Внеурочная работа по осетинскому языку и литературе
Внеклассные мероприятия по родному языку и литературе в сочетании с учебной деятельностью дают позитивную динамику и эффективность участия обучающихся в различных формах внеурочной деятельности по предмету и последовательно ведут к развитию творческих способностей школьников, положительно влияют на взаимоотношение детей и учителей
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
Конкурс "Гыццыл Сатана" | 133.5 КБ |
Мероприятие ,посвященное Дню матери "Мадалтыл уа хуыздар зараг зарут" | 95.5 КБ |
Мероприятие,приуроченное ко Дню осетинского языка | 43.5 КБ |
Литературный вечер "Къоста-Ирыстоны хур" | 54.5 КБ |
fysdzhytima_fembald_stsenariy.docx | 23.58 КБ |
Предварительный просмотр:
Дзæуджæхъæу ,2012 аз. |
Бæрæгбоны цыд.
( Хъуысы уæздан ирон музыкæ. Рацæуынц сценæмæ 2 ахуырдзау – амонæджы.)
1-аг амонæг:
Зынаргъ æмбæлттæ! Алы боны ’гас нæм цæут! Абон æгас Ирыстон дæр бæрæг кæны ирон æвзаг æмæ литературæйы бæрæгбон.
2-аг амонæг:
Хистæрæй, кæстæрæй! Дунейы фарн уыл узæлæд æмæ уе ’ппæты дæр нæ бæрæгбоны хорзæх уæд!
1-аг амонæг:
Сты зонды уацхæссæг
Æппæт дунейы ‘взæгтæ:
Нæ дзы ‘взарын хæстæг æмæ дæрддаг,
Фæлæ ныххойыс зæрдæйы къæсæртæ
Æрмæстдæр ды, мæ мадæлон æвзаг!
2-аг амонæг:
Мадæлон æвзаг… Цымæ дыл чи сæвæрдта ахæм фæлмæн æмæ буц ном? Цæмæн дын равзæрстой ахæм зæрдæмæ хæстæг, ныййарæгимæ æнгом баст ном?
1-аг амонæг: Ехх, ирон æвзаг… Йæ дзырдтæ
Сты хæзна дуртæ мæнæн.
Æз куыд æркæнон æмбырдтæ
Дуртæй сонт хурты тæмæн?!
Мадæлон æвзаг … Цы хъарм дзырд у, цы! Куыд рæвдауы адæймаджы хъустæ, куыд агайы зæрдæйы тæгтæ!Абон мах дзурæм æмæ зарæм нæ мадæлон æвзагыл, йæ номыл аразæм конкурс «Гыццыл Сатана».
2-аг амонæг:
Нарты сылгоймæгты æхсæн фыццаг бынат ахсы Нарты Уырызмæджы ус Сатана.
Сатана у - уæларвон Уастырджи æмæ Дзерссæйы чызг. Райгуырд зæппадзы.
1-аг амонæг:
Сылгоймаджы рœсугъддзинад, хъару, зонд œмœ œгъдауœн Нарты Сатана ирон адœммœ œмбисондœн баззад. Сатана уыд сылгоймæгтæн сæ зондджындæр.
2-аг амонæг
Сатанайы ном баст у Нарты хъæбатыр хъуыддæгтæн се ’ппæтимæ дæр. Нарты царды нæ уыдис иунæг ахæм хъуыддаг, Сатана фарст кæм нæ цыдис. Нарты кадджыты нæй ахæм хъæбатыр, зын уавæры уæвгæйæ Сатанайы зондджын уынаффæмæ чи нæ байхъуыста æмæ Сатана кæмæн нæ баххуыс кодта.
1-аг амонæг:
«Уазæгæн æгъдау раттынмæ Сатанайæ уæлдай нæу!» -афтæ фæзæгъынц хорз æфсинæй! Нартыл æххормаг аз куы скодта, уæд байгом кодта йæ диссаджы къæбицтæ Сатана æмæ фервæзын кодта адæмы æххормаг мæлæтæй.
2-аг амонæг
- Ныртæккæйы чызджытæ дæр, махмæ гæсгæ, Сатанайæ фæстæдæр нæ баззадысты. Уымæн æвдисæн уыдзæн нæ абоны конкурс «Гыццыл Сатана». Нœ конкурсы сœ арœхстдзинад равдисдзысты хистœр кълœсты чызджытœ. Уыдон алыхуызон хœслœвœрдтœ œххœстгœнгœйœ œвзардзысты сœ тыхтœ
1-аг амонæг
-Сœ арœхстдзинад сын бœрœг кœндзысты нœ зынаргъ жюрийы уœнгтœ. Табуафси, базонгœ ут семœ:
1.___________________________
2.___________________________
3____________________________
2-аг амонæг
-Ныртœккœ та сценœмœ рацœудзысты нœ ерысгœнджытœ. Бакœсœм ма сœм. (чызджытœ рацœуынц музыкœмœ гœсгœ)
1-аг амонæг
-Фыццаг конкурс хуыйны афтœ « Самопрезентаци» . Чызджытæй алчи дæр хъуамœ бацамона йœхи. Ам чызджытæ равдисдзысты сæ арæхстдзинад чи кафынмæ , чи зарынмæ,чи та фæндырæй цæгъдынмæ. Уæ хорзæхæй, бакæсæм сæм! Жюрийы уœнгœ та кœсдзысты œмœ œвœрдзысты бœрœггœнœнтœ
2-аг амонæг
-нœ дыккаг конкурс хуыйны афтœ: «Сылгоймаг Сатана дœр уыд,œмœ Нарт йœ зондœй цардысты" Ацы конкурсы руаджы мах фœнды сбœрœг кœнын, куыд хорз зонынц нœ архайджытœ æмбисæндтæ æмæ Сатанаимœ баст кадджытœ,уый.
1-аг амонæг
Чызджытæй алчидœр райсдзœн дзœкъул .Дзœкъулы хуылфы œвœрд уыдзœн цавæрдæр дзаума,кæцы баст уыдзæн Сатанайы номимæ.Уæ хæс у ,бамабарын кæнын,куыд баст у,уый æмæ радзурын уыцы кадæг..Ноджыдæр ма дзы ссардзыстут œмбисонд .Уыцы œбисонд кœронмœ фыст нœ уыдзœнис.Сымах œй хъуамœ баххœст кœнат œмœ йын бамбарын кœнат йœ нысаниуœг.
(чызджытæ исынц дзæкъулæй дзауматæ æмæ æвдисынц сæ зонындзинæдтæ)
2-аг амонæг
- нœ фыдœлтœ нын ныууагътой бирœ рœсугъд œгъдœуттœ. Уыдонœн сœ иу у авдœнбœттœн. Ǽртыккаг конкурсы руаджы мах сбœрœг кœндзыстœм куыд зонынц нœ архайджытœ сывœллоны авдœны бœттын œмœ йын авдœны зарœг кœнын.
(рахœссын авдœн ,кукла,архайджытœ радыгай œвдисынц сœ арœхстдзинад)
1-аг амонæг
-цыппœрœм конкурцы руаджы мах базондзыстœм куыд зонынц нœ «гыццыл Сатанатœ"ирон хœринœгтœ,Алкœмœн дœр сœ уыд хœдзармœ лœвœрд бацœттœ кœнын исты ирон хæринаг.
