Чызыты равдыст.
Вложение | Размер |
---|---|
irystony_sylgoymaegtae_kaedfaendy_daer.docx | 143.65 КБ |
Чызыты конкурс « Ирон дæн æз.»
( Хъуысы зарæг « Чызджытæ» чызджытæ æрлæууыдысты сценæйы)
Амонджытæ рахызтысты фæйнæрдыгæй
1.Ам Уæ бон хорз, зынаргъ уазджытæ, ныййарджытæ, ахуыргæнджытæ æмæ скъоладзаутæ.
2.Ам. Зæрдиаг арфæ уын кæнæм, нæ чызыты равдыстмæ кæй æрбацыдыстут уымæн.
1Ам. Ирыстоны сылгоймæгтæ кæдфæнды дæр, суанг тæккæ фыддæр уавæрты дæр, кæй æмбæрстой сæ адæмы хъысмæты сын цы ахадындзинад ис уый, æмæ йæ æххæст кодтой кадимæ.
2Ам. Æвæццæгæн, зæххыл ахæм тых нæй, æмæ сылгоймагимæ кæй ис абарæн. Сылгоймаг у хуры тынау рæсугъд æмæ фæлмæн. Сылгоймаг у фарн æмæ амондхæссæг.
Сылгоймаг! Ирон адæм рагæй фæстæмæ кувынц сылгоймаг бардуагмæ - Мадымайрæммæ. Курынц дзы цот, фæдзæхсынц сæ хъæбулты.
1Ам. Уæздан чызг, æгъдауджын, æфсармджын уыд кæддæриддæр кадджын ирон адæммæ. Абон уæ размæ цы æрыгон чызджытæ рахызтысты, уыдон царды мидæг кæнынц фыццаг бæрнон къахдзæфтæ. Бирæ диссаджы сгуыхтдзинæдтæ нæ бафтыд сæ къухы, фæлæ уал сæ абон фæзминагæй æвдисынц, сты ахуыры раззагдæртæ, æгъдауæй, æфсармæй хайджын.
2Ам. Уыдон цæттæ сты абоны бæрæгбонмæ. Хъуамæ ирд ахорæнтæй равдисой нæ рагфыдæлты рæсугъд, æнæмæлгæ æгъдæуттæ. Базонгæ кæной сымах, куыд зонынц сæ ирон мадæлон æвзаг, равдисой сæ хъарутæ, сæ арæхстдзинад кафынæй, зарынæй.
1Ам. Гъемæ сын æхсызгонæй бантысæд. Мах та сын цæстуарзонæй æвдисæн фæлæууæм. Фæлæ уал куы базонгæ уаиккам нæ районы скъоладзау чызджыты хуыздæртимæ, уый, æвæццæгæн, не' ппæты дæр фæнды. Табуафси!
(Чызджытæ кæрæдзийы фæдыл амонынц сæхи)
2Ам. Бузныг, чызджытæ. Мах та фæнды, уæ арæхстдзинадæн, уæ зонындзинæдтæн, уæ кафт, уæ зардæн аргъ чи кæндзæн, уыдоны нæмттæ æхсызгонæй раргом кæнын.
Жюрийы уæгтæ:
( Кафт симд)
(чызытæ кæсынц сæ нывæцæнтæ)
Муз ном.
1. Ирон бæрæгбæттæ . Уыдон нæ ирон адæмы æнусон хæзнатæ сты. Фæлтæртæ сæ фæлтæртæм радтой, нæ сæ бауагътой бырынцъаг фæндæгтыл фесæфын.
2Ам. Ирон бæрæгбæттæ сты нæ царды скъола, ирдæй дзы зыны уды сконд, стæй адæмы фарн. Æмæ сæ хъахъхъæнæм цæсты гагуыйау.
Фидæны фæлтæртæм сæ радтæм сыгъдæг æмæ хæрзудæй.
1Ам. Æрхæццæ афон æмæ рæстæг нæ чызджытæн, уыдон радзурдзысты ирон бæрæгбæтты тыххæй.
2.Ам Уæдæ уыимæ куысты фæтк уыдзæн афтæ, чызджытæ цæудзысты сценæмæ иугай, кæрæдзийы фæдыл, жюрийы уæнгтæ та, куыд радзурой, уымæ гæсгæ æвæрдзысты сæ бæрæггæнæнтæ.
