Методическая разработка открытого урока по родной (осетинской) литературе на тему: "«Цӕй зынаргъ дӕ, фыдӕлты уӕзӕг!» (Мамсыраты Темырболаты ӕмдзӕвгӕ «Сагъӕстӕ»)
план-конспект урока

Гахова Залина Валерьевна

"Цæй зынаргъ дæ, фыдæлты уæзæг!" (Мамсыраты Темырболаты æмдзæвгæ "Сагъæстæ")

Скачать:

ВложениеРазмер
Microsoft Office document icon konspekt_no3sagasta.doc93.5 КБ

Предварительный просмотр:

ГБПОУ «Профессиональный лицей №4»

        Методическая разработка

открытого урока по родной (осетинской) литературе

на тему: «Цӕй зынаргъ дӕ, фыдӕлты уӕзӕг!» 

       (Мамсыраты Темырболаты ӕмдзӕвгӕ «Сагъӕстӕ»)

                                                     

Автор:

Гахова Залина Валерьевна

преподаватель родной литературы

ГБПОУ ПЛ №4

Владикавказ

Урочы технологион картӕ

Урочы темæ

«Цӕй зынаргъ дӕ, фыдӕлты уӕзӕг!»

       (Мамсыраты Темырболаты ӕмдзӕвгӕ «Сагъӕстӕ»)

Урочы нысан

Базонгӕ кӕнын ахуырдзауты Мамсыраты Темырболаты ӕмдзӕвгӕимӕ  «Сагъӕстӕ».

Урочы хæстæ

  1. Пысылмон адӕм Туркмӕ цӕмӕн алыгъдысты, уый аххоссӕгтыл ӕрдзурын.
  2. Базонгӕ кӕнын ахуырдзауты фыццаг ирон профессионалон поэтимӕ.
  3. «Сагъӕстӕ»- лигъдӕтты хъарӕг. Ӕвзарын ӕмдзӕвгӕ, скӕнын ын анализ, ӕрдзурын йӕ композицион арӕзтыл.
  4. Ахуырдзауты зӕрдӕты рӕзын кӕнын патриотизмы ӕнкъарӕнтӕ. 

Урочы хуыз

Урок – ӕрныхас (беседа)

Куысты хуызтӕ

Фронталон, хибарӕй ӕмӕ къордтӕй

Урочы фӕстиуджытӕ

  • Предметон:

- фыссæджы биографи зонын

- йæ царды хъысмӕтимæ базонгæ кæнын

- æмдзæвгæйы сæйраг хъуыды бамбарын.

Удгоймагон:

  • Æмгуыст кæнын иннæ ахуыргæнинæгтимæ.
  • Искæй хъуыдымæ хъусын æмæ йын аргъ кæнын.
  • Хи бæрнондзинад æмæ хæдбардзинад æмбарын (хатын).

Метапредметон:

- урочы ахуырадон хæс æмбарын æмæ йæ зæрдыл дарын;

- хатдзæгтæ  кæнын, архайды пълан аразын, фæстиуджытæн рагацау прогноз кæнын;

- хицæн миниуджыты бындурыл иумæйаг хатдзæгтæ кæнын;

- хиконд хатдзæгтæ хуызæгимæ барын, æххæст сæ кæнын 

Предметты ӕхсӕн бастдзинад

  • Истори, фольклор, æвзагзонынад.  

Ахуырадон фӕрӕзтӕ

  • Ахуырадон чингуытæ, фæйнæг, тетрæдтæ
  • Мамсыраты Темырболаты ӕмдзӕвгӕ «Сагъӕстӕ»-йы текст
  • Интернеты тыгъдад

Уӕлӕмхасӕн фӕрӕзтӕ

  1. Мамсыраты Темырболаты къам.
  2. Ирӕтты алыгъд Туркмӕ цы литературон уацмысты бынат ссардта, уыцы чингуыты равдыст, наукон-иртасæн куыстытæ уыцы темæйыл.
  3. Темырболаты уацмысты ӕмбырдгонд. 

Урочы этап

Ахуыргӕнӕджы архайд

Ахуырдзауты архайд

Арӕхстдзинӕдтӕ (компетенцитӕ)

1

Оргмомент

(1 мин)

  • Салам дæтты ахуырдзаутæн. разæнгард кæны урок райдайынмæ

Ахуырдзаутæ дæттынц салам ахуыргæнæгæн, кæрæдзийæн. Сæхи урочы райдианмæ бацæттæ кæнынц.

