Работа моей ученицы была опубликована в журнале "Дарьял".
Вложение | Размер |
---|---|
Чысыл цырагъсудзæджы аргъау. | 47 КБ |
Чысыл цырагъсудзæджы аргъау.
Раджы, тынг раджы, уынгты ма цырæгътæ зынгæй куы сыгътой, уæд иу гыццыл сахары уынгты алы изæр дæр фенæн уыд чысыл цырагъсудзæджы. Уый уыд асæй гыццыл, фыдцъылыз зæронд лæг. Алы изæр дæр – иу зылдис уынгты, зынгхосæй- иу ссыгъта цырæгътæ. Цыд рæстæг, æмæ цырагъсудзæг гыццылæй-гыццылдæр кодта. Уæд æм иу бон иу æрыгон лæппу дзуры: «Чысыл цырагъсудзæг, кæсын дæм, æмæ бонæй-бон къаддæр кæныс. Цы хабар у, цæмæн афтæ у?». Арф ныуулæфыд чысыл цырагъсудзæг æмæ æнкъардæй сдзырдта: «Кæддæр æз уыдтæн бæрзонд, рæсугъд лæппу. Фæндыд мæ мæ адæмæн исты хорзы бацæуын, æмæ райдыдтон цырагъсудзæгæй кусын. Куы зонис, куыд æхсызгонæй фæкæсын, изæрыгон адæм æдасæй уынгты сæ хъуыддæгты фæдыл куыд фæцæуынц, уымæ. Фæлæ уый къулыбадæг усы зæрдæмæ нæ цыд. Уый уарзы, йæ алыварс адæм тасы куыд цæрой, кæрæдзийæн уæнгæл куыд уой, нæ чысыл сахары къæрныхтæ, лæгмартæ куыд сарæх уой. Æмæ уыдонæн та сæ абуалгъ митæн æхсæвы тарæй хуыздæр цы ис!? Иу изæр та уыцы зæрдæрухсæй мæ куыстмæ куыд бавнæлдтон, афтæ мæ уæлхъус æрбалæууыд къулыбадæг ус æмæ мын загъта, цæмæй цырæгътæ ахуыссын кæнон. Æз не сразы дæн. Уæд мæ уый ралгъыста, зæронд лæг мæ фестын кодта æмæ мын загъта, зæгъгæ, мæ алы ссыгъд цырагъимæ æз къаддæрæй-къаддæр куыд кæнон, цалынмæ бынтон нæ фесæфон, уæдмæ».
Уыцы ныхæстæм æрыгон лæппуйы зæрдæ ауазал æмæ æнахуыр хъæлæсæй сфæрæзта:
-Цæуыл дæхи сафыс? Кæй тыххæй? Дæхи адæмæн нывондæн хæссыс, фæлæ дын сæ чи цы фæуыдзæн?
Гыццыл цырагъсудзæг иуцасдæр ницы сдзырдта, стæй уыцы ныфсджынæй дзуапп радта:
-Мæнæн æхсызгондзинад хæссы адæймаджы цæсгомыл амондджын мидбылхудт. Уадз æмæ нæ чысыл сахары адæмæн æз лæвар кæнон æнцойдзинад, сабырдзинад; канд цырагъы рухс нæ, фæлæ ма сын мæ зæрдæйы рухс дæр нывондæн хæссын. Иу уысм дæр нæ фæсмонн кæнын æппындæр.
…Афтæ алы изæр дæр зылдис сахары уынгты цырагъсудзæг, æмæ-иу куы иу ран, куы иннæ ран цырæгъты рухс хъæлдзæг тыбар-тыбур скодта.
Фæлæ иу изæр сахары уынгтæ талынгæй баззадысты: нал æрлæууыд йæ куысты уæлхъус чысыл цырагъсудзæг. Афтæ ныггыццыл, æмæ ма хъæмпы халы йас зындис зæххæй. Куыннæ сцин кодта къулыбадæг ус, ай-гъай, фервæзтис йе 'нæуынон цырагъсудзæгæй. Йе 'лгъыст ыл æрцыд. Ныр сахары цæрджыты цард зындон фестдзæн.