Ныртœккœ сœм мах байхъусдзыстœм æмæ базондзыстæм цымæ сæ куыд арæзтой
(Чызджытœ œвдисынц сæ хæринæгтæ æмæ дзурынц куыд сæ æрцæттæ кодтой, уый)
2-аг амонæг
-Фœндзœм конкурсы руаджы мах сбœрœг кœндзыстœм ,цымæ цавæр фынг авæриккой нæ гыццыл Сатанатæ,анæнхъæлæджы сæм уазæг куы æарбацæуид,уæд
(чызджытœ æвæрынц фынг,жюри та сын аргъ кœны).
1-аг амонæг
-Ууыл нœ конкурс кœронмœ œрхœццœ ис.Табуафси, ныхасы бар раттœм нœ жюрийы уœнгтœн.
(Жюри дзурынц уœлахиздзауы ном, дœттынц грамотæтæ æмæ зæрдылдарæн лœвœрттœ)
Кœрон
Предварительный просмотр:
( 5-œм кълас)
Дзæуджыхъæу – 2009 аз.
Кабинеты фæлыст: сылгоймаджы, мады тыххæй рæсугъд ныхæстæ фыстæй, плакаттæ арфæйы ныхæстимæ, магнитофон, музыкæ,къултыл ауыгъд сывœллœтты конд нывтœ ,сœ мадœлты сурœттœ.Бœрœгбоны фœстœ алы ныййарœг дœр хъуамœ ссара йœ сурœт.
Æз – сылгоймаг – цардаразæг фарн дæн,
Кувут, лæгтæ, иууылдæр мæнæн.
Æз бæллиц дæн, дидинæджы тау дæн,
Æз цъæх уалдзæг, цины зарæг дæн…
Хостыхъоты Зинæ.
"Ныййарœгœй амонд ,цœй диссаг дœ,цœй!"
"Мад œмœ Райгуырœн бœстœ иу сты"
Бæрæгбоны цыд.
( Хъуысы уæздан ирон музыкæ. Рацæуынц сценæмæ 2 ахуырдзау – амонæджы.)
1 – аг амонæг: - Уæ бон хорз, нœ зынаргъ мадæлтæ, ахуыргæнджытæ æмæ ахуырдзаутæ. Зæрдиаг арфæ уын кæнæм сылгоймæгты бæрæгбоны фæдыл. Нæ зæрдæ уын зæгъы стыр æнæниздзинад, уæ кæстæрты хуртæй куыд бафсæдат æмæ ма бирæ азты амондджынæй куыд фæцæрат, ахæм арфæ уæ уæд! Хонæм уæ литературон – музыкалон композици « Мадæлтыл уæ хуыздæр зарæг зарут!»
2 – аг амонæг: Здравствуйте,дорогие наши мамы, учителя и гости.Мы поздравляем Вас с Днем Матери .Желаем Вам женского счастья, кавказского долголетия ,ну и конечно же терпения и ещё раз терпения, ведь его Вам иногда с нами так не хватает.В этот прекрасный день мы приготовили для вас небольшой праздник и с удовольствием Вас приглашаем посмотреть его.
1 – аг амонæг: - Сылгоймаг!.. Мад!..Ды дæ уалдзæгау рæсугъд, царддæттæг,
хуры тынтæ уарæг!.. Сылгоймаг!.. Мад!.. Куыд хъуамæ ферох уой дæ бирæ фæлмæн ныхæстæ, дæ къухты хъарм, дæ рæвдаугæ цæстæнгас?!
- Цы ис зæххыл зынаргъдæр мадæй? - МАД! ( Сывœллœттœ иумœ)
2 – аг амонæг: День Матери-международный праздник в честь матерей.В этот день принято поздравлять матерей,дарить им подарки или просто показывать свою любовь к ним.Ведь иногда мы забываем это делать.
Известный русский писатель М.Горький писал : « Без женщин нет ни героев ,ни поэтов!» Женщина –это самое лучшее ,что создал Бог на земле,не зря же он наделил её лучшими качествами,которые существуют в нашей жизни.
2 – аг амонæг:
У осетин есть такое предание:
Бог взял несколько ласковых лучей солнца, добавил к ним грусть мерцающей луны, гордость павлина и восхитительный запах розы. Чтобы его творение не оказалось слишком божественным, он ещё добавил легкомыслие и ветренность, хитрость лисы, трусливость зайца,болтливость сороки и сентиментальность.Подумав ещё чуть-чуть он решил добавить огонь и лавину, гром и молнию,туман и проливной дождь.
И из всего этого Бог создал женщину
1 – аг амонæг .
Абон ацы стыр бæрæгбонмæ нæ ахуырдзаутæ тынг зæрдиагæй бацæттæ кодтой æмдзæвгæтæ, зарджытæ, кæфтытæ, инсценировкæтæ œмœ сœм,табуафси ,байхъусут
Œмдзœвгœтœ бакœсдзысты:------------------------------------------------------------------------------------------------------------------------------------------------------------------
1 – аг кæсæг:
« Сылгоймагæн» (Денджызты Денджыз.)
Сылгоймаг, мæ амонд,
Ды мын радтай цард.
Æз уымæн фæхæрын
Дæ рухс номæй ард.
Мæ абоны рухс цин,
Мæ райсомы скаст.
Дæ фенд мын фæсуры
Мæ сагъæс, мæ маст.
Дæ цæстыты хъазын –
Мæ бæллицты зæй.
Дæу фæндон куы рæзид
Цард хъæлдзæг, фæрнæй.
Уæд а дуне фестид
Уæлæуыл дзæнæт,
Фæуиккой быныскъуыд
Лæджы катай, мæт…
Сылгоймаг, дæ номæй
Фæхæрын æз ард.
Ды мын радтай амонд,
Ды мын радтай цард!..
2 – аг кæсæг:
«Зæдбадæн» ( Денджызты Д.)
Сæрæй Дын, сылгоймаг, æз зонгуытыл кувын,
Бæрзонд Хуыцау амондæн сфæлыста Дæу.
Дзæгъæлы нæ хонынц поэттæ Дæу рухс фын,
Зæдбадæн бæрзонды фæйлаугæ цъæх нæу.
2 – аг амонæг: - Æвæццæгæн, зæххыл ахæм тых нæй, æмæ сылгоймагимæ кæй ис абарæн… Сылгоймаг у хуры тынтау рæсугъд æмæ фæлмæн, сылгоймаг у фарн æмæ амонд хæссæг… Сылгоймаг!.. Мад!.. Гыцци!..Дзыцца!..Куыд диссаг сты ацы ныхœстœ.Адœймагœн цœуынц йœ зœрдœйы арфœй…Цас хъармдзинад œмœ уарзондзинад дœттынц уыдон сœ хъœбултœн œмœ сœ хъœбулты –хъœбултœн,дунейыл уыдоны аккаг ныхœстœ зын ссарœн вœййы ,цœмœй сын раарфœ кœнай.Тœхудиаг сты уыдон œмœ сœ мадœлтœн œмœ сœ нанатœн аккаг аргъ чи скодта,царды мидœг сœ чи сбуц кодта. Бирœ œмдзœвгтœ ис фыст уыдоны тыххœй.Ныртœккœ дзы мах байхъусдзыстœм иумœ.
