ислледовательская работа. Мамсыраты Темырболат
Вложение | Размер |
---|---|
artur_shegrenovskie.docx | 77.71 КБ |
XIV открытые Шегреновские ученические чтения
Направление: литературоведение осетинское
Название темы: «Фыццаг ирон профессионалон поэты аивадон ӕнкъарӕнты хицӕндзинӕдтӕ».
Автор работы: Джикаев Артур Казбекович, 9 класс
Место выполнения работы: МАОУБ СОШ №7
Научный руководитель: Плиева Лана Тенгизовна, учитель родного языка и литературы
г. Владикавказ, 2024
Сæргонд:
I .Разныхас. 3-4
II.Сæйраг хай 5 - 9
1.Мамсыраты Темырболат æмæ Турчы бæстæ
2. Мамсыраты Темырболат – фыццаг ирон профессионалон поэт
3. Мамсыраты Темырболаты сфæлдыстады сæйраг хъуыды
4. Фыццаг ирон æмдзæвгæ
5. Къоста ᴂмᴂ Темырболат
III. Иртасӕн хай. Ӕрфарст 10
IV. Ӕрфарсты фӕстиуджытӕ 11
V. Кæронбæттæн 12
VI. Библиографи 13
I . Разныхас.
Райгуырᴂн бᴂстᴂ зынаргъ кӕй у, уый алчидᴂр хорз зоны, фᴂлᴂ йын йе ‘цᴂг аргъ базоны, куы дзы фᴂхицᴂн вᴂййы, ᴂрмᴂстдᴂр уᴂд. Ахᴂм историон цау, дзыллᴂйы стыр трагеди , хъыгагᴂн, уыд ирон адᴂмы царды дᴂр. Уый уыдис Туркмӕ фӕлидзыны хабар 1860 азты. Паддзахадон провокацийы амӕттаг фесты, Кавказы цӕрӕг адӕмӕй пысылмон диныл хӕст чи уыд, уыдонӕй бирӕтӕ. Ныууагътой сӕ райгуырӕн уӕзӕг, сӕ бӕстӕ ᴂмᴂ фᴂлыгъдысты хуыздᴂр цард , хуыздᴂр амонд агурᴂг, фᴂлᴂ, бирӕ зындзинᴂдтᴂ бавзаргᴂйᴂ уыцы фᴂндагыл, фыдᴂнхъᴂл, фᴂсмонгонд фесты.
Уыцы лигъдӕттимӕ уыд нæ сомбоны поэт Мамсыраты Темырболат дæр. Цымæ цас сусæгдзинæдтæ фæхаста йемæ йе 'нусон бынатмæ? Цымᴂ кæд ᴂмᴂ кᴂм ныффыста йæ диссаджы ныхæстæ «уæ нæ хæхтæ, нæ бæстæ, куыд ма цæрæм уæ фæстæ…?». Ацы фарстатᴂ ᴂвиппайды дᴂр мᴂ сᴂры сᴂвзᴂрдысты, йᴂ царды хабᴂрттᴂ йын куы кастᴂн, уᴂд.
Иртасæн куысты актуалондзинад: Мамсыраты Темырболат - стыр æрдзон курдиат æмæ зонды хицау, йæ райгуырæн бᴂстᴂйы ᴂцᴂг патриот æмæ фæллойгæнæг адæмы идеалтыл хæст адæймаг.
Иртасæн куысты нысан: арфдᴂр базонгᴂ кᴂнын Мамсыраты Темырболаты царды хабᴂрттимᴂ, равдисын, Темырболат кӕй уыд хӕххон адӕмы ӕнкъарӕнтӕ ӕвдисӕг ᴂмᴂ йӕ поэтикон аивады кӕй баиу сты поэты сӕрмагонд маст ӕмӕ адӕмон трагеди.
Иртасӕн куысты гипотезӕ: не’мзᴂххон поэтты сфᴂлдыстад пропагандᴂ кᴂнын ахъаз у скъоладзаутᴂн сᴂ фᴂткон – эмоционалон ᴂмвᴂзад фᴂбᴂрзонддᴂр кᴂнынᴂн.
Иртасᴂн куысты объект: Мамсыраты Темырболаты литературон бынтᴂ.
Иртасᴂн куысты предмет: Мамсыраты Темырболаты сфᴂлдыстад.
Иртасӕн куысты методтӕ: анализ, ӕрфарст, фиппайд, информацийы ӕмбырд алыхуызон ресурстӕй.
