысты равæрд;
  3. Презентацитæ
  4. Магнитофон.

Урочы этап

Ахуыргӕнӕджы архайд

Ахуырдзауты архайд

Арӕхстдзинӕдтӕ (компетенцитӕ)

1

Оргмомент

(1 мин)

  • Салам дæтты ахуырдзаутæн. разæнгард кæны урок райдайынмæ

Ахуырдзаутæ дæттынц салам ахуыргæнæгæн, кæрæдзийæн. Сæхи урочы райдианмæ бацæттæ кæнынц.

Цæттæдзинад ахуырадмæ, урочы кусынмæ

2

Урочы нысан æмæ хæстæ сбæрæг кæнын 

(5 мин) Мотивацион уавæр сæвзæрын кæнын урочы темæ  сбæрæг кæнынæн

Урочы архайд райдайы. Раздæры зонындзинæдтæй фæрсы, ног æрмæгмæ гуырын кæны цымыдисдзинад

Дзуапп дæттынц ахуыргæнæджы фарстатæн, сæхи хъуыдытæ дзурынц.

Цæттæ кæнын ахуырдзауты ныхасы архайынмæ, ныхас кæнын, хатдзæгтæ кæнын зонын

3

Зонындзинæдты актуализаци

(5мин)

Зарæгмæ хъусын кæнын, йæ мидис раиртасын урочы темæ сбæлвырд кæнын.  

  • Дзуапп дæттынц, кæрæдзийы дзуæппытæн аргъ кæнынц

Хи хъуыды дзурыны хъомад. Коммуникативон арæхстдзинад.

4

Ног зонындзинæд-ты актуализаци

(25 мин)

Ног æрмæг базонынмæ сæ разæнгард кæнын. Бафæрсын, цы зонынц хæсты тыххæй, кæй хиуæттæ уыдысты хæсты быдыры. Бæстонæй æрныхас кæнын, темæ райхалын, сæ зæрдæты сын сывзæрын кæнын тыхджын æнкъарæнтæ. Бæлвырддæрæй æрдзурын Калоты Хазби æмæ Кочысаты Мухарбегы цард æмæ сфæлдыстадыл.

  • Дзуапп дæттынц, зонгæ кæнынц ног æрмæгимæ. Сæ æнкъарæнтæ æргом кæнынц
  • Дыууæ ахуырдзауы кæсынц рагацау бацæттæгонд хъусынгæнинæгтæ.

Иннæтæ хъусынц, сæ зонындзинæдтæ уæрæхдæр кæнынц.

Логикон хъуыдыкæнынады рæзт. 

Лексикон куыстыл архайын. Ныхасы рæзтыл кусын, аив кæсыныл æфтауын.

5

Ног æрмæг бафæрсын æмæ ныффидар кæнын (5 мин)

Фарстатæ дæтты,  иртасы, ахуырдзаутæ цы ног зонындзинæдтæ райстой, уый. Ног æрмæг æххæст кæны æмдзæвгæтæ кастæй.

Фарстатæн дзуапп дæттынц, иумæйаг хатдзæгтæ кæнынц, сæ хъуыдытæ дзурынц, сæ цæстæнгас æргом кæнынц.

Ног æрмæг зæрдæмæ арф айсын, патриотизмы нысаниуæг ныффидар кæнын.

6

Рефлекси (3 мин)

Æргом кæны, ахуырдзаутæм зындæр цы фæкаст, урочы сын цымыдисагдæр цы уыд. Эпигрæф æвзары.

Сæ куыстæн, сæ æмбæлтты куыстæн аргъ кæнынц. Ног æрмæгыл хъуыды кæнынцц

Ахуырадон архайды анализ. Удгоймагон арæхстдзинæдтæ. Коммуникативон арæхстдзинæдтæ.

7

Бæрæггæнæнтæ

(1 мин)

Æвæры бæрæггæнæнтæ, кæронбæттæны иууылдæр иу уысм æдзæмæй алæууын кæны (Минута молчания)

Бæрæг кæнынц хибар куыстæн аргъ.

Хи бæрнондзинад æмбарын иумæйаг хъуыддаджы.

8

Хæдзармæ куыст раттын (1мин)

Сахуыр кæнын  фæйнæ æмдзæвгæйы зæрдылдардæй (ахуырдзаутæ æвзарынц сæхæдæг).

Хæдзармæ хæслæвæрд сæхимæ фыссынц

Регулятивон арæхстдзинæдтæ.

Урочы конспект

Урочы темæ:    «Хорзæй баззай, Ир!»

       (Кочысаты Мухарбег æмæ Калоты  Хазбийы сфæлдыстад)

Урочы хуыз: урок – æрныхас (беседа)

Урочы нысантæ:

1.Сфæлхат кæнын æмæ бафидар кæнын рацыд æрмæг.

