творческая работа
Вложение | Размер |
---|---|
dlya_artura.docx | 72.15 КБ |
Дзæуджыхъæуы XIII муниципалон наукон-иртасæн куыстыты æркаст «Къостайы номыл бакастытæ»
Амындад: гуманитарон
Фæлтæр : астӕуккаг
Темæ: « Мах дзуапп дӕттӕм, ӕрмахуыр кӕй кӕнӕм, уыдонӕн»
Коцойты Арсены радзырд « Хъусой»-мӕ гӕсгӕ.
Куысты автор:
Джыкайты Артур
Дзæуджыхъæуы 7-æм астæуккаг скъолайы,
7-æм къласы ахуырдзау
тел. 8(988)-875-67-45
Наукон разамонæг:
Плиты Л.Т.
ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг
тел. 8(928)-486-60-91
Дзæуджыхъæу, 2022 аз
Сæргонд:
I . Иртасӕн куысты актуалондзинад, нысан ӕмӕ методтӕ. 3 ф.
II. Разныхас 4 ф.
III.Сæйраг хай 5 - 7 ф.
1. Коцойты Арсен – ирон аив дзырды дӕсны, ирон аив дзырды зӕрингуырд.
2. Сывӕллӕтты литературӕ.
3. Арсен ӕмӕ сывӕллӕтты литературӕ.
4. Коцойты Арсены философон ӕмӕ гуманистон хъуыдытӕ радзырд «Хъусой» - ы.
IV. Иртасӕн хай. Ӕрфарст. 8 ф.
V. Ӕрфарсты фӕстиуджытӕ. 9 ф.
VI. Кæронбæттæн . 10 ф.
VII. Библиографи. 11 ф.
Иртасæн куысты темæ:
« Мах дзуапп дӕттӕм, ӕрмахуыр кӕй кӕнӕм, уыдонӕн»
Темæйы актуалондзинад:
Хӕдзарон фосӕн стыр ахадындзинад ис адӕймаджы царды: уыдон сты хӕлар ахастыты бындур, уыдон фадат дӕттынц адӕймагӕн хӕларзӕрдӕ уӕвынӕн.
Иртасæн куысты нысан:
Сбæлвырд кæнын æмæ иртасæн куысты фæрцы равдисын , адæймагмæ, цардмæ пайдайы цæстæй кæсын нæ хъæуы, тæригъæд зонын хъæуы, рæсугъддзинад сафын нæ хъæуы.
Иртасӕн куысты гипотезӕ:
Нӕ «чысыл хӕлӕртты» куы уарзӕм ӕмӕ бӕрн куы ӕнкъарӕм, уӕд нӕм никуы уыдзӕн ӕппӕрст куыйтӕ.
Иртасӕн куысты методтӕ:
Анализ, ӕрфарст, фиппайд, информацийы ӕмбырд алыхуызон ресурстӕй.
Разныхас.
Хӕдзарон цӕрӕгойтӕ… Цымӕ цавӕртӕ сты? Цы зонӕм, нӕ фарсмӕ чи цӕры, уыдоны тыххӕй? Ме ‘мкъласонтӕ ӕмӕ ме ‘мбӕлтты ныхӕстӕм гӕсгӕ, бирӕтӕм ис хӕдзарон цӕрӕгойтӕ, номхуындӕй та, куыйтӕ. Ӕмӕ цымӕ цавӕр у сӕ хъысмӕт та?
Куы сӕ фарстон, уӕд базыдтон, алкӕйдӕр кӕй фӕнды, цӕмӕй сӕм уа хӕдзарон цӕрӕгой. Фӕлӕ, хъыгагӕн, сӕ ныййарджытӕ алкӕмӕн бар нӕ дӕттынц, уымӕн ӕмӕ, дам, нӕ уӕлдай проблемӕтӕ нӕ хъӕуынц. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ис ахӕм хистӕртӕ дӕр, кӕцытӕ ӕмбарынц, хӕдзарон цӕрӕгойтӕ кӕй хӕссынц циндзинад, хъарм, ӕнцойдзинад. Фӕлӕ зӕрдыл дарын хъӕуы уый, ӕмӕ цӕрӕгой хъазӕн нӕу: цалынмӕ йӕ ӕрмахуыр не скӕнай, уӕдмӕ уал хорз ахъуыды кӕн, уымӕн ӕмӕ нӕй гӕнӕн йемӕ фӕхъазын ӕмӕ дзы куы сфӕлмӕцай, уӕд та йӕ аппарын.