Œмдзœвгœ нын бакœсдзœн:--------------------------------------------------------------------
«Мады ном – æнусон» ( Денджызты Д.)
Зœххыл ис иунœг хœзна царды
Œмœ уый Мад у, мœ хур ,Мад.
Йœ рœвдыд сау дуртœм дœр хъары,
Фœсуры зœрдœйы фœллад.
О мад,сыгъзœрин мад,дœ хœрзтœй ,
Ды кœныс кœстœрты œнгом.
Тœхуды,зарœджы ныхœстœй
Œнусон чи скœны дœ ном.
Цы хорз у ,чи сбуц кодта мады,
Œмœ йын чи радта œгъдау
Зœххыл уый дзыллœты нымады,
Йœ фарнœй батавдзœн Хуыцау.
Хуыцау та бœрзондœй фœлгœсы,
Хœрзудтœн риссынœй тœрсы.
Хуыцау…Уый цœсгоммœ нœ кœсы .
Хуыцау …Уый зœрдœмœ кœсы.
1 – аг амонæг: Мама-первое слово
Главное слово в нашей судьбе!
Мама,жизнь подарила,мир подарила
Мне и тебе!..
Слово "мать","мама"-одно из самых древних на земле и почти одинаково звучит на языках разных народов .Это говорит о том ,что все люди почитают и любят матерей.Словом "мать" называют и свою Родину,чтобы подчеркнуть,что она по-матерински относится к своим детям.Во многих странах отмечают День Матери.
У нас этот праздник начали отмечать сравнительно недавно-1992 году и это прекрасно.У нас появился повод лишний раз поздравить наших любимых,дорогих мам с этим прекрасным праздником ,пожелать им всех благ,исполнений самых заветных желаний,и в свою очередь пообещать им ,что мы станем учиться еще лучше,будем еще ответственнее,чтобы они могли ходить с высоко поднятымы головами и гордиться своими детьми.
А теперь мы послушаем свое признание в любви
1-----------------------------------------------------------------------------------------------------------2-----------------------------------------------------------------------------------------------------------
День Матери -праздник пока молодой,
Новсе ему рады ,конечно, -
Все ,кто рождены под счастливой звездой,
И мамы опеки сердечной!
Мы в диких бегах суеты городской
Подчас забываем о маме,
Спешим растворяясь в массе людской,
Всерьез увлекаясь делами…
А мама нас ждет ,и ночами не спит,
Волнуясь и думая часто_
"Ах как они там?"- и сердце болит,
И стонет и рвется на части…
День Матери.
Кто открыл мне этот мир,
Не жалея своих сил?
И всегда оберегала?
Лучшая на свете МАМА.
Кто на свете всех милее,
И теплом своим согреет,
Любит больше ,чем себя?
Это МАМОЧКА моя.
Книжки вечером читает
И всегда все понимает,
Даже если я упряма,
Знаю,любит меня МАМА
Никогда не унывает,
Что мне надо ,точно знает
Если,вдруг случится драма,
Кто поддержит?Моя МАМА.
2 – аг амонæг: - Мад… Ацы фæлмæн, алæмæттаг дзырд фехъусгæйæ , алы кары адæймаджы цæстытыл ауайы йæхи ныййарæг мад, йæхи уарзон схъомылгæнæг…
Мад алкæмæн дæр у ныййарæг, зондамæнæг, хур æмæ цæсты рухс .
Дарддœр та байхъусдзыстœм:
1-----------------------------------------------------------
2--------------------------------------------------------------------------------
3--------------------------------------------------------------------------------
Уыдон се 'мдзœвгœтœ лœвар кœнынц сœ уарзон ныййарджытœн
« Ныййарæджы зæрдæ» ( Денджызты Денджыз)
Ныййарæджы зæрдæ, ныййарæджы арм –
Бæмбæгæй фæлмæндæр, зæрин хурау – хъарм.
Ныфсы мæсыг цотæн – йæ зондджын ныхас,
Рæвдауы кæстæры йæ цæстыты ’нгас.
Йæ цæсгомæй хуртæ' мæ мæйтæн сæ каст –
Нæ коймæ. Хъæбулмæ – æгæрон йæ уарзт.
У ууыл æдзухдæр йæ сагъæс, йæ мæт,
Фæзæгъы: «Мæ фæндон дзæбæхæй цæрæд!»
Куы бахауæм катайы уацары мах,
Куы фæцуды царды зынвæды нæ къах,
Цæуыл ис уæд абарæн мадæн йæ зын,
Йæ мидхъуырдухæнтæ, зæрдæйы хъæрзын.
Мæрдтæй дæр нæ тавы йæ зæрдæйы хъарм,
Фынгæн нын фæдары мæрдтæй дæр йæ арм.
О, макуы йын ракæ ды, хорз хъæбул, зын,
Уадз ма стона риуæн йæ дудгæ хъæрзын.
Тепло ты даришь мне
И мир родному дому,
Хвала твоим рукам
И сердцу золотому.
Моя мама лучшая
Красивая и нежная
И гордиться тем ,
Что дочь у ней прилежная.
Много у мамы со мною хлопот,
Вяжет носочки и варит компот
Любит ,заботится и бережёт
В школу проводит и вновь меня ждет.
А прихожу я из школы домой,
Мамочка крикнет "Руки помой!"
Вкусный обед мне готовит всегда,
Мама скучать не дает никогда.
С домашкой поможет и все объяснит,
Также мамуля моя Айболит.
Вылечит может за несколько дней
Сладкой микстурой и лаской своей.
Я мамочку милую очень люблю,
Тепло и ласку от сердца дарю
Хочу ,чтобы мама счастливой была
И горя не знала она никогда.
1 – аг амонæг:- Сызгъæрин фестай, Мад! Куыд адджын сты дæ фæлмæн ныхæстæ, дæ къухты хъарм, дæ рæвдыд цæстæнгас!.. Куыд зынаргъ æмæ кадджын у дæ ном!.. Куыд æнæнымæц сты дæ хæрзтæ, дæ фыдæбон!
- … Раджы кæддæр иу лæппу бауарзта саурæсугъды. Чызг ын хъазгæйæ загъта, зæгъгæ, мын кæд дæ мады зæрдæ æрбахæссай, уæд дын бакомдзынæн… Лæппу ацыд, йæ мады зæрдæ скъахта æмæ тагъд – тагъд фезгъоры йæ уарзонмæ. Фæндагыл йæ къах дурыл скъуырдта æмæ фæкалд. Мады зæрдæ фесхъиудта æмæ афарста йæ хъæбулы: «Дæ къах тынг ныццавтай, мæ хъæбул?»
Сывœллœтт зарынц-------------------------------------
2 – аг амонæг: - Ирон адœммœ ис ахæм æмбисонд: «Мады лæггад никуыма ничи бафыста.» œвœццœгœн уый раст у! Фæлæ нœ алкœйы хæс дæр у, цæмæй нœ хорз хъуыддæгтæй, не’гъдау æмæ кадæй мады зæрдæмæ уарзондзинад æмæ амонд хæссœм, цæмæй ныййарæг уа сæрыстыр æмæ зæрдæрухс йæ хъæбулæй .Ныр та байхъусœм Плиты Харитоны œмдзœвгœ "Мад"-мœ.