2. Æрдзурын, Фыдыбæстæйы Стыр хæст цы бæллæхтæ æрхаста æппæт бæстæйы адæмтæн æмæ нæ гыццыл Ирыстонæн.

3. Базонгæ кæнын ахуырдзауты хæсты быдыры чи баззад, уыцы зынгхуыст ирон поэттимæ; Кочысаты Мухарбег æмæ Калоты Хазбийы цард æмæ сфæлдыстадимæ.

4. Æмдзæвгæтæ аив кæсгæйæ бакусын ныхасы рæзтыл.

5. Гуырын кæнын ахуырдзаутæм Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад, искæй рыст æмбарын æмæ йæ зæрдæйæ æнкъарын.

Урочы эпиграф:

«Зæххыл цы стырдæр хæст æрцыд,

Гъе, уым ирон туг дæр ныккалд!»

Плиты Грис

Урочы цæстуынгæ æрмæг:

  1.  Презентаци.
  2.  Хæсты темæйыл фыст чингуыты равдыст, æдзард фысджыты уацмысты æмбырдгондтæ.
  3. Ахуырдзауты конд плакаттæ.
  4. Музыкалон фæрæз.

Урочы цыд:

1.Рацыд æрмæгæй бафæрсын.

Хъуысы Медойты Светланæйы зарæг хæсты тыххæй.

2. Ахуыргæнæджы разныхас темæ сбæлвырд кæнынæн ахуырдзаутимæ:

 - Зæгъут-ма, цæуыл у зарæг? Цавæр хæсты кой дзы кæны?

- Куыд уæм кæсы, цæмæ фæдзæхсынц мадæлтæ, цæмæй макуыуал уа хæст?

Ацы аз нæ бæстæйы алы адæмы хæттытæ дæр бæрæг кæнынц Уæлахизы 75 азы.

1941 азы 22-æм июны немыцаг фашисттæ æрбабырстой нæ бæстæмæ, фехæлдтой адæмы сабыр цард. Стырæй, чысылæй сыстадысты адæм æцæгæлон тыхгæнджыты ныхмæ, сæ Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнынмæ.

Ирон адæм дæр сæ тых, сæ хъаруйыл нæ бацауæрстой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты, хъæбатырты ном хастой бæрзонд. Хæсты быдырмæ цы æрыгон фæсивæд ацыд, уыдонимæ уыдысты ирон фысджытæ дæр. Сæ уæлæ скодтой æфсæддон дарæс, сæ фыссæнгæрзтæй уæлдай ма сæ къухтæм райстой хæцæнгæрзтæ æмæ ацыдысты хæцæг æфсады рæнхъытæм.  Фæлæ, хъыгагæн,  бирæтæн нал бантыст сыздæхын йæ райгуырæн къонамæ, сæ æрыгон удтæ бабын сты тугкалæн хæсты.

Абон нæ ныхас уыдзæн, хæстæй чи нал сыздæхт, уыцы æрыгон поэттыл.

58 æрыгон ирон фыссæджы баззадысты хæсты быдыры, сæ зарæг сæ хъуыры фæбадт! (презентацийы æвдыст цæуы сæ номхыгъд)

Хӕстӕй чи нал сыздӕхт, уыцы ӕрыгон поэтты номхыгъд

Абайты Бекызӕ

Абайты Виктор

Абайты Петр

Агънаты Батырбег

Ӕгъуызаты Герги

Ӕлборты Хъызмӕхӕмӕт

Баситы Дзахот

Баситы Дзамболат

Бӕгъиаты Владимир

Бӕззаты Кавказ

Бӕройты Дауырбег

Бекъойты Амыран

Белеккаты Харитон

Бесаты Амырхан

Бигъуылаты Алыксандр

Билаонти Барис

Бузойты Кермен

Гасситы Георги

Годжиты Виктор

Гутнаты Хъанымӕт

Гуытъиаты Мамытджери

Датиты Дзантемыр

Дегъуаты Андрей

Джелыты Хазби

Джиоты Грис

Дзадзати Хусин

Дзӕхаты Темырхъан

Дзуццаты Ӕхсарбег

Едзиты Цини

Елехъоты Мурат

Калоты Къола

Калоты Хазби

Кокайты Алыксандр

Кочысаты Мухарбег

Кучиты Владимир

Къӕбулты Елиоз

Къибирти Тазӕрет

Къубалты Дмитри

Магкаты Алихан

Мӕргъиты Ясон

Наниты Васо

Плиты Зауыр

Саукуйти Хасан

Таболты Хадзымырзӕ

Тауитты Дзегут

Тыджыты Ефим

Тъехты Барис

Хайманты Георги

Хӕмыцаты Георги

Ходы Хазби

Хуадонты Исса

Хуырымты Батырбег

Хъаныхъуаты Майрӕм

Хъараты Ибрагим

Хъодзаты Салам

Хъуылаты Ладимыр

Цомартаты Батыр

Цоциты Герсан

Чи зоны, цавæр æнтыстдзинæдтæ бафтыдаид сæ къухы, цавæр литературон бынтæ ныууагътаиккой, куы сын бантыстаид царды фæндагыл дард ацæуын… (Сæ уацмысты æмбырдгонд ахуырдзаутæн равдисын)

