Методическая разработка открытого урока по родной (осетинской) литературе на тему: «Лирикон геройы уды рæсугъддзинад Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæ «Хæрзбон»-ы»
план-конспект урока
Конспект открытого урока по теме "Лирикон геройы уды рæсугъддзинад Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæ "Хæрзбон"-ы"
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
Методическая разработка открытого урока по родной (осетинской) литературе | 58 КБ |
Предварительный просмотр:
ГБПОУ «Профессиональный лицей №4»
Методическая разработка
открытого урока по родной (осетинской) литературе
на тему: «Лирикон геройы уды рæсугъддзинад Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæ «Хæрзбон»-ы»
Автор:
Гахова Залина Валерьевна
преподаватель родной литературы
ГБПОУ ПЛ №4
Владикавказ
Урочы темæ: «Лирикон геройы уды рæсугъддзинад Хетæгкаты
Къостайы æмдзæвгæ «Хæрзбон»-ы»
Урочы эпиграф:
«Хæрзбон» у Къостайы интимон лирикæйы иууыл хуыздæр уацмыс,
стæй йæ гуманистон хъуыды æмæ лæгуарзон зæрдæйы ирд æвдисæн.»
Джусойты Нафи
Урочы нысан:
1.Сфæлхат кæнын æмæ бафидар кæнын рацыд æрмæг.
2. Базонгæ кæнын ахуырдзауты Къостайы интимон лирикæимæ.
3. Æмдзæвгæ «Хæрзбон»-ы историон бындурыл æрдзурын, йæ царды хабæрттимæ йæ сбæттын.
4. Æрдзурын, уарзон сылгоймаг цы бынат ахста йе сфæлдыстады, ууыл.
5. Гуырын кæнын цымыдисдзинад Къостайы сфæлдыстадмæ, разæнгард кæнын сыгъдæг уарзондзинадмæ тырнын.
Цæстуынгæ æрмæг:
Поэты къам;
Хетæгкаты Къостайы уацмысты равæрд;
Къостайы сфæлдыстадыл наукон-иртасæн куыстытæ æмæ æрмæджыты равдыст;
Райуаргæ æрмæг ахуырдзаутæн.
Техникон фæрæзтæ:
презентацитæ: цард æмæ сфæлдыстад, æмдзæвгæ «Хæрзбон», Цæлыккаты Аннæ.
Урочы пълан:
- Рацыд æрмæгæй бафæрсын.
- Æрдзурын Къостайы интимон лирикæйыл.
- .Æмдзæвгæ «Хæрзбон»-ы историон бындур сбæрæг кæнын.
- Равзарын æмдзæвгæйы мидис, бакусын йæ сæргонды нысаниуæгыл.
- Бакæсын аив æмдзæвгæ.
- Зынæмбарæн дзырдтæ сбæрæг кæнын.
- Раргом кæнын æмдзæвгæйы сæйраг хъуыды.
- Къостайы музæтæ зæрдыл æрлæууын кæнын. Бамбарын кæнын ахуырдзаутæн, поэты сфæлдыстады цы бынат ахсынц, уый, сæ нысаниуæг.
- Хатдзæгтæ скæнын.
- Бæрæггæнæнтæ сæвæрын, хæдзармæ куыст раттын.
Урочы цыд:
1.Бацæттæгæнæн рæстæг.
2. Рацыд æрмæгæй бафæрсын:
- Зæгъут ма, цæмæн афтæ бæрзонд æвæрд у Къоста ирон адæммæ?
- Цавæр уацмыстæ фыста?
- Цыбырæй йын йæ царды хабæрттæ радзурут.
- Сфæлдыстадмæ йе ’ргом кæд аздæхта?
- Йæ уацмысты сæйраг темæтæ цавæр сты?
(æмтгæй райсгæйæ, йæ поэзийы ис рахицæн кæнæн дыууæ сæйраг мотивы: сæрибардзинад æмæ уарзондзинад).
- Цавæр уацмысты райхæлдта уарзондзинады темæ Къоста?
3. Ног æрмæг.
Абон мах хъуамæ базонгæ уæм Къостайы йæ лирикон æмдзæвгæимæ «Хæрзбон», сбæрæг йын кæнæм йæ сæйраг темæ.
