Доклады
.
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
РЕФЛЕКСИ КÆНЫНЫ МАДЗÆЛТТÆ ИРОН ЛИТЕРАТУРÆЙЫ УРОКТЫ. | 26.13 КБ |
Хæххон лæппуйы хъысмæт (Абайты Васойы райгуырды 120 азы бонмæ). | 25.96 КБ |
Предварительный просмотр:
Доклад.
РЕФЛЕКСИ КÆНЫНЫ МАДЗÆЛТТÆ ИРОН ЛИТЕРАТУРÆЙЫ УРОКТЫ.
Ахуырады системæйы актуалондæр фарстатæй иу у, цавæр хъуамæ уа урок нырыккон уавæрты. Урочы тыххæй фыст æрцыд бирæ чингуытæ, уацтæ, арæзт цæуынц дискусситæ. Ивд цæуынц ахуырады нысантæ æмæ мидис, фæзындысты ног ахуырадон технологитæ, стандарттæ. Фæлæ цыфæнды реформæты, ногдзинæдты уавæрты дæр урок уыдзæн ахуырады сæйраг формæ, ахуырадон процессы архайджытæ та - ахуыргæнæг æмæ скъоладзау. Афтæ уыд традицион скъолайы, афтæ у нырыккон скъолайы дæр. Ног ахуырадон стандартты уавæрты кусгæйæ урочы нырыккон домæнтæ сты, канд зонындзинæдтæ нæ райсын предметæй, фæлæ ма уыцы зонындзинæдтæй практикон æгъдауæй пайда кæныны арæхстдзинæдтæ дæр райсын.
Абон урочы сæйрагдæр домæнтæй иу у скъоладзауы активондзинады рæзтыл куыст. Активон та уыдзæн уæд, æмæ куы `мбара ахуыры нысан, йæ хъæугæдзинад, йæ алы архайд дæр куы уа хъуыдыгонд æмæ æмбæрстгонд. Ахæм уавæртæ аразынæн стыр æххуыс у урокæн хатдзæг скæныны этап, рефлекси. Нырыккон педагогикæйы рефлекси æмбæрстгонд цæуы куыд архайды æмæ йæ фæстиуджыты хатдзæг (самоанализ).
Методикон наукæйы рефлексимæ се ргом аздæхтой Соколова Л. А., Головкина Е. В., Кульневич С. В., Лакоценина Т. П. Сæ хъуыдымæ гæсгæ йын ис стыр нысаниуæг ахуыры процессы, скъоладзауты архайды. «Все, что делается на уроке по организации рефлексивной деятельности – не самоцель, а подготовка в сознательной внутренней рефлексии развитию очень важных качеств современной личности: самостоятельности, предприимчивости конкурентоспособности», - фыссы Головкина Е. В. (1, с. 58).
Методисттæ æмæ фæлтæрдджын ахуыргæнджыты хъуыдымæ гæсгæ, рефлекси канд урочы кæрон нæ вæййы, фæлæ йæ алы этапы дæр. Йæ сæйрагдæр нысан у, урокæй канд бафидаргонд фæстиуджытимæ нæ ацæуын, фæлæ ма искæй æмæ хи методтæ, мадзæлттæ кæрæдзийыл абарын дæр. Йæ функцитæм гæсгæ рефлекси вæййы:
1. Зæрдæйы уаг æмæ эмоционалон уавæры рефлекси.
2. Архайды рефлекси.
3. Ахуырадон æрмæджы мидисы рефлекси.
Скъоладзаутимæ эмоционалон бастдзинад бафидар кæнынæн зæрдæйы уаг æмæ эмоционалон уавæры рефлекси растдæр уыдзæн аразын урочы райдианы æмæ архайды кæрон. Спайда кæнæн ис зæрдæйы уаг æвдисæг хуызджын нывтæ, къамтæ, музыкалон фрагменттæ, æмдзæвгæтæй æмæ а. д.
Æрхæссæм дæнцæгтæ.
1. «Дидинсыфтæ - дидинæг». Сывæллæттæ æвзарынц, дидинæджы сыфтæй сæ зæрдæйы уагмæ хæстæгдæр цы хуызтæ ис, уыдон. Уый фæстæ дидинсыфтæй аразынц дидинæг.
