Конкурсное сочинение.
Вложение | Размер |
---|---|
iron_dan_az._sochineni.docx | 19.59 КБ |
Джызӕлы 1-ӕм астӕуккаг скъолайы
10 –ӕм къласы ахуыргӕнинаг
Дзанайты Лейлӕйы фыст нывӕцӕн
«Ирон дӕн ӕз».
Фыдыбӕстӕ, райгуырӕн зӕхх!..
Куыд зынаргъ ӕмӕ адджын дӕ мӕ зӕрдӕйӕн! Куыд ӕнӕкӕрон уарзтӕй дӕ уарзын!
Адӕймаг кӕм райгуыры ӕмӕ схъомыл вӕййы, уыцы зӕхх фӕнымайы Фыдыбӕстӕйыл.
Мӕнӕн ахӕм бынат у, мӕ райгуырӕн хъӕу Джызӕл, уый фӕстӕ – Ирыстон, стӕй, ӕппӕт Уӕрӕсе.
Джызӕл у Ирыстоны рагондӕр ӕмӕ стырдӕр хъӕутӕй иу. Цӕры дзы ӕгъдауджын, кадджын, уазӕгуарзон адӕм… Фӕлӕ, хъыгагӕн, фӕстаг рӕстӕг ӕз уынын, мӕ зӕрдӕйӕн хъыг чи у, ахӕм хабар. Бирӕ ӕрыгон ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕм иронау нал дзурынц. Ӕмӕ уый куыд раст у, ирон хъӕуы, Ирыстоны зӕххыл цӕргӕйӕ мадӕлон ӕвзагыл былысчъилтӕ кӕнын?!
Ӕвӕдза, бирӕ ӕфхӕрддзинӕдтӕ баййӕфта ирон ӕвзаг, фӕлӕ абон дӕр тӕмӕнтӕ калы. Нӕ фыдӕлтӕ сӕ куырыхон зондахастӕй ӕнкъардтой адӕймаджы, бинонты цардыуаджы мадӕлон ӕвзаг цы ахсджиаг бынат ахсы, уый. Кӕд ӕмӕ уарзондзинады уӕлдӕр нысаниуӕг мады номимӕ баст у, уӕд, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, адӕмӕн та сӕ иудзинады ӕвдисӕн у, мадӕлон ӕвзаг. Йӕ дзырдтӕ адӕймаджы удыл аудынц, цыкуырайы фӕрдгуытау ӕрттивынц, уалдзыгон фӕлмӕн уарынау зӕрдӕйы хъарынц.
Мадӕлон ӕвзаг алы адӕмыхаттӕн дӕр йӕ туг йе стӕг у. Ӕмӕ дӕ кӕд Дунейы Фарн сфӕлдыста иронӕй, кӕд дӕ дадзинты ирон туг цӕуы, уӕд, ӕнӕмӕнг, узӕлай дӕ мадӕлон ӕвзагыл!
«Куыд хорз, куыд кадджын дӕ мӕ цӕсты,
Мӕ ирон, мадӕлон ӕвзаг».
Уӕлдӕр куыд загътон афтӕмӕй, абон мах Ирыстоны уынӕм хъыгаг хабар – ирон адӕмы иу хай суӕлхох сты сӕ мадӕлон ӕвзагыл. Нал ыл ӕрвӕссынц. Ӕмӕ ма мын ӕй исчи бамбарын кӕнӕд, куыд хъуамӕ лӕууӕ ахӕм фарста: «Хъӕуы, ӕви нӕ хъӕуы ирон ӕвзаг ?!» Куыд ӕгъдауӕй ис ныййарӕг мадыл гадзрахатӕй рацӕуын, кӕд ӕмӕ мадӕй, зынаргъдӕр, мадӕй сыгъдӕгдӕр ӕмӕ иузӕрдиондӕр нӕй дунейы мидӕг... Стыр ӕгад дӕр куыд нӕ у адӕмы хатты ‘хсӕн быцӕу ныхас куы цӕуа, мадӕлон ӕвзаг хъӕуы ӕви нӕ хъӕуы, ууыл. Ӕз никуыма фехъуыстон, ирон адӕмы алфамбылай цы кавказаг адӕмтӕ цӕры, уыдонмӕ дӕр ахӕм быцӕу ныхас вӕййы. Ӕмӕ уый у, ӕцӕгӕйдӕр, ӕнӕфенд хъуыддаг.