Цæттæдзинад ахуырадмæ, урочы кусынмæ

2

Урочы нысан æмæ хæстæ сбæрæг кæнын 

(5 мин) Мотивацион уавæр сæвзæрын кæнын урочы темæ  сбæрæг кæнынæн

Урочы архайд райдайы. Раздæры зонындзинæдтæй фæрсы, ног æрмæгмæ гуырын кæны цымыдисдзинад

Дзуапп дæттынц ахуыргæнæджы фарстатæн, сæхи хъуыдытæ дзурынц.

Цæттæ кæнын ахуырдзауты ныхасы архайынмæ, ныхас кæнын, хатдзæгтæ кæнын зонын

3

Зонындзинæдты актуализаци

(10мин)

Фронталон æрфарст хæдзармæ куыстæй.

Туркмӕ алидзыны темӕйӕ сбӕрӕг кӕнын зонындзинӕдтӕ.

  • Дзуапп дæттынц, кæрæдзийы дзуæппытæн аргъ кæнынц

Хи хъуыды дзурыны хъомад. Иумæйаг куысты архайыны хъомад. Коммуникативон арæхстдзинад.

.

4

Ног зонындзинæд-ты актуализаци

(20 мин)

Ног æрмæг базонынмæ сæ разæнгард кæны.  Бакӕсын текст «Фыдыуӕзӕг», сбӕрӕг кӕнын урочы сӕйраг темӕ.

Æрдзурын ирон адæмы хъысмæтыл. Историон бындур сбæрæг кæнын. Равзарын æмдзæвгæйы мидис, сæйраг хъуыды. Раргом кæнын Темырболаты царды хабӕрттӕ, равзарын аххосæгтӕ. Аив бакæсын æмдзæвгæ.

  • Дзуапп дæттынц, зонгæ кæнынц  историон цаутимӕ. Тексты бæрæг кæнынц зынæмбарæн дзырдтæ.

Текстимæ кусынц.

Аив кӕсынц. Мидис ӕргом кӕнынц, авторы зӕрдæйы рыст æнкъарынц. Кæрæдзийы  дзуæппытæн аргъ кæнынц.

Логикон хъуыдыкæнынады рæзт. 

Литературон æмæ æвзагон арæхстдзинæдтæ.. Уацмысы текст зонын, теории, практикон æгъдауæй дзы пайда кæнын.. Лексикон куыстыл архайын. Ныхасы рæзтыл кусын, аив кæсыныл æфтауын.

5

Ног æрмæг бафæрсын æмæ ныффидар кæнын (5 мин)

Фарстатæ дæтты,  иртасы, ахуырдзаутæ цы ног зонындзинæдтæ райстой, уый. Ног æрмæг æххæст кæны æмбисӕндтæ ӕвзарынæй.

Эпиграф ӕвзары.

Фарстатæн дзуапп дæттынц, иумæйагæй архайынц æмбисæндтӕ æрхӕссын, сӕ мидис  сæ равзарын. Патриотизмы ӕмбарынад сӕхицӕн райхалынц.

Текстæй хъæугæ æрмæг исын. Бæлвырд кæнын. Зындзинæдтæ хибарæй аиуварс кæнын. Искæй куысты рæдыдтæ сбæлвырд кæнын, аргъ скæнын

6

Рефлекси (3 мин)

Æргом кæны, ахуырдзаутæм зындæр цы фæкаст, урочы сын цымыдисагдæр цы уыд

Сæ куыстæн, сæ æмбæлтты куыстæн аргъ кæнынц, сæ размæ ног нысантæ æвæрынц

Ахуырадон архайды анализ. Удгоймагон арæхстдзинæдтæ. Коммуникативон арæхстдзинæдтæ.

7

Бæрæггæнæнтæ

(1 мин)

Æвæры бæрæггæнæнтæ, цыбыр анализ ахуырдзауы куыстæн кæнгæйæ

Бæрæг кæнынц къордты куыстæн аргъ.

Хи бæрнондзинад æмбарын иумæйаг хъуыддаджы.

8

Хæдзармæ куыст раттын (1мин)

Сахуыр кæнын æмдзæвгæ «Сагъӕстӕ» зæрдылдардæй.

Хæдзармæ хæслæвæрд сæхимæ фыссынц

Регулятивон арæхстдзинæдтæ.

   

Урочы конспект

Урочы темӕ: «Цӕй зынаргъ дӕ, фыдӕлты уӕзӕг!» 

