В работе Дзерассы говорится о сыне Осетии, основоположнике осетинского языка и литературы Коста Левановиче Хетагурове, как интернационалиста.
Вложение | Размер |
---|---|
kosta-_internatsionalist.docx | 30.92 КБ |
Æрыдоны фыццæгæм астæуккаг скъола
Къоста- интернационалист, « кавказаг поэзийы цырагъдарæг æмæ зынгхъахъхъæнæг».
Куыст бацæттæ кодта:
9 –æм къласы ахуырдзау
Магкæты Дзерасса
Наукон разамонæг:
ирон æвзаг æмæ
литературæйы ахуыргæнæг
Лохты Ритœ
Æрыдон
Сæргæндтæ
Темæйы актуалондзинад.
Иртасæн куысты объект.
1. Рахæссын мæ иртасæн куысты ахсджиаг фæрстытæ æмæ хъуыдытæ хистæр ахуырдзауты размæ.
2. Бафтауын рæзгæ фæлтæры хъуыдыйыл нæ абоны дуджы риссаг фæрстытыл, æмæ сæм Къостайы цæстæй акæсын.
Куысты теорион æмæ практикон ахадындзинад.
1. Мæ куысты теорион ахадындзинад ис уый мидæг, æмæ уый ахъаз уыдзæн хистæр кълæсты ахуырдзаутæн æмæ Къостайы сфæлдыстад арфдæр, уæрæхдæр базонынмæ чи тырны, уыдонæн.
2. Йæ практикон ахадындзинад та ис уый мидæг, æмæ дзы чи пайда кæна, уый базондзæн , æппæт дунейы зындгонд адæм Къостайæн цы стыр аргъ скодтой æмæ кæнынц абон дæр, уый.
Бацæуæн.
Нар…Гæвзыкк комы ныббукъ и Нар…Мæгуыры лæдзæг кæмæн уыди йе нусон æмбæлццон. Ирыстоны стъæлд къуым. Иу дудгæбон иннæ фыдæй чи ивта.
Ам Чендзе, сау айнæджы рындзыл, тымыгъ æхсæв, балхъывта йæ дæллагхъуыр, йæ риумæ – сауцæст, сауæрфыг лæппуйы. Иры зæххæн йæ сомыгæнæн, йæ фæдисон, йæ салдат.
Чендзейы куыствæллад къухтæн йæ ингæны раз хъуамæ табу кæнæм. Уыцы къухтæ, зæхбын артдзæсты, бирæ фæуызтой авдæны Къостайы.
Мах, Иры адæм, кувдзыстæм уыцы Нары фæзæн, уыцы тигътæн æмæ доны былтæн, кæм дугъ кодта гомсæр сабийæ Иры зæххы рухс Æрфæныфæд. Рухс Æрфæныфæд! Ир кæмæй хæссы йæ худ бæрзæндты. Тызмæг хæхтæ кæмæн радтой фæлмæн зæрдæ.
О уыцы зæхх, дæ туг де стæгæй цы хъæбатыр лæппуйы схастай! Ирæн цы номдзыд хъæбул радтай! Лæджы æхсар – йæ хæцæнгарз кæмæн уыд. Чи снывонд кодта йæхи цагъар рæхыстæ ныссæттынмæ. Цæмæй лæг лæгæн мауал уа йæ сафæг, фыдгæнæг. Фæлæ йын ныллæууа- иу хæрзгæнæг.
Къоста! Рæстдзинады салдат. Йæ ныхы дзуарыл кæмæн æрцыди фыст- тох.
О Хæхтæ! Уæдæ цы диссаджы хъæбатыры схастат! Знаджы цæфтæй чи нæ æмбæхста йæ риу. Цы цъити дон, цы суадонæй алы райсом нуæзта. Йæ намыс уыдонау, сыгъдæг æмæ ирдæй, царды тæмæнтæкалгæ фæхаста. Уый дунемæ æрцыд, цæмæй лæджы талынг зæрдæйы цины уац ссудза.