Уæдæ ныхасы бар фыццаг чызгæн
Чызыты дзуæппытæ
Муз. Кафт.
1Ам. Къæбæр кæныны, фосы куыст, урсаджы куыст.
2.Ам Уæдæ ма сбæрæг кæнæм, цавæр кусæн гæрзтæй архайдтой æмæ архайынц, уый. Æрдæбон куыд, уыдис афтæ чызджытæ кæрæдзийы фæдыл цæудзысты, сæ хæслæвæрдтæ æххæст кæндзысты. Жюрийы уæнгтæ тæ сын кæндзысты аргъ.
Табуафси, къухæмдзæгъдимæ сæ хонæм сценæмæ.
Чызыты дзуæппытæ
Муз. Кафт
Дыууæ æрыгон адæймаджы ног цард райдыдтой æмæ кæрæдзийы æмбарынц, уæд уыдон амондджын сты. Уыдон цæрæнбонты мысдзысты сæ чындзæхсæв. Уый æнусон стъалыйау æрттивдзæн сæ сæрмæ, рухс сын кæндзæн сæ цардвæндаг. Амондæй хайджын уыдзысты сæ хистæртæ, сæ хъæбултæ, сæ къабæзтæ.
Уæ хорзæххæй, чызджытæ.
Чызджыты дзуæппытæ.
Муз кафт.
Куыд сбæрæг, афтæмæй нæ чызджытæ арæхсынц хæринаг кæнынмæ. Хæдзары бацæттæ кодтой фæйнæ хæринаджы æмæ сæм байхъусæм.
Ирон хæринæгтæ (чызджыты дзуæппытæ)
Муз.
( чызджытæ æвдисынц сæ дæсныйад)
(рацæуынц чызджытæ æмбырдæй æмæ æрлæууынц сценæйы.)
Ныхасы бар жюрийы уæнгтæн.
Бузныг, чызытæ. Мах та фæнды нæ сценæмæ рахонын, ирон æвзагæн уæлдай кад чи кæны, уыцы сылгоймаг ахыргæнджыты. Уæ хъарутыл хъару æфтæд. Ирыстонæн цы лæггæтты бацыдыстут, цы арфæйаг куысты бацыдыстут, уымæй хайджын уæнт уæ бинонтæ æмæ ахуыргæнинæгтæ.
1.Мæнæ ацы уындæй æмæ зондæй æххæст чызджытæ та, уæ зондæй хайджын чи фесты, уыдон царды рæсугъд фæндæгтыл цæуæнт.
2 Уæдæ табуафси: Дигорайы æртыгкаг скъолайы ирон æвзаджы ахуыргæнæг Акъоты Залинæ .
2. Дигорайы фыццæгæм скъолайы ирон æвзаджы ахуыргæнæг Тъуриты Белла
1. Дур-Дуры 2 скъолайы ирон æвзаджы
ахыргæнæг Хуыдæлты Ларисæ.
2. Дигорайы 2 скъолайы ирон æвзажы ахуыргæнæг Туаты Рима.
1.Хъарманы скъолайы ирон æвзаджы ахыргæнæг Анжела
2. Дур- Дуры 1 скъолайы ирон æвзаджы ахуыргæнæг Туаты Анжела
1. Дигорайы 2 скъолайы ирон æвзажы ахуыргæнæг Зуймонты Элинæ.
Бузныг зæгъæм уе' ппæтæн дæр, ерысы уæлахиздзаутæ кæй вæййы, уый не' ппæт дæр зонæм, фæлæ нæ размæ цы фæсивæд рацыд, уыдон иууылдæр уæлахиздзаутæ сты.
Чызджытæ, нæ зæрдæ уын зæгъы, цæмæй уæм хъысмæт алкæмæдæр йæ мидбылты бахуда. Ахуыргæнджытæн дæр зæгъæм стыр бузныг. Абоны бæрæгбон чи сарæзта Æхсæнадон змæлд «Иудзинадæн» та зæгъæм уæлдай бузныг. Фæсивæды разæнгард куы кæнай, уæд уыдон дæр царды рæсугъддæр фæндæгтыл цæудзысты, æнгомдæрæй, хъæлдзæг зæрдæйы уагæй.
По морям вокруг Земли
Яблоко
Стрижонок Скрип. В.П. Астафьев
Почта
Три орешка для Золушки