Письмо ветерану.
Вложение | Размер |
---|---|
fystaeg_veteranmae.doc | 26 КБ |
Фыстæг ветеранмæ.
Дæ бон хорз , Уæлахизы Салдат!
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты тыххæй куы фæкæсын чиныджы , уæд уый фæстæ фæхъуыды кæнын дæуыл. Цымæ дын ахæм тых , ныфс, хъару цы лæвæрдта , æмæ уыцы хæсты цæхæрæй уæлахиздзауæй рацæуай? Мæ цæстытыл ауайыс Нарты Батрадзы хуызы.Уый дæр дæуау нæртон адæмы маст нæ барста знагæн . Кæд , мыййаг, Берлины, Трептов-парчы иу къухæй стыр цирхъыл чи ныххæцыд , иннæ къухæй та йæ риумæ немыцаг чызджы фæлмæн чи æрбахъæбыс кодта , уыцы салдат ды дæ? Кæнæ та, дард Болгарийы адæмæн Уæлахиз чи ‘рхаста , уыцы Алёшæ дæ ды ? Кæнæ та, сæ райгуырæн Ирыстонæй цы авд æфсымæры фæцыдыстыф хæсты быдырмæ , æнустæм арвы тыгъдады хърихъуппыты хуызы чи баззад , уыдонæй искæимæ знаджы дæрæнгæнгæ цыдтæ?
Æз зонын , дæу райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад разæнгард кодта , мæ амондджын сабидугыл мæт дын лæвæрдта уыцы лæгдзинад. Ды æцæг хъæбатыр дæ, Уæлахизы Салдат!
Бузныг дын зæгъын мæхи номæй , мæ хойы номæй , æппæт сабиты номæй да хъæбатырдзинады тыххæй , дæ Уæлахизы тыххæй . Бузныг дын , нæ цардуалдзæг нын кæй бахъахъæдтай , уый тыххæй!
Басня "Две подруги"
Снег своими руками
Хризантема и Луковица
Новогодние гирлянды
Акварель + трафарет = ?