О хæхтæ, уæдæ уым уæ хур, уæ дымгæ цы æхсарджын мастисæджы сæ хъæбысы ныккодтой! Чи скатай… Бынтон сæфт кæнæм…Цы уыдзæни нæ фидæн…
Бирæ номдзыд æмæ куырыхон адæймæгтæ сæ фыссæн систæй тох кодтой царды æнæрастдзинæдтимæ , адæмты хсæн хæлардзинадыл,цæмæй кæрæдзимæ хъуынджынæрфыгæй ма кæсой. Уыдон хуызæн социалон æнæрастдзинæдты ныхмæ тох кодта ирон адæмы сæрхъуызой Хетæгкаты Къоста дæр.
Къоста…Мæгуыр хæххон адæмты сæрхъуызой, сæ бартыл, сæ фидæныл карз тохы чи бацыд, йæ цард æгасæй дæр дзыллæты сæраппонд чи æрхаста, уыцы æнæмæлгæ куырыхон лæг.Æппæт дзыллæтæн дæр Къоста уыди сæ сомыйы, сæ зæрдæбындæр арфæйы сæр. Йе мдугонтæ йæ базыдтой ахæмæй, афтæмæй йæ зонынц абоны дзыллæтæ,ахæмæй баззайдзæн нæ фидæны фæлтæртæн.
Къоста… Уый фæрыст дзыллæты рисæй, уый нæ бафæллад сæ амондыл тохы. Ахæм адæймагæн та нæй мæлæт! Къоста баззад æнустæм цæргæйæ йæ адæмы зæрдæты, зонды, хъуыдыты æмæ бæллицты. Къоста…Ирыстоны лæугæ хох, Ирыстоны цæугæ мæсыг! Æрмæстдæр ын афтæ схонæн ис. Уымæн æмæ уый у ирон адæмы ныфс,нæ литературæйы астæуккаг цæджындз. Къостайы саджы фисынтыл амад поэзи райгуырди Ирыстоны сагъæстæй. Уый поэты зæрдæйы арфæй рагуылф кодта Къасарайы нарæг комыл, анхъæвзт æгас бæстæйыл, дунейыл…
Аргъæутты æнæбын цадау у Хетæджы – фырты сфæлдыстад. Ноджы цымыдисагдæр у, арфдæр куы нылленк кæнай,уæд. Адæймаджы раз байгом вæййы поэзийы æбæрæг дуне…Къостайы уацмыстæ уæле – исгæ, бынæй – ахадгæ сты. Цалфæнды хатты сæ бакæс,- фендзынæ сæ ногдзинад, кæй никуы фехъуыстай,ахæм диссаг.
Æмæ куыннæ! Сабийæ сæ чи бакæсы, уымæн зæронды бонтæм йæ туг,
йæ зонды баззайынц. Нæй сын ферохгæнæн. Ирыстоны къуымты ахæм адæймаг не ссардзыстæм,æмæ поэты уацмыстæй иу дæр чи нæ зона. Уым ис Къостайы æнæрцæф курдиаты сусæгдзинад. Къостайы æрмдзæфæн бæрæг у йæ алы дзырд,йæ алы рæнхъ дæр. Уыдон улæфынц фарн æмæ уарзты æнкъарæнтæй, тох æмæ сæрибарыл хъуыдытæй, хайджын сты зырнæйзилæджы дæсны къухы зынгæй.
Сæйраг хай.