Радзурдзœн нын œй-----------------------------------------------------------------------------
Бирœ фœрœвдыдтай,уœ,гыцци,мœн,
Арœх-иу аргъœуттœ кодтай мœнœн.
Хъарм-иу мœ бамбœрзтай,
Хур мœ хуыдтай.
"Ахуысс мын ,айрœз мын!"-
Заргœ дзырдтай.
Буцœй дœ хъœбысы схастон мœ рœз.
Ракœс –ма, абон дын скъоладзау дœн.
Уарзын мœ чингуытœ ,уарзын мœ хъœу,
Уарзын Фыдыбœстœ,уарзын œз дœу.
« Куыд хорз у…» ( Денджызты Д.)
Куыд хорз у, -
Ныййарæг йæ хъæбулты цинæй
Куы вæййы æгæрон æфсæст:
Йæ фæндиаг куы рæзынц
Рæсугъд æмæ буцæй,
Сæ уындæй æфсæды йæ цæст.
Куыд хорз у, -
Ысхæссæг зæронд фыд сæ номæй
Куы ракæны барджын ныхас:
Куы дзы байрох вæййынц
Йæ дудгæ рыст бонтæ,
Бынтондæр куы’ рсысы йæ маст.
5 – æм кæсæг: «Йе’ сныхас – мæ ныфсы мæсыг» ( Денджызты Д.)
Мидбылты куы бахуды ныййарæг,
Сагъæс риуы атайы бынтон;
Тарæрфыгæй ракасти мæнырдæм, -
Уæд кæнын мæ райгуырдыл фæсмон.
Айтынг вæййынц кæд йæ ныхы’ нхъырдтæ,
Уæд вæййын мæхицæй разы æз.
Йе сныхас – мæ ныфсы мæсыг, м’ амонд,
Йе сныхас – мæ бæллицты фæрæз.
2 – аг амонæг: - Ирон Мад!... Ирон сылгоймаг!.. Цæй кадджын æмæ хъæбатыр дæ?! Цæй фæразон æмæ фидар дæ! Æвæццæгæн, уымæн бафæрæзтай, ирон сылгоймаг, ахæм зын æмæ уæззау фæндæгтыл рацæуын… Æмæ нæ фæцудыдтœ. Дæ кады ном айхъуыст æнæхъæн дунейыл…
Цыфæнды зын уавæры дæр ирон сылгоймаг йæ уæздан ном никуы фæчъизи кодта, йæ сæрмæ æгаддзинад никуы æрхаста æмæ йæ кæстæрты дæр ахуыр кодта ирон æгъдау æмæ кадыл.
1 – аг амонæг: - Куыд нæ хъуамæ æрымысæм мах абон Ирыстоны хæстрыстзæрдæ мадæлты рухс ном?!.. Цал æмæ цал ныййарæджы скоддтой сæ уæлæ саутæ? Цал æмæ цал мадæн нал раздæхт йæ фырт хæсты быдырæй? Фыдыбæстæйы Стыр хæсты
фæмард: 2 хæдзарæй – æвдгай фырттæ, 7 хæдзарæй – æхсæзгай фырттæ, 26 хæдзарæй – фæндзгай фырттæ, 92 хæдзарæй – цыппæргай фырттæ, 100 хæдзарæй – æртыгай фырттæ…
2 – аг амонæг: - Куыд нæ у æнусон кады аккаг Хъалæгаты фондз æфсымæры мад, кæцы æфсымæрон ингæны уæлхъус загъта фидарæй: « Æз радтон мæ фондз фырты Райгуырæны сæраппонд, æхсæзæм ма мын куы уыдаид, уæд уый дæр нæ бавгъау кодтаин…»
1 – аг амонæг: - Гæздæнты авд æфсымæры мад!.. Фæлмæнзæрдæ, рæвдауаг, фæлæ фидар æмæ хъæбатыр мад. Æнæ цæстысыгæй рæвдауы мад йæ сæфт хъæбулты, хæст ын сæ « иугай фæци давд…»Ныр сын дауы йæ уырзтæй сæ цухъхъатæ… Ныддур ис мады зæрдæ, нал æм ис цæссыг… Нæ хъустыл ауайынц йæ судзæггаг ныхæстæ: Мæ зæрдæйы – авд нæмыджы…авд фыдæхы… авд хъарæджы… авд
7 – æм кæсæг: Æмæ сыстади дунейы мад.
Къухтыл систа йæ иунæг бындары,
Зилы, агуры бæстыл рæстад,
Хæстæндзарæгæн йе стыр маст хъары:
«Ма та, ма та суадз дунейыл хæст!»
Мадæн рустыл йæ цæстысыг уайы.
Дзуапп нæ рардæуыд мадæн, æрмæст
Хæстæндзарæг сызгъæрин нымайы.
Сиды идæдз ус ныр уырдæм, кæм ис
Сабыр адæмæн фарны уæлахиз:
«Мад – дæ фæдзæхст, Уæрæсе,
Сидзæр – де уазæг, хæстæй нæ бахиз!»
( Плиты Г,)
1 – аг амонæг: - Стыр кадджын Хуыцау макуыуал æруадзæд фыдбылыз Ирыстоныл дæр æмæ æппæт зæххы къорийыл дæр! Кæстæртæ цъæх, сабыр арвы бын амондджынæй куыд хъомыл кæной сæ ныййарджыты фæндиаг, ахæм арфæ нæ уæд! Абон у стыр бæрæгбон æмæ нæ фæнды, цæмæй нæ изæр дарддæр ацæуа хъæлдзæгдæр,
2 – аг маонæг: - Æмæ цавæр бæрæгбон фидауы æнæ уæздан ирон кафтæй?
Ацы кафт уын лæвар кæнынц -------------------------------------------------------------------------------------------------------------------------------------------------------------------------
( « Хонгæ» кафт.)
1 – аг амонæг: -Ныртœккœ та уын мах бакœсдзыстœм нœ нывœцœнтœ
( сыв. кœсынц сœ мадœлтыл фыст нывœцœнтœ )
2 – аг амонæг: - Сылгоймаг æппæты фыццаг у Мад. Мадæлтыл фыст æрцыдысты æппæты хуыздæр æмдзæвгæтæ, мадæлтыл азарыдысты æпппæты хуыздæр зарджытæ…
( Хъуысы зарæг « Мад хъæбулæн йе стъалы, йæ хур у…» - Балаты В.)
2 – аг амонæг: - Ныр та бакæсут сценкæмæ «Æнæрхъуыды чызг» ( Джиоты Катямæ гæсгæ, 2 къл. Кæсыны чиныг, 46 фарс.)
1 – аг амонæг: - Бакæсут музыкалон лæвармæ.
( Ирон кафт.)
Кафынц------------------------------------------------------------------------
1 – аг амонæг: - Нæ бæрæгбон æрхæццæ кæронмæ. Иу хатт ма зæрдиаг арфæтæ кæнæм æппæт сылгоймæгтæн дæр. Хуыцау уын стыр æнæниздзинад балæвар кœнœд. Бирæ азты ма хъæлдзæгæй æмæ амондджынæй куыд фæцæрат, ахæм амонд уын Хуыцау раттæд!