2. «Зæрдæйы уаджы бонæг». Урочы кæрон, фæйнæгыл рагацау ауыгъд таблицæйы, скъоладзаутæй алчи дæр йæ мыггаджы акомкоммæ баныхасы йæ зæрдæйы ахаст æвдисæг ныв- квадрат, кæцытæй рауайы хуызджын панно.
3. «Хуры тын». Скъоладзаутæ кæронмæ ахæццæ кæнынц равзæрст хъуыдыйад:
« Мæ зæрдæйы уаг у… хуызæн»
* хуры тыны;
* хуры тын мигътимæ;
* мигъты;
*мигътæ къæвдаимæ;
* мигътæ арвæрттывдимæ.
4. «Дæ зæрдæмæ тынгдæр кæцы ныв цæуы».
Лæвæрд алыхуызон тар æмæ ирд нывтæй скъоладзаутæ равзарынц сæ зæрдæйы уагмæ хæстæгдæртæ.
5 «Равдис дæ цæсгом» - хъæлдзæгæй, æнкъардæй, тызмæгæй, разыйæ, æнæразыйæ.
Архайды рефлекси фадат дæтты ахуырадон æрмæджы куысты хуызтæ æмæ мадзæлттыл ахъуыды кæнынæн, эффективондæртæ агурынæн. Рефлексийы ацы хуызæй пайдагонд цæуы хæдзармæ куыст бæрæггæнгæйæ, проектон куыстытæ хъахъхъæнгæйæ. Урочы кæрон дзы пайда кæнын ахъаз у алы скъоладзауы активон архайдæн дæр аргъ скæнынæн. «Рефлексия деятельности помогает оптимизировать учебный процесс. Ученики с её помощью осмысливают свой образ работы с учебным материалом (методы, приёмы, упражнения). То есть они сами участвуют в повышении эффективности учебного процесса» (4, с. 32).
Дæнцæгтæ.
1. «Æнтыстдзинæдты асин». Скъоладзаутæ урочы куыд куыстой, уымæн аргъ кæнынц сæхæдæг - асинтыл кæцы къæпхæнмæ схызтысты, уымæй.
2. «Фæткъуыбæлас». Урочы æрмæг куыд бамбæрстой скъоладзаутæ, уымæ гæсгæ ныв- фæткъуыбæласыл ауындзынц цъæх кæнæ сырх фæткъуытæ.
3. «Æрхæцæны нысæнттæ». Темæ æмбæрстгонд куыд æрцыд, уый равдисынæн скъоладзаутæ æвдисынц карточкæтæ æрхæцæны нысæнттимæ: ?, !, … æмæ а. д.
4. »Анкетæ». Скъоладзаутæ æххæст кæнынц равзæрст хъуыдыйæдты цухгонд бынæттæ.
1. Æз урочы куыстон… хорз/æвзæр
2. Мæ куыстæй æз … разы дæн/ разы нæ дæн
3. Урок мæм фæкаст… цыбыр/даргъ
4. Урочы æз… нæ бафæлладтæн/ бафæлладтæн
5. Хæдзармæ куыст мæнмæ гæсгæ у… æнцон/зын
Рефлексийæ арæхдæр пайдагонд цæуы урочы кæрон.
«Учителю важно не только узнать и понять эмоциональное состояние ученика в финале учебного занятия, но и то, насколько продуктивным для него стал урок» (3, с. 97). Скъоладзаутæ хъуамæ саргъ кæной, урочы куыд активонæй куыстой, уымæн, зонындзинæдтæ райсыны хъæугæ æмæ цымыдисаг формæтæн, коллективон куыстæн. Уый тыххæй ахадгæдæр у рефлексийы 3 хуыз - ахуырадон æрмæджы мидисы рефлекси.
Ахуырадон æрмæджы мидисы рефлексийы фæрцы бæрæггонд цæуы, скъоладзаутæ рацыд æрмæг куыд бамбæрстой, уый. Уый тыххæй пайдагонд цæуы алыхуызон мадзæлттæй. Эффективондæрыл нымад цæуынц æнæххæст хъуыдыйæдтæ, тезистæ, афоризмтæ, раныхæстæ, синквейнтæ. Зæгъæм,
- «Рефлексивон экран».
