.
Вложение | Размер |
---|---|
Уæ рухс нæмттæ рох не сты… | 19.44 КБ |
Уæ рухс нæмттæ рох не сты…
…Курын, æмæ мын уæ сабыр ныхасы
ма ферох кæнут мæ ном…
Плиты Грис
Мæ фыдымадимæ алы Уæлахизы бон дæр фæцæуæм Сырх Дыгурмæ. Балхæнæм дидинджытæ æмæ сæркъулæй æрлæууæм, Сырх Дыгурæй Фыдыбæстæйы Стыр хæстæй чи нал сыздæхт, уыдоны цыртдзæвæны цур. Нана йæ къухтæй фæлмæн æрлæгъзытæ кæны дур. Йе ‘дзард æфсымæрты нæмттæ фыст кæм æрцыдысты, уыцы ран бафæстиат вæййынц йе ‘нгуылдзтæ. Йæ цæстытæ донæй айдзаг вæййынц, кæуын æрцæуы мæнмæ дæр. Мæ сæр мын æрлæгъзытæ кæны нана æмæ фæзæгъы: «Мæ къона, ме’дзард æфсымæрты мын макуы ферох кæн. Уыдон нæ рæсугъд абонæн нывондæн æрхастой сæхи».
…Мæ нанайы бинонтæ, Бязыртæ, уыдысты хъæлдзæг, кусаг, хæлар. Изæрыгæтты- иу сæ хъæлдзæг худт Æрæфы доны хæл-хæлимæ баиу… Фæлæ сæ амондджын худт æрдæгыл аскъуыд…
Æфсымæрты хистæр Цæрай, НКВД-йы кусæг, хæсты фыццаг бонты хæрзбон загъта йæ бинонтæн. 1943-æм азы хъæбатырæй фæмард Украинæйы зæххыл. Ныгæд æрцыд уым. Йæ мæлæты фæстæ хорзæхгонд æрцыд Ленины орденæй.
Астæуккаг Сергейыл 19 азы куыддæр сæххæст, афтæ уый дæр ацыд хæстмæ. Белоруссийы фронты уæвгæйæ, бахауд партизантæм. Хъæбатырæй дæрæн кодта гитлеронты, фæлæ хæст хатыр нæ зоны. Сергейы ныййарджытæ та сау гæххæтт райстой…
Йе ‘фсымæрты фæстæ ныййарджыты сусæгæй хæстмæ алыгъд кæстæр Амырхан дæр. Хъæбатырæй хæцыд уый дæр знаджы ныхмæ. Украинæйы хъæу Васелковойы скъола хаста йæ ном (ныр ма хæссы, уый нæ зонæм). Куыд амондджын уыдысты Сергей æмæ Амырхан, Украинæйы зæххыл æнæнхъæлæджы куы фембæлдысты, уæд. Цыбыр уыд сæ фембæлд, фæлæ адджын. Сергей йæ кæстæрæн ныстуантæ кодта. Куыд тынг æй фæндыд, йæ кæстæр æфсымæр сæрæгасæй баззайа, уый…
Амырхан цалдæр хатты бахауд уацары, фæлæ та-иу ын алидзын бантыст.
…Немыц уацайрæгты вагæтты Германмæ куыд ластой, афтæ Амырхан куыддæрты алыгъд. Æнæхъæн бон цъымарайы фембæхст, стæй изæрыгон тыхамæлттæй Швейцарийы арæныл ахызт. 1944-æм азы Амырхан уæззау цæфтимæ сыздæхт йæ хæдзармæ. Хæсты фæстæ йæм цалдæр хатты Украинæйæ ссыдысты сырх фæдагурджытæ. Бирæ хабæрттæ-иу сын фæкодта Амырхан йæ хæстон цардæй…
Уæдæ мæ нана дæр, йæ бон куыд уыд, афтæ иннæ адæмимæ æххуыс кодта Уæлахизы бон æрбахæстæг кæнынæн. Уый къахта акъоппытæ, дзыхъхъытæ, салдаттæн быдта цъындатæ æмæ æрмкъухтæ. Сырх Дыгуры хъæды партизантæн хаста хæринаг, сæ цæфтæм сын зылди. Цал æмæ цал хаты аирвæзти фашистты къухæй… Фæлæ никуы фæтарст мæ хъæбатыр нана.
Тагъд уыдзæн Уæлахизы 75 азы бон. Мæ нанаимæ та сæркъулæй æрлæудзынæн, рæсугъд сабидуг мын чи балæвар кодта, уыцы хæстонты цыртдзæвæны раз. Мæ нанайы цæсгомыл та æруайдзысты йæ хъарм цæстысыгтæ, зæгъдзæнис та : «Рухсаг ут, ме ‘дзард æфсымæртæ». Æз дæр уын зæгъдзынæн рухсаг æмæ бузныг. Уæ хъæбатырдзинад мæнæй рох никуы уыдзæн…
Лист Мёбиуса
Рисуем домики зимой
Агния Барто. Сережа учит уроки
Астрономический календарь. Октябрь, 2018
Л. Нечаев. Про желтые груши и красные уши