Графтœй куыд ахсджиаг мадзалœй ис пайда кœнын наукœйы дœр œмœ адœймаджы царды дœр.
Вложение | Размер |
---|---|
irtasan_kuyst_grafty_boestoe.docx | 22.97 КБ |
Разныхас.
Мæ иртасæн куыст «Графты бœстœ» у информатикæйæ.
Мӕн бафӕндыдис базонын, графтæй куыд пайдагонд цæуы.
Æппæты фыццаг ӕз «графтимæ» сæмбæлдтæн информатикæйы урочы. Базыдтон дзырд «графтæн» кæй ис бердзенаг уидаг «графо» æмæ амоны фыссын.
Цымыдиссаг мæм фæкастысты графтæ, æмæ мæ мӕ бафæндыд фылдæр базонын: цæмæн хъæуынц æмæ сæ куыд пайдагонд цæуы царды. Графты фæрцы хъуамæ саразон нæ бинонты генеалогион бæлас.
Уый у мæ иртасæн куысты нысан.
Иртасæн куысты объектӕ сты графтæ;
Предмет – графтæ куыд бирæ алыхуызон практикон куыстытæ æххæст кæныны мадзал.
Гипотезæ: Графтœй куыд ахсджиаг мадзалœй ис пайда кœнын наукœйы дœр œмœ адœймаджы царды дœр.
Мæ размœ œрœвœрдтон ахœм хœстœ:
- базонын графты истори;
- сбæрæг кæнын графты теорийы сæйраг æмбарынæдтæ, стæй графты хуызтæ;
- равдисын, графтæй куыд пайдагонд цæуы, уый;
- нæ бинонты генеалогион бæлас саразын.
Спайда кодтон ахæм методтæй: цæстдард, агуырд, æвзæрст, анализ, иртæст.
Ахсджиагдзинад. Графты фæрцы æрфыссæн ис бирæ алыхуызон объекттæ æмæ уавæртæ. Пайда сæ кæнынц информатикæ æмæ математикæйы. Уыдоны фæрцы сæххæст кæнæн ис бирæ алыхуызон практикон куыстытæ.
Зæгъæм, сæ фæрцы саразæн ис бинонты генеалогион бæлас. Уый бирæтæн у цымыдисаг. Уымæ гæсгæ мæ иртасæн куыстæн ис практикон ахадындзинад.
Граф хуыйны схемæ, ис ын цъуппытæ, кæцытæ иугонд цæуынц хæххытæй. Дыууæ цъуппы гæнæн ис иугонд уой цалдæр хаххæй.
Графтæ æххуыс сты , математикон æмæ экономикон хынцинагыл кусгœйœ.
Горæты фӕндӕгты схемæтæ æвдыст цæуынц графты руаджы. Уыцы схемæтæй пайда кæнӕм, горæты уынгты хӕдтулгӕйыл куы фӕцӕуӕм уӕд.
Иу хуымæтæг хаххӕй дыууæ цъуппы иугонд кӕм ӕрцӕуынц, ахœм граф хуыйны бæлас.
Райдайæн стъœлф хуыйны уидаг, къалиутæ-фæрстæ, иннœ стъæлфытæ та – цъуппытæ.
«Бæласы» алы цъуппыты къайæн дæр ис иунæг иугæнæг фæндаг.
Бœласы хуызы œвдисгœйœ,уыцы миниуœгœй фœпайда кœнынц адœймагœн œппœт фыдœлтœ агургœйœ.
Графтæй пайда кæнынц адæм сӕ царды.
- уыдоны руаджы уагдонтӕн равзарынц уæлдай хуыздæр бынат,
- графты руаджы нысан кӕнынц фœндœгты схемæтæ дӕр,
- цымыдиссагдœр та мœм кœсы ахœм графты хуыз, куыд лабиринт.
Лабиринт раиртасын - амоны ссарын фæндаг уыцы графы. Цъуппытæй ам нысангонд сты цœлхдуртœ (ахизœн кœм нœй,ахœм бынœттœ), скъуыддзӕгтæ та - лабиринты ацæуæнтæ.
Графты œппœт хуызтœй мœ куыстœн равзœрстон «бœлас».
Мœнœ йœм œрбакœсут.
- Йœ райдайœн стœлф, йœ уидаг у Хъулаты Алексей
- Хъулаты Алексейœ – сœхи аивœзтой дыууœ къалиуы Хъулаты Михаил œмœ Хъулаты Кирилл
- Уыдонœй та ноджыдœр дыууœ къалиуы Хъулаты Апхаз œмœ Хъулаты Тамарœ.
- Уыдонœй дœр дыууœ къалиуы сœ иу у мœ фыд Хъулаты Альберт.
œрбакœсут ма мœ фыд Альбертœй цы диссаджы дыууœ къалиуы фœзынд, сœ иу дœн – œз - Хъулаты Дзерассœ инœ та ме`фсымœр – Хъулаты Руслан.
«Бœлœсты» граф у пайда цœстуынгœ мадзал.
Цæмæй хынцинæгтæ раст кœнœм, уый тыххæй хъæуы равзарын, куыд арæзт цæуынц, цавæр хæйттæй арæзт сты, цавæр инструменттæй пайда кœнœм.
Графтœй пайда кœнгœйœ куыстмœ хъœуы сфœлдыстады цœстœнгасœй.
Æз бæлвырд базыдтон, графтæй уæрæх кæй пайда кæнынц экономикæйы, техникæйы.
Графты теорийы бындуртæ æнæмæнг зонын хъæуы алыхуызон куысты хæйтты.
Афтæмæй, мӕ куысты хæслæвæрдтæ æххæстгонд æрцыдысты графтимœ œмœ куысты аргъ œмбœрстконд у.
Снег своими руками
Фотографии кратера Королёва на Марсе
Философские стихи Кристины Россетти
Нора Аргунова. Щенята
Для чего нужна астрономия?