       (Мамсыраты Темырболаты ӕмдзӕвгӕ «Сагъӕстӕ»)

Урочы нысан:

  1. Пысылмон адӕм Туркмӕ цӕмӕн алыгъдысты, уый аххоссӕгтыл ӕрдзурын.
  2. Базонгӕ кӕнын ахуырдзауты фыццаг ирон профессионалон поэтимӕ.
  3. «Сагъӕстӕ»- лигъдӕтты хъарӕг. Ӕвзарын ӕмдзӕвгӕ, скӕнын ын анализ, ӕрдзурын йӕ композицион арӕзтыл.
  4. Ахуырдзауты зӕрдӕты рӕзын кӕнын патриотизмы ӕнкъарӕнтӕ. 

Урочы эпиграф:

Лӕгӕн зынаргъ куыннӕ вӕййынц

Йӕ бинонтӕ, йӕ мад!

Лӕгӕн зынаргъ куыннӕ вӕййынц

Йӕ рӕзгӕ бонты цард!

Фӕлӕ уӕддӕр, ныййарӕг зӕхх,

Дӕуӕн ӕмбал кӕм и!

Дӕуӕй зӕрдӕйӕн адджындӕр,

Зӕгъ-ма мын, чи у, чи?!

Кочысаты Мухарбег «Фыдыбӕстӕ»

Урочы цыд.

  1. Бацӕттӕгӕнӕн  рӕстӕг. Ахуыргӕнӕджы каст.

Фыдыуӕзӕг

Сафар Туркмӕ цӕрынмӕ ӕрыгонӕй алыгъд. Йӕ фыдыуӕзӕг фенын та ма йӕ къухы бафтыд зӕрондӕй. Туркаг уазӕг ӕрфысым кодта Къорайы хъӕуы Урсдоны был уӕлвонг ран, йӕ хӕстӕджытӕм. Иухатт ӕнӕмӕтӕй хъазӕг лӕппутӕ сӕ цӕст ӕрӕвӕрдтой Сафарыл. Уый къӕлӕтау ныггуыбыр, афтӕмӕй бадт фахс бандоныл ӕмӕ ӕнкъард цӕстӕнгасӕй нымдзаст Мӕнтӕгкъуыппы хъӕды къохмӕ, йӕ карӕнтимӕ чысылӕй йӕ рӕстӕг кӕм ӕрвыста, уырдӕм. Йӕ цӕстытӕй лӕдӕрст цӕстысыг.

Йӕхимӕ куы ӕрцыд, уӕд фӕфиппайдта сывӕллӕтты цӕстӕнгас ӕмӕ сын загъта:

    «Сывӕллоны зӕрдыл алцыдӕр бирӕ лӕууы. Бауырнӕд уӕ мӕ ныхас. Ӕз Турчы цӕрын, фӕлӕ алы ӕхсӕв дӕр уынын фын - цыма ӕдзухдӕр дӕлӕ уыцы хъӕды къохы бӕлӕсты бын хъазын. Фыдыуӕзӕг! Уымӕн ӕмбал нӕй. Ӕз ардӕм ӕрбацыдтӕн мӕнӕ ацы хъӕды къох фенынмӕ!.. Ӕмӕ та мӕ ногӕй цӕуын хъӕуы ардыгӕй, ногӕй та хицӕн кӕнын ацы хъӕды къохӕй».

    Цӕссыгтӕ та йын йӕ цӕстытӕ ахгӕдтой: «Мӕ чызг мӕ куырдта, цӕмӕй йын Урсдоны былӕй тыччытӕ ӕрласон. Ӕз ын, ӕнӕмӕнг, аласдзынӕн».

     Ахӕм у фыдыуӕзӕг, - сабибонты мысинагау адджын у.

-Зӕгъут -ма,  кӕм цард Сафар?

-Цы карӕй ӕрбацыд уазӕгуаты йӕ фыдыуӕзӕгмӕ?

-Цавӕр цаутӕ ӕрлӕууыдысты йӕ зӕрдыл? Куыд уыд йӕ зӕрдӕйы ахаст?

-Цы хъуамӕ аласа йӕ чызгӕн Урсдоны былӕй?

-Куыд  хъуыды кӕнут, кӕд ын  афтӕ зынаргъ уыд йӕ Райгуырӕн бӕстӕ, уӕд Турчы цӕмӕн цард ӕмӕ куыд афтыд?

