Сочинение на тему "Къостайымæ фембæлд" написала ученица 9 класса.
Вложение | Размер |
---|---|
nyvaetsaen_kosta_portret.docx | 127.68 КБ |
Тогойты Екатеринæйы куыст
9-æм къласы ахуырдзау
Эпигрæф
«Къоста йæхи радта цардæн,
æмæ йын цард дæр радта адæмы хорзæх,
æнусон кад æмæ цыт»
Нигер.
Нывæцæн фыссынмæ куы ‘рбадтæн, уæд мæм диссаджы бæллицц фæзындис.
Цавæр?! Тæхуды, ныр Къоста мæ разы куы фестид, æмæ мемæ зæрдæбын ныхас куы акæнид! Кæй зæгъынæй хъæуы, уымæн гæнæн нæй, фæлæ мæ сæнтты та? Бæгуыдæр!
Уæд æй, фыццаджыдæр, мæ хъæбысы акæнин, хъыг ын нæ уаид, зонын æй, уымæн æмæ Къоста уыди тынг зæрдæхæлар адæймаг! Стæй мыл, æвæццæгæн, уый дæр бацин кæнид!
Фыццаджыдæр ын зæгъин, адæм æй æнæкæрон бирæ кæй уарзынц, кæй йæ бамбæрстой, кæй йæ нæ ферох кодтой канд Ирыстоны нæ, фæлæ æгас дунейы дæр.
Алы аз ын йæ Райгуырæн бон кадджын уавæры кæй фæбæрæг кæнынц Кавказы æмæ Уæрæсейы алы къуымты.
Зæгъин ма йын, йе’мдзæвгæтæ тæлмацгонд кæй æрцыдысты бирæ фæсарæйнаг æвзæгтæм æмæ йын сæ зæрдиагæй кæй кæсынц адæм !
Бирæ цы сабиты уарзта, уыдон ын йæ уацмыстæ фыццæгæм къласæй, суанг фарæстæмтæм кæй ахуыр кæнынц Иры алы къуымы дæр!
Техникон фæрæзты руаджы йын равдисин, цы аивадон æмæ документалон кинонывтæ йыл систой, уыдон.
Мæ цæстытыл уайы, Къостайы цæсгом уыцы хабæрттæ фехъусгæйæ, фыр цинæй куыд ныййырд уаид, йæ диссаджы рæсугъд цæстытæ цæхæртæ куыд скаликкой!
Цас фæнды куы дзурай, фыссай Къостайы тыххæй, уæддæр фаг нæ уыдзæн.
Мæ зæрдæмæ тынг фæцыдысты ирон фыссæг,Цæлыккаты Ахмæт уырыссагау кæй загъта, уыцы ныхæстæ:» Коста как гражданин и поэт никем не превзойден. Целые десятки подражателей Коста - и ни одного, кто бы мог сравниться с ним красотой и образностью стиха, пламенной любовью к народу, гражданским пылом, скорбною слезой.»
Æцæгæйдæр афтæ у! Къостайы царды хабæрттæ кæнгæйæ нын, ирон авзаджы ахуыргæнæг дæнцæгæн æрхаста Абайты Васойы ныхæстæ поэты тыххæй:»Арвыл хур куыд иунæг у, афтæ Хетæджы фырты дæр никæимæ ис абарæн…»
Мæ зæрдæйы арфдæр къуымы бынат скодтой сæхицæн Къостайы æмдзæвгæтæ. Цас мыл фылдæр азтæ цæуы, уыйбæрц мæм тынгдæр хъарынц! Цы ма уа диссагдæр ацы ныхæстæй:
«Мæ аргъуан –зæхх
Мæ дзуар у уарзондзинад
У Дун-дуне-Фыдыбæстæ мæнæн!»
Цыппæрдæсæм æнусы скифаг паддзахы фырт Анахарсис афтæ загъта: «Мадау уарз дæ Райгуырæн бæстæ.»
Къоста йæ Фыдыбæстæ бирæ куы нæ уарзтаид, уæд йæ зæрдæйæ ацы ныхæстæ не стахтаиккой:
«Люблю я целый мир,
Люблю людей бесспорно,
Люблю беспомощных, обиженных сирот,
Но больше всех люблю,
Чего скрывать позорно,-
Тебя, родной аул, и бедный наш народ…»
Тынг курдиатджын адæймаг уыди нæ поэт! Уарзта ирон аив дзырды ныхас, ирон кафт æмæ зард. Йæ Райгуырæн Нармæ-иу куы фæзынд, уæд-иу адæмы цинæн кæрон нал уыд. Йæ номыл кодтой кусæртытæ, бæхтыл дугътæ, хъазтизæртæ. Къоста-иу йæхæдæг дæр фæсивæдимæ кафыд.
Уæдæ йæ нывтæ та! Ирон профессионалон нывкæнынад Къостайæ райдыдта.
Уыди публицист дæр, драматург дæр, æхсæнадон архайæг дæр. Йе ‘ххуыс-иу кæм хъуыд, уым-иу йæхиуыл нæ ауæрста.
Фæлæ йе’ппæт сфæлдыстады сæр у йæ фыццаг чиныг, йæ кады тырыса, йæ уды куысты æвдисæн- «Ирон фæндыр.»
Чиныджы нысан уый у, æмæ Къоста ирон адæммæ райхъал кодта уарзондзинад мадæлон æвзагмæ, дзырдаивадмæ. Йæ сæйраг мотивтæ сты адæмы хъыгтæ æмæ цинтæ, йæ сæйраг хъайтартæ та фыййæуттæ, сидзæртæ. Цыбыр уыди Къостайы цардвæндаг,бирæ хъуыддæгтæ нал бафтыдысты йæ къухы: йæ хæдзар æрдæгарæзтæй баззад,йæ уарзон чызг куырдуаты, йе скъола æхгæдæй, фæлæ йеппæт сфæлдыстадæй абон дæр лæггад кæны Иры дзыллæтæн.
Мæ нывæцæны кæрон æз дзырд дæттын, ирон чызг уæвгæйæ, кæй никуы æрхæсдзынæн мæ сæрмæ æгад хъуддæгтæ. Архайдзынæн, цæмæй мæ уарзон Ирæн аккаг хъæбул суон!
Цалынмæ сау хохæй арф коммæ дур тула,
Цалынмæ махæн нæ сæрмæ та рухс хур уа,
Цалынмæ хъал мæргътæ арæхсой зарынмæ,
Цалынмæ хъуыса нæ кæмтты ныхас,
Цалынмæ цалх зила быдыры уалынмæ,
Къоста нæ Ирæн уыдзæнис æгас!
Украшаем стену пушистыми кисточками и помпончиками
Стрижонок Скрип. В.П. Астафьев
Д.С.Лихачёв. Письма о добром и прекрасном: МОЛОДОСТЬ – ВСЯ ЖИЗНЬ
Сказки пластилинового ослика
Карты планет и спутников Солнечной системы