Сахары цæрджытæ та фыццæгты дис кодтой, зæгъгæ, нæ цырагъсудзæг цы фæуыдаид, фæлæ сæ фæстагмæ ферох ис.
Æрмæст цырагъсудзæджы хъысмæт æнцой нæ лæвæрдта чысыл Рухсанæйæн. Æмæ йæ куыд хъуамæ ферох кодтаид, кæд æмæ-иу изæрыгæтты æдасæй цыд сахары иу кæронæй иннæмæ йæ рынчын нанамæ. Рухсанæ сфæнд кодта цыфæндыйæ дæр ссарын чысыл цырагъсудзæджы. Бирæ фæзылдис сахары уынгты, бирæты фæрафæрс-бафæрс кодта, фæлæ – никуы æмæ ницы. Рухсанæ йæ фыр тыхстæй нæ бафиппайдта, горæтгæронмæ куыд рафтыд, уый. Уæдмæ æрталынг. Иу рухсы цъыртт никуыцæй зынд. Бæстæ бандзыг. Чызгмæ афтæ каст, цыма алы бæлас, алы къудзийы фæстæ дæр чидæр æмбæхст ис. Ныффидар кодта йæхи хъæбатыр чызг æмæ дарддæр йæ цыды кой кодта.
Уалынмæ талынджы суыдта цыдæр хæдзаргонд. Хæстæгдæр æм хъавгæ бацыд, дуар базыхъхъыр кодта æмæ тыххæйты рахатыдта цырагъсудзæджы. Уый ма тыхулæфт кодта. Йæ цæстытæ тыххæйты байгом кодта æмæ Рухсанæмæ зына-нæзына мидбылты бахудт.
-Мæ зынаргъ цырагъсудзæг, цы дыл æрцыд, цæмæн афтæ ныггыццыл дæ?
Чысыл цырагъсудзæг йæ фæстаг тыхтæ æрбамбырд кодта æмæ Рухсанæйæн йе 'нкъард хабар радзырдта.
Чысыл Рухсанæйы зæрдæ æрбауынгæг, кæуын хъæлæсæй фæрсы цырагъсудзæджы:
-Æппын ницыуал хос ис дæ фервæзын кæнынæн?
-Ис, фæлæ уый тынг зын сæххæст кæнæн у. Къулыбадæг ус мæ куы ралгъыста, уæд загъта, зæгъгæ, кæд искуы исчи ссара, йæ адæм амондджынæй, кæрæдзи уарзгæйæ кæм цæрынц, ахæм бæстæ æмæ, уыцы адæм ард цы дзырдæй хæрынц, уый кæд базона, уæд ме 'лгъыст ист æрцæудзæн.
Рухсанæ йæ цæссыгтæ ныссæрфта æмæ фидар хъæлæсæй загъта:
-Мæ зынаргъ цырагъсудзæг! Æз дæу мæлын нæ бауадздзынæн. Дæу хуызæттæй куы фидауы нæ цард, дæу хуызæттæ куы тауынц адæмы зæрдæты ныфс, рухс, уарзондзинад. Æз дæм тагъд зындзынæн.
…Æхсæв-бонмæ фæрафт-бафт кодта Рухсанæ йæ хуыссæны. Райсомæй кæрмæ куы рахызт, уæд йæ размæ узгæ-узгæ æрбацыд йæ хъулонуарзт нæл хъаз Хъази. Рухсанæмæ фæрсæджы каст скодта. Чызг йæ кæуын нал баурæдта æмæ йын чысыл цырагъсудзæджы хабар радзырдта.
-Рухсанæ, мæ хуызæн хæлар кæмæн ис, уый хъуамæ мацæуыл тыхса. Мæ фидар базыртыл сбад æмæ дæ æз бæстæтыл æрзилын кæндзынæн.