Абон мах дзурдзыстӕм нӕ урочы Туркмӕ цӕмӕн афтыдысты ирон адӕм, йӕ аххоссӕгтыл.

  1. Ахуыргӕнӕджы разныхас.

Ирыстон Уӕрӕсеимӕ куы баиу, уӕд  райдыдта Кавказаг хӕст йӕ сӕргъы Шамил. Ирыстоны алы ком дӕр хӕцыдысты Уӕрӕсейы ӕфсӕдты ныхмӕ. Нӕхи куы фӕндыд баиу кӕнын, уӕд цӕмӕн хӕцыдыстӕм куы бафӕрсӕм, уӕд дзы ис аххоссӕгтӕ.

Уӕрӕсе нын тӕригъӕд бакодта ӕмӕ нӕ йӕ дӕлбазыр бакодта?  Хъуыдысты сӕ нӕ хӕхты ӕрзӕттӕ ӕмӕ Фӕскавказмӕ фӕндаг.  Уыимӕ ма райдыдтой парахат кӕнын чырыстон дин дӕр, кӕрӕдзи хуыздӕр ӕмбарӕм, зӕгъгӕ. Пысылмон диныл хӕст адӕмы сразӕнгард кодта Туркмӕ алидзыныл, се ̓ мдин адӕммӕ, Куындыхаты Муссӕ. Уымӕн Уырысы паддзахад бирӕ мулк радтой, ӕмӕ Турчы дӕр уайтагъд йӕ цард йӕхи фӕндиаг сӕвӕрдта, хицауы бынат райста. Йӕ фырт та фӕстӕдӕр ссис Фӕсарӕн хъуыддӕгты министр.

Ӕрмӕст ирӕтттӕ нӕ алыгъдысты Туркмӕ, фӕлӕ ма  цӕцӕйнӕгтӕ, убыхӕгтӕ, черкесӕгтӕ ӕмӕ ма ӕндӕр пысылмон адӕмыхӕттытӕ…

Уӕрӕсейы паддзахадӕн уыцы хъуыддаг уыд пайда. Иуӕй, хӕст фӕуыдзӕн, иннӕмӕй та  лигъдӕтты зӕххытӕ суӕгъд уыдзысты.

Цӕмӕн сӕ бауагъта Турк куы бафӕрсӕм, уӕд уыдонӕн дӕр уыд пайда. Уыцы рӕстӕг Турк ӕмӕ Уӕрӕсейы ахастдзинӕдтӕ хорз нӕ уыдысты ӕмӕ хӕст райдыдта се ̓хсӕн, зӕгъгӕ, уӕд ӕппӕты фыццаг рарвитдзысты хӕстмӕ лигъдӕтты. Уыдон хъазуатдӕрӕй хӕцдзысты Уӕрӕсейы ныхмӕ.

Се ̓ппӕт пысылмон ирӕтты нӕ фӕндыд лидзын, фӕлӕ мыггаг куы цӕуа, уӕд ма иунӕгӕй куыд цӕрдзынӕн, зӕгъгӕ, афтӕ рауад Темырболаты хъысмӕт дӕр. Муссӕ  та уыд йӕ мады ̓ фсымӕр.

Цин кодтой кӕй цӕрдзысты се ̓мдин адӕмимӕ, тагъддӕр куы бахӕццӕ уаиккой. Фӕлӕ фӕндагыл бирӕ зындзинӕдтӕ бавзӕрстой  ирон адӕм. Лӕг ног ран куы ӕрцӕры, уӕд куывд скӕны, ирон адӕм та ӕппӕты фыццаг сӕ мӕрдтӕ баныгӕдтой ӕмӕ айхъуыст Турчы зӕххыл сӕ хъарӕг.

Абон дзурдзыстӕм йе ̓мдзӕвгӕ «Сагъӕстӕ»-йыл. Уый Турчы ирӕн сси зарӕг, ӕмӕ зарӕджы хуызы ӕрыздӕхт Ирыстонмӕ. Уырыссаг ахуыргонд  Всеволод Миллер ӕй 1881 азы ныммыхуыр кодта йӕ чиныг «Осетинские этюды»-йы адӕмон зарӕджы хуызы. Уый фыста: «Это продукт нового, более художественного творчества». Бирӕ азты дӕргъы автор бӕрӕг нӕ уыд. Æрмæст 1920 азы, Куындыхаты Муссæйы фырт Туркæй куы сласта Темырболаты уацмысты къухфыстытæ, кæцыты æхсæн разынд æмдзæвгæ «Сагъæстæ», уæд рабæрæг адæмон зарæг кæй нæу!