Æнæххæст хъуыдыйæдты экран ис сывæллæтты раз. Алчидæр хи фæндонмæ гæсгæ æвзары фразæ æмæ йæ ахæццæ кæны кæронмæ:
Абон æз базыдтон…
Абон урок уыд цымыдисаг…
Уыдис зын…
Ныр мæ бон у…
Æз æххæст кодтон хæслæвæрдтæ…
Æз бамбæрстон уый, æмæ…
Мæ бон баци…
Æз бафæлвардзынæн…
Тынг бадис кодтон…
Урок мæнæн радта царды…
Мæн бафæндыди…
Хæдзары радзурдзынæн…
2. «Раныхæстæ. Скъоладзаутæ цæттæ кæнынц чысыл раныхæстæ: « Æз æй нæ зыдтон…- Ныр æй базыдтон».
3. Фæлтæрæн «Плюс – минус – цымыдисаг». Сæххæстгæнæн æй ис фысгæ кæнæ дзургæйæ. Фысгæ куыстæн баххæст кæнын хъæудзæн 3 графæйæ арæзт таблицæ:
«П» - «плюс» -ы фыст цæуынц, скъоладзаутæн урочы сæ зæрдæмæ цы фæцыд, уый.
«М» - «минус»-ы бæрæггонд цæуынц, сæ зæрдæмæ цы нæ фæцыд, уый.
«Ц» - «цымыдисаг»-ы скъоладзаутæ ныффыссынц урочы цымыдисагдæр бынæттæ, цаутæ.
Ацы таблицæ æрхъуыды кодта Кембриджы университеты медицинон наукæты доктор Эдвард де Боно. Фæлтæрæн ахуыргæнæгæн ахъаз у урокмæ скъоладзауты цæстæй акæсынæн, алы скъоладзау дæр ын цы аргъ скодта, уымæн анализ скæнынæн.
4. «Синквейн». Пайда кæнæн дзы ис урочы кæрон ног æмæ рацыд æрмæджы бындурыл. Синквейн у фондзрæнхъон строфæ.
1- аг рæнхъ – синквейны темæ æвдисæг номдар;
2-аг рæнхъ –темæ æргомгæнæг 2 миногоны;
3-аг рæнхъ – темæйы архайд æвдисæг 3 мивдисæджы;
4-æм рæнхъ – цыбыр хъуыдыйад, фразæ, кæцыйы фæрцы æргомгонд цæуы, темæмæ цы цæстæнгас ис, уый;
5-æм рæнхъ - дзырд – резюме (номдар -синоним), кæцыйы фæрцы æвдыст цæуы хи цæстæнгас темæмæ.
Дæнцæг. Синквейн «Къостайы сфæлдыстад»:
Къоста .
Номдзыд, курдиатджын.
Хъуыды кæны, уарзы, æфхæры.
Йæ ном цæры.
Гений.
Уæдæ, рефлексийæн ис стыр нысаниуæг скъоладзауты зонындзинæдтæ сбæрæг кæныны хъуыддаджы, уæлдайдæр та сæ активондзинады рæзтæн. Уый та у нырыккон урочы сæйрагдæр домæнтæй иу.
Литературæ.
1. Головкина Е. В. Подведение итогов урока. Рефлексия //Филологические науки. Вопросы теории и практики. № 4. 2012. С. 58.
2. Кульневич С. В., Лакоценина Т. П. Анализ современного урока. Практическое пособие. Ростов- на -Дону, 2003. 137 с.
3. Кульневич С. В., Лакоценина Т. П. Современный урок. Часть 1. Ростов -на -Дону, 2004. 97 с.
4. Соколова Л. А. Рефлексивный компонент деятельности, как необходимое условие развития учителя и учащихся // Иностранные языки в школе. № 1. 2005. С. 32.
Предварительный просмотр:
Доклад
Хæххон лæппуйы хъысмæт
(Абайты Васойы райгуырды 120 азы бонмæ).
К Абаеву не подходите с обычным
мерилом, он — особая личность.
Академик В.В Виноградов
Абайты Васо…Чи нæ фехъуыста ацы ном Ирыстоны? Васойы ном зонынц канд Уæрæсейы нæ, фæлæ фæсарæнты дæр.