Хъыгагӕн, адӕймаг алыхатт йӕхи аккаг нӕ дары хӕдзарон цӕрӕгойтимӕ, «зноны ӕмбӕлттимӕ». Ис ахӕмтӕ, кӕцытӕ, ӕнӕ сагъӕсгӕнгӕйӕ, сӕ цӕрӕгойты ратӕрынц уынгмӕ. Мӕнмӕ гӕсгӕ та, хӕдзарон цӕрӕгоймӕ зилын адӕймагӕн тынг хорз фадат дӕтты бӕрнад хӕссын сахуыр кӕнынӕн, стӕй ма искӕй ӕууӕнчы бацӕуын ӕмӕ иунӕгдзинадӕй хи бахизынӕн дӕр. Ӕмӕ ӕппынфӕстаг та ӕз афтӕ нымайын, ӕмӕ хицау кӕддӕриддӕр хъуамӕ дзуапп дӕтта, ӕрмахуыр кӕй скодта, уымӕн.
Сæйраг хай.
1. Коцойты Арсен – ирон аив дзырды дӕсны, ирон аив дзырды зӕрингуырд.
Нæ фыдæлтæ – иу дзырдтой: «Хорз адæймагӕй, дам, фарн цæуы». Æмæ – иу сæ кæстæртæн фæдзæхстой: «Хорз фæуын ирон лæгæн фыдæлтæй баззад». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый раст у, уымӕн ӕмӕ нæ фыдæлты рæсугъд æгъдæуттæ йæ мады æхсыримæ йæ туджы кæмæн ахъардтой, уыцы адӕймаг æвзæр фӕндагыл никуы ныллӕудзӕн ӕмӕ йӕ кæстæртæ дæр уыдзысты хæрзæгъдау æмæ кадджын.
Ирон æгъдау, ирон æфсарм æмæ ирон удыхъæд кæмæн ис, уыдон нæ Иры мæсыгæн йæ амайджытæ сты. Адæймагмæ фарн куы уа, уæд æнæмæнгæй банкъардзӕн зæрдæйы хъарм æмæ зонды рухс. Ирыстоны фарны суадонмӕ фæндаг чи ссардта, уыдонæй иу уыд Коцойты Арсен дӕр.
Цымӕ адæймаг цæмæн райгуыры? Мæнмæ гæсгæ, уымӕн, цӕмӕй йæ фæстæ исты фæд ныууадза. Фӕлӕ алкæмæн нæ бантысы. Иутæ сæ фæстæ,хъыгагӕн, ныууадзынц æвзæр фæд. Иннæтæ та царды бынтондӕр никæм разынынц. Зæгъæм, ромаг император Нерон зынг бафтыдта Римыл, ӕмӕ уымæй адæмы зæрдæты баззад фыдгæнæгæй.
Фæлæ ис ахæм адæм, кæцытæ сæ фæстæ ныууадзынц æгæрон фæд. Уыдонӕй сӕ иу уыд Коцойты Арсен. Ирыстоны хæхты æмæ быдырты, хъæуты æмæ горæтты ирон адæмæй чи нæ зоны ацы ном, ахæм тынг стæм разындзæн.
Арсен….Цæстытыл ауайы урсзачъе зæронд лæг, йæ хъуыдыджын æмæ æнкъард цæстæнгас , йæ фæтæн ных. Адæймаг банкъары, ацы ном зæгъгæйæ, ирон уды змæлд, ирон аив ныхасы тых, ирон адæймаджы уæззау хъысмæт æмæ фарн. Æвæццæгæн, ахæм адæймаг нӕй, ӕмӕ Арсены æмбисонды радзырдтæ кæй зæрдæ нæ бацагайынц, уымӕн ӕмӕ уый уыди дзырдæй диссаджы нывгæнæг.