Къостайы поэтикон сфæлдыстады стыр бынат ахсынц бæрзонд уарзондзинадыл фыст æмдзæвгæтæ. Уыдонæн сæ хуыздæртæм ахæссæн ис «Усгуры хъынцъым», «Нæуæгбон æхсæвы», «Фесæф», «Хæрзбон» æмæ æнд. Ацы æмдзæвгæты æвдыст цæуы поэты зæрдæйы уаг, арф æнкъарæнтæ, йæ бæллицтæ, йæ сагъæстæ. Рабæрæг вæййы, Къоста уарзондзинадмæ, сылгоймагмæ цы цæстæй каст æмæ йын цы аргъ кодта, уый. Къостайы хъуыдымæ гæсгæ, уарзондзинад у адæймаджы царды стырдæр хæзна, æмæ йын хъæуы лæггад кæнын. Поэты зæрдæйы арф фæд ныууагътой йæ дыууæ Аннæйы – Попова æмæ Цæлыккаты. Фæлæ сæ иу дæр аккаг аргъ не скодта Къостайæн, зæрдæрыстæй-иу баззад, уæддæр-иу сын загъта «хæрзбон!»
Æцæг уарзондзтнады хъуамæ бынат ма уа гуымиры, тихми, тыхраконд æмæ мастисынæн. Уарзондзинад хъуамæ арæзт уа дыууæ адæймаджы фæндонæй.
Уæ зæрдыл ма æрлæууын кæнут Дзамболат æмæ Фатимæйы уарзондзинад. Кæцы дзы уыд æцæг? – Дзамболат йæхи уарзы фылдæр æмæ йæхи фæндон æвæры уæлдæр алцæмæй æмæ алкæмæй дæр. Фатимæйы зæрдæйы уаг та йæм нымады дæр нæу! Куыд схонæн ис ахæм уарзондзинад? – Раст, уый у хиуарзондзинад, эгоизм.
Мæнмæ гæсгæ, поэты миддуне ирддæрæй раргом вæййы æмдзæвгæ «Хæрзбон»-ы.
Æмдзæвгæ кæсын дæр куы нæма райдайæм, уæддæр йæ сæргондæй бæрæг у поэты зæрдæйы уаг: кæмæндæр арфæ кæны, хорз бонтæ дыл цæуæд, зæгъгæ.
Æмдзæвгæ бакæсыны размæ уæ хъус æрдарут зынæмбарæн дзырдтæм (фæйнæгыл æвдыст дзырдтæ). Уæхимæ сæ фæбæрæг кæнут.
Кæсын презентацимæ:
Ифтонг – алцæмæй æххæст, цæттæ, рæвдз (ам: балцмæ)
Хызын – дзæкъул (сума, котомка)
Ӕрчъитæ – цармæй хуыд къахыдарæс
Уæрдæх – уистæй быд бæттæн (бечева)
Фæдджи – дзаумайы бын (подол)
Хæддзу – æнæхуынд, æнæхъæугæ адæймаг
Рынтæ – низтæ
Исчи хъары нывондæн йæ сæр – исчи йæ цард дæу тыххæй дæтты
Æмдзæвгæ бакæсын.
Фарстатæ раттын:
- Цæуыл дзырд цæуы æмдзæвгæйы?
- Цы хуызæнæй нын æвдисы поэт йæ лирикон геройы? (æфхæрд, фыдуынд). Текстæй пайда кæнгæйæ, дзуапп раттут.
( «Рагæй дæ кодтон мæ уындæй тæрсын»… «Дардмæ дæ хæддзуйы мацæуыл дом» )
- Куыд уæм кæсы, кæй сныв кодта Къоста? (йæхи)
- Кæмæ ’рвыст цæуы ацы æмдзæвгæ, кæй ном дзы ары? Чи уыд? (Цæлыккаты Аннæ, Къостайы уарзон сылгоймаг).
- Кæй ма уарзта ноджыдæр Къоста, чи уыд йæ музæ? (Аннæ Попова)
Аннæ Къостамæ йе ’ргом нæ аздæхта, разыйы дзуапп йын нæ радта, йæ уарзондзинадæн йын аргъ не скодта, фæлæ йæм уæддæр Къостайы зæрдæ нæ фæхъæбæр. Кæд йын цыфæнды зын скодта йæ дзуаппæй, уæддæр зæгъы арфæйы ныхас: ХÆРЗБОН, ома, дыл хорз бонтæ цæуæд кæддæриддæр! Æппæт аххостæ дæр исы йæхимæ, азымджын дæр йæхи кæны (дыккаг æмæ æртыккаг куплеттæ баксын ногæй).