Се ʼппӕты хистӕр Гутнаты Хъанымӕтыл цыдис ӕртын азы, сӕ тӕккӕ кӕстӕртӕ Елехъоты Мурат ӕмӕ Хайманты Георгийыл та – ӕвддӕсгай азтӕ.

(Ахуыргæнæджы ныхас бæлвырдгонд цæуы презентацийы фæрцы)

        Елехъоты Мурат хæсты дыккаг бон курдиат балæвæрдта, цæмæй йæ арвитой фронтмæ. Зноны студент сси хæстон. Мураты тынг фæндыди литератор суæвын æмæ скъолайы фæстæ педагогон институтмæ дæр уымæн бацыд. Фыста æмдзæвгæтæ уырыссаг æвзагыл. Хæсты быдыры дæр йæ сфæлдыстадон куыст нæ уагъта, йæ æмдзæвгæтæ æмæ плакаттæ-иу арæх фæзындысты æфсæддон газетты. 1943 азы 7 ноябры Елехъоты Мурат знæгтимæ тохы равдыста стыр хъæбатырдзинад. Фæлæ йæхæдæг дæр бацарæфтыд фашистты къухæй.  Йæ уацмыстæ хицæн чиныгæй рацыдысты 1947 азы Дзæуджыхъæуы, «За Родину», зæгъгæ, ахæм номимæ. Уыцы чиныг ногæй, æххæстдæрæй уагъд æрцыди 1983 азы.

Уӕлдай курдиатджындӕр уыдысты Калоты Хазби ӕмӕ Кочысаты Мухарбег. Бӕлвырддӕрӕй сын æркæсæм сæ цыбыр царды хабæрттæм.

Ахуырдзаутæ кæсынц рагацау бацæттæгонд хъусынгæнинæгтæ.

Фыццаг ахуырдзау

Кочысаты Георгийы фырт Мухарбег райгуырди 1920 азы Ольгинскæйы. Авдазон скъола каст куы фæци, уæд ахуыр кæнынмæ бацыди педагогон техникуммæ. Иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ йæ каст фæцис, æмæ йæ райстой Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институтмæ. Ам дæр ахуыр кодта иттæг хорз, иста Къостайы стипенди. Хæст куы райдыдта, уæд Мухарбег уыд фæстаг курсы. Фæлæ йын институт фæуын нæ бантысти – 1941 азы ацыди Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау тохы быдырмæ, уыдис афицер. Йæ хъæбатырдзинады тыххæй йын саккаг кодтой Сырх Стъалыйы орден æмæ майдан «Хъæбатырдзинады тыххæй». Фæмард 1944 азы украинаг горæт Ямпол знæгтæй хъахъхъæнгæйæ.

Кочысаты Мухарбеджы æмдзæвгæтæ мыхуыры цыдысты 1937 азæй фæстæмæ. Йæ уацмысты тæккæ æххæстдæр рауагъд рацыди 1977 азы Орджоникидзейы.

Йæ æмдзæвгæтæй бирæтæ систы адæмæн уарзон зарджытæ. Сæ тæккæ зындгонддæр у æмдзæвгæ «Сау цæстытæ».

Аив бакæсын æмдзæвгæтæ «Сау цæстытæ», «Фæстаг салам», бакусын сæ мидисыл:

- Цавæр темæйыл фыст у «Сау цæстытæ»?

- Цы аз фыст æрцыдысты ацы æмдзæвгæтæ,  уымæ æркæсут.

- Цæмæй хицæн кæны поэты зæрдæйы уаг?

- Цæуыл тыхсы, цы фæдзæхсы Мухарбег  «Фæстаг салам»-ы?

- Ирон адæймаджы цавæр миниуæг дзы æвдыст цæуы? Хæстонтæн сæ сæйрагдæр нысан цавæр уыд? (кадимæ амæлын)

- Цæуыл дзурæг сты фæстаг дыууæ рæнхъы? (райгуырæн зæхмæ уарзондзинад, патриотизм)

Дыккаг ахуырдзау

Калоты Алыксандры фырт Хазби райгуырди 1921 азы августы Цæгат Ирыстоны, Захъамæ æввахс чысыл хæххон хъæу Байыкомы. 1934 азы каст фæци Къостайыхъæуы авдазон скъола æмæ бацыди кусæг факультетмæ. Фæстæдæр Хазби ахуыр кодта Калачы паддзахадон университеты, стæй раивта Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институты литературой хайадмæ. Институт каст фæуын ын нæ бантысти – райдыдта Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Æфсадмæ ацыд институты фæстаг курсæй 1941 азы августæй 1942 азы сентябрмæ ахуыр кодта Сталинграды облæсты Камышины танкистты скъолайы, сси кæстæр лейтенант. Хæцæг æфсадмæ ацыди 1942 азы октябры. Уыди танк Т-34-ы командир.