Диссаг уый у, æмæ Арсены уацмыстæ адæймаг цас фылдæр кæса, уыйас æм хæстæгдæр æмæ мидисджындæр кæсынц, нывæфтыддæр æмæ цардæгасдæр. Йæ уацмыстæ йын схонæн ис – гениалон. Нигеры загъдау, уыдоны бавæрдта йæ авдæны хъарм, йæ царды цин, йæ уды бæллиц, йæ уалдзæджы цъæх, йæ сæрды хурхæтæн, йæ фæззæджы бæркад æмæ йæ зымæджы сатæг. Нæртон лæгау, фыссæг йæ чингуытæм æмбырд кодта арвы цин, дунейы фарн æмæ зæххы сой. Ныв кодта, адӕймаджы идеалтӕ, йӕ хуыздӕр фӕндиӕгтӕ кӕм сӕфтысты, уыцы уавӕртӕ, ӕргом кодта аххосджынты ӕмӕ сын сатирӕйы мадзӕлттӕй хаста карз тӕрхон.
Уый мидӕг ис Арсены сфӕлдыстады ӕнӕцудгӕ тых, йӕ ахадындзинад. Уымӕн ӕрцахстой йӕ литературон бынтӕ ирон культурӕйы историйы зынгӕ бынат.
Арсен кæд нымæцæй бирæ чингуытæ нæ ныффыста, кæд нын бирæ бынтæ нæ ныууагъта, уæддæр уыдон сты нывæфтыд, философон, хъæздыг æвзагæй фыст. Никуы базæронд уыдзысты дæсны фыссæджы зæрдæбынæй фыст уацмыстæ, нæ фесæфдзæн сæ историон ахадындзинад.
Мæнæ куыд фыста Джыккайты Шамил: «Рæстæг цæуы, афонтæ ивынц, ивынц эстетикон æмбарынад æмæ æнкъарæнтæ, фæлæ нæ ивы Арсены уацмысты идейон – эстетикон хъару, нæ сæм ивы йæ уарзт ироны зæрдæ. Ахæм у йæ курдиаты тых, йе сфæлдыстады удджын фидауц». Растдæр æмæ зæрдæбындæр, æвæццæгæн, ничиуал зæгъдзæн.
2. Сывӕллӕтты литературӕ.
Ирон фысджытæй бирæтæ се `ргом здæхтой сывæллæтты литературæмæ.
19 æнусы кæрон – 20-æм æнусы райдиан сывæллæтты литературæйы
рæзтæн стыр æххуыс фесты Гæдиаты Секъайы, Гуырдзыбеты Блашкайы,
Гæдиаты Цомахъы уацмыстæ. Фæстæдæр, 20-æм æнусы дыккаг хайы
сывæллæтты литературæйы дарддæры райрæзтыл зæрдиагæй фыдæбон
кодтой Коцойты Арсен, Малиты Георги, Барахъты Гино, Дзесты Куыдзæг,
Мамсыраты Дæбе æмæ иннæтæ. Ног къæпхæнмæ сывæллæтты литературæ схызт, иртасджыты хъуыдымæ гæсгæ, 20-æм æнусы 60-80-æм азты.
Нырыккон дуджы сывæллæтты литературæ, мӕнмæ гæсгæ, у литературæйы вазыгджындæр хай: райгуырæн бæстæмæ æмæ мадæлон æвзагмæ уарзондзинад гуырын кæнын, ахуыр кæнын чиныг уарзын, чиныгимæ кусын. Уыцы хæстæ æнæ сывæллæтты литературæйæ зын æххæстгæнгæ сты. Æцæг адæймаг, æцæг патриот, нырыккон æхсæнады аккаг уæнг суæвынæн, æнæмæнгæй, хъæуы литературæ, монон хъомылад.
3. Арсен ӕмӕ сывӕллӕтты литературӕ.
Куыд загътам, афтӕмӕй, сывæллæтты литературæйы райрæзтыл зæрдиагæй фыдæбон кодта Коцойты Арсен дӕр. Ныффыста сын диссаджы радзырдтӕ: «Хъусой», « Дада ӕмӕ хъӕбатыр бындз», «Тулдз ӕмӕ мӕцкъор», «Хъӕддзау», «Пионер Габо», «Хӕлӕгой», «Дурын ӕмӕ Куысыфтӕг».
Цымæ æнцон у сывæллæттæн фыссын? Æвæццæгæн, нæу! Фӕлӕ Арсен
цы ирд, хуызджын фæлгонцтæ сарӕзта, уыдонæй мах æфтауы тыхджын
æнкъарæнтыл, ахуыр нæ кæны адæмы, цæрæгойты æмæ нæ алыварс дуне
уарзын.
4. Коцойты Арсены философон ӕмӕ гуманистон хъуыдытӕ.