Васойы фыд Иван ралыгъд Хуссар Ирæй Къобмæ хæстæг хъæу Базилæнмæ. Сæ хæдзар æххæст арæзт нæма фæцис, афтæ сын райгуырд лæппу. Бирæ гаджидæуттæ рауагътой ноггуырды цæрæнбоны тыххæй. Иуты фæндыд, лæппуйæ афицер рауадаид, иннæтæ загътой, хХуыцау æй сауджын кæнæ писыр скæнæд, зæгъгæ.
Къобы райдайæн скъоламæ бацыд Васо æмæ йæ каст фæци иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ. Иу изæр Васойы ныййарджытæм æрбацыд ахуыргæнæг æмæ сын загъта, лæппу ахуырмæ кæй тырны. Цыфæнды зынтæй дæр æй кæй хъæуы дарддæр ахуырмæ арвитын Калакмæ. Бирæ æгъуыссæг æхсæвтæ арвыстой мад æмæ фыд , катайгæнгæйæ.
Иу райсом Нино йæ зæрдæйы катай ракодта йæ цæгат Дзæхатæн. Фыд дæр йе` рвадæлтæн бамбарын кодта хабар. Цыдæр капеччытæ йын æрæмбырд кодтой, фыд уæрдоны бавæрдта сæ фæстаг цалдæр фысы æмæ Васоимæ араст дард Калакмæ. Йæ фыстæ ауæй кодта, стæй райдыдтой гимназ агурын. Райстой лæппуйы гимназмæ. Ам Васо хорз сахуыр кодта латинаг, грекъаг, францусаг, немыцаг æвзæгтæ, фольклор, литературæ æмæ истори.
Гимназы фæстæ кусын райдыдыта йæ райгуырæн хъæуы скъолайы. Каст бирæ чингуытæ. Академик Всеволод Миллеры куыстытæ йæ зæрдæмæ тынг фæцыдысты. Йе `ргом аздæхта æвзагзонынадмæ ævæ 1922 азы бацыд Петрограды университетмæ æвзагзонынады хайадмæ. Каст æй фæци 1925 азы. Студент уæвгæйæ, йæхи равдыста иттæг хорз иртасæгæй: сбæлвырд кодта ирон æвзаджы æрцавды æууæлтæ.
Васо ахуыр куы фæци, уæд æй баурæдтой апирантурæйы. Йæ хъус æрдардта рагон индийаг æмæ ирайнаг æвзæгтæм: санскрит, рагон персайнаг æвзаг, авестæ, скифты, сæрмæтты, аланты æвзæгтæм. Ноджы базыдта персайнаг, курдаг, араббаг, афгайнаг, таджикаг, ягнобаг,стæй Памиры хæхты цæрæг адæмты æвзæгтæ. Хорз базыдта тюркаг æмæ кавказаг æвзæгтæ дæр. Уæдæ Европæйы адæмты æвзæгтæй дæр бирæтæ зыдта.
1928 азы Абайты Васо каст фæци аспирантурæ æмæ йæ арвыстой ахуырадон кусæгæй Калакмæ Историон- археологон институтмæ. Ахуыр кодта кавказаг адæмты æвзæгтæ, фольклор, литературæ æмæ истори. Уыдон зонын æй хъуыди, ирон адæмы историйы, фольклоры æмæ æвзаджы кавказаг адæмтимæ иумæйагæй цы ис, уый сбæлвырд кæнынæн.
1930 азы Васойы ахуыдтой Ленинграды Ахуырæдты Академийы æвзагзонынады институтмæ. 1935 азмæ ныффыста 30 ахуырадон куыстæй фылдæр.
Абайты Васо диссертаци никуы ныффыста, стæ ном райсынмæ дæр никуы тырныдта. 1935 азы стыр ахуыргæндты æмбырды æрныхас кодтой Абайы-фырты наукон куыстытыл æмæ йын саккаг кодтой филологон ахуырады кандидаты ном. Уыцы ном ын уый тыххæй радтой, æмæ йæ алы куыст дæр ахуырады домæнтæм гæсгæ диссертацийæ къаддæр нæ ахады.