Поэты алæмæтаг зарджытæн æмæ куырыхон сагъæстæн йæ райгуырæн зæхх уыди сæ царддæттæг суадон,уыдоны та хъуыдис стыр денджызы тыгъдад. Цæгат Кавказы адæмтæ бирæ куырыхон таурæгътæ ,бирæ рæсугъд зарджытæ æмæ зæрдæхалæн хъарджытæ скодтой сæ уæззау цардыл. Сæрыхъуын арц сбады, зæрдæ ныккæрзы уыдонмæ хъусгæйæ, фæлæ дзы,Хозиты Барисы загъдау, Нарыхъæуы «сау айнæджы рындзæй» цы Хæххон цæргæс стахт, уый хуызæн, Кавказы бæрзонд цъæх арвыл нывæфтаугæ ничи айтыгъта йæ базыртæ. Æппæт дунейыл хъуыстгонд зарæггæнæг Расул Гамзатов дæр æй «Кавказаг поэзийы зынгхъахъхъæнæгыл» хуымæтæджы нæ банымадта.
Къоста бæллыдис, æппæт адæм дæр социалон æмæ национ ссæстдзинады хъадамантæ кæд аппардзысты,уыцы рæстæгмæ. Уый уырныдта, кæй сыстдзæни сæрибары уадтымыгъ, арвы риуыл тæмæнтæ кæй скалдзæн сæрибары стъалы, æмæ дзырдта:
Нымад у рæстæг ныр,
Фæдисмæ дзыллæ сиды…
Æмбæлынц арцытыл
Сæуæхсиды тынтæ.
Махæн Къоста тынг зынаргъ у, нæ зæрдæтæм хæстæг, куыд адæмты хсæн хæлардзинады уадфидиуæг,адæмты сæрыл æгъатыр æмæ æвæллайгæ тохгæнæг,мæгуырты сæрхъуызой æмæ сæ æфхæрджыты цæстысындз.
Къоста уыди парахат зæрдæйы хицау. Æрмæст ирон адæмы хъысмæты кой нæ кодта. Йæ царды фæндæгтæ йæ акодтой бирæ адæмыхæттытæм, æмæ – иу кæмдæриддæр сæмбæлд мæгуыр æмæ хъæздыг адæмыл,раст æмæ зылыныл æмæ сси стыр поэт - интернационалист. Йæ хъарутæ, йæ зонд æвгъау нæ кодта иннæ адæмтæн дæр. Йе сфæлдыстады ирдæй зынынц дагестайнаг,цæцæйнаг,мæхъæлон,кæсгон,балхъайраг,асыйаг,хъæрæсейаг,адыгейаг, æмæ æндæр адæмты æнусон бæллицтæ сæрибармæ.
Стæм разындаид сфæлдыстадон æмæ æхсæнадон архайджыты хсæн, уыцы уæззау æмæ тæссаг рæстæг афтæ чи загътаид:
Æнæхъæн дуне у мæ аргъуан,
Уарзондзинад – мæ кувæндон,
У Дун – Дуне Фыдыбæстæ мæнæн!
Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ æндæр куы ницы ныффыстаид йæ интернационалон зондахаст æвдисынæн, уæддæр æй ацы базырджын ныхас ахастаид дунейы сæрты. Алы адæмты минæвæрттæн цы стыр аргъ кодта, уырыссаг революцион демократтæм куыд уарзон цæстæй кастис, уый зындгонд у. Сæрыстырæй сæ хуыдта йæ ахуыргæнджытæ, йæ фæндагамонджытæ. Къоста йæхæдæг та уыдис æмæ баззайдзæн ирон фысджыты, суинаг фæлтæрты зондджын ахуыргæнæгæй. Уæлдæр дæр ма йæ куы загътон, Расул Гамзатовы загъдау, Къоста ссис æппæт кавказаг поэзийы цырагъдарæг æмæ цырагъхъахъхъæнæг –Хъазыбеджы хох.