Уый ууыл дзурæг у, æмæ Къоста банкъардта æцæг уарзондзинад. Йæ уарзон адæймаг амондджын æмæ зæрдæрухс кæй у, уый йын йæхи фæндтæй æмæ монцтæй зынаргъдæр у. Ныфс æвæры, дардæй дæр ын æххуыс кæй кæндзæн, йæ фыдфынтæ дæр, йæ низтæ дæр йæхимæ райсынмæ у цæттæ (фæндзæм куплет бакæсын)
«Хонын æмбалæн нæ фыдбылыз мемæ!» - æфхæры йæхи Къоста.
- Зæгъут ма, сымах та куыд æмбарут уарзондзинад?
- Куыд уæм кæсы, раст уыд Аннæ?
(Радзурын Бетховен æмæ Гетейы тыххæй таурæгъ: «Сæ горæтмæ алы бæстæтæй æрæмбырд сты паддзæхтæ. Уынгты Бетховен æмæ Гете иумæ фæцæйцыдысты. Гете се ’ппæтæн дæр йæ сæрæй куывта, салам сын лæвæрдта. Бетховен та йæм мæсты кодта: «Паддзæхтæ бирæ сты, Бетховен æмæ Гете та иунæгтæ сты!»
Аннæ дæр уый нæ бамбæрста: офицертæ бирæ сты, Къоста та уыд иунæг! Æмæ абоны онг йæ ном зындгонд Къостайы фæрцы у! Кæмæ смой кодта, уымæн йæ кой дæр ничиуал зоны.
Аннæмæ æрмæст Къоста нæ фыста. Нæ урочы кæронбæттæн мæ фæнды, цæмæй байхъусат, нæ дуджы поэттæ Аннæмæ цы æмдзæвгæтæ ныффыстой, уыдонмæ, æмæ рабæрæг кæнут сæ зæрдæйы уаг.
(Ахуыргæнæг кæсы Хъайтыхты Георы æмæ Дауыраты Зояйы æмдзæвгæтæ; ахуырдзаутæ кæсынц презентацимæ).
Дауыраты Зоя
НЫХАС ЦÆЛЫККАТЫ АННÆЙЫ ХУЫЗИСТИМÆ
Цы нæм кæсыс сæрыстырæй бæрзæндты?
Къостайы фырты н ʼауызтай, мыййаг…
Ныссуйтæ ис куырыхон лæг йæ фæндты…
Ирон адæмæй баззадтæ хъæстаг.
Зæгъ-ма, Аннæ, цæмæй нæ уыд дæу аккаг
Нæ хæхты фидыц, адæмы мæсыг?
Цæлыккатæн æмсæр нæ уыд йæ мыггаг?
Дæ фыды раз чысыл лæууыд уырдыг?
Хуырымæй дæм кæцы ʼрхæсдзæнис азым, -
Дæ бæрзонд ных – бæстон зонды нысан…
Куыд бауæндыдтæ ахæм лæгæй хъазын?
Куыд æй ныууагътай иунæгæй тыхст ран?
Нæ зыдтат, нæ, уæды чызджытæ, ʼвзарын.
Куырм уыдтæ, Аннæ, дурзæрдæ, æндон,
Нæ базыдтай Къостайы хурыл барын,
Нæ аздæхтай хуыздæр иронмæ ком.
Йæ хуызистæй дæр зæрдæйы ныххауы:
Сæнтсау цæстытæ – сабийау сыгъдæг…
Ныртæккæ дæр «ИРОН ФÆНДЫР»-æй тауы
Нæ сомбонæн хъæздыг, фæрныг тыллæг.
… «Фæндыры зард» ныффыстаид нæ дугыл,
Йæ зæрдæйы цæйбæрц уыдаид цин, -
Йæ рухс поэзи аскъуыдаид тугыл,
Йæ конд нывтæй Ир калдтаид зæрин.
Ӕнтъыснæг зæрдæ хъæлдзæгмæ нæ ради, -
Бынтон æй домдта адæмы хъысмæт.
Ӕвæгæсæгæй бонæй-бонмæ тади.
Фæцис дæу тыххæй фæлтæрты æвæд.
Дæ ном дын, Аннæ, зонæм мах йæ фæрцы,
Дæ фыды номыл бафтыдтаид кад.
