эссе по культуре
Вложение | Размер |
---|---|
esse_konkurs.docx | 55.79 КБ |
МУНИЦИПАЛЬНОЕ АВТОНОМНОЕ ОБЩЕОБРАЗОВАТЕЛЬНОЕ УЧРЕЖДЕНИЕ БАЗОВАЯ СРЕДНЯЯ ОБЩЕОБРАЗОВАТЕЛЬНАЯ ШКОЛА №7 ИМЕНИ А.С.ПУШКИНА С УГЛУБЛЕННЫМ ИЗУЧЕНИЕМ АНГЛИЙСКОГО ЯЗЫКА
Сочинение - эссэ
НА ТЕМУ: «Нӕ культурӕйы нӕ иудзинад»
ВЫПОЛНИЛА: УЧЕНИК 8 «А» КЛАССА МАОУ БСОШ № 7
Джикаев Артур
РУКОВОДИТЕЛЬ: учитель родного языка и литературы высшей категории Плиева Лана Тенгизовна
Г. ВЛАДИКАВКАЗ
2022
ЭССЕ- ТӔРХӔТТӔ
«Нӕ культурӕйы нӕ иудзинад»
Культурӕ… Бирӕвӕрсыг ӕмӕ ӕппӕтылӕххӕссӕг дзырд. Культурӕйыл бирӕ дзурӕн ис, уымӕн ӕмӕ йӕ ӕмбарынад тынг уӕрӕх у. Цы нын дӕтты ӕцӕг культурӕ? Фыццаджыдӕр, мӕнмӕ гӕсгӕ, хӕссы уды рӕсугъддзинад ӕмӕ рухс хъуыды. Ӕцӕг культурӕ кӕддӕриддӕр здахы хъомылад ӕмӕ ахуырадмӕ. Ӕцӕг культурӕйы бындуры лӕууы зӕрдӕ, ӕнӕ уымӕй уыдзӕнис уӕлӕнгай ӕмӕ афтид.
Алы адӕм дӕр историйы дӕргъы аразынц национ культурӕйы конкретон хуызӕгтӕ. Ӕнӕ культурӕ нӕ уыдзӕн адӕм, ӕнӕ адӕм нӕй уӕвӕн культурӕйӕн дӕр. Алы адæмыхаттæн дæр йæ национ бæрæггæнæнтæ сты йæ мадæлон æвзаг, культурæ, ӕгъдау, традицитӕ,зондахаст, цæрæнбынат æмæ афтӕ дарддӕр. Цас хуыздӕр зонай дӕ адӕмы истори, фыдӕлты ӕгъдӕуттӕ, уыйас бӕрзонддӕр уыдзӕнис дӕ зонд ӕмӕ дӕ уды фарн, хъӕддыхдӕр кӕндзӕнис дӕ характер ӕмӕ национ сӕрыстырдзинады ӕнкъарӕн.
Ивгъуыды истори, культурӕ канд тых ӕмӕ сӕрыстырдзинады гуырӕнтӕ не сты, фӕлӕ ма сты размӕ цӕуыны змӕлд дӕр. Уыдон кӕрӕдзийыл фидар бӕттынц фӕлтӕртӕ, сты хӕрзӕгъдау ӕмӕ граждайнаг хъомылады егъау фӕрӕзтӕ.
Зын фæндæгтыл фæцыдысты нæ рагфыдæлтæ, фæлæ уӕддӕр ӕнусты сӕрты фӕхастой диссаджы традицитӕ ӕмӕ ӕвидийгӕ культурӕ, нæ фесæфтой, никуы фегад кодтой ирон лæджы ном, ныууагътой нын, æппæт адæмты дæр дисы чи’фтауы , ахæм кад, намыс, æгъдау æмæ æвзаг. Нæ ирон царды бындур кӕдӕрриддӕр уыдысты ӕгъдау æмæ адæмы фарн. Æнæ уыдонæй ирондзинадæн уæвæн нæй, нæй йын фидæн.
Фӕлӕ уӕддӕр, мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, ӕппӕты ахсджиагдӕр ӕмӕ сӕйрагдӕр сты ныхасы культурӕ ӕмӕ ӕвзаг. Ӕвзаджы фӕрцы адӕм ӕнцонӕй ӕмбарынц кӕрӕдзи, иу фӕлтӕр иннӕ фӕлтӕрӕн дӕтты йӕ зонындзинӕдтӕ. Ӕвзаджы фӕрцы адӕмӕн ис ӕгъдау, культурӕ, истори ӕмӕ философи. Ирон адæмы фарн хистæрæй кæстæрмæ цæуы, ӕмӕ уыцы фарнимæ адӕмы кӕрӕдзийыл,фыццаджыдæр, бæтты нæ ирон æвзаг. Уый нæ æгæрон хæзнадонæн йæ бахизæн дуары дæгъæл у. Дунейы мидӕг та ныхасӕй тыхджындӕр ницы ис. Фыдӕлтӕ -иу уымӕн загътой: « Ныхас адӕймаджы мӕрдтӕм дӕр тӕры, мӕрдтӕй дӕр здахы», зӕгъгӕ. Ныхасгӕнгӕйӕ, хиуыл хӕцын уӕздандзинады бӕрӕггӕнӕн у. Дӕ алы дзырды дӕр хъуамӕ уа культурӕ, уымӕн ӕмӕ ӕрмӕстдӕр нӕ культурӕйы, фыдӕлты фарны ис нӕ иудзинад.
Иу бӕлас, дам, базӕронд ӕмӕ загъта: « О, адӕм! Ӕз зӕххыл хӕцынӕй бафӕлладтӕн ӕмӕ фӕлдӕхын, фӕлӕ-иу мӕ ӕгады ӕппӕрст ма акӕнут…»
Хаугӕ-хауын дӕр бӕлас йӕ кады мӕт кодта. Адӕймаг дӕр кӕддӕриддӕр уыцы бӕласау хъуамӕ йӕ кады мӕт кӕна, фидар хӕца йӕ фыдӕлты хорз ӕгъдӕуттыл, йӕ мадӕлон ӕвзагыл, йӕ адӕмон сфӕлдыстадыл, ма бауадза фесафын нæ фыдæлты æвидийгӕ хæзнатæ: ӕвзаг, фӕрныг ӕгъдауттӕ, культурӕ æмæ фарн.
Шум и человек
Сказка "Колосок"
Весенняя гроза
Сказочные цветы за 15 минут
Почему люди кричат, когда ссорятся?