2 – аг амонæг: - Кæронбæттæны ма мæ фæнды бакæсын ахæм рæнхъытæ:
Мад дын куы ратдзæн йæ уд æмæ цæст.
Мадæн йæ хъæбул зынаргъ у.
Мады рæвдыдæй ут уе’ ппæт дæр’ фсæст,
Мад нын æнусон цырагъ у!
1 – аг амонæг: - Стыр бузныг нæ буц уазджытæн , стыр бузныг уын ,нœ буц ныййарджытœ!.Нœ фембœлды кœрон мах фœнды сымахœн балœвар кœнын нœхи къухтœй конд лœвœрттœ.Табуафси, айсут сœ. (сыв. лœвар кœнынц сœ ныййарджытœн сœ лœвœрттœ)
( Хъуысы зарæг « Мадæлтыл уæ хуыздæр зарæг зарут». )
Предварительный просмотр:
«О ,мæ ахсджиаг,о,ме ´взаг,
О, мæ фыдæлты хъæлæс!»
(Хъуысы уæздан ирон цагъд.Сценæмæ рацæуынц скъоладзаутæ.Аив кæсынц æмдзæвгæтæ мадæлон æвзаджы тыххæй)
1 скъоладзау.
Сты зондæн уацхæссæг æппæт дунейы ´взæгтæ,
Нæ дзы ´взары хæстæг æмæ дæрддаг,
Фæлæ ныххойыс зæрдæйы къæсæртæ
Æрмæстдæр ды,мæ мадæлон æвзаг.
2 скъоладзау.
У иу æвзаг дæр а дунæйæн фаг,
Фæлæ нæ ивынц мады риу æндæры!
Мæлæн дын нæй,мæ мадæлон æвзаг
Кæд ма æрбайсæфт хоры нæмыг мæры?!
Ды незаманæй ацы боны онг
Нæ фесæфтай дæ УАЗ хъæлæс,дæ намыс,
Æнус-æнус дæ сыгъдæг уды конд
Цырен арт æмæ карды комыл бахсыст
3 скъоладзау.
Куыд хъæздыг у ирон æвзаджы суадон!
Нæ байсысдзæн æнустæм дæр йæ цад.
«Ирон фæндыр»-нæ зондамонæг фаззон,
Хæссы сæрибар,амонд æмæ цард.
Нæртон æвзаг,-нæ хæхты хуызæн рагон,
Ныййарæг мадау,ды мæнæн зынаргъ.
Къостайы фæдзæхст ма рох кæнут абон,
Æххæст кæнут йæ бæллицтæ сымах!
4 скъоладзау.
Ирон дæн æз, æз дзурдзынæн иронау !
Зынаргъ мын у мæ мадæлон æвзаг!
Мæйдар æхсæв нын рухс уыдзæнис бонау,-
Ирон æвзаг ирон фарнæй у дзаг.
Фыдæлты фарнæй хайджын дæ, Ирыстон!
Рæвдауы нæ ныййарæгау дæ зæхх.
Хъæбулау дыл мæ зарджытæ фæфыстон,
Хъæдабæйау дæ тыгъд быдырты цъæх.
5 скъоладзау.
Ирон æвзаг –мæ уды цин цырагъ у,
Ирон æвзаг-цыкурайы фæрдыг.
Æвзæгтæ зонын зæрдæтæм фæндаг у,
Æнустæм у æнæцудгæ мæсыг.
Ирон æвзаг,сæууон хуры ыскаст у,
Мæ авдæнмæ йæ зæлтæ хъуыстон æз
Мæнæн,мæнæн-ныййарæгау зынаргъ у,
Фыдæлты фарн æнусты сæрты хæсс
Ирон æвзаг-мæ зæрдæйы,мæ туджы,
Ирон æвзаг мæ базырджын кæны.
Куыд нæ фæцуда Иры фарн нæ дуджы,
Цæсты гагуыйау-хъахъхъæнинаг ды!
(Сценæмæ рацыдысты дыууæ амонæджы.Иу дзы уырыссаг дарæсы ,йæ сæрмæ нал хæссы йæ мадæлон æвзаг.Иннæ та ирон дарæсы,тынг æнувыд у йæ мадæлон æвзагыл.)
1 Амонæг (æмдзæвгæкæсджытæм амонгæйæ,мæстыхуызæй)
-Мадæлон æвзаг,мадæлон!æз дын амæлон,цыма дуне æппæт ууыл лæууы,цыма Дуне уый фыдæй кæуы?
2 амонæг
- Цытæ дзурыс?Мадæлон æвзаг у адджын.Уый йемæ хæссы хæрзæгъдау,лæгуарзон æмæ рæстдзинад.
1 амонæг (йæ былтæ акъуыргæйæ)
-Хæссы,хæссы!..Куыннæ стæй,тæбæгъы æвæрдæй!!!Диссаджы ныхæстæ фæкæныс!!!
2 амонæг (мæсты ,фæлæ хиуылхæцгæйæ)
-Дæу та афтæ фæнды,цæмæй дын алцыдæр дæ размæ тæбæгъы æвæрдæй куыд хæссой!
1 амонæг (фæлмæнæй)
-Омæ хорз,мæсты ма кæн,фæлæ мæнмæ дæр байхъус.Кæм ма ис ирон æвзаг?Бынтондæр адæм уырыссагау дзурын куы райдыдтой! Байхъус –ма мæ хæлар Гæбис æмæ Суликъома
сценкæ Гæбис æмæ Суликъо
-Федтай, мæ лымæн, уый та дын ирон æвзаг!
2 амонæг
-Дыууæ адæймаджы тыххæй ирон æвзаг никæйуал хъæуы,ничиуал æй зоны,зæгъгæ,зæгъæн нæй.Фæлтау ма бакæсæм аргъау «Булкъ»-мæ
( сценкæ «Булкъ»)
-Федтай куыд рæсугъд у нæ ирон мадæлон æвзаг!
Ирон зыланг ныхас,дæу айс мæнæй,
Уæд баззаин къуырма æмæ куырмæй.
Нæ арв,нæ зæххæн нал уынин сæ хуызтæ,
Æнæ дæу мын мæ къæхтыл ацæуæн дæр нæй!
1 амонæг.
-Уый дæумæ гæсгæ.Бирæты хъуыдымæ гæсгæ та ирон æвзаг ардыгæй Елхотмæ,стæй нал хъæуы. Бакæсæм та сценкæмæ.
Сценкæ «Ирон нæ зони»
Зæронд ус: - ( Рацæуы йæ къухы гæххæтты гæбаз, кæсы йæм æмæ цыдæр агуры). Мæ хæдзарыл! Кæм æй агурон! Стæй цы æлхæнын, уый дæр куы нæ зонын. Уæдæ æнæахуырæй æвзæрдæр исты ис? Цы зæгъон мæ рæстæгæн скъолайы дуарæй никуы бакастæн, стæй уæд мæ кæстæр хомæ та чи кастаид. Мæ мад куынæ бакуыстаид, уæд та æххормагæй мардаиккам. О, о! Уæртæ уыцы лæппуйы куы афæрсин. Хорз лæппу! Дæ бон хорз!
Лæппу: (нæ хъусы, йæ хъусты наушниктæ, йæ къухы та телефон, афтæмæй йæхинымæр кафы йе уæхсджытæй).