3.Ӕмдзӕвгӕ «Сагъӕстӕ» кӕсын, ӕвзарын:

- Куыд фыст у ӕмдзӕвгӕ? ( Адӕмон хъарӕджы хуызы, диалог)

- Кӕй ӕхсӕн цӕуы ныхас? (Сайд адӕм  ӕмӕ Фыдыбӕстӕйы)

- Цавӕр ныхӕстӕй райдыдта ӕмдзӕвгӕ?

- Цавӕр дзуапп фехъуыстам?

- Цы уайдзӕф кӕны «бӕстӕ»? Куыд ӕмбарут

 «Ӕз уе стӕгдар, уӕ хӕррӕгъ

 Мӕ хуылфы арф куы дардтон»?

- Цӕмӕн зӕгъы? «Ныр тыхы бон ӕдыхӕй

                               Дыууӕ дихы куы фестут

                               Ӕмӕ иу ран дӕр мӕн тыххӕй

                               Ысхӕцынхъом куы не стут».

- Цавӕр ӕмбисонд ис ӕрхӕссӕн ацы хъуыдымӕ?(Иу лӕг мӕлгӕйӕ йӕ лӕппутӕн цъылын  сӕттын кодта…)

- Цавӕр ныхӕстӕй ӕвдисынц адӕм сӕ уарзондзинад Фыдыбӕстӕм?

- Адӕм цавӕр ныфсытӕ ӕвӕрынц сӕ Райгуырӕн бӕстӕйӕн?

- Куыд ӕмбарут? «Цард н̓ агурӕм дӕ фӕстӕ,-

                              Зӕрдӕйы уӕлӕ хуыд куы дӕ!..»

- Фӕстаг рӕнхъытӕ ӕвзарын.

Нырмӕ цыд диалог адӕм ӕмӕ фыдызӕххы ̓хсӕн. Райгуырӕн зӕхх сын уайдзӕф йеддӕмӕ ныцы кӕны, цӕмӕй баххуыс кӕнӕ мӕгуыр сайд лигъдӕттӕн, кӕд ӕмӕ йӕхӕдӕг ӕххуысхъуаг у? Фӕлӕ лӕгӕн йӕ ныфс нӕ мӕлы. «Уӕд ӕм кӕцӕйдӕр ӕрдзырдис…» Уый у «ӕфхӕрд» адӕмы ныфс.

- Куыд арӕзт у йӕ композицимӕ гӕсгӕ? (Диалог автор ӕмӕ Райгуырӕн бӕстӕйы ӕхсӕн, автор ӕмӕ ӕбӕрӕг ныфсы ̓хсӕн)

- Цавӕр аивадон мадзалӕй пайда кӕны поэт? (Рефренӕй, хъарӕджы хуызы)

Цавӕр барӕнӕй пайда кӕны автор хӕдхӕцӕг паддзахыл дзургӕйӕ?( «нӕл хуы»)

- Цӕй мидӕг ис адӕмы трагедии?

Адӕмы трагедии уый мидӕг уыд, ӕмӕ сын нал уыд фӕстӕмӕ раздӕхыны фадат.

Куыд уӕм кӕсы ӕмдзӕвгӕ- зарӕг- хъарӕджы  идейӕ цӕй мидӕг ис?

- Фыдызӕхх лӕгӕн ӕвзаргӕ нӕу, нӕй йын раив-баивгӕнӕн, иу хатт дзы дӕхи куы сцух кӕнай, уӕд ногӕй йе ссарын зын у.

4.Ӕрхӕссӕм ма ӕмбисӕндтӕ Райгуырӕн бӕстӕйы тыххӕй.

Ӕмбисӕндтӕ (интерактивон фӕйнӕгыл)

«Райгуырӕн бӕстӕ адджын у».

«Ӕцӕгӕлон бӕсты ӕлдарӕй дӕр зын цӕрӕн у».

«Райгуырӕн бӕстӕн йе взӕр ʼдӕр адджын у».

«Лæг хъуамæ йæхи уæзæгыл райгуыра ’мæ йæ фæстаджы бон йæхи уæзæгыл бавæрой».

  «Йæ райгуырæн бæсты чи нæ цæры, уый царды ад нæ зоны».

 «Фыдыбæстæ ныййарæг мадау — адджын».

