Работа ученика 5 класса Тибилова Тимура заняла I место на республиканском этапе Всероссийского конкурса на лучшее сочинение о родной культуре на русском языке и описание русской культуры на родном языке.
Вложение | Размер |
---|---|
Мæ хъуыдытæ уырыссаг культурæйы тыххæй | 20.85 КБ |
Эссе.
Мæ хъуыдытæ уырыссаг культурæйы тыххæй…
Кæд æз ирон лæппу дæн, уæддæр уырыссаг адæмы культурæ мæ зæрдæйæн хæстæг у. Уымæй бузныг дæн мæ ныййарджытæй æмæ мæ фыццаг ахуыргæнæгæй. Уыдон мæ акодтой уырыссаг аргъæутты алæмæты дунемæ, базонгæ мæ кодтой Колобок, Лиса Патрикеевна, Маша, Баба–Яга, Жар-птица æмæ бирæ æндæр уырыссаг аргъæутты архайджытимæ. Уæдæ сæ цыргъзонд æмбисæндтæ, цымыдисаг уыци-уыцитæ дæр дисы æфтауынц. Мах сæ æхсызгонæй ахуыр кæнæм ме `мкъласонтимæ. Мæ фыццаг ахуыргæнæджы руаджы базонгæ дæн уырыссаг нывгæнджытæ В.А. Серов, В.М. Васнецов, И.И. Шишкины фыст нывтимæ. Сæ нывтæм гæсгæ сочиненитæ дæр фыстам.
Æвæццæгæн, ирон кæй дæн, уый тыххæй мын у афтæ хæстæг уырысы культурæ. Æз зонын (уымæй дæр бузныг мæ ахуыргæнæгæн), куыд бæллыдысты æнусты размæ нæ фыдæлтæ Уæрæсеимæ баиумæ, куыд зынтæй бафтыд уыцы хъуыддаг сæ къухы. Алы ирон хæдзар дæр бæллыд, цæмæй йæ сывæллон уырыссагау кæсын æмæ фыссын базона. Нæ зындгонд адæм уырыссаг культурæйы алы къабæзтæ ахуыр кодтой.
Уырыссаг литературæйы урокты-иу, И.С.Тургеневы хъайтартæ цы цаутæ дзырдтой арты фарсмæ, уыдон цымыдисæй кастæн æмæ-иу, раст зæгъгæйæ, чысыл тæрсгæ дæр кодтон ( «Бежин луг»). Л.Н.Толстойы радзырд «Кавказский пленник» кæсгæйæ, тынг бузныг уыдтæн Динæйæ, Жилинæн кæй баххуыс кодта алидзынæн. В.Ю. Драгунскийы радзырд «Сверху вниз, наискосок» кæсгæйæ та мæ тынг æрфæндыд Аленкæ, Мишкæ æмæ Денискæйы раз фестын æмæ ахорæнæй фæхъазын.
Æрæджы ирон литературæйæ ахуыр кодтам Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæ «Мæгуыры зарæг». Ахуыргæнæг нын æй куы бакаст, уæд мæм афтæ фæкаст, цымæ ма ацы æмдзæвгæйы мидисмæ хæстæг уырыссаг æмдзæвгæ фехъуыстон. Бафарстон ахуыргæнæджы. Уый мын бакаст Н.А.Некрасовы æмдзæвгæ «У людей-то в дому- чистота, лепота»:
У людей-то в дому — чистота, лепота,
А у нас-то в дому — теснота, духота.
У людей-то для щей — с солонинкою чан,
А у нас-то во щах — таракан, таракан…
Абарстам сæ Къостайы «Мæгуыры зарæг»-имæ:
Адæмæн сæ рæсугъд уæттæ
Хъармæй, райдзастæй лæууынц.
Махæн та нæ сывæллæттæ
Уазал лæгæтты кæуынц…
Ахуыргæнæг нын радзырдта, Къоста поэтикон дæсныйадыл кæй ахуыр кодта уырыссаг поэттыл, тынг хорз кæй зыдта уырыссаг æвзаг. Стыр аргъ кæй кодта Н.А.Некрасовæн. Йæ тыхст рæстæг-иу ын уырыссаг поэты æмдзæвгæтæ тыхтæ кæй лæвæрдтой дарддæры тохæн. Иухуызон æвдыстой дыууæ поэты се мдзæвгæты мæгуыр адæмы тыхст цард дæр.
Мæ зæрдæ цыдæр хъармдзинадæй айдзаг. Æхсызгон мын уыд, уырыссаг культурæ хорзырдæм кæй ахады ирон адæмы культурæйыл, уый .
Сочини стихи, Машина
Дельфин: сказка о мечтателе. Серджио Бамбарен
Учимся ткать миленький коврик
Карандаши в пакете
Император Акбар и Бирбал