Проекты куысты этаптᴂ:
1. Организацион
-Темᴂ сбᴂрᴂг кᴂнын
-Проекты пъланыл бакуыст
2. Практикон
-Алыхуызон ресурстимᴂ куыст
-Анализ
-Социологон бафарст
-Бахыгъд, кᴂронбᴂттᴂн
Иртасᴂн куысты практикон нысаниуᴂг: проекты ᴂрмᴂгᴂй спайдагᴂнᴂн ис, куыд литературᴂйы уроктыл, афтᴂ фᴂсурокты куысты дᴂр.
II.Сæйраг хай
Сᴂргонд 1.
Мамсыраты Темырболат Османы фырт райгуырд 1845 азы Джызᴂлдоны былыл, Осмᴂны хъᴂуы. Йæ фыд уыд хъæздыг, фæрæзджын лæг, йæ рæстæджы йæ нымадтой æлдарыл. Инæлар Ермолов ын зæххы хай Джызæлмæ хæстæг куы радта,уæд Дæргъæвсæй уырдæм ралыгъд цæрынмæ, йæ дæлбар адæмы дæр йемæ ракодта, афтæмæй. Хъыгагᴂн, Темырболаты тыххӕй бирӕ ницы зонӕм абон дӕр. Ӕрмӕст бᴂлвырдᴂй бӕрӕг у уый, ӕмӕ йӕ 1855 азы кᴂй радтой Бетъырбухы кадетты корпусмᴂ, ӕфсӕддон ахуыргӕнӕндонмӕ. Каст æй фæцис ᴂмᴂ рацыд кᴂстᴂр афицерᴂй. Уыцы аз бацыд Чугуевы горᴂты бᴂхджын ᴂфсадмᴂ ᴂмᴂ фᴂслужбᴂ кодта1865 азмᴂ, стӕй йӕ ныууагъта, уымӕн ӕмӕ паддзахы инæлар Къуындыхаты Муссᴂ, Темырболаты мады`фсымᴂр, агитаци кодта ирон ӕмӕ Цæгат Кавказы хæххон адæмты дæр, цæмæй сæ райгуырæн уæзæг ныууадзой æмæ Туркмæ «се ‘мдингæнæг æфсымæртæм» алидзой. Уый аххосᴂй Темырболат дᴂр, йᴂ мад ᴂмᴂ йᴂ дыууᴂ `фсымᴂримᴂ ᴂвᴂндонᴂй алыгъд Туркмᴂ,фᴂлᴂ йын кᴂйдᴂр зᴂххыл цард ад не скодта. Туркмӕ цӕугӕйӕ цы стыр зындзинӕдтӕ бавзӕрста,уыдӕттӕ фенгӕйӕ, Темырболат йӕ къух систа ӕфсӕддон службӕйыл, кӕд ын хорз фадат уыд карьерӕ скӕнынӕн, уӕддӕр.
Куыд цард Темырболат Турчы, цы куыста, цӕмӕй дардта йӕхи, йӕ бинонты? Тынг цымыдисаг фарстатӕ сты, фӕлӕ сын дзуапп нырмӕ дӕр нӕма ис. Ӕрмӕстдӕр бӕрӕг у уый, ӕмӕ йӕхи дардта зӕххы куыстӕй, цард, хуымӕтӕг ирон адӕм куыд цардысты, афтӕ, фӕлӕ иу миниуӕгӕй уыдонӕй хицӕн кодта. Бауарзта ирон хъисфӕндырӕй цӕгъдын, ӕмӕ-иу йӕ зарджыты мысыд йӕ райгуырӕн Ирыстоны зӕхх, йӕ ирон дзыллӕйы. Темырболатæн йæ амæлæты аз дæр бæлвырд нæу. Гæдиаты Цомахъ куыд фыссы, афтæмæй, Темырболат амард 1898, æндæр ахуыргæндтæ та нымайынц поэты мæлæтыл 1899 аз. (3.Джусойты Н. Ирон литературæ. Астæуккаг скъолайы 8 къласы ахуыргæнæн чиныг. Цхинвал, 1971)
2.Мамсыраты Темырболат – фыццаг ирон профессионалон поэт.