 «Уызын дæр йæхи къудзийы бынмæ лыгъди».

 «Æнахуыр бæсты æлдарæй дæр зын цæрæн у».

«Дард бæлццон йæ райгуырæн бæстæм куы ’рыфты, уæд ног райгуырæгау вæййы».

«Лæгæн дунейыл адджындæрæн цы баззад?» — «Мад, хæдзар, райгуырæн бæстæ».

5. Равзарӕм эпиграф.

Алы адӕймагӕн дӕр ӕппӕтӕй адджындӕр сты йӕ фыдӕлты зӕхх, йӕ фыды уӕзӕг, йӕ райгуырӕн бӕстӕ. Кӕд ӕмӕ Туркмӕ алидзӕг ирӕттӕн сӕ цот, цоты цот ӕмӕ дарддӕры фӕлтӕртӕн сӕ райгуырд ӕцӕгӕлон бӕсты уыд, уӕддӕр сӕ бӕллицты бӕллиц дӕр Ирыстон у, фыдӕлты зӕхх! Уӕдӕй абонмӕ сӕ зӕрдӕйӕ нӕ хицӕн кӕны, сӕ туджы цы уарзондзинад ахызт Иры зӕхмӕ, уый! Абоны фӕлтӕртӕ дӕр сӕ фыдӕлты зӕххыл Ирыстон нымайынц, нӕ рох кӕнынц, сӕ «туджы ʼртах ирон у», уый. Темырболаты фӕдзӕхст ӕххӕст кӕнынц – туркаг зӕрдӕ нӕ райстой!

Поэт йӕ Фыдыбӕстӕйыл йӕ зӕрдӕ нӕ сивта. Ӕцӕгӕлон бӕстӕйӕ дзыназдзӕн цӕргӕбонты, йӕхицӕн хорз цард нӕ агурдзӕн, ис ӕй схонӕн ӕнӕбазыр цӕргӕс.

6. Бӕрӕггӕнӕнтӕ сӕвӕрын.

7. Хӕдзармӕ куыст. Ӕмдзӕвгӕйӕн анализ кӕнын, ахуыр кӕнын наизусть.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Методическая разработка открытого урока Дисциплина: Программное обеспечение компьютерных сетей Тема: «Службы Интернета»

Это занятие посвящено решению таких вопросов, как:1. подключение локальной сети к Интернет;2. возможности одновременного доступа к ресурсам Интернет пользователей на всех клиентских рабочих станциях;3...

Методическая разработка ОТКРЫТОГО УРОКА ПРОИЗВОДСТВЕННОГО ОБУЧЕНИЯ по профессии «Штукатур» Тема: «Приготовление растворов»

Тема: №7 «Освоение приемов штукатурных работ»Тема урока: «Приготовление растворов»Цели урока:Образовательная  цель:  создать условия для получения обучающимися знаний и умений приготавливать...

МЕТОДИЧЕСКАЯ РАЗРАБОТКА бинарного урока по предметам ИНФОРМАТИКА/ЛИТЕРАТУРА На тему: Поиск информации в сети Интернет и художественный анализ текста драмы А.Н. Островского «ГРОЗА»

Тема урока: Поиск информации в сети Интернет и художественный анализ текста драмы А.Н. Островского «ГРОЗА»Цели урока литературы:ü Учебная - закрепить и обобщить материал по драме  А.Н. Островског...

Методическая разработка открытого урока "Вареники в русской литературе"

Урок конкурс состоит из: приветствия, разминки, практической работы, конкурса капитанов, кросворда и дегустации блюда....

Методическая разработка ОТКРЫТОГО УРОКА ПРОИЗВОДСТВЕННОГО ОБУЧЕНИЯ по профессии «Штукатур» Тема: «Освоение приемов приготовления сухих растворных смесей вручную»

ПЛАНпроведения открытого урока  производственного обученияпо профессии «Штукатур» в группе №191мастера производственного обучения Татьяны Александровны БелкинойТема: №6 «Приготовление раство...

методическая разработка открытого урока по предмету "Экономика организации" на тему "Рентабельность предприятия"

методическая разработка включает в себя презентацию и разработку урока "Рентабельность предприятия"...

Методическая разработка открытого урока по родной (осетинской) литературе на тему: «Лирикон геройы уды рæсугъддзинад Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæ «Хæрзбон»-ы»

Конспект открытого урока по теме "Лирикон геройы уды рæсугъддзинад Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæ "Хæрзбон"-ы"...