1943 азы афицер Калоты Хазби йæ цард нывондæн æрхаста бæсты сæрвæлтау – Курскы сырхзынг къæлæт кæй хуыдтой, уыцы ран знæгтимæ æвирхъау тох кæнгæйæ басыгъди танчы мидæг. Мæйы фæстæ йыл хъуамæ сæххæст уыдаид дыууæ 'мæ ссæдз азы. Поэт ныгæд ис Курскы облæсты Обояны районы, Красная Полянæ, зæгъгæ, уыцы хъæуы.

Хазби æмдзæвгæтæ фыссын райдыдта, скъолайы ма куы ахуыр кодта, уæд. Йæ уацмыстæ мыхуыры цæуын байдыдтой ирон газеттæ æмæ журналты 1936 азæй фæстæмæ. Хæсты агъоммæ Хазби ныффыста драмæ «Бæтæйы фырттæ», фронты уæвгæйæ та – пьесæ «Тугджын фæндаг».

1956 азы Цæгат Ирыстоны чиныгуадзæны хицæнæй рацыдысты Хазбийы фыстытæ. Чиныджы ном хуынди «Хуры тын». Йæ уацмысты тæккæ æххæстдæр æмбырдгонд джиппы уагъд æрцыди 1976 азы – ис дзы æмдзæвгæтæ, фыстæджытæ, пьесæтæ. Йæ поэзи зындгонд у уырыссаг чиныгкæсæгæн дæр: Мæскуыйы чиныгуадзæн «Современник»-ы йæ æмдзæвгæтæ рацыдысты Кочысаты Мухарбегимæ иумæ, «Побратимы», зæгъгæ, ахæм номимæ 1973 азы.

Йæ уацмыстæй зындгонддæр у прозæйæ фыст æмдзæвгæ «Хорзæй баззай, Ир!» (аив бакæсын, мидисыл бакусын)

- Зæгъут, цæуыл хъуыдытæ кæны Хазби?

- Цавæр фæндтæ йæм ис?

- Цæуыл дары йæ зæрдæ?

- Цавæр æнкъарæнтæ сывзæрд уæ зæрдæты?

- Чи зæгъдзæн, цæмæн райстон Хазбийы ныхæстæ нæ урочы темæйæн?

Аив бакæсын Хазбийы æмдзæвгæтæ (презентацийы æвдыст цæуынц)

Эпиграф равзарын.  Плиты Грисы ныхæсты мидис бамбæрстат? Кæй зонут сымах та, хæсты чи фесгуыхт, уыдонæй? Хæстонтæн цы цыртдзæвæнтæ æвæрд æрцыд æмæ æфсымæрон ингæнтæ конд æрцыд Ирыстоны æмæ Уæрæсейы алы къуымты, уым алы ран дæр ссарæн ис ирон лæджы ном!

Цалынмæ нæ хъæбатыр фæсивæды хъуыды кæнæм, уæдмæ сæ ном сæфт никуы уыдзæн!

Кæронбæттæн.

Уæ хорзæхæй,  иу уысм æдзæмæй алæууæм (Минута молчания)

Хæдзармæ куыст:  сахуыр кæны фæйнæ æмдзæвгæйы зæрдылдардæй.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Методическая разработка открытого урока по музыкальной литературе на тему "В мире музыкальных инструментов"

Изучение музыкальных инструментов и их тембров на уроках музыкальной литературы. Методическая разработка открытого урока с учащимися 5 класса....

Методическая разработка открытого урока по литературе: «Скучные истории» А.П. Чехова

Данный материал был разработан в качестве итоговой работы на курсах повышения квалификации в Педагогическом колледже №1 им. Н.А. НекрасоваПедагогический колледж N 1им. Н.А. НекрасоваПедагогический кол...

Методическая разработка открытого урока по родной (осетинской) литературе на тему: «Лирикон геройы уды рæсугъддзинад Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæ «Хæрзбон»-ы»

Конспект открытого урока по теме "Лирикон геройы уды рæсугъддзинад Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæ "Хæрзбон"-ы"...

Методическая разработка открытого урока по литературе "Особенности современной литературы"

Урок разработан на основе компетентностного подхода к обучению. В качестве базовой технологии лежит технология проектного обучения. Кроме того, удачно вписывается в данную концепцию урока технология ...