Рухсанæ сцин кодта, йæ хæлары базыртыл фидар ныххæцыд, æмæ Хъази бæрзонд стахт. Тахтысты хъæдты сæрты, хæхты сæрты, денджызты сæрты. Тæхгæйæ, Рухсанæ уыдта хъæздгуыты галуантæ æмæ мæгуырты къæстæ, хъæздыг лæджы къухы – ехс, мæгуыры бæрзæйыл та – къæлæт. Нынкъард ис Рухсанæ. Йæ ныфс асаст. Уалынмæ йæ цæст ацахста урс чъырæй цагъд хæдзæрттæ, рæсугъд аив уынгтæ. Хъази ныллæджыты йæхи æруагъта, æмæ диссаджы рæсугъд сахары уынджы фестадысты. Алыхуызон рæсугъд мæргъты зарын, дидинджыты хæрздæф зæрдæйæн æхцондзинад хастой.
Цы адæм сыл æмбæлд, уыдон уыдысты хæларзæрдæ, уарзæгой цæстæнгас – алкæмæн дæр. Рухсанæмæ афтæ каст, цыма дзæнæты ис. Иу хæдзары раз бирæ адæм федтой æмæ сæм хæстæг бацыдысты. Салам раттыны фæстæ иу зæронд лæг, цыма Рухсанæйы хъуыдытæ каст, уыйау æм сдзырдта:
-Рухсанæ, раст сты дæ хъуыдытæ. Мах тынг амондджын адæм стæм. Цæрæм кæрæдзи уарзгæйæ. Никуы бацадыстæм кæрæдзи зæрдæхудты. Мах тынг бирæ уырзæм нæ паддзахы. Уый руаджы махæй ферох сты фыдох, хæлæг, тыхми. Нæ паддзахы руаджы бамбæрстам, хъæздыгдзинад æхцайæ баргæ кæй нæу, фæлæ адæмы 'хсæн рæсугъд хæлар ахастдзинадæй.
-Уæ хорзæхæй, уæ паддзахы ном нын ма басусæг кæнут.
-Уым сусæггагæй ницы ис. нæ паддзахы ном – хæлардзинад.
-Бузныг, стыр бузныг уын. Ныр чысыл цырагъсудзæг, æнæмæнг, фервæздзæн.
Уыцы ныхæстимæ Рухсанæ Хъазийы фидар базыртыл ныххæцыд æмæ сæ фæндаг фæстæмæ сæ райгуырæн уæзæгмæ сарæзтой.
…Чысыл цырагъсудзæджы хæдзары раз куыддæр æрбадт Хъази, афтæ Рухсанæ уыциу тъæбæртт бакодта мидæмæ. Цырагъсудзæг ма æнæбары улæфыд.
-Мæ зынаргъ цырагъсудзæг, ма амæл, æз ссардтон амондджын бæстæ, йæ адæм та табу кæнынц хæлардзинадæн.
Куыддæр Рухсанæ уыцы ныхæстæ сдзырдта, афтæ чысыл цырагъсудзæг йæхи айвæзта æмæ, мæнæ диссаг, рæсугъд, бæрзонд лæппу фестад.
…Къулыбадæг ус бамбæрста, хæлардзинады, уарзондзинады ад цы адæм базыдтой, уыдоны 'хсæн ын бынат кæй нал ис, уый, æмæ йæ сæр кæмдæр бафснайдта.
…Чысыл сахары уынгты алы изæр дæр зилы рæсугъд, бæрзонд, хæларзæрдæ цырагъсудзæг. Æмæ зынгхосæй ссудзы цырæгътæ.
Рухсанæ та алы изæр дæр уыцы зæрдæрухсæй араст вæййы йæ нанайы бæрæггæнæг. Чызг бафиппайдта, йæ сахары цæрджытæ бонæй-бон амондджындæр кæй кæнынц, кæрæдзимæ уарзон цæстæнгас кæй дарынц. Бамбæрста Рухсанæ, йæ сахары дæр кæй райдыдта паддзахиуæг кæнын йæ бæрзонддзинад хæлардзинад.
Рисуем крокусы акварелью
О падающих телах. Что падает быстрее: монетка или кусочек бумаги?
Яблоко
Неньютоновская жидкость
Весёлые польки для детей