Нӕ горӕты уынгты куы фӕцӕйцӕуай, уӕд стӕм хатт йеддӕмӕ нал фехъусдзынӕ ирон ныхас. Ӕмӕ кӕд иронау нал дзурӕм, уӕд, диссаг уый мидӕг ис, ӕмӕ нӕ бирӕтӕ уырыссаг ӕвзагыл дзурынмӕ дӕр рӕстмӕ нӕ арӕхсынц. Адӕймаг йӕхи ӕвзаг куы нӕ зона ӕмӕ уарза, уӕд ма искӕйы ӕвзаг базондзӕн…
«Тӕссаг- куы баныгӕнӕм не ’взаг
Тӕссаг – куы нын бауа мӕрдрох
Мӕлдзӕн ныл саухудӕгӕй не знаг
Ӕваст нӕ баййафдзӕн фыдох!»
Йӕ мадӕлон ӕвзагӕн йӕ ад, йӕ намыс, йӕ фарн чи нӕ бамбара, уый тӕригъӕд адӕймаг у. Уый ӕнӕхай у ӕрдзон, мады гуыбынӕй рахӕсгӕ биравӕрсыг ӕнкъарӕнтӕй.
Ӕвӕццӕгӕн, куы нӕ хъуыдаид, уӕд Хуыцау не сфӕлдыстаид ирон ӕвзаг. Уымӕ гӕсгӕ уӕвӕн нӕй, цӕмӕй ӕрмынӕг уа, ахуысса нӕ мадӕлон ӕвзаджы рухс. Уадз ӕмӕ фыдӕй-фыртмӕ, ӕнустӕм хъуыса ирон ӕвзагыл мады фӕлмӕн хъӕлӕс. Уадз ӕмӕ нӕ Иры рухс кувӕндӕтты, нӕ райгуырӕн къонаты макуы бамынӕг уа ирон куывд, бӕркадджын, куырыхон, фӕрнджын ӕмӕ намысджын ирон ныхас.
Мӕнӕн, ирон чызгӕн, мӕ фыдӕлтӕ ныууагътой диссаджы ӕвзаг, рӕсугъд ӕгъдӕуттӕ, хъӕздыг истори. Ӕмӕ ӕз, хъуамӕ базонон аргъ кӕнын, кад кӕнын, уарзын ӕмӕ бӕрзонддӕр къӕпхӕнмӕ сисын уыцы хӕзнатӕ.
Мӕ нывӕцӕн мӕ фӕуын фӕнды нӕ сыхӕгты чындз, Коцойты Фатимӕ цы ӕмдзӕвгӕ ныффыста, уымӕй:
«Иронау дзур»
Ӕз уарзын Ирыстон, йӕ бӕрзонд къӕдзӕхтӕ,
Ӕз уарзын Ирыстон йӕ фӕзтӕ, йӕ кӕмттӕ.
Йӕ Терчы уылӕнтӕ, йӕ сыгъдӕг уӕлдӕф,
Йӕ дидинджытӕ дӕр хуыздӕр кӕнынц тӕф.
Ӕз уарзын мӕ горӕт, ӕз уарзын мӕ хъӕу,
Ӕппӕтӕй фылдӕр та ӕз бауарзтон дӕу,
Мӕ мадӕлон ӕвзаг, мӕ ирон ныхас
Дӕуимӕ ӕз барын мӕ мады хъӕлӕс.
Ирон аив дзырд мын, ӕрдзон тых дӕтты,
Ирон аив дзырдмӕ ӕдзухдӕр бӕллын.
Ӕз зонын, уырны мӕ, мӕ Иры зӕххыл,
Кӕй дзурдзӕн ирон лӕг ирон ӕвзагыл!
Рисуют дети водопад
Одна беседа. Лев Кассиль
Лиса Лариска и белка Ленка
Воздух - музыкант
Без сердца что поймём?