Цᴂмᴂн хонᴂм Темырболаты фыццаг ирон профессионалон поэт, кᴂд ᴂмᴂ йᴂ размᴂ уыд ᴂндᴂр фысджытᴂ ᴂмᴂ поэттᴂ , уᴂд? Зᴂгъᴂм, Колыты Аксо æмæ Ӕгъуызаты Иуане. Уымᴂн ᴂй хонᴂм, ᴂмᴂ Темырболатӕй райдыдта ирон профессионалон поэзи, ᴂмᴂ фыццаг зарӕг райхъуыст сыгъдᴂг ирон ᴂвзагыл. Уый уыд ахᴂм зарᴂг, ᴂмᴂ ᴂнᴂ ныкккᴂугᴂ ничи фᴂлᴂууыдаид. Фыста дᴂсны аив дзырдæй, ᴂмᴂ йе`мдзᴂвгᴂты равдыста йᴂ зᴂрдᴂйы маст, йᴂ зын, йᴂ рис. Уый уыд стыр ᴂрдзон курдиат ᴂмᴂ зонды хицау, ᴂмᴂ баззад нæ литературæйы историйы фыццаг ирон профессионалон поэтæй.
3.Мамсыраты Темырболаты сфæлдыстады сæйраг хъуыды.
Темырболат канд ᴂрдзон курдиаты хицау нæ уыд, фæлæ ма йæ царды фæстаг бонмæ дæр уыд æцæг патриот. Йе ‘мдзæвгæ «Авдæны зард» - ы дзуры,зæгъгæ, адæймаг хъуамæ уа йæ райгуырæн бæстæ æмæ йæ идеалты сæрыл дзурын æмæ тох кæнынхъом, стæй йæм æгады бæсты та мæлæт кæса хуыздæр. Йе ‘ ннæ ‘мдзæвгæ « Дыууæ æмбалы» - йы сæйраг æнкъарæн дæр у фыдыбæстæмæ уарзондзинад.
Поэт йæ царды фылдæр хай æцæгæлон бæстæйы арвыста æмæ хорз зыдта, уым йе ’мбæстаг адæмæй чи цы гæнæг уыд, уый. Нæ уыд йæ зæрдæ рухс йæ адæмы цард æмæ уагæй. Цардæн, лæгдзинад æмæ адæймагдзинадæн аргъ кæнын зонгæйæ, уый зæрдæрисгæйæ фыссы, лæджы ном цæсты чи ‘фтауы, цардмæ мулчы цæстæй чи кæсы, карьерæйы азарæй йæ намысыл йæ къух чи исы, ахæмтыл, йе ‘ мдзӕвгӕтӕ «Чъынды лæг», «Рынчын æмæ рынчынфæрсæг», «Ме ‘мгармæ» - йы. Иу дины фæрцы кæйдæр зæххыл нæ амонд ссардзыстæм, зæгъгæ, афтæ хъуыдыгæнгæйæ йæ бæстæ чи ныууагъта, уыцы адæм тæдзынæгæй цыхцырæгмæ бахаудысты, ноджы къордтæ, дихтæ баисты, ᴂмæ æппæт уыдæттæ æвдисы Темырболат.
Худгæ йæхи æвдисы,-
Зæрдæ сау у мидæгæй.
Хи дзы хъæуы хъахъхъæнын,
Куыдзау хæцы сусæгæй.
Сæ тематикæйæ кæрæдзимæ æввахс лæууынц æмдзæвгæтæ «Хæрæг» æмæ «Амонд» дᴂр. Поэт уайдзæф кæны къуымыхзонд æмæ цæстмæхъус адæмæн, чи цы у, уый йæ номæй кæй нæ хонынц, уый тыххæй: «Кæй сисынц уæларвмæ, кæй æркæнынц сæ быны». Голладжы «амонд» мæнг у, бирæ нæ ахæсдзæни, фæлывд адæм абон хуыздæр кæй хонынц, уыцы хæлд голлаг сомбон уæддæр йе ’цæг бынат ссардзæни, чи зоны, къæхтæсæрфæн дæр суа. Темырболаты уырныдта, сабыр æрмæст иунæг Хуыцау кæй у, уый, йæ алыварс цы æнæраст митæ æмæ æгъатырдзинад уыдта, уыдоны ныхмæ æндонвидар кæм уыдаид, æмæ -иу уæззау рысты заман йæ фæстаг скаст уыд уымæ.
Уæд мæм кæцæйдæр æрдзырдис:
«Уæ! Бæстæй скъуыд, æфхæрд лæг!
Дæуæн куы ис æнхъæлцау, —
Куы йæ зоныс дæхæдæг, —
Дæ дин æмæ дæ хуыцау».
Æлгъаг «голджытæн» æмæ «хæрджытæн» Темырболат сæ ныхмæ æвæры лæджы ном, лæджы фарн: «Мæнæн мæ ниат æргом у: мæ уд æмæ мæ фæллой нæ адджын бæстæн нывонд у». Æмæ æрлæууыди мæгуыр фæллойгæнæг адæмы фарсмæ: «Мæнæн мæ фæрæт, мæ цæвæг дæтдзæн, ардзæн мæ кæрдзын».