Зæронд ус: Дæумæ дзурын лæппу! ( æвналы йæм) - Нæ мæ хъусыс? Æви ирон нæ дæ?
Лæппу: (исы йæ наушниктæ) - Что бабуля! Я ирон на жонис.
(фæстæмæ сæ бакодта йæ наушниктæ.)
Зæронд ус: ( гæххæт æм дары). Мæ фырты фырт рынчын у, æмæ хостæм рацыдтæн горæтмæ. Æркæс ма ацы гæххæтмæ æмæ мын афтек дæр ацамон.
Лæппу: Бабуля! Я же сказал: Нæ жони ирон.
Зæронд ус: Афтек мын уæддæр ацамон.
Лæппу: Афтек - мафтек, я не понимаю. ( иннæрдæм азылд æмæ та йæхицæн кафы)
Зæронд ус: Ай цавæр лæппу дæ? Зæронд адæймаг дæ сæрмæ нæ хæссыс æви?
( Сæ ныхасмæ лæппуйы мад рауад)
Мад: Цы дæ хъæуы мæнæ ус? Кæй агурыс?
Зæронд ус: О,о! Кæдæй, уæдæй ма, ирон горæты, ирон ныхас фехъуыстон. Мæнæ ацы лæппу дæ лæппу у?
Мад: Мæн у, мæн, а что из этого?
Зæронд ус: Иу ныхасæн мын дзуапп нæ ратта, æвæццæгæн иронау æцæг не 'мбары, æви мæ хынджылæг кæны?
Мад: Махæн Вовочкæ по осетинский не понимать кæны. Притом хæдзары все дзурæм по русский.
Зæронд ус: Ау! Æмæ уæм æппындæр худинаг нæ кæсы? Ахæм хæрзконд ирон лæппу, æмæ йæ сæрмæ иронау дзурын нæ хæссы.
Мад: Æмæ ирон та кæм хъæуы? Где это надо? Мæнæн Вовчик Мæскуыйы ахуыр кæндзæн.
Зæронд ус: Мæскуы бæргæ хорз у, фæлæ йæхи æвзаг та? Йæ мадæлон æвзаг ма хъуамæ зона?
Мад: Оф! Цы кадджын дæм кæсы ирон æвзаг. Цы нын ныууагътой хорзæй, нæ предкæтæ?
Зæронд ус: (зæхх æрхоста лæдзæгæй) - Цы, æмæ кадджын æгъдæуттæ, æмæ рæсугъд æвзаг! Кæцыйы хъахъхъæнын нæ зонынц, мæнæ дæу хуызæттæ! Дæ фыртæн дæр ды сæнад кодтай йæ мадæлон æвзаг! Æмæ чи у дæ фырт, уый бæрæг дзы нал ис.
Мад: Ацы хорз ус, цы дæ хъæуы махæй? Нал нæ ныууадздзынæ абон. Надоела уже! Цы æххуыс дæ хъæуы? Кæннод мне уже домой пора.
Зæронд ус: Ницы мæ хъæуы дæуæй. Ирон адæмы низтæ бахæр!
Мад: - Ни поняла! Пошли Вовчик! Ацы деревенщина нæ цалынмæ нæ фæнадта уæдмæ. (ацыдысты)
-цæй ,ныр та ма мын цы зæгъдзынæ?
2 амонæг (æнкъардхуызæй)
-Алцыдæр махæн нæхицæй аразгæ у.Нæ мадæлон æвзаг нæ ирон царды бындур у.Мадæлон æвзаг чи нæ зоны,уый мæм саст маргъау кæсы.Цæмæй маргъ арвмæ стæха,уый тыххæй йын дыууæ фидар базыры хъæуы.Кæй зæгъын æй хъæуы,саст базыримæ дæр цæрдзæни цъиу,фæлæ уый царду?Уый цард нæу!
Уыйау адæймаг дæр.Нæ мадæлон æвзаг йæ цард къахыр у,йæ уд та –тутт.Цал æвзаджы,дам , зонай,уал адæймаджы дæ.Уый раст у,фæлæ раст у уый дæр,æмæ мадæлон æвзаг у æппæты сæр .Уый у нæ цинты гуырæн, нæ амæндты райдайæн.
Ирон æвзагæн иу бон куыд дæттут?
Куы нæ йын ысты мин азтæ дæр фаг!
Цæры ма уым нæ фыдæлты нæргæ дуг,
Нæ фидæнмæ дæр уый кæны фæндаг.
1 амонœг
-Ды,мœ хœлар,œвœццœгœн,лœмбынœг никуы ахъуды кодтай нœ ирон œвзаджы удвидарыл.Œз бирœ бакастœн не взаджы хъысмœты тыххœй œмœ дœм афтœ хъœддых уымœн лœууыдтœн.
2амонœг.
-Œмбаргœ та йœ куыднœ кœнын .Уарзгœ дœр œй уœдœ бирœ кœнын,фœлœ йыл цœмœндœр ничи тыхсы.Œвзœр у ,худинаг у ,абон ирон адœм сœ мадœлн œвзагыл кœй нœ дзурынц,уый,фœлœ мœ уырны тынг,œрцœудзœн ахœм рœстœг,œмœ ирон адœм иууылдœр се ргом раздахдзысты сœ мадœлон œвзагмœ,не гъдœуттœм,нœ традицитœм.
1 амонœг.
-Курœм уœ,дзурут иууылдœр уœ мдœлон œвзагыл!
Архайджытœ иууылдœр рацœуынц,райсынц кœрœдзийы къухтœ œмœ зœгъынц
Цœйут œфсымœртау раттœм нœ къухтœ,
Абон кœрœдзимœ ,Иры лœппутœ.
Скœнœм нœ тырыса дзыллœйы номœй,
Рухсмœ œнœзивœг цомут œнгомœй!
Бузныг!!!
Предварительный просмотр:
Равдыст Къостайы бœрœгбонмœ райдайœœн кълœсты
1-аг амонæг. «Рагон нæртон лæгау зарын куы зонин
Арвмæ куы хъуысид мæ фандыры хъазт,
Дунейы се ппæт махимæ æрхонин,
Радзурин уыдонæн зæрдæйы маст.»
.
2-аг амонæг Къоста!Нæхи Къоста!Ирон адæмы цæугæ хох æмæ лæугæ мæсыг. Куыд æхсызгон у дæ ном дзурын, никуы ферох уыдзæн дæ ном канд ирон адæмæй нæ ,фæлæ ма иннæ адæмы хаттытай дæр.Къоста у Ирыстоны ном æмæ кад.Уый цæры йæ адæмы зæрдæты æмæ хъуыдыты,ахæм адæймагæн нæй мæлæт.Къостайы райгуырæн бон -15 октябрь –Ирыстонæн сси кадджын бæрæгбон.Абон нæ чысыл сабитæ бацæттæ кодтой равдыст æмæ сæм ныртæккæ мах байхъусдзыстæм.
1-аг амонæг. Раздæр ма уал базонæм ,цымæ сывæллæттæй исчи зоны кæд æмæ кæм райгуырдис Къоста? (дзуапп)
2-аг амонæг Цы хуындис йæ фыд? Цы хуындис йæ мад?