Ленинграды кусгæйæ, Васо алы аз дæр цыд Кавказмæ æмæ æмбырд кодта алыхуызон æрмæг æвзагæй, фольклорæй æмæ историйæ.
Фыдыбæстæйы хæсты агъоммæ ЦæгатИрыстоны ахуырадон кусджытæ æмбырд кæнын райдыдтой Нарты кадджытæ. 1941 азы сæм Васойы рарвыстой æххуыс кæнынмæ. Уыцы иу рæстæг куыста ахуыргæнæгæй Цæгат æмæ Хуссар Иры педагогон институтты.
1945 азы аздæхт фæстæмæ Ленинградмæ. Фæстæдæр Ахуырæдты Академи раивтой Мæскуымæ.15 азмæ Васо ныммыхуыр кодта сæдæ ахуырадон куыстæй фылдæр.
1961 азы Васойæн радтой филологон ахуырады докторы ном.
Абайты Васойæн йæ ахсджиагдæр хъуыды уыди: кæд æмæ кæуылты æрбафтыдысты ирон адæм Кавказмæ. Васо загъта, зæгъгæ, уыцы хабæрттæн базонæн ис æрмæстдæр не` взагæй. Æвзаг адæмы истори æвдисы айдæнау. Уымæ гæсгæ райдыдта иртасын дзырдты равзæрд æмæ истори. Алы æвзæгтæ иртасгæйæ, Васо бæрæг кодта, ирон адæмы фыдæлтæ Кавказмæ цæгатæй кæй æрцыдысты, уый.
Бирæ æнæхуыссæг æхсæвтæ арвыста Васо, Уралы хæхтæй суангДонайы доны былтæм раджы заманты цы адæмтæ царддысты, уыдоны æвзæгтæ ахуыр кæнгæйæ. Æрхæсдзыстæм ахæм цау. Ирон æвзаджы ис дзырдтæ : зды, æвзист, æрхуы. Адон ирон æвзаджы бындурон не сты. Васо куыд сбæлвырд кодта, афтæмæй ирон адæмы фыдæлтæ ацы дзырдтæ незаманты райстой Уралы цæрæг адæм остяктæ æмæ вокултæй. Уыдон дзурынц финно-угораг æвзæгтыл, хæстæгдæр сæм сты венгртæ. Уыцы гыццыл цау дæр стыр хъуыдддагыл дзурæг у: кæддæр нæ фыдæлтæ цардысты остяктæ æмæ вокулты фарсмæ.
Абайты Васойы фæллæйттæ æрмæст ирон æвзаг æмæ историйы фæдыл не сты. «Уырыссаг-ирон дзырдуат» бирæ фæахъаз тæлмац кæныны хъуыддаджы. Уæдæ Нарты кадджыты, адæмон зарджыты æмæ Къостайы сфæлдыстады тыххæй цы куыстытæ ныффыста, уыдон дæр тынг ахадuæ сты.
Йӕ наукон куыстыты ‘хсӕн зынгӕдӕр бынат ахсын «Ирон ӕвзаджы историон-этимологон дзырдуат» цыппар томӕй. Ам алы фарсыл ссарӕн ис, наукӕйӕн ног ӕмӕ ахсджиаг чи у, ахӕм ӕрмӕг. .Дзырдуатыл Васо фӕкуыста цыппор азы бӕрц, равзӕрста 190 ӕвзагӕй фылдӕр. Стыр ахадындзинад ис ацы куыстӕн ӕрмӕст ирон ӕвзагзонынады нӕ, фӕлӕ ирайнаг ӕвзгты иртасынӕн дӕр.
Васо ӕрмӕст нӕ мадӕлон ӕвзаг иртасыныл нӕ куыста, фӕлӕ рагон ирайнаг – авестийаг ӕмӕ персайнаг ӕвзӕгтӕ иртасыныл дӕр.
Васойы бирӕвӕрсыг куыстытыл нӕ цӕст лӕмбынӕгӕй куы ахӕссӕм, уӕд нӕ бон зӕгъын у: йе сфæлдыстад у ӕнӕхъӕн дуне.
Литературӕ:
Журнал «Мах дуг», 1970 аз.
Газет «Рӕстдзинад», 1990 аз.
nykhas.ru
ossetian/com
ironau.ru