«Кæй чызг уыдис»-æй иунæг дæр нæ фæрсы, -
«Къостайы уарзон» - афтæ дæ нымад.
…Нæ уæлныхтыл дæ хастаиккам сынтыл,
Куы уыдаис куырыхонæн æмсæр.
Сæрыстырæй ныффыстаиккам цыртыл:
«Къостайы АННÆ –
Чызджыты хуыздæр»!
Г.Кайтуков
У МОГИЛЫ АННЫ ЦАЛИКОВОЙ В ПЯТИГОРСКЕ
Был знойный полдень, птицы гомонили,
Дышал Машук избытком летних сил.
Я стер с надгробья слой лежалой пыли
И над могилой голову склонил.
Года летят, и каждый след свой чертит
И оставляет в сердце навсегда.
Но жизнь… Но жизнь сильнее смерти,
Мы потому и помним о Коста.
Лишь горечь бед судьба ему сулила,
Но так и не сломила до конца! –
Так почему же ты не разделила
Тяжелой доли гневного певца?
Гора, и та от слов его дрожала.
Ему внимали жадно земляки.
А ты? – Ты никогда не понимала
Ни слез его, ни боли, ни тоски!
Печаль Коста тебе укором будет!
Но что со мной? К чему тебя винить.
Прости меня, покойников не судят,
Хотя порой их есть за что судить!..
Лишь ты, лишь ты была его мечтою,
Тебе он пел, страдая и скорбя,
Так много песен рождено тобою,
Что, право, стоит оправдать тебя.
- Зæгъут ма, Геор æмæ Зояйы цæстæнгас цæмæй хицæн кæнынц, уый бамбæрстат? - (Дыууæйæ дæр азымджын кæнынц Аннæйы, фæлæ йын Геор фæстагмæ ныххатыр кæны йæ рæдыд.)
Кæронбæттæн:
Сæвæрын бæрæггæнæнтæ.
Раттын хæдзармæ куыст: æмдзæвгæ сахуыр кæнын зæрдылдардæй.
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Методическая разработка открытого урока Дисциплина: Программное обеспечение компьютерных сетей Тема: «Службы Интернета»
Это занятие посвящено решению таких вопросов, как:1. подключение локальной сети к Интернет;2. возможности одновременного доступа к ресурсам Интернет пользователей на всех клиентских рабочих станциях;3...
Методическая разработка ОТКРЫТОГО УРОКА ПРОИЗВОДСТВЕННОГО ОБУЧЕНИЯ по профессии «Штукатур» Тема: «Приготовление растворов»
Тема: №7 «Освоение приемов штукатурных работ»Тема урока: «Приготовление растворов»Цели урока:Образовательная цель: создать условия для получения обучающимися знаний и умений приготавливать...
МЕТОДИЧЕСКАЯ РАЗРАБОТКА бинарного урока по предметам ИНФОРМАТИКА/ЛИТЕРАТУРА На тему: Поиск информации в сети Интернет и художественный анализ текста драмы А.Н. Островского «ГРОЗА»
Тема урока: Поиск информации в сети Интернет и художественный анализ текста драмы А.Н. Островского «ГРОЗА»Цели урока литературы:ü Учебная - закрепить и обобщить материал по драме А.Н. Островског...
Методическая разработка открытого урока "Вареники в русской литературе"
Урок конкурс состоит из: приветствия, разминки, практической работы, конкурса капитанов, кросворда и дегустации блюда....
Методическая разработка ОТКРЫТОГО УРОКА ПРОИЗВОДСТВЕННОГО ОБУЧЕНИЯ по профессии «Штукатур» Тема: «Освоение приемов приготовления сухих растворных смесей вручную»
ПЛАНпроведения открытого урока производственного обученияпо профессии «Штукатур» в группе №191мастера производственного обучения Татьяны Александровны БелкинойТема: №6 «Приготовление раство...
методическая разработка открытого урока по предмету "Экономика организации" на тему "Рентабельность предприятия"
методическая разработка включает в себя презентацию и разработку урока "Рентабельность предприятия"...
Методическая разработка открытого урока по родной (осетинской) литературе на тему: "«Цӕй зынаргъ дӕ, фыдӕлты уӕзӕг!» (Мамсыраты Темырболаты ӕмдзӕвгӕ «Сагъӕстӕ»)
quot;Цæй зынаргъ дæ, фыдæлты уæзæг!" (Мамсыраты Темырболаты æмдзæвгæ "Сагъæстæ")...