1-аг амонæг. Чи райста йахима хъомыл канынма Къостайы ама йам цавар цастай каст? (Дзуапп)
2-аг амонæг Сывæллæттæ ,сымах хорз зонут Къостайы царды хабæрттæ,æваццæгæн ,кæм ахуыр кодта уый дæр зонут?
1-аг амонæг Загъут ма уæда, цы хуыйны Къостайы æмдзæвгæты æмбырдгонд? (дзуапп)
2-аг амонæг
Тынг хорз дзуæппыта дæттут сымах . Ныртæккæ та мах сбæрæг кæндзыстæм куыд хорз ын зонут йæ æмдзæвгæтæ. Ахъуыды ма кæнут æмæ зæгъут цавæр æмдзæвгæйы Къоста фæрсы
- "цæй раджы фестыс?»
-Къонайыл та æд кæрц чи фæхуыссы?
-кæй лаппу ахуыр кæны «абетæ» Къостайы æмдзæвгæйы?
-цавæр æмдзæвгæйы загъы Къоста «алы куыстæн рад?»
-Ахъуыды ма кæнут æмæ зæгъут цавæр маргъы Къоста схуыдта «æнгуырдар»?
2-аг амонæг.Къостайы фыстытæн рæстаджы бон кæй ницы у ,ууыл дзурæг сты уæ зæрдиаг дзуæппытæ .Ныртæккæ та ерысæй æвдисдзыстæм нæ хъарутæ Къостайы æмдзæвгæтæ дзурынæй чи амбула ,уымæн ракæндзыстæм лæварттæ.
_____________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________
Сывæллæттæ дзурынц æмдзæвгæтæ, сбæрæг кæнын хуыздæрты ,раттын лæвæрттæ.
1-аг амонæг Къоста æрмæст йе 'мдзæвгæты тыххæй нæ бауарзын кодта йæхи,уыдис ма хорз нывгæнæг дæр. Махмæ гæсгæ абон не суинаг стъалытæ дæр фæстейы нæ баззадысты нывгæнæгæй(файнагыл нывты равдыст) Чи зоны фидæны сымахæй дæр исчи суыдзæн нывгæнæг,кæна поэт!Уымæн æмæ мах æрмæст на фыдæлтæй Къостайы хуызæн куы æппалæм,нæхæдæг та куы ницæмæ тырнæм, куы ницæмæн бæззæм,уæд цæма цæрæм?
2-аг амонæг.Ныртæккæ та мах бакæсдзыстæм Къостайы уацмыстæм гæсгæ цы сценкæтæ бацæттæ кодтой,уыдонмæ.
________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________
1-аг амонæг. Кадджын фыссæджы ном нæ рох кæнынц,æрвылаз ын кадджынæй сæмбæлæм йæ райгуырæн боныл.Бирата уыцы бон ацауынц Нарма,йа цыртдзаваны разма.
2-аг амонæг.
Фысджыта йыл фыссынц амдзавгата,зарджыта.Нæ равдысты кæронбæттæны та ма уын мах бакæсдзыстæм Балаты Альберты фыст амдзавга «Нахи Къоста»
Йа царды анцойад на зыдта Къоста.
Фалитой мангардан са ныхта къуырдта.
Сарибары цардма баллыдис Къоста.
Дзыллайы йа фадыл уый тохма хуыдта
Хур ракасти Нарыл,анхъизад дзы цард,
Да ном айхъуыст дардыл,анустам дын кад!
Бузныг ! Нæ ног фембæлдмæ!
Предварительный просмотр:
Фембœлд фысджытимœ .
Темœ: Нœ уарзон мадœлон œвзаг.
Нысантœ: Скъоладзауты базонгœ кœнын фысджытœ Касаты Батрадз, Будайты Милуся œмœ Бызыккаты Земфирœимœ, се сфœлдыстадимœ.
Сœ дзырдуат, сœ удварн сын фœхъœздыгдœр кœнын.
Цœстуынгœ œрмœг. Интерактивон фœйнœг, чингуытœ, нывты равдыст, œмбисœндтœ фœйнœгыл:
Мадœлон œвзаг мады ад кœны.
Œвзаг – адœмы цœсгом.
Œвзаг - адœмы хœзна.
Авд œвзаджы зонœг авд лœджы у.
Бирœ чи кœсы, уый бирœ зоны.
Иу чиныг мин адœймаджы ахуыр кœны.
(Мынгœй хъуысы ирон мелоди).
Ахуыргœнœг. Сывœллœттœ, куыд бамбœрстат, афтœмœй абон нœ ныхас цœудзœн ирон œвзаг œмœ ирон литературœйы тыххœй. Ныхас та кœндзыстœм Уœрœсейы Федерациийы Фысджыты Цœдисы уœнгтœ Касаты Батрадз, Будайты Милуся œмœ Бызыккаты Земфирœимœ.
Œз сымах карœн куы уыдтœн. Уœд ме стырдœр бœллиц уыдис цардœгас фыссœг фенын. Сыххœст œрмœстдœр. Университетмœ ахуыр кœнынмœ куы бацыдтœн,уœд. Ахуыргœнджытœ нын уыдысты адœмон поэты номхœссœг Хъайтыхты Геор œмœ Джыккайты Шамил. Нœ дин дœр œмœ нœ Хуыцау дœр цыма уыдон уыдысты, афтœ нœм касти. Сымахœй кœд искœмœ ахœм бœлиц уыд, уœд ын сœххœст абон.
1-аг амонœг.
Фыссœг … Уый царды œппœтœй сыгъдœгдœр. Раст ноггуырд сабийау, œппœтœй œнœхиндœр, œппœтœй уœлтœмондœр. Фыссœджы зœрдœйы арфœй цœуынц уœздан хъуыдытœ œмœ œнкъарœнтœ, куырыхон зонд.
2-аг амонœг.
Фыссœг кусы нœ абон œмœ нœ сомбонœн. Ахуыр нœ кœнынц адœймаджы хуыздœр миниуджытыл: рœстзœрдœ, цœстуарзон уœвыныл, кœрœдзийœн аргъ кœныныл, сыгъдœг уарзтœй уарзыныл.
1-аг амонœг.
Уырны нœ, абоны фембœлд не ппœтœн дœр кœй œрхœсдзœн циндзинад, œхсызгон œнкъарœнтœ, нœ зœрдœты, нœ зœрдœты нын кœй ныууадзœн рœсугъд фœд.
2-аг амонœг.
Евангелийы фыст ис : « Райдианы уыд Дзырд, œмœ Дзырд уыди Хуыцамœ». Хъодзаты Œхсар уымœ гœсгœ ныффыста:
1-аг амонœг.
Ирон дзырд дœр Хуыцаумœ уыд фыццаг,
Фœлœ йœ радта уарзонœй йœ фыртœн:
Ирон дзырдœн йœ Хуыцау ныр – Къоста.
Къостайы поэмœ « Фатимœ»-йœ скъуыддзаг бакœсдзысты 9- œм къласы ахуырдзаутœ Косты Ангелинœ œмœ Нартыхты Сœрмœт.
2-аг амонœг.
Ирон лтиературœйы ахœм фыссœг нœй, Къостайы тыххœй чи нœ ныффыста. Абон бакœсдзыстœм хуымœтœг хъœуккаг сылгоймаг Цомартаты Дунетханы œмдзœвгœ « Къостайœн».