4. Фыццаг ирон æмдзæвгæ.
Мамсыраты Темырболат фыццаг ирон поэт уыд, уый нæ, фæлæ ма искуы ахæм поэт ис, уый адæмᴂй зонгæ дæр ничи кодта. Йе ‘мдзæвгæтæ Туркæй Ирыстонмæ раджы æрхæццæ сты, фæлæ сын сæ авторы ном ничи зыдта. Йæ иу æмдзæвгæ «Сагъæстæ» - йы йын нымадтой адæмон зарæгыл. 1881 азы йæ Всеволод Миллер йæ чиныг «Осетинские этюды»-мæ дæр бахаста. Зарæгæн йæ мидисмæ гæсгæ, ахуырдзинад цы ирæттæм уыд, уыдонæй бирæтæ хъуыды кодтой, йæ автор инæлар Къуындыхаты Муссæ кæй у, уый. Фæлæ 1922 азы Туркæй Дзæуджыхъæумæ æрцыд Муссæйы фырт Бечырби æмæ загъта, зæгъгæ, «Сагъæстæ» у йæ фыды хойы лæппу Мамсыраты Темырболаты фыст. Уый ма йемæ æрхаста Темырболаты иннæ æмдзæвгæтæй дæр цалдæр. Мыхуыр уыдысты французаг дамгъæтæй. Хъаныхъуаты Инал сæ рафыста уырдыгæй æмæ сын сæ къопи радта Æлборты Барысбимᴂ. Фæстæдæр, 1926 азы Барысби ныффыста чиныг Темырболаты тыххæй — «Первый осетинский поэт Темирболат Османович Мамсуров». Ныммыхуыр ын кодта йе ‘мдзæвгæтæ иронау дæр. Хъаныхъуаты Иналыхъ кæй сарæзта, уыцы къопийы фыццаг фарсыл фыст ис: «Ирон зарджытæ. Ныффыста сæ Мамсыраты Темырболат. Турчы, Анатолийы, Батманташ, 1868-1898 азты».
Темырболатæн йæ фыццаг æмдзæвгæ «Сагъæстæ» Турчы ирæн сси зарæг, лигъдӕтты хъарӕг. Ӕмдзæвгæйы ахсджиаг бынат ахсы райгуырæн бæстæ, уымæн æмæ лыгъд адæмæн сæ райгуырæн зᴂхмᴂ фæстæмæ раздæхынᴂн фадат нал уыд. Фыдызæхх адæймагæн æвзаргæйæ нæу, нæй йын раив - баивгæнæн, уымæн æмæ ногæй зын ссарæн у.Адæм æмæ фыдыбæстæйы ‘хсæн ныхæстæ цæуынц поэты уынгæг зæрдæйæ.
Нæ райгуырæн,нæ бæстæ,
Цардæн адджын ды куы дæ!
Цард нæ курæм дæ фæстæ,
Зæрдæйы рухс дæр ды куы дæ!
Уæ! Нæ хæхтæ, нæ бæстæ,
Куыд ма цæрæм уæ фæстæ!..
4. Къоста ᴂмᴂ Темырболат.
Раст уыцы азты нæ бæстæн, нæ адæмæн сæ сомыйы ныхæстæ кодтой нæ иннæ дыууæ разагъды лæджы — Къоста æмæ Секъа дæр. Темырболаты, Къостайы æмæ Секъайы поэзийы хæстæгдзинады тыххæй фыстой Джусойты Нафи (1.«История осетинской литературы». Том 1. Тбилиси, 1980) æмæ Дзуццаты Хадзы-Мурат (4.«Хетæгкаты Къостайы реализмы тыххæй». Тбилиси, 1979). Хадзы– Мурат зᴂгъы, зᴂгъгᴂ, Къоста зыдтаид Темырболаты æмдзæвгæтæй цыдæртæ, уымæн æмæ йын йæ уацмысты уынæм фыццаг ирон поэтæй реминисценцитæ. Зæгъæм, Темырболатмæ: «Къордтæ, дихтæ баистæм», Къостамæ та: «Иугай ныйистæм»; Темырболатмæ: «Сæфы, сæфы нæ фæстаг», Къостамæ: «Цы уыдзæн нæ фидæн, нæ фæстаг».
