Осетия - ты в сердце моем.
Вложение | Размер |
---|---|
iryston_-m.docx | 91.16 КБ |
Уанеты Сослан , 13 аз. 43- æм скъолайы, 7«А» къласы ахуыргæнинаг.
Ахуыргæнæг Тыбылты Мананæ
Эссе «Мæ Ирыстон»
Мæ раттæг Ирыстон ,
Цы ныфсæй мæ хоныс дæ фырт?!-
Дæ фарнæн хæрзиуæг цы тауын ?
Дæ номыл кæм ныссагътон цырт?!
Икъаты В.
Ирыстон мæ зæрдæйы.
Ирон… Ирыстон… Цымæ ацы дзырдтæй зæрдæйæн æхцондæр дзырдтæ ис?
Мæ дзуапп: «Ис!!!» «Мад!» ,«Мадæлон æвзаг!»
О, фæлæ кæрæдзийыл сты æнгом баст , ахицæнгæнæн сын нæй . Ирыстон у диссаджы æрдхæрæны бæстæ . Рæсугьд у фыццаджыдæр йæ уæздан, тыхджын, æгъдауджын, куырыхон адæмæй , йæ урссæр цъитиджын хæхтæй ,йæ культурæйæ ,æгъдæуттæй. Йæ алæмæты нæртон кафт Симдæй, нæ зындгонд спорты архайджытæй.
Мæн тынг фæнды спорты хъуыддагыл ныллæууын, мæ зæрдæмæ тынг æввахс у ! Сæрыстыр дæн нæ номдзыд спортсментæй . Ис мæнæн дæр æнтыстытæ, æмæ бæллын, цæмæй мæ ном дæр фыст æрцæуа Рæмонты Сослан , Сидахъаты Зауырбег, Гасситы Мурат, Фадзайты Арсены фарсмæ.
Ирыстон уарзын, уарзын мадæлон æвзаг æмæ мæ фæнды балæггад кæнын мæ Райгуырæн бæстæйæн, цæмæй уый дæр мæнæй уа сæрыстыр.
Дидин кал , мæ уарзон ИР!!!
Ирыстоны бынтон гæвзыкк куы уон, æнæ хæдзар, æнæ дуар куы фестон, Уæддæр ын буцæй дзурдзынæн йæ ном , Уæддæр мæ царды иунæг Хур- Ирыстон. Икьаты В. |
Уанеты Сослан , 13 аз. 43- æм скъолайы, 7«А» къласы ахуыргæнинаг.г Дзæуджыхъæу,Гæздæнты æфсымæрты уынг,62.кв.1. т.8 928 495 71 13
Ахуыргæнæг Тыбылты Мананæ
Мæ Ир
Хуссарæй Цæгатмæ уарзын Ир,уый зон!
Мæ алайнаг тугæй дæн æз сæрбæрзонд!
Ноджы ма бæрнонæй æз кæнын лæггад,
Кафын æмæ зарын ерысты фыццаг.
Уарзын Ир куы зæгъон,
Уæд, бæгуыдæр,зон! Æрдзы райдзаст нывтæ- Зæрдæйæн æхцон.
Аргъæутты бæстæйау, У зынаргъ мæ Ир! Цас зынаргъ ныхæстæй, Сбуц кæнин уый ныр…
Снег своими руками
Привередница
Как Снегурочке раскатать тесто?
Новогодние гирлянды
Ласточка. Корейская народная сказка