Нӕ иртасӕн куысты ӕрмӕгӕн равзӕрстам темӕ: « Мах дзуапп дӕттӕм,
ӕрмахуыр кӕй кӕнӕм, уыдонӕн» Коцойты Арсены радзырд « Хъусой» - мӕ гӕсгӕ. Ацы фразӕ у цыбыр, фӕлӕ мидисджын, уымӕн ӕмӕ нӕ радон хатт алывӕрсырдыгӕй нӕхимӕ ӕркӕсын кӕны, амоны нын раст барӕвзар скӕнын. Ацы уацмысы хуызӕн ирдӕй никуы разындысты Арсены философон ӕмӕ гуманистон хъуыдытӕ. Уарзт ӕмӕ рӕсугъддзинадау хӕрам ӕмӕ фыдӕх дӕр сты царды ӕцӕгдзинад. Сыгъдӕг, ӕнӕазым сабиты бафтауынц, зӕрдӕбынӕй кӕй уарзынц ӕмӕ сын зынаргъ чи у, уыдоны цард аскъуыныныл. Хъусой сабитыл ӕууӕнды ӕмӕ йӕ нӕ уырны, уыдон ын фыдбылыз кӕй сараздзысты, уый. Фыдракӕнд сабиты къухӕй кӕй ӕрцыд, уый мидӕг ис царды трагеди.
Мад æмæ фыды уынаффæ цæрæгойтæн уыди карз тæрхон. Уыдоны дæр цæрын фæнды, æмæ сын аразын хъæуы фадæттæ, уымӕн ӕмӕ хӕдзарон фосӕн стыр ахадындзинад ис адӕймаджы царды: уыдон сты хӕлар ахастыты бындур, уыдон фадат дӕттынц адӕймагӕн хӕларзӕрдӕ уӕвынӕн. Ӕрмӕстдӕр уыдонмӕ зилгӕйӕ, уыдоныл аудгӕйӕ, адӕймаг свӕййы хӕларзӕрдӕ ӕмӕ ӕнувыд йӕ алыварслӕуджытыл.
Хъусой Госæмайæн фервæзын кодта йæ сабийы, фæлæ йын уый йæ хорздзинад ницæмæ ‘рдардта, нӕ йӕм бахъардта йӕ дзӕбӕхдзинад, гадзрахатæй йыл рацыди. Йӕ зынаргъ къӕбылаты йын Терчы баппарын кодта, ӕмӕ афтӕмӕй йӕ лӕппуты фыдӕхдзинады фӕндагыл кӕй ӕфтауы, ууыл хъуыды дӕр нӕ акодта. Уый сафын кӕны къӕбылаты, уымӕн ӕмӕ йын ницы пайда сты. Куыдз та адæймаджы фыддзинадæй дард фæлыгъди æмæ йæ хъæбулты фæстæ фырзæрдæрыстæй амарди.
Ам фыссӕг ӕвӕры арф философон хъуыды: адӕймагмӕ, цардмӕ пайдайы цӕстӕй кӕсын нӕ хъӕуы, тӕригъӕд зонын хъӕуы, рӕсугъддзинад сафын нӕ хъӕуы, уымӕн ӕмӕ ахӕм цӕстӕй кӕсын у адӕймаг уарзыны, гуманизмы ныхмӕ.
Хъусойы мӕлӕт, йӕ къӕбылаты сӕфт зӕрдӕхудты ныхасӕн баззад адӕймаджы ӕнӕгуманон зӕрдӕ, фыдӕхдзинад ӕмӕ хӕрамдзинадӕн. Радзырды трагизм та кӕддӕриддӕр цӕвдзӕн чиныгкӕсджыты зӕрдӕтӕ, сиддзӕн сӕм лӕгуарзондзинадмӕ, гуманизмы сӕрыл тохмӕ ӕмӕ хиуарзондзинад фесафынмӕ адӕймаджы зӕрдӕйӕ.
Фыссӕг йе’ ппӕт сфӕлдыстадон хъару радта, зӕрдӕ цӕуыл фӕрисса, ахӕм нывтӕ скӕнынмӕ. Ӕрмӕст афтӕмӕй суыдзысты адӕймагӕн ӕнӕуынон дурзӕрдӕ, хӕрам ӕмӕ ӕгъатырдзинад. Зӕрдӕ уыдоны уындӕй куы рисса, уӕд йӕхи фӕхизы, стӕй ма сӕ ныхмӕ дӕр сысты. Мӕнмӕ гӕсгӕ, уый мидӕг ис радзырды оптимистон мидис.