Куыд зонæм, афтæмæй Къоста йæ къорд рæстдзæвин уацмысæй бауагъта хæдхæцæг паддзахы тæрхоны лæгты стыр тас. Уый хыгъд, бæрзонддæр кодта Къостайы ном хæххон дзыллæты мидсагъæсты. Æвæццæгæн, æй уымæн бауарзтой сæхи хъæбулау Кавказы адæмтæ дæр. Цæцæйнаг фыссæг Р.Фатуев мæнæ куыд зæгъы уый тыххæй: «…Цæгат Кавказы адæмты зæрдæтæм Къостайæ хæстæгдæр ничи ис, йæ поэзи цæцæйнаг,мæхъæлон,авайраг æппæты фæсвæд хъæутæм дæр фæхæццæ,уыцы адæмтæм сæхи фыссынад куы нæма уыдис,суанг уыцы азты. Ныртæккæ та «Ирон фæндыр» зæланг кæны уæлдай парахатдæрæй».
Цæгат Кавказы сылгоймæгтæн цы иунæг скъола уыд, уый æхгæнын кæй нæ бауагъта Къоста, уый тыххæй æрвыст æрцыдис Ирыстонæй Хъæрæсемæ. Ам дæр поэт нæ ныууагъта йæ тох, хæцыдис бынæттон адæмты сæрыл æмæ бартыл. Къоста хорз зыдта Хъæрæсейæн канд йæ культурæ нæ, фæлæ бынæттон æвзаг дæр. Уымæ гæсгæ йын уæлдай стыр аргъ кодтой амы адæм. Иуахæмы Къоста хуынд æрцыд хъæрæсейаг чындзæхсæвмæ. Йæ размæ рацыд иу рæсугъд чызг, фæндырæй цæгъдгæйæ. Уый та хъæрæсейаг æгъдаумæ гæсгæ амоны уый, æмæ æрмæстдæр кадджын уазæджы размæ рацæуы чызг –фæндырдзæгъдæг.
Хъæрæсейаг поэтты хъуыдымæ гæсгæ , Кавказы сæрибарадон хæсты фæстæ Къостайы сфæлдыстад ныууагъта æппæты стырдæр фæд Цæгат Кавказы адæмты поэзийы . Хетæджы – фыртæн йе нæнцой зæрдæ йæ кусынæй куы банцад, уæд та фыстой: «Уыцы адæймаджы удыхъæдыл ахуыр кæнæм мах, хъæрæсейаг хæххон – поэтикон фæсивæд…Ард хæрæм, йæ фæдзæхстытыл ын иузæрдион кæй уыдзыстæм, уый тыххæй».
Уæдæ Къостайы ном æмæ æрдхæрæны поэзи хъуыстгонд уыд стыр Дагъистаны дæр. Историк Адиль – Гирей фыста: «Къостайы уацмыстæ суанг революцийы агъоммæ систы интернационалон фæзынд». Интеллигенцийы раззагдæр минæвæрттæ базонгæ сты поэты сфæлдыстадимæ æнудæсæм æнусы фæстаг цыппæрæм хайы. 1898 – æм азы Дзæуджыхъæумæ хæстæг Къостайæн йæ хæлæрттимæ цы фембæлд уыдис, уым архайдта Башир Далгат дæр. Дагестайнаг ахуыргонд æмæ фольклорист уым цы ныхас ракодта, уый балхынцъ кодта Наронæн йæхи ныхæстæй: «Куы фезмæлæм иумæ – ныннæрдзæни хох».
Бетъырбухы цыд газет «Дагестаны сæуæхсид», редактор ын уыд С. Габиев. Уый газеты ныффыста уац, кæцы ран фыста: «Хетæджы – фырт куыд Цæгат Кавказы фыццаг профессион фыссæг , афтæ стыр ахъаз у Дагестанæн. Уый ссис ахæм адæймаг æмæ йæ хъуамæ зоной нæ адæмтæ се ппæтдæр». Нырыккон дагестайнаг поэзийы дæр Къостайы фæлгонц æвдыст æрцыд ирдæй. Хъуымыхъхъаг литературæйы классик Аткай æрдхæрæйнаг ныхæстæй сфæлыста поэты фæлгонц.
Саби райгуырд. Арв
Ныннæрыд-
Хæхты райгуырди
Нæртон лæг.