( Кœсы ……)
1-аг амонœг.
Къостайы фœстœ ирон литературœйы œвœрœнтœ бирœ фысджытœ фœлтœрœнтœ хъœздыгдœр кодтой. Гœдиаты Секъа œмœ Цомахъ, Коцойты Арсен œмœ Мамсыраты Дœбе, Плиты Грис œмœ Джыккайты Шамил, Хъодзаты Œхсар œмœ Кокайты Тотрадз, Гуыцмœзты Алеш œмœ Хаджеты Таймураз. Се ппœт нымад чи фœуыдзœн ( Бирœ œмдзœвгœтœ фыст ис нœ мадœлон ирон œвзаджы тыххœй дœр. Хъодзаты Œхсар « Ирон дзырд»(Аминœ), Хаджеты Таймураз « Ме взаг» (Дана).
2-аг амонœг.
Кœд œмœ œцœг дуне œмœ мœнг дунейы хсœн бастдзинад ис , уœд Къоста, уырны мœ , разы у йœ фœднтœй. Разы уыдзœн нœ абоны уазджытœй дœр. Уымœн, œмœ сœ алы дзырд дœр рœвдыд у сœ уды хъармœй, цœуы зœрдœйы арфœй.
1-аг амонœг.
Сœ поэзийы сœйраг мотивтœ сты уарзондзинад, Райгуырœн бœстœ, райгуырœн хъœумœ, ныййарœг мадмœ, œрдзмœ, нœ мадœлон œвзагмœ. Ныхасы бар кœстœртœн.
2-аг.
Бызыккаты Земфирœ «Рагуалдзœг». ( Кœсы 1-œм къласы ахуырдзау Ходы Георгий).
Бонтœ фœдаргъ ысты,
Œрдз дœр фœхъал.
Митдœттœй хъœугœрон
Рауади мал.
Арвыцœст расыгъдœг,
Скалдта йœ хуыз.
Разынд œфсœрмдзастœй
Малусœг – чындз.
1-аг
«Арвырон» ( Кœсы 1-аг къласы ахуырдзау Хъœрджынты Рустам)
Арв нœры, цœхœртœ калы,
Нал œнцайы, загъд кœны.
Тар мигътœ дœлœмœ згъœлы,
Кœмтты арфмœ сœ тœры.
Фœлœ ног фœрухс ис бœстœ,
Хœхтыл атыхст арвырон,
Атад мигъ,œмœ йœ фœстœ
Мин хъуытазœй зары бон.
2-аг.
«Мады къутœ» ( Кœсы 2 къласы ахуырдзау Наниты Радмилœ).
Хуры тынтœ бавналынц мœ рустœм.
Цинтœ мыл кœнынц œмœ хъœбыстœ.
Барайынц сœ узœлдœй мœ уœнгтœ,
Акалынц мœ цœстытœ цœхœртœ.
Хур, мœ мадау,хъарм œмœ фœлмœн,
Батавы мœ рухс зœлдаг тынтœй.
Мидбылхудгœ барœвдауы мœн,
Нœй зынаргъдœр мады къухтœй, нœй.
1-аг
« Бабыз» ( Кœсы 2 –аг къласы Хуыгаты Каринœ)
Бабыз уынгты райсом раджы
Уызгœ – узгœ рараст балцы.
Бур – бурид бырынкъ фœдары
Доны цœсты,суанг мœлы.
Агуры та зулчъытœ,
Уаллœттœ мœ хъунцытœ.
Уартœ ссардта та цыдœр:
- Хъапп – хъапп, хъапп – хъапп!
Малы – цœл!
Бапп-бапп , бабитœ!
Ралидзут, мœ пипитœ,
Рауидзут уœхицœн тагъд
Исты- аходœны фаг.
2-аг.
Будайты Милуся райгуырд œмœ схъомыл Ирыстоны рœсугъддœр хъœутœй иу- Толдзгуыны.
Зœгъœн ис, œрдзы хъœбысы. Œвœццœгœн, уымœн афтœ арф œнкъары рœсугъддзинад. Йœ алы уацмысы дœр ис уœздандзинад, уарзондзинад.
Милусяйы œмдзœвгœ «Мœ хъœу» бакœсдзœн Гоцойты Алинœ.
1-аг
Прозœйы фыст œмдзœвгœ «Сœрдыгон райсом». Кœсы…
2-аг.
Мах иууылдœр бирœ уарзœм гыццыл чызг Тетейы хабœрттœ кœсын. Иу хабар равдисдзысты 2 «в» къласы ахуырдзаутœ:
1-аг.
Тетейы хуызœн фœзминаг скъоладзаутœ нœм фылдœр уœд.
2-аг.
Касаты Батрадзы œмдзœвгœтœ нœ ахуыр кœнынц œцœг ирон лœджы миниуджытыл: уырзын œмœ стыр аргъ кœнын ныййарджытœн, œнувыд уœвын œмгар- œмбалыл, œнœ истœмœ œнхъœлмœ кœсгœйœ искœмœн хорздзинад ракœнын, царды зын уавœртыл уœвœртыл уœлахиз кœнын, фœлмœн ныхасœй адœймаджы зœрдœ балхœнын.
1-аг.
Касаты Батрадз «Лœджы цы хъœуы?» Кœсы…
2-аг.
«Абон цин кœны Ир» Кœсы..
1-аг.
«Кœйдœртау œз уœлбœх цардœй нœ цœрын…» Гагойты Геор 11 кълас
2-аг.
«Хъœууон къœс». Кœсы…
1-аг.
« Кœд зœрдœ фестадис сыгъдон…» Кœсы…
2-аг.
Цы œмдзœвгœтœм байхъуыстам, уыдон сœ минœй лœг хай дœр не сты, нœ абоны уазджытœ кœй ныффыстой, уыдонœн. Уырны нœ, абонœй фœстœмœ сын сœ чингуытœ кœй агурдзысты библиотекœты, дуканиты. Кœй кœсдзыстут ирон газетœ œмœ журналтœ. Фыццаджыдœр сын уым мыхуыргонд œрцœуынц.
Ныр та уœ фœрстытœ раттут. Кœй уœ цœмœй бафœрсын фœнды? Табуафси.
Скъоладзау. Мах бацœттœ кодтам иумœййаг фœрстытœ. Нœ фыццаг фарст :
Кœд ныффыстат уœ фыццаг œмдзœвгœтœ œмœ кœуыл кœнœ цœуыл фыст уыдысты?
Чи сты уœ уарзон фысджытœ, поэтœ?
Уœ царды, уе сфœлдыстады уын чи уыд фœндагамонœг?
Адœймаджы удыхъœд миниуджытœй тынгдœр цœмœн аргъ кœнут?
Уœхи фыст œмдзœвгœтœй уœ зœрдœмœ тынгдœр чи цœуы, уыдон ма нын фœйнœ бакœсут.
Цавœр сфœлдыстадон пълантœ уœм ис фидœнмœ?
Амонœг. Стыр бузныг уœ стœм, кœй нœм œрбацыдыстут, уый тыххœй, рœзгœ фœлтœрœн кœй фыдœбон кœнут.
Лœварœн уын ….
«Хонгœ кафт» акафдзысты …..