Урок по теме:"Мивдисæг"

Тебиева Лариса Касполатовна

Знакомство учащихся 6-го класса с частью речи "Глагол" и закрепление полученных знаний.

 

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл mivdisaeg.docx15.79 КБ

Предварительный просмотр:

                                                      Мивдисæг.

                                                          Урочы цыд.

        Абон мах рахиздзыстæм ног темæмæ.Цавæрмæ,уый та базондзыстут  1-аг хæслæвæрд куы баххæст кæнат,  уæд.

Фæйнæгæй рафыссут  æмдзæвгæйы скъуыддзаг, цухгонд  дзырдтæ дзы бавæрут, афтæмæй.

Цæйут, æфсымæртау,

_____ нæ къухтæ

Абон кæрæдзимæ,

Иры лæппутæ!..

_____  нæ тырыса

Дзыллæйы номæй.

Рухсмæ æнæзивæг

_____  æнгомæй!

Бакæсæм ма уæдæ æмдзæвгæйы цы цухгонд  дзырдтæ бавæрдтат уыдонимæ.

-Чи у ацы æмдзæвгæйы автор?

Цавæр ныхасы хаймæ сæ ис ахæссæн?

Куыд  æй базыдтат, цы нысан кæнынц ацы дзырдтæ,уый?

Уæдæ нæ абоны урочы темæ у Мивдисæг. Ныффыссут æй уæ тетрæдты.

Мивдисджытæ ахсынц нæ ныхасы 2-аг бынат номдары фæстæ.

Æппæтæй арæхдæр фæпайда кæнæм ахæм мивдисджытæй,куыд: зæгъын, дзурын,уæвын,уынын, ацæуын,раттын, хæрын, лæууын, цæрын,кæсын, райсын, æмбарын,скæнын æмæ æнд.

Ныр та бакæсут фæйнæгыл фыст æмдзæвгæ

УАЛДЗÆГ

Мит  тайы, их сайы,

Фæхъулон ис зæхх:

Йæ цæгат фæзæйнад,

Йæ хуссар фæцъæх.

Йæ фæдыл нæ хъæдыл

Фæхæцыд сыфтæр;

Нæ хуымтæ кæндтытæ,

Нæ ласæн цъыфдæр.

Цырд лæппу гæлæбу

Æрцахста... Зæгъ ын:

Нæ уалдзæг дæ уазæг,

Ныууадз æй цæрын!

Чи у ацы æмдзæвгæйы автор?

Ссарут ма дзы мивдисджытæ æмæ сын раттут характеристикæ.

Бафæлварут ма мивдисæджы тыххæй цы загътат, уыдон  раиртæсты хуызы зæгъын.

Нæхи сбæрæг кæнæм: абарæм æй  чиныджы раиртæстимæ.

Мивдисæг у ныхасы хай, кæцы нысан кæны архайд æмæ домы фæрстытæ цы ми кæны? Цы архайы?

Нæ зæрдыл æй æрлæууын кодтам, мивдисæг цы у, уый. Ныр та иучысыл ахъазæм.

Лексикон куыст.

Къордтæй куыст.

 Мивдисджытæм  æрхъуыды кæнут синонимтæ: кæсын, дзурын.

Тынг хорз.  Ныр та мæм байхъусут. Цавæр мивдисджытæй спайда скодта Коцойты Арсен йæ радзырды.

Чиныгимæ куыст.

Хибарæй куыст.

Уæ цæстытыл ма ауайын кæнут, 5 къласы ахуырдзаутæ кæй не стут, фæлæ газеты кæнæ журналы редактортæ. Æрыгон автор уæм æрбахаста йæ радзырд. Алы хъуыдыйады дæр пайда кæны цалдæр мивдисæг- синонимæй. Уæ хæс  у, равзарын,йæ хъуыдымæ гæсгæ кæцы мивдисæг аивдæр сфидаудзæн  хъуыдыйады æмæ ныффыссут текст. Бафæлварут.

                                               

                                                       

                                                         Цъититæ.

     Цæгат Ирыстон (зындгонд у, хъуыстгонд у) йæ цъитиджын хæхтæй. Адæймаджы зæрдæ сæ уындæй (райы, рухс кæны).

     Цъититæ уæйгуытау хæрдмæ (ныййвæзтысты, фæцыдысты). Цас хуыздæр бон вæййы,уыйас æввахсдæрæй фæзынынц. Райдзаст бон (тæмæнтæ,цæхæртæ) фæкалынц хуры тынтæм, дардæй сæхимæ( фелвасынц, фелхъивынц)

      Цы ма (ис, вæййы)  цъититæй рæсугъддæр æмæ сæрыстырдæр!


Хæдзармæ куыст.

Ныффыссут уæ боны фæтк æрмæст мивдисджытæй пайда кæнгæйæ

Хатдзæгтæ:

Мивдисæджы тыххæй цы  зонындзинæдтæ райстат, уыдонæй уын хæдзармæ куыст кæнгæйæ кæцытæ феххуыс  уыдзысты?