Æмæ суадæтты,
Хурзæрины тынтау,
Аленк кодтой
Незаманты зæлтæ…
Поэты фидæны
Æфсадхонæй уынгæйæ,
Сабийыл ном сывæрдтой
- Къоста!
Фæлæ уый нæ ныссагъта
Пъагæттæ,-
Æфсæддон уагæвæрд ын
Разынди æнад.
Уый йæхимæ райгуырæн
Зæхх сайдта-
Банкъардта йын Ир
Йæ удæгас зæрдæ.
Æмæ нæ урссæр хæхтау
Сырæзыд бæрзонд.
Стыр бынат æрцахста Къостайы фæлгонц Кæсæг – Балхъары поэзийы дæр. Сæ фысджытæ ахуыр кодтой нæ поэты сфæлдыстадыл. Хачим Теунов-Кæсæджы зæронддæр фысджытæй иу- фыста Къостайы тыххæй: «Хетæгкаты Къоста кæд Ирыстоны хæдбындур национ поэт у ,уæддæр, куыд цытджын нывгæнæг, афтæ уый йæ уацмысты , уæлдайдæр та йæ публицистикæйы, хæцыди æппæт Кавказы адæмты фарс. Хурмæ хаста Цæгат Кавказы хохæгтыл даутæ æмæ тугтæ чи мысыди,æнæвгъауæй сæ чи стыгъта, уыцы паддзахы администрацийы æмæ йæ фæсдзæуинты митæ».
Иннæ ахæм ын, йæхи фыдау аргъ кодта балхъайраг классик Хъайсын Кулиев дæр. Иу ахæмы йæ йæ хистæр фырт куы байардта, радзур мын бабайы тыххæй исты, зæгъгæ, уæд ын цы радзырдтаид, йæхææг дæр æй йæ мады ныхæстæм гæсгæ зыдта. Фæлæ ма дзы къам дæр куы æрцагуырдта, уæд Хъайсын бынтон зын уавæры бахаудта. Гъе, фæлæ фæцарæхст æмæ йын равдыста Хетæгкаты Къостайы къам, цухъхъайы, кавказаг дарæсы.
Мæнæ куыд зæгъы Алим Кешоков та йæ иу æмдзæвгæйыКъостайы тыххæй: «Къоста бирæ нæ фæцард, фæлæ йæ цард уыд егъау. Йæ фæстаг туджы æртахы онг æй радта йæ уарзон хохæгты сæрибармæ фæндаг кæнгæйæ», кæй зæгъын æй хъæуы, Кешоков уыд раст.
«Æппæты тынгдæр бæллыди адæмты хсæн иузæрдиондзинадмæ, сæрибардзинадмæ» -ахæм хъуыдыйыл хæст уыди иннæ кæсгон фыссæг Адам Шогенцуков.
Хъалмыхъ дæр сæхи хъæбулау бауарзтой Къостайы. Уый тыххæй Бося Сангаджиева афтæ фыста: «Хетæгкаты Къоста – уæ уарзон хъæбул- ссис æппæт дунейы адæмты амондыл тохгæнæг поэт. Йæхи мæгуыр адæмы сæрыл тохгæнгæйæ, уый хæцыд æппæт адæмты сæрибардзинадыл дæр. Хъалмыхъхъæгтæ, уырыссаг классикты æмрæнхъ, сæхи æвзагмæ тæлмац кæнынц цытджын Къостайы уацмыстæ дæр. Уæлдай бузныг стæм нæ адæмон поэт Давид Кугультиновæй. Уый хæрзаив тæлмацы фæрцы Къостайы нæ адæм бауарзтой сæхи хъæбулау».