Ахæм параллельтæ кæны Нафи дæр Темырболат, Къоста æмæ Секъайы хицæн уацмысты ’хсæн ( Ирон литературæ. Астæуккаг скъолайы 8 къласы ахуыргæнæн чиныг. Цхинвал, 1971). Чи зоны, æнгæс рæнхъытæ нæ фыццаг поэттæм сæхи ’гъдауæй райгуырдысты. Ууыл гуырысхо кæны Хадзы-Мурат дæр: «Сæ дыууæйы дæр сдзурын кодта адæмы трагикон уавæр, уымæ гæсгæ сæ поэзийы сæйраг лейтмотив у хъарæг, сæ дыууæ дæр риссынц æмæ кæрзынц адæмы уæззау рис æмæ æвидийгæ хъизæмарæй».
Рауайы афтæ: иу цъитийæ райгуырынц егъау цыхцырджытæ, къæдзæхты бын фæхицæнтæ вæййынц, бирæ рæстæг сæ алчидᴂр хибарæй фæцæуы, фᴂлᴂ та стᴂй уæлзæххыл кæрæдзи ссарынц.
Зынгᴂ уырыссаг поэт Лермонтов загъта: «Æмæ стъалы стъалыимæ дзуры». Ӕвᴂдза, цыма ацы ныхас дæр нæ фыццаг поэттыл æрцыди: лæгæй-лæгмæ зонгæ нæ уыдысты, фæлæ дардмæ дæр кᴂрᴂдзи æмбæрстой, сæ дзуринаг дᴂр уыд иу, сᴂ поэзийæн дᴂр ис иу бынат — сæ дзыллæты зæрдæты.
Сᴂргонд 2.
III. Иртасᴂн хай. Социологон ᴂрфарст.
Не скъолайы 8-9 кълᴂсты ахуырдзауты ᴂхсᴂн уагъд ᴂрцыд социологон ᴂрфарст. Бафарстᴂуыд 46 скъоладзауы. Анкетᴂмᴂ хаст ᴂрцыдысты ахᴂм фарстатᴂ:
Информацийыл бакуысты фᴂстᴂ ацы проблемᴂйы бᴂрᴂггᴂнᴂнты фᴂдыл ᴂххᴂстгонд ᴂрцыд анализ.
IV. Ӕрфарсты фᴂстиуджытᴂ.
– 18- 19 ᴂнусты поэттᴂй кᴂй зонут? Дзуапп– никᴂй –32 адᴂйм.
– « Авдᴂны зард», «Сагъᴂстᴂ», «Рынчын ᴂмᴂ рынчынфᴂрсᴂг», «Ме’мгармᴂ».
Чи ныффыста ацы ᴂмдзᴂвгᴂтᴂ? Дзуапп– нᴂ фехъуыстам – 20 адᴂйм.
– Фᴂнды уᴂ базонын Мамсыраты Темырболаты цард ᴂмᴂ сфᴂлдыстады тыххᴂй?
Дзуапп – фᴂнды – 46 адᴂйм.
Хатдзᴂг: скъоладзаутᴂн сᴂ фылдᴂр нᴂ зонынц нᴂ поэтты нᴂмттᴂ ᴂмᴂ уацмыстᴂ, уымᴂ гᴂсгᴂ фидарᴂй дзурᴂн ис нᴂ иртасᴂн куысты актуалондзинадыл.
V. Кæронбæттæн.
Иртасᴂн куысты ᴂмᴂ йᴂ фᴂстиуджыты бындурыл ᴂнцойгᴂнгᴂйᴂ, скᴂнᴂн ис хатдзᴂг: не снысангонд хᴂс ᴂххᴂстгонд ᴂрцыд. Нᴂ зылдакаст фᴂуᴂрᴂхдᴂр, ноджы арфдᴂр базонгᴂ стᴂм не ‘мзᴂххоны сфᴂлдыстадимᴂ. Равдыстам, Темырболат стыр æрдзон курдиат æмæ зонды хицау, йæ царды фæстаг бонмæ дæр йæ райгуырæн Ирыстон æмæ Кавказы патриот æмæ фæллойгæнæг адæмы идеалтыл хæст кæй уыд, уый.
Дарддᴂры куысты перспективᴂ.
VI. Библиографи.
1. Джусойты Н. «История осетинской литературы». Том 1. Тбилиси, 1980
2. Мамсыраты Темырболат. Ирон зарджытæ. 1965 аз.
3. Джусойты Н. Ирон литературæ. Астæуккаг скъолайы 8 къласы ахуыргæнæн чиныг. Цхинвал, 1971
4. Дзуццаты Хадзы-Мурат («Хетæгкаты Къостайы реализмы тыххæй». Тбилиси, 1979).
5. Интернеты ресурстӕ.
Юрий Визбор. Милая моя
Рисуем простой осенний лес в геометрическом стиле
Как нарисовать черёмуху
Астрономический календарь. Апрель, 2019
Солнечная система. Взгляд со стороны