Раджыма – раджыма царди æмæ уыди иу мæлдзыг. Ницы йæм уыд æппындæр, царди тынг мæгуыр. Иухатт йе’мбæлттимæ хъазынмæ ацыд. Кæсы æмæ зæххыл тынг бирæ сыгъзæрин. Мæлдзыг сæ æрæмбырд кодта æмæ сусæгæй алыгъд. Кæуылты фæцæйлыгъд, уым та ма ссардта 'хца дæр. Тынг арф сæ бамбæхста æмæ цинæй марди. Æддæмæ дæр нал цыди. Бон – изæрмæ йе’хцатæ нымайы æмæ сыгъзæрин ракал-бакал кæны.
Вложение | Размер |
---|---|
argau.docx | 229.79 КБ |
Аргъау
«Мæлдзыг æмæ йе’мбæлттæ».
Раджыма – раджыма царди æмæ уыди иу мæлдзыг. Ницы йæм уыд æппындæр, царди тынг мæгуыр. Иухатт йе’мбæлттимæ хъазынмæ ацыд. Кæсы æмæ зæххыл тынг бирæ сыгъзæрин. Мæлдзыг сæ æрæмбырд кодта æмæ сусæгæй алыгъд. Кæуылты фæцæйлыгъд, уым та ма ссардта 'хца дæр. Тынг арф сæ бамбæхста æмæ цинæй марди. Æддæмæ дæр нал цыди. Бон – изæрмæ йе’хцатæ нымайы æмæ сыгъзæрин ракал-бакал кæны.
Уалынмæ йæм йе’мбæлттæ фæзындысты æмæ йæ фæрсынц: «Кæм фесæфттæ, æддæмæ дæр куы нæ кæсыс?». Бирæ фæбадтысты се’мбалмæ уазджытæ. Тынг æвзæр фысым разынд. Йæхиуыл фервæсыд æмæ сæ ратардта. Кæртæй мидæмæ куы’рбацæйхызт, уæд рудзгуыты бын йедзагæй лæууыд голлаг. Мæлдзыг æм ныккаст æмæ та – æхца. Цинæй та скафыд йæ зæрдæ. Хъуыды дæр нæ акодта, кæцæй февзæрд æхца, уый. Æхцатæ та æрбахастой æмбæлттæ, дарддæр цы уыдзæн, зæгъгæ. Сси æппæтæй хъæздыгдæр, кусгæ æппындæр нал кодта, мæгуыры' мбаргæ дæр нæ кодта, нæдæр æй хъуыди.
Рæстæг цæуы. Афонтæ ивынц кæрæдзи. Зымæджы’рбалæудмæ сæхи æмгуыппырæй цæттæ кæнынц мæлдзгуытæ Æрмæст нæ зыдыка мæлдзыг уыдис æнæмæт. Бон – изæрмæ уæлгоммæ хуыссыд æмæ йе’хцатæй æмæ сыгъзæринтæй зæрдæ ради. Æнусон ницы ис царды. Фæлæ ацы’мбисонд нæ мæлдзыгмæ нæ хъардта. Фæлæ цард цард у. Æмбисонды хай баци. Бынтæ хæрд фесты. Мæлыны къахыл куы ныллæууыд, уæд æрæмысыд йе’мбæлтты. Тыххæйты сæм бабырыд æххуысмæ. Райста ахæм дзуапп: «Дæумæ куы уыди бирæ æхца, уæд нын нæ лæвæрдтай, ныр дын мах цæй тыххæй хъуамæ баххуыс кæнæм». Ничи йын сарæзта йæ къух. Уазалæй ризын райдыдта, ныссалди æмæ тыххæйты бахæццæ сæхимæ. Мидæгæй хыл кæны йæхицæн: «Афтæ мын хъæуы. Цæуылнæ – иу баххуыс кодтон ме’мбæлттæн. Уыцы рæстæг та йæм йе’мбæлттæ кастысты æмæ йæ хъахъхъæдтой, цы бауыдзæн, зæгъгæ. Стæй йæм бацыдысты æмæ йæм дзурынц: «Бахатыр нын кæн. Мах нæ фæндыд дæуæн зын ракæнын. Фæндыд нæ цæмæй бамбарай æмбæлттимæ цæрын кæй хъæуы, адæммæ хъусын кæй хъæуы. Цы дæ бон у, уымæй æххуыс кæн дæ сыхагæн, де’мбæлттæн, зын уавæры чи бахауы, уымæн. Чъындыдзинад æвзæр миниуæг у æмæ йæ дæ зæрдæйæ аппар».
Уыцы ныхæстæ мæлдзыгæн æвдадзы хос фесты. Йæхиуыл æрхудт. Хатыртæ фæкуырдта йе’мбæлттæй. Уæдæй фæстæмæ ссис иузæрдион æмбал иннæ мæлдзгуытæн. Раст зæгъынц ирон æмбисæндтæ: «Æмбалы фарсмæ амонд цæры», «Æмбал бахъуаджы бон стыр ныфс у», «Æмбалдзинад стыр хæзна у».
Стыр амонд ссардта мæлдзыг йе’мбæлтты' хсæн æмæ ма абон дæр хæларæй дих кæнынц сæ исбон.
Акварельные гвоздики
Два плуга
Простые новогодние шары из бумаги
Медведь и солнце
Самодельный телефон