Къостайы тыххæй зæрдæбын ныхæстæ цы кавказаг фысджытæ загътой, уыдоны тыххæй Хозиты Барис тынг хорз загъта: «Къостайы тыххæй цы зындгонд адæймæгты ныхæстæ æрхастам, уыдон загъд æрцыдысты алы азты. Фæлæ абон дæр цардæгас сты. Адæймагмæ афтæ кæсы, цыма хæххон поэты хуыздæртæ иу ранмæ æрæмбырд сты Нароны тыххæй, семæ æрхастой, цыдæриддæр хорзæй уыд сæ адæмтæм сыхагæн, уый æмæ сæ ныр арфæйы хуызы дзурынц, «Кавказаг поэзийы зынгхъахъхъæнæджы» чи схъомыл кодта, уыцы фæрнджын адæмæн».
Къоста Цæгат Кавказы алыхуызон адæмты хъахъхъæдта дзыллон информацийы фæрæзты æфхæрдæй дæр. Хъахъхъæдта æрмæст Ирыстоны нæ, фæлæ Гуырдзыстоны, Кæсæг, Цæцæны æмæ æндæр регионты мæгуыр зæхкусджыты интерестæ. Уыдис ын арф бастдзинæдтæ гуырдзиаг адæмы минæвæрттимæ. Тынг хæларæй царди гуырдзиаг æхсæнадон архайæг Хъипиани Михаилимæ. Сæ хæлардзинадæн сын бындур æрæвæрдтой иумæйаг интерестæ æмæ нысантæ. Хъипианийы фæрцы уæды рæстæджы гуырдзиаг дзыллæ базонгæ Къостайы сфæлдыстадимæ. Къоста æмæ Хъипианиимæ хæлар уыдис гуырдзиаг дохтыр Топуриа Климентий. Йæ мысинæгты уый фыссы: «Хетæгкаты Къоста цардис нæ фарсмæ сыхаг хатæны. Тагъд æз йемæ схæлар дæн, æмæ канд æз нæ, фæлæ ме скъолайы æмгæрттæ Моселиани, Кочинашвили æмæ ирæттæ Байаты æфсымæртæ. .. Мах Къостаимæ ахæм хæларæй цардыстæм æмæ не хсæн æппындæр хæрамдзинад нæ уыдис. Уыцы азты ма Дзæуджыхъæуы цардис Хъипиани Михаил. Бынæттон цæрджытæ йын кодтой стыр кад , бирæ йæ уарзтой. Мах Къостаимæ æрвылхатт цыдыстæм уымæ цай цымынмæ. Къоста æмæ Хъипиани уæддæр уыдысты æмæ цæрæнбонтæм баззадысты стыр хæлæрттæй». Фæстæдæр Хъипиани ацыдис Цæгат Ирыстонмæ, горæт Дзæуджыхъæумæ. Уый æххуысæй Ирыстоны бындур æвæрд æрцыдис сывæллæтты литературæ æмæ рауагъдадæн . Хъипиани ма уыдис, Дзæуджыхъæуы библиотекæ байгом кæныныл зæрдиагæй чи архайдта, уыдонæй иу.
Гъе, уымæн равзæрын кодта, æвæццæгæн, ахæм стыр маст æмæ фыдохы æнкъарæнтæ Хъипианийы амæлæт Кавказаг мæгуыр фæллойгæнæг адæмы зæрдæты . Къоста сфæлдыста диссаджы æмдзæвгæтæ уырыссаг æмæ ирон æвзагыл . Уым хæрзбон загъта йе нувыд хæларæн æмдзæвгæ «Марды уæлхъус» -ы:
Фæндараст!- фервæзтæ нæ мæтæй,
Зæххыл нæ мацæуыл уал дом.
Мæрдты дын хай уыдзæн дзæнæтæй.
Уæлæуыл баззайдзæн дæ ном.
Гуырдзиаг æмæ ирон адæмы æфсымæрон хæлардзинад Къоста равдыста йæ поэмæ «Хетæг» - ы. Ацы поэмæ у йедзаг уарзондзинадæй, знагмæ та -æнæуынондзинадæй.