5. Иртасӕн хай.
Цӕмӕй хуыздӕр базыдтаиккам сывӕллӕтты ахаст ацы проблемӕмӕ, уый тыххӕй скъоладзауты ӕхсӕн ауагътам социологион ӕрфарст ӕмӕ сӕм радтам ахӕм фӕрстытӕ:
1. Дӕ кар.
2. Хӕдзарон цӕрӕгой дӕм ис?
3. Кӕд дӕм ис, уӕд цавӕр?
4. Кӕд дӕм нӕй, уӕд дӕ цавӕр цӕрӕгой хъӕуы?
5.Чи йӕм зилдзӕн?
6. Куыд уӕм фӕзынд уыцы цӕрӕгой?
7. Чи зилы уӕ хӕдзарон цӕрӕгоймӕ?
8. Хӕдзарон цӕрӕгойтӕ цӕмӕн свӕййынц ӕнӕхӕдзар?
6. Ӕрфарсты фӕстиуджытӕ.
50 бафарстгонд, 12-14 карӕн скъоладзауы ӕхсӕн, сывӕллӕттӕ, сӕйраджыдӕр, самал кодтой куыйтӕ, гӕдытӕ, тутитӕ, уӕртджынхӕфсытӕ ӕмӕ тӕхсалтӕ.
Уыцы цӕрӕгойтӕ сӕм хӕдзары фӕзындысты:
-балӕвар кодтой – 40%
-балхӕдтой – 40%
-ссардтой уынджы – 20%
Фарст «Чи зилы уӕ хӕдзарон цӕрӕгоймӕ?»- йӕн дзуапп лӕвӕрдтой:
- мӕ мад – 40%
- мӕ бинонтӕ -40%
- ӕз – 20%
7. Кæронбæттæн.
Мæ иртасæн куысты хæс уыд равдисын, хӕдзарон фосӕн стыр ахадындзинад кӕй ис адӕймаджы царды ӕмӕ сӕм пайдайы цӕстӕй кӕсын кӕй нӕ хъӕуы, фӕлӕ сын зонын тӕригъӕд кӕнын ӕмӕ рӕсугъддзинад ма сафын.
Арсены сфӕлдыстад абон дæр у æвидийгæ æмæ актуалон. Гъе, уымæн ӕй кæсынц цымыдисӕй æрыгæттæ дæр æмæ хистæр кары адæм дæр.
Газет «Рӕстдзинад» -ы редактор Хозиты Барис куыд фыста, афтӕмӕй «Арсен – адæймаг, Арсен – фыссæг, Арсен – фидиуæг, Арсен – пехуымпар, Арсен – лæггадгæнæг фидар бынат æрцахста йæ адæмы монон, идейон æмæ эстетикон хæзнадоны мидæг».
Джыккайты Шамилы загъдау та «Куырыхон фыссæгæн йæ цард æмæ йæ куысты нысан уыд Ирыстоны амонд. Адæмы фарн рæзы адæмы иудзинадæй. Дзыллæты æнгом кæнынц ахуырад æмæ рухсад, литературон æвзаг æмæ национ культурæ. Уыдонæй сæнтысы национ идейæ, уый адæмæн рухс кæны сæ фæндаг царды нысанмæ. Стыр зонды скъола у Арсены сфæлдыстад йæхæдæг. Уый у нæ адæмон исбон».
Библиографи.
1. Джусойты Нафи. - Ирон литературæ. Дзæуджыхъæу: «ИР», 2013
2. Джыккайты Шамил. Разагъды лæгтæ. - Дзæуджыхъæу: «ИР», 1999
3. Джыккайты Шамил. Уацтæ. Дзæуджыхъæу, «ИР», 1986
4. Хозиты Барис. Цыкурайы фæрдгуытæ. Дзæуджыхъæу, «ИР», 1999
5. Тлаттаты Аннæ.Фотоальбом.Коцойты Арсен. Орджоникидзе, «ИР»,1977
6. Коцойты Арсен. Уацмыстæ. Дзæуджыхъæу, «ИР»,1971
7. Интернеты ресурстӕ.
Прекрасное далёко
Голубая лягушка
Андрей Усачев. Пятно (из книги "Умная собачка Соня")
Центральная часть Млечного пути приоткрывает свои тайны
Два Мороза