Мах зонæм, Къостайы карзæй кæй æфхæрдтой паддзахы чиновниктæ. Сæ бон куыд уыдис, афтæ йæ уыдонæй хызтой йæ гуырдзиаг хæлæрттæ æмæ зонгæтæ дæр. Уыдонимæ Хъазбеги Александры мады хæстæг, гуырдзиаг инæлары æмкъай Тарханишвили Софья. Къостайы нал ахастой дард Сыбырмæ, фæлæ йæ ахастой Хуссармæ. Софья рынчын поэты фервæзын кодта адзалы дзæмбытæй.
Къоста тынг уарзта гуырдзиаг зарджытæ. Уый фыста Цæлыккаты Юлианæмæ: «Курæг дæ дæн, скæн хæбизджынтæ æмбисбонмæ, æз дыууæ сахатыл агуывзæ мæ къухмæ сисдзынæн, æртæ хатты «ваша»(ура) ныхъхъæр кæндзынæн æмæ «Мравалжамиер» азардзынæн».
Къостайы фыды хо смой кодта Картлимæ гуырдзиаг къниазæй. Уымæн йæ хъæу уыдис Гурмæ хæстæг. Къоста – иу сæм уыдис æмæ йæ дисы бафтыдта Картлийы æрдз.Мæнæ цы фыста уый тыххæй йæ хæлар Дзанайты – Хетæгкаты Сашæмæ: «Æз ацæудзынæн Гурмæ Дзæуджыхъæуы фæндагыл Арвы комы фæндагыл. Ацы хъæуы ис бирæ сæндæттæ, дыргъдæттæ æмæ сагъд хъæдтæ. Уым зымæг нæ вæййы, вæййынц дзы æрмæст уалдзæг, сæрд æмæ фæззæг».
Раст цыма йæ уарзон адæмы номæй зæгъынмæ хъавыд,уый хуызæн фæкæсынц адæймагмæ Раисæ Ахматовайы ныхæстæ: «Мах Къостайы арфхъуыдыджын цæстытæм куы фæкæсæм, уæд нæ разы сæвзæры ахæм фарст: кæцæй уыд ахæм егъау хъару хохогмæ? Кæцæй равзæрд ахæм тых йæ фæлтæртæм,маст æмæ мæгуырдзинадæн бабыхсгæйæ, Къостайы æхсидгæ рæнхъытæ чи бахъахъхъæдта. Æппынфæстаг, «Ирон фæндыр» -ы хæххон адæймаг федта йæхи хъæлæс,баууæндыд йæхиуыл».
Кæрон.
«Леуаны фырт Къоста у гениалон поэт,- фыста Къониаты Юрий. Уый дæуццаг нæу. Фæлæ гениалон поэттæ дзæвгар сты. Къоста се хсæн лæууы къæдзæхау,æнæ фæцудгæ. Æмбал ын нæй. Цæмæй бæрæг у мæ ацы æнахуыр хъуыды? Ранымайæм ма бæлвырдгæнæнтæ. Иудадзыг фæлхатын – Къоста у гениалон поэт. Уымæй уæлдай прозаик, драматург, публицист, фыццаг ирон нывгæнæг, театры архайæг, мыхуыры хайадисæг, чингуыты рауагъдады архайæг, адæмон ахуырадыл кусæг, рухсады архайæг, нывæфтыды аивады ахуыргæнæг, фæллойгæнæг адæмы сæрхъуызой,сæрылхæцæг,æхсæнадон архайæг.
Уæхæдæг зæгъут: Къостайæн æмбал уынут гениалон поэтты хсæн? Æз нæ уынын. Æмсæр æмбал ын нæй».
Къониаты Юрийы ныхæстимæ æз дæр дæн разы.
Мариэттæ Шагинян та афтæ фыста Къостайы тыххæй: «Йæ адæмы æгæрон уарзтæй кæй уарзта,уый тыххæйКъоста у национ æмæ æппæтадæмон культурæйы сæраппонд æцæг тохгæнæг, стæй у, абон мах, æфсымæрон адæмтæ, хæларæй кæм цæрæм, уыцы æхсæнады барджын уæнг».
Хъыгагæн, хъысмæт Къостайæн бирæ азтæ цæрынæн нæ радта. Цыппор авдаздзыдæй ахицæн йæ цардæй. Къоста йе знæгты фæндиаг фæци.Æгъатыр низ ын банцайын кодта йæ зæрдæйы куыст, йæ булæмæргъы хъæлæс – йæ фыд Леуаны хæдзары Лабæйы. Ныгæд æрцыд йæ фыды ингæны фарсмæ.Фæстæдæр ын йæ мард сластой Ирыстонмæ уæды раззагдæр интеллигенцийы руаджы æмæ йæ стыр кадимæ бавæрдтой Ирыхъæуы аргъуаны кæрты.
Ирыстоны намысджын фырт æмæ уарзон поэты амæлæтыл тынг фæхъыг кодтой æгас Кавказы фæллойгæнджытæ дæр. Къостайы марды уæлхъус загъд æрцыдис бирæ хорз ныхæстæ гуырдзиаг,уырыссаг,сомихаг æмæ æндæр адæмты æвзæгтыл. Къоста йæ иу æмдзæвгæйы куыд загъта,уыйау:
Уый бæрц æрцæугæ нæма федтон
Иу ранмæ,
Уый бæрц æркæсгæ нæма федтон иу
Зианмæ
Хохæй,быдырæй…
Дзапарты Хасанбеджы загъдау, йæ уд чи суæлдай кодта мæгуыр адæмы сæрибардзинадæн, уыдонæн, дам,нæй мæлæт, зæгъгæ,фæзæгъынц. Уыдонæн æрмæстдæр вæййы райгуырæн бон.
Абон нæ бирæнацион райгуырæн бæстæ ирон адæмимæ иумæ стыр кад кæнынц, Кавказы æвæджиау хъæбул, генион ирон поэт Хетæгкаты Леуаны фырт Къостайæн, йæ æппæт цард, йæ диссаджы курдиат æфхæрд фæллойгæнæг адæмты рухс фидæнæн чи снывонд кодта , уымæн.
Литературæ.
1. Газет «Рæстдзинад»,1997 аз,18 октябрь,Четиты Рубен, «Къоста – интернационалист».
2. Газет «Рæстдзинад»,1991 аз,Хозиты Барис, «Кавказаг поэзийы зынгхъахъхъæнæг».
3. Газет «Рæстдзинад»,2009 аз,15 октябрь, Къониаты Юрий, «Йæ æнæмæлгæ сфæлдыстад».
4. Газет «Рæстдзинад»,1994 аз, Рамазанов Магомед, «Къоста æмæ Кавказы адæмты культурæ».
5. Фæрниаты Дзибус, новеллæ «Къоста».
6. Газет «Рæстдзинад», 2009 аз, 26 ноябрь, Дзапарты Хасанбег, «Фæдисы дзæнгæрæг».
7. Газет «Рæстдзинад»,1998 аз, Тедеты Ефим, « Стыр адæмы стыр поэт».
8. Газет «Рæстдзинад»,1996 аз, 19 октябрь, Хæмыцаты Албег, «Нæ лæугæ хох, нæ цæугæ мæсыг».
9. Журнал «Мах дуг», Мариэттæ Шагинян, « Хетæгкаты Къоста – публицист».
10. Журнал « Литературная Осетия»,1979 аз,Хачим Теунов, «Великий художник слова».
11. «Мятежная лира горца», 1981 аз, «Сборник материалов празднования 120 – летия со дня рождения Коста Хетагурова».
Любимое яичко
Злая мать и добрая тётя
В Китае испытали "автобус будущего"
Лиса-